СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Конспект урока по осетинской литературе в 6 классе. Тема:Барахъты Гино.Новеллæ «Бæстырæсугъд»-мæ гæсгæ

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан:1 Уацмысæн анализ скæнын.

2.Ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл.

 

Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг. Барахъты Гинойы портрет. Йæ чингуытæ.

Ирон фæндыр.

 

Урочы эпиграф:Æртæ фæндаджы ис зонды гъдаумæ: хъуыды кæныны фæндаг- сегасæй уæздандæр, фæзмыны  фæндаг- сегасæй æнцондæр, бавзарыны фæндаг –сегасæй зындæр.

Просмотр содержимого документа
«Конспект урока по осетинской литературе в 6 классе. Тема:Барахъты Гино.Новеллæ «Бæстырæсугъд»-мæ гæсгæ»

Ирон литературæйы урок 6-æм къласы.


Урочы темæ. Адæймаг рæсугъд æмæ хъæздыг у йæ удыхъæдæй, йæ зонд æмæ лæгдзинадæй. Барахъты Гино.Новеллæ «Бæстырæсугъд»-мæ гæсгæ


Урочы нысан:1 Уацмысæн анализ скæнын.

2.Ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл.


Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг. Барахъты Гинойы портрет. Йæ чингуытæ.

Ирон фæндыр.


Урочы эпиграф:Æртæ фæндаджы ис зонды гъдаумæ: хъуыды кæныны фæндаг- сегасæй уæздандæр, фæзмыны фæндаг- сегасæй æнцондæр, бавзарыны фæндаг –сегасæй зындæр.



I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

1. Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ(мотивации).


Барахъты Гино уыд хъаруджын æмæ курдиатджын адæймаг. Нæртон лæг йæ хъару æвдыста кардæй,йæ курдиат- фæндырæй. Уый уыд сæрибарыл тохгæнæг æмæ рухстауæг..


Гино уыд зарæггæнæг, поэт æмæ хъайтар, йæ цард сæрысуангæй йæхæдæг зарæг у. Йе сфæлдыстадæн æппæтæй дæр уыд зарæгон æрдз, зарæгон æууæлтæ. Цин æмæ катайæ дзаг сты йæ уацмыстæ


2. Гинойы царды хабæрттæй уæ чидæртæ æрмæг бацæттæ кодта æмæ сæм байхъусæм,уæ хорзæхæй.Табуафси!Скъоладзаутæ радыгай дзурынц фыссæджы царды хабæрттæ.


1-аг скъоладзау. Барахъты Гино райгуырдис 1890 азы 19 февралы Салыгæрдæны- Алагиры. Йæ фыд Текко уыди зæхкусæг, зæрдæргъæвд адæймаг. Гинойыл аз æмæ æрдæг куы цыдис, уæд йæ фыд амард,


2-аг скъоладзау.Фондз сидзæры баззадысты сæ мады æвджид. Уæздан æмæ хъаруджы сылгоймаг уыд йæ мад Коцон.


3-аг скъоладзау. Хæдзардзин мад йæ сабиты ахуыр кодта уæздан æгъдæуттыл æмæ кусыныл. Гино æнувыд уыд ахуырыл. Каст фæцис Салагæрдæны дыууæазон скъола. Уый фæстæ йæхи бацæттæ кодта æмæ бацыд Æрыдоны семинармæ. Семинарæй цухгонд æрцыд йæ революцион куысты тыххæй.


4-æм скъоладзау.1917азы æрыздæхти Ирыстонмæ æмæ куыста бирæ бæрнон бынæтты1921 азырауагъта æмбырдгонд «Раздзог»1924азы та зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ. Бирæ бантыст Гинойæн, ноджы дæр ын фылдæр бантыстаид,фæлæ басыгъд 1937 азы знæгты азарæй.



II. Ног æрмæгыл куыст


Ахуыргæнæг. Гино хорз зыдта ирон адæмон сфæлдыстад. Йæ хъуыды нывæфтыд кæны уацмыс «Бæстырæсугъ»-ы. И сын хъæлдзæг комедион райдайæ.Салыгæрдæнæй Æрыдоны æхсæн рацæйцыдис дыууæ барæджы,хъал барджытæ.(скъоладзаутæ æвдисынц скъуыддзаг)

-Ам лæппу ис, ам!.


-Æллæх, æллæх, диссаджы лæппу дзы ис уым! Цæвиттон мынБæстырæсыгъды раз æрхъазынмæ бæззыс. Никæмæн комы æнæ дæу. Ха-ха-ха!


Æмæ дæм цы диссаг кæсы?Æниу мын кы комид, уæд дзы цы кæнын? Иу хуыскъастæу!... Мæн нæ хъæуы ахæм ус.


-Мархо дын у, зæгъынц…Ха-ха-ха!

Ахуыргæнæг. Лæппу йæ ныхас нал басаста, хиппæлой разына, уый йæ сæрмæ не схаста æмæ ацыд йæ бæллиццы фæдыл.


Фарст: Кæдæм ацыд Канаты Афæхъо?


Дзуапп: Цæуы курæг, æвзæрст лæппуты æнæ дзуаппæй чи здахы, уыцы Бæстырæсугъдмæ.


Адæймаджы цавæр миниуджытæн аргъ кодта Бæстырæсугъд?


Æз зонын адймагæн йæ уды хъару, æмæ мæ фæнды цардæмбалæн æрмæст ахæм æххæст лæппу бацагурын.Чи цыдис чызджы зæрдæмæ,чи мыггаджы зæрдæмæ.


Чи уыди Канаты Афæхъо? Цавæр цæстæй Йæм ракастысты фысымтæ? (Кълас фæдих ис дыууæ къордыл.)

Фыццаг бакастæй Афæхъо зыны къуыдипп æмæ тыхлæг. Фыдконд æмæ фыдцъылыз. Кæрты дуармæ æрхызтис йæ хъал бæхæй уæлладжырон усгур Канаты Афæхъо. Ракастысты фысымтæ. Бамбæрстой уазæджы хабар: кæмæй у кæцæй æмæ цæмæн æрцыдис. Рарвыстой йæм кæстæр кусæджы.Бакодта йæ уазæгдонмæ.Фысымтæ сæ хæс фидæгау «æгас цæуай» зæгъынмæ æрбауадысты æмæ фæстæмæ сæхи аистой.


Фарст: Кæцон уыд Исламаты Рашид? Цы цæстæй ракастысты фысымтæ уымæ та? Цæмæн?


-Дыккаг уазæг уыди кæсгон æлдары фырт, адæмæн æмбисонды бæллиццаг усгур. Кæрты цæрдæг рауай- бауай кодтой кæстæриуæггæнджытæ Бахъыг кодтой уазæгдоны Канаты Афæхъо кæй бадтис. Афæхъойы цурмæ сæм худинаг фæкаст уазæджы бакæнын. Рафснайдтой æндæр уат, æмæ Уазæджы бакодтой уырдæм.Уыцы бон бирæтæ тæхуды кодтой Бæстырæсугъдæн йæ амондмæ.


-Цавæр уавæры уыд Афæхъо?

Бадтис иунæгæй уазæгдоны. Нæ йæм уыдис ничердыгæй кæсæг. Йæ кæстæр лæггадгæнæг дæр рацыдис æмæ лæггад кодта ног уазджатæн.


Ахуыргæнæг: Бынтон æвзæр уавæры бахауд Канаты Афæхъо. Цæуылнæ рацыд, цæмæн ныббарста ахæм ми?


Ирон лæппу у сæрыстыр æмæ æгъдауджын.Уазæджы æфсарм æй нæ уадзы сусæгæй рацæуын, тæргай кæнын æм кæсы æгады хос йæхицæн дæр æмæ фысымтæн дæр.


Сæ дыууæйæ чи басаста Бæстырæсугъды зæрдæ? Цæй руаджы?

Уый уыдис ирон фæндыр. Фæндыры æхцон зæлтæ баиу сты, æрзылдысты-иу дæрдтыл, быдыртыл,хæхтыл. Фæндыры цагъдимæ зарыд йæхæдæг дæр.Нал баззаз æгас сыхы иу адæймаг,- стырæй, чысылæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй,-зард æмæ цагъд фехъусгæйæ уырдæм чи нæ æруади хæстæг.Ферох æлдары фырт.Рацыдис æд лæггадгæнджытæ æмæ араст йæ хæдзармæ. Æппынфæстаг нал фæрæзта фæндырдзæгъдæгмæ хъусын Бæстырæсугъд, æмæ уый дæр æргом рацыдис йæ размæ.

Ахуыргæнæг. Раргом лæппуйы зæрдæ- рæдау,сыгъдæг, уæздан адæймаджы хъæздыг миддуне, аивад сæтты зыд æмæ кæрæфы монц, уæлахиз кæны исбоны хъомысыл Æрыхъустой адæм уарзты зарæгмæ.Ахуыргæнæг кæсы фæйнæгæй эпигрæф:


Æртæ фæндаджы ис зонды гъдаумæ:хъуыды кæныны фæндаг-сегасæй уæздандæр,фæзмы фæндаг- сегасæй æнцондæр, бавзарыны фæндаг- сегасæй зындæр.


Æртæ фæндагыл дæр рацыд Афæхъо сæрыстырæй, кадджынæй.


III. Урочы хатдзæгтæ.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.


Гинойы хъайтартæ цардысты æмæ цæрдзысты алы рæстæджы, уымæн æмæ зæронд нæ кæнынц,æрмæст рæстæг æмæ уавæртæм гæсгæ ивынц сæ дарæс.


2.Аулæфт. Абоны урочы хъайтартæй уæ зæрдæмæ чи тынгдæр фæцыд уый миниуджытæ ныффыссут уæ разы цы карточкæтæ ис уыдоныл.(фыст сты фæйнæгыл).

Сæрыстыр, хъæбатыр,уæндон, куыстуарзаг, мæгуыр , бонджын, Зараг, цæры йæхи фæллойæ, лæгдзинад, удыхъæдæй рæсугъд.

Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ урочы темæ дæр ахæм у.»Адæймаг рæсугъд æмæ хъæздыг у йæ удыхъæдæй, йæ зонд æмæ лæгдзинадæй»


IV. Хæдзармæ куыст. Ныффыссын сочинении: «Ирон фæндыр мæ царды».



V. Кæронбæттæн ( хъуысы музыкæ). Æмдзæвгæ.

Ирон фæндыр цы взагæй дын

Цы дзырдтæй дын ысныв кæнæн

Дæ зараг ном мæ хуры тын

Дæуæй мæ цин-æнæкæрон!

Ирон фæндыр-нæ хуры тын

Нæ базырджын нæ царды цин

Зылланггангæ ныхæстæй дын

Дæ кадджын ном куы равдисин

Токаты А.

Бузныг! Мæ зæрдæ мын барухс кодтат.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй царды уат кæддæриддæр уæлахиз, хизат царды асинтыл рогæй.