« Базонгæ уæм Къостаимæ »
Залы Къостайы портрет. Ауыгъд Къостайы конд нывтæ. Ирон фæндыры цагъдмæ, кæстæр къорды сывæллæттæ залмæ æрбацæуынц, сæ бандæттыл æрбадынц.
Слайд №1 (портрет)
Амонœг: Уæ бон хорз ,сывæллæттæ, хъомылгæнджытæ!
Сывæллæттæ, абон цавœр бœрœгбон у, уый зонут ? Зынаргъ сывæллæттæ, абон у Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон.
Слайд № 2 (Нары хъæу)
Райгуырд бæрзонд хохаг хъæу Нары .
Слайд №3 (йæ мад æмæ фыд)
Йæ мад – Гуыбаты Мария, раджы амард æмæ Къоста баззад сидзæрæй. Йæ фыд Леуан та уыд паддзахы ӕфсады афицер.
Слайд № 4 (чиныджы ныв )
Къоста фыста æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, нывтæ кодта. Мæнæ къулыл цы нывтæ ис, уыдон Къостайы конд сты.
Слайд № 5 ( йæ нывтæ )
Зарæг « Нæхи Къоста»
Амонœг: Къоста тынг бирæ уарзта сывæллæтты, ныффыста сын бирæ дзæбæх æмдзæвгæтæ : «Гино», «Уасӕг», «Зӕрватыкк» , «Скъолайы лӕппу», «Фыдуаг». Сыв-тӕ бацӕттӕ кодтой Х. Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ,байхъусӕм ма сӕм.
Слайд № 6
«Гино».
Гино, гино, гис!
Иу гæды нæм ис,
Хъарм фæлмæн кæрц дары,
Къонайыл хуыссы,
Аргъæуттæ мысы,
Хъал зæрдæйæ зары...
Слайд № 7
«Скъолайы лæппу»
— Кæй фырт дæ?
— Толайы.
— Кæм уыддæ?
— Скъолайы,
Алыбон дæр дзы вæййын.
Фæкæсын а-бе-тæ,
Фæфыссын бе-ве-тæ,
Ахуыр кæнынмæ бæллын.
Слайд № 8
«Фыдуаг»
О, цъиусур, ма мæм дзур!
О, рувас, ма мæм уас! —
Хуысгæ ма кæнын.
О, цæргæс, ма мæм кæс!
О, тæрхъус, ма мæм хъус! —
Кæрдзыныл кæуын!
Слайд № 9
-Нæ лæппутæ бæхтыл куыд тахынц, уымæ бакæсæм.
Хъазт « Бœхтыл дугъ»
Слайд № 10
«Уасæг»
О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо!
Куыд раджы фестыс,
Куыд хъæрæй зарыс?
Нæ буц лæппуйы
Хуыссын нæ уадзыс!
Слайд №11(фæззæджы ныв)
Хъазт «Фæззæджы лæвæрттæ»
( Хицæн чыргъæдтæм равзарын дыргътæ æмæ халсартæ)
Амонœг: Къостайæн никуы ферох уыдзæн йæ ном. Мах стæм тынг амондджын адæм, кæй нын ис æмбисонды Къоста. Къоста уыд сæрибармæ сидæг.
Слайд №12( Къоста)
Балцы зарӕг» ( иууылдæр иумæ)
Цӕйут, ӕфсымӕртау раттӕм нӕ къухтӕ
Абон кӕрӕдзимӕ, Иры лӕппутӕ!
Скӕнӕм нӕ тырыса дзыллӕйы номӕй,
Рухсмӕ ӕнӕзивӕг цомут ӕнгомӕй!
Амонœг: Ныр та ахъаздзыстœм пуртитæй. Кæрæдзийы ныхмæ æрлæууæм дыууæ рæгъæй . «Ратул пурти мæнмæ, стæй та æз дæумæ»
Амонœг: Нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.
Сабитæ, æнæнизæй амондимæ бахъомыл ут, уарзут Къостайы , Ирыстоны ! Хистæрты фæндиаг ут!