Михаил Дмитриевич Скобелев
Шипкæйыл тохы.
Историйы цыды лæгдзинад кæм хъуыд,уым ирон адæм фæсте никуы алæуудысты. Шипкæйыл тохты ирон адæм стыр хъæбатырдзинад равдыстой. Цалдæры ном дзы Шипкæйы цыртдзæвæныл дæр ма фыст æрцыд. Иуахæмы хохы рагъыл иу абырстæй иннæйы ‘хсæн ирæттæ фæкъорд сты. Сæ фæллад куы ‘рцыд, уæд сæхи адасын сфæнд кодтой. Хæсты дæр сæ сæрдасæн кæрдтæ семæ бæргæ уыдысты, фæлæ Шипкæйы рагъыл дон æмæ сапон кæм самал кодтаиккой, æмæ уæд, хусæй адасæм, зæгъгæ ,сфæнд кодтой. Сæ кæрдтæ роныл хорз адаудтой, стæй кæстæртæ хистæрты сæртæ дасын райдыдтой. Хусæй дасгæйæ сæры царм, ай-гъай, рыст, цæссыг-иу рустыл æрцыд ,фæлæ фæрæзтой. Уыцы рæстæг зындгонд урс инæлар Скобелев зылд йе ‘фсадыл – бæрæг сын кодта радон ныббырстмæ сæ цæттæдзинад. Скобелев йæ хъæбатырдзинад æмæ йæ зæрдæхæлардзинадæй зындгонд уыд, хæстонты ‘хсæн ын стыр кад уыд. Ирæтты хъæбатырдзинады тыххæй бирæ хорз ныхæстæ загъта, хорз цæстæй сæм каст, стыр аргъ сын кодта. Ныр дæр сæм æхсызгонæй æрбацыд æмæ фæрсы: -Что вы делаете,молодцы? -Бреем головы. -На сухую? -Да. Воды нет. -А вы не можете меня побрить? -Извольте,садитесь. Хусæй йа дасынц кæстæртæ. -Вам не больно? -Конечно больно. Но раз вы терпите, то и я потерплю. Ахæм хъæбатыр æмæ зынтæн фæразон уыдысты нæ фыдæлтæ, æмæ ма уыцы хæствæлтæрд инæлæртты дæр дисы æфтыдтой сæ уæндон æмæ фидар удыхъæдæй ,се ‘гъдау æмæ уæздандзинадæй! Махæн абон ,стæй фидæны фæлтæртæн ,сты æмæ уыдзысты фæзминаг.
Фӕйнӕгыл лӕвӕрд дзырдтӕй « ӕрӕмбырд кӕнын» ӕмбисӕндтӕ:
1.Хъуамӕ, лӕг, ӕндӕра, гӕдыйыл, ис, лӕг, дӕр, рихитӕ, лӕгдзинадӕй, уа. 2. Зӕххыл, лӕджыхъӕд, ис, хъӕуы, фӕлӕ, йӕ, зонын, сисын.
Урочы темæ: «Номдзыд лæг зынаргъ у» (Фæрнион Къостайы очерк«Хъæбатыр цæргæс»-мæ гæсгæ).
Урочы нысантӕ :
1.Скъоладзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хи хъуыдытӕ дзурыныл, хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕнын.
2.Ахуырдзаутӕм патриотон ӕнкъарӕнтӕ гуырын кӕнын,лӕджы хуыздӕр миниуджытӕ фӕзмыныл сӕ ахуыр кӕнын.
3.Ныхасы хӕрзхъӕддзинадыл бакусын.
Урочы эпиграф:
Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр-иу куы бахауд ирон лӕг, уӕддӕр сыл уӕлахиз кодта йӕ хъӕбатыр зӕрдӕ ӕмӕ фидардзинадӕй.
Гӕбулты Мелитон
Дзарахохты Хадзымурат .
Дзӕрӕхохты Хадзы-Мурат
Дзӕрӕхохты Хадзы-Мурат райгуырд Зилгӕйы хъӕуы 1875 азы. 1906-ӕм азы хуыздӕр цардагур афтыд Маньчжуримӕ, уырдыгӕй –Мексикӕмӕ. Уым кодта сау куыст, хъӕды арӕзта фӕндаг, къӕвдайӕ хурӕй ӕнцой нӕ зонгӕйӕ. Уырдыгӕй алыгъд Амырыкмӕ, бафтыд Аляскӕмӕ, мингай адӕм сӕ амондагур цы Аляскӕмӕ цыдысты,уырдӕм. Стыр зӕххы гӕппӕл рахицӕн кодта йӕхицӕн, ныссагъта дзы къӕбӕл ахӕм фыстимӕ: « Ацы зӕхх у хохаг лӕг Хадзы-Мураты». Фӕлӕ дзы сызгъӕрин нӕ, фӕлӕ мингай ӕмӕ мингай адӕймӕгты стӕгдартӕ йеддӕмӕ ницӕуыл фембӕлд. Фӕразон у ирон лӕг зынтӕн. Тыххӕй ма раирвӕзт уыцы зындонӕй. 12 азы фӕрахау-бахау кодта Хадзы- Мурат ӕцӕгӕлон бӕстӕты. Хъӕздыгдзинад кӕд не ссардта, уӕддӕр бамбӕрста царды ӕцӕгдзинад: ацы мӕнг дунейы мӕгуырӕн нӕй амонд ссарӕн. Ӕмӕ дард Аляскӕйӕ Бетъырбухмӕ ныффыста мӕстӕйдзаг фыстӕг уырыссаг паддзахмӕ, стӕй ӕнӕхъӕн дунейы паддзӕхтӕм. 1914-ӕм азы сыздӕхт Ирыстонмӕ..
.
2-аг дзуапп. Ӕз цыбыртӕй зӕгъдзынӕн историон уавӕры тыххӕй. 1914-ӕм азы райдыдта фыццаг дунеон хӕст. Знаджы ныхмӕ сыстадысты ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕм. 1917-ӕм азы та Петрограды райдыдта революци. Фӕуӕлахиз сты большевиктӕ. 1918-ӕм азы та райдыдта мидхӕст. Меньшевикты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты бирӕ империалистон паддзахӕдтӕ. Сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты кусӕг ӕмӕ зӕхкусӕг адӕм. Бирӕ туг фӕкалд уӕлахизы сӕраппонд. Урсгвардионты, интервентты ныхмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой ирон лӕппутӕ дӕр .
3-аг дзуапп. Фӕсте нӕ баззад Хадзы-Мурат дӕр. 1914-ӕм азы фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг архайдта « хъӕддаг дивизийы». Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд 2 Георгийы дзуарӕй . 1917-ӕм азы архайдта Петрограды ӕдгӕрзтӕ растады. Уыдис мидхӕсты хъӕбатыр архайӕг, Ирыстонӕй дард цӕгаты, Архангельскы облӕсты. Йӕ ном дӕр стыр тас уагъта знӕгты. Йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд Сырх Тырысайы орден. Мидхӕсты фӕстӕ сыздӕхт йӕ райгуырӕн Зилгӕмӕ , куыста милицӕйы. 1945-ӕм азы йӕ фыдгӕнджытӕ Дзӕуджыхъӕуы амардтой.
Архангельск арæзт æрцыд 1584 азы. 1613 азмæ хуынди Новохолмогоры. Йæ фæзуат у 294,42 км 2 ,йæ адæмы нымæц та 350 982 адæймаджы (2015 аз). Бирæ сты йæ кæсаджы æмæ хъæды хъæздыгдзинæдтæ;алмаз æмæ нефты æвæрæнтæ.
Бирæ сты йæ хъæдгуыстгæнæн авналæнтæ дæр.Стыр пайда Архангельскæн хæссы йæ кæсаджы куыст.
Синквейн-французаг дзырд, куыд технологи, фӕзынд Америкӕйы.
У фондз рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвгӕ.
1-аг рӕнхъ-темӕ-арӕзт у иу дзырдӕй (номдарӕй).
2-аг рӕнхъ-2 миногоны- ӕвдисынц темӕйы миниуджытӕ, ӕууӕлтӕ.
3-аг рӕнхъ-3 мивдисӕджы-ӕвдисынц темӕимӕ баст архайд.
4-ӕм рӕнхъ-темӕйы сӕйраг хъуыдымӕ дӕхи цӕстӕнгас ӕвдисӕг иу хъуыдыйад- кӕнӕ ӕмбисонд, кӕнӕ афоризм, кӕнӕ базырджын ныхас.
5-ӕм рӕнхъ-иу дзырд(номдар)-резюме; темӕйы синоним .
Георгийы дзуарӕй хорзӕхгонд цыдысты паддзахы ӕфсады салдаттӕ ӕмӕ дӕлдӕр цины афицертӕ 1807-1917-ӕм азмӕ. Уыдысты 4 къӕпхӕны. Фыццаг дыууӕ къӕпхӕны хӕрзиуджытӕ уыдысты сызгъӕринӕй, иннӕ дыууӕ та-ӕвзистӕй. 1992-ӕм азы Уӕрӕсейы Президенты указӕй уыцы хӕрзиуӕг сног.
Сырх Тырысайы орден уыд ӕрыгон Советон хицауады хӕрзиуӕг (1918-ӕм аз). Фыццаг уыцы орденӕй хорзӕхгонд ӕрцыд Константин Блюхер. Тынг кадджын уыд уыцы хӕрзиуӕг.
Ӕмбисӕндтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, урочы хъуыды сӕ кӕцытӕ ӕргом кӕнынц, уыдон бацамонын.
Чи цы у, ...
Дӕхи базонын дӕ куы фӕнда,...
Лӕг тасы куы бахауы,...
Куыст лӕджы рӕвдауы,...
Искӕй зондӕй ...
Мады рӕвдыдӕй... ( ...адджындӕр ницы ис, ...уый адӕм зонынц, ... уӕд ӕхсарджындӕр кӕны, ... мӕсыг амайӕн нӕй,... уӕд адӕмы бафӕрс,... зивӕг та йӕ маргӕ кӕны).
Х.-М.У. Дзарахохов в гостях у семьи А.И. Потолицина. Архангельск, октябрь 1933 г.
Встреча участников Гражданской войны на Севере. В центре, сидит, Хаджи-Мурат Уариевич Дзарахохов. 1930-е гг
Очеркы анализ:
1.Кӕдӕм фӕхуыдтой 1934-ӕм азы Хадзы- Мураты?
2.Цӕмӕн уыд зӕрдӕйӕн ӕхсызгон « ӕнкъард ӕрдзы уӕззау худт»?
3. Цы радзырдта архангельскаг нывгӕнӕг Давидов?(бакӕсын тексты)
4. Куыд байстой Хадзы- Мураты ӕфсӕддонтӕ интервентты хӕдтӕхӕг?(бакӕсын тексты)
Бакӕсын тексты.
5. Куыд сӕмбӕлдысты Архангельскы вагзалы Хадзы- Муратыл?
6. Цӕмӕн кӕнынц Хадзы- Муратӕн ахӕм стыр кад дард цӕгаты?
7. Цавӕр ныхӕстӕ дзурӕг сты Хадзы- Мураты сгуыхтытыл? Бакӕсын тексты.
8. Хадзы –Мураты хъысмӕт хӕсты фӕстӕ
Хатдзӕгтӕ.
Цы базыдтат ногӕй урочы?
Тынгдӕр уӕ зӕрдӕмӕ цавӕр куысты хуызтӕ фӕцыдысты?
Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрын кодта Хадзы –Мураты фӕлгонц?
Зын уӕм цы фӕкаст урочы?
Скульптор Сабеты Георгий.
Хӕдзармӕ куыст.
1. Хадзы- Мураты номыл кӕм ӕмӕ цы ис, уый тыххӕй армаг ссарын.
2. Йӕ уацмысы ма фысджытӕй чи ссардта Хадзы –Мураты ном, уый тыххӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кӕнын.