Просмотр содержимого документа
«Конкурс чтецов ..»
Аив кæсджыты конкурс
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонмæ.
Конкурсы нысантӕ:
1.Базонгæ кæнын бæрæгбоны равзардимæ.
2.Ныхасы рӕзтыл куыст.
3.Рӕзын кӕнын тырнындзинад аив кастмæ
4 Рӕзын кӕнын мативаци мадӕлон ӕвзагмӕ.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг ӕмӕ техникон фӕрӕзтӕ:
1.Интерактивон фӕйнӕг.Презентаци.
Урочы методтӕ:лекции,беседӕ,конкурсы анализ.
Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Нæ абоны конкурсы нæм ис уазджытæ, уыдонæн дæр æгас нæм цæут зæгъæм.
Мах абон æрбамбырд стæм расугъд уалдзыгон бон. Ныртæккæ у майы мæй. Майы мæй хъæздыг у бæрæгбонтæй. Ранымайæм ма сæ. (1 Май, 9 Май)
Цавæр бæрæгбон ма бæрæг кæны Ирыстон ацы мæйы? (Ирон æвзаг æмæ литературæй бæрæгбон)
Æмæ йæ кæд бæрæг кæнынц? (15 Майы)
15 май цæмæн равзæрстой ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонæн?
Чи йæ зоны?
Зæгъут ма мын уæдæ æмæ Хетæгкаты Къоста та чи уыд?.
Къоста бирæ æмдзæвгæтæ фыста сывæллæттæн. Йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд чиныг хуыйны «Ирон фæндыр».
1899 азы, 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».
Сæдæ азы фæстæ та, 1999 азы нæ республикæйы президент Дзасохты Александыр рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Æмæ уымæй фæстæмæ Ирыстон ацы бæрæгбон бæрæг кæны 15 майы.
Сывæллæттæ, хъуамæ мах дзурæм фылдæр ирон æвзагыл æмæ уæд нæ мадæлон æвзаг уыдзæн фидардæр.
Абон нæ бæрæгбонмæ дыккæгæм кълæсты ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой сæ мадæлон æвзагыл рæсугъд æмдзæвгæтæ. Байхъусæм ма 2а къласы ахуырдзауæм.
Бузныг. Байхъусæм ныр 2б къласы ахуырдзаутæм.
Стыр бузныг нæ абоны конкурсы архайджытæн. Хорз бацæттæ кодтат æмдзæвгæтæ.
Мæн ма зæгъын фæнды уый, æмæ абоны царды сагъæссаг у ирон æвзаджы фидæн. Бирæ бинонтæ хæдзары нал дзурынц иронау. Æмæ уый раст нæу. Хъуамæ мах уарзæм нæ мадæлон æвзаг, кæнæм ыл дзургæ, уæд ын фесæфынæй тæссаг нæу.
Абон нæм цы уазджытæ ис, уыдонæн дæр ныхасы бар раттæм.
Конкурсы архайджыта, 1,2,3 бынат чи райста, уыдон райсдзысты грамотæтæ.