СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Къоста – ирон адæмы стъалы."

Нажмите, чтобы узнать подробности

Хетӕгкаты Къоста у ирон адӕмы духовон культурӕйы хур, ныфс ӕмӕ намыс. Кӕуылты у йӕ ном. Уый уыдис ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, ирон литературон ӕвзаджы аразӕг, фыццаг ирон нывгӕнӕг,публицист, ӕхсӕнадон архайӕг, революционер-демократ. Йӕ генион сфӕлдыстадӕн нӕй аргъ ӕмӕ кӕрон.

Просмотр содержимого документа
«"Къоста – ирон адæмы стъалы."»

« Къоста, дӕ ном бӕрзонд у стъалыйау, ды рухс кӕныс нӕ зӕрдӕтӕ!»

«Къостайы сфӕлдыстад поэзийы дӕр ӕмӕ нывкӕнынады дӕр иухуызон бӕрзонд у йӕ адӕмондзинадӕй, йӕ алывӕрсыгӕй»

Тугъанты Махарбег

Хетӕгкаты Къоста у ирон адӕмы духовон культурӕйы хур, ныфс ӕмӕ намыс. Кӕуылты у йӕ ном. Уый уыдис ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг, ирон литературон ӕвзаджы аразӕг, фыццаг ирон нывгӕнӕг,публицист, ӕхсӕнадон архайӕг, революционер-демократ. Йӕ генион сфӕлдыстадӕн нӕй аргъ ӕмӕ кӕрон.

Къоста йӕ бузныггаджы фӕстагӕттӕн ныууагъта зынаргъ хӕзнатӕ.

Къоста уыд Прометей. Мӕгуыр Ирыстоны йӕ рухсӕй чи рухс кодта, йӕ уды хъарм ын рӕдауӕй чи лӕвӕрдта, хъайтарон ивгъуыд дуг кӕмӕн уыд, сӕ дард фӕстагӕттӕн мингай азты сӕрты скифты ӕвзаг чи ӕрхаста, уыцы ӕмбар, ӕфхӕрд адӕмӕн Къоста кӕронмӕ снывонд кодта йӕ цард.

Ирыстоны Къостайы номимӕ байгом вӕййынц хӕдзӕртты ӕмӕ зӕрдӕты дуӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ Къостайы сфӕлдыстад поэзийы дӕр ӕмӕ нывкӕнынады дӕр иухуызон бӕрзонд у йӕ адӕмондзинадӕй, йӕ алывӕрсыгӕй. Къостайы сфӕлдыстад хъӕздыг у, фӕлӕ мӕн бӕстондӕр ӕрлӕууын фӕнды йӕ нывкӕнынадыл. «Ирон адӕмы Леонардо да Винчи»- афтӕ йӕ рахуыдта советон фыссӕг Фадеев. Ӕмӕ, бӕгуыдӕр, уый афтӕ у. нывкӕнынадӕй та йӕ курдиат ӕрттивы арвы роны алыхуызтӕй. Къоста ныв кӕнын ӕрдзӕй рахаста, бынтон къаннӕгӕй дӕр – иу дуртыл ӕвзалыйӕ нывтӕ кодта, фӕлӕ …

Бирӕ профессионалон нывгӕнджытӕ зонӕм, кӕцытӕн сӕ аивад арӕзт у развӕдгӕнджыты фӕлварӕнтыл. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ, кӕцытӕ фӕлварынц цардыл, фӕлдисынц царды нывтӕ. Ахӕм нывгӕнӕг уыдис Къоста. Царды цы уыдта, ныв дӕр уый кодта. Йӕ ахуыргӕнӕг В.И.СмирновКъостайы бирӕ бауарзта йӕ курдиаты ӕмӕ арӕхстдзинӕдты тыххӕй. Ӕмӕ йӕ 1881 азы сразӕнгард кодта Бетъырбухы Аивӕдты Академимӕ. Уыцы рӕстӕг уым ахуыр кодтой зындгонд нывгӕнджытӕ: Врубель, Серов, Беклемишев. Уӕлдай тынгдӕр Къостайы сфӕлдыстадыл фӕзынд профессор Чистяковы(схъомыл кодта Репир, Суриков, Васнецов, Серов ӕмӕ ӕндӕр курдиатджын нывгӕнджыты) сфӕлдыстадон тӕваг. Уый Къостайы ахуыр кодта цард рӕстагӕй ӕвдисыныл. Иудзырдӕй, зонындзинӕдтӕм бӕлгӕйӕ, Къоста зӕрдиагӕй архайдта профессионалон дӕсныйад базоныныл. Фӕлӕ йӕм нӕ кастис Академи фӕуыны амонд. Йӕ мӕгуырдзинад ын ӕй ныууадзын кодта 1883 азы.

О, фӕлӕ, Къостайы нывкӕнынадон курдиаты стъӕлфӕнтӕ ӕрыгонӕй ферттывтой.Мӕнӕ цы фыссы уый тыххӕй Еситы Хъамболат Дзасохты Геормӕ: « Куыд нывгӕнӕг, афтӕ йӕ уайтагъд бафиппайдтой хистӕртӕ. Ныв кӕныны ахуыргӕнӕг В.И.Смирнов уый махӕн хаста цӕвиттонӕн ӕмӕ-иу нын йӕ нывтӕ уынын кодта, цӕмӕй нӕ разӕнгард кодтаиккой.

Йе сфӕлдыстады Къоста тынг уарзта удӕгас адӕймӕгты ныв кӕнын(портретон жанр). Уыцы жанры хуыздӕрыл нымайӕн ис Аннӕ Поповӕйы портрет. Къоста иттӕг разӕнгардӕй куыста пейзажы жанры дӕр. Ацы жанры фыст уацмыстӕй нӕ бон у зӕгъын «Тебердайы ком», «Ӕрдзон хид», «Зикъарайы ᾽фцӕг» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыцы рӕстӕг, бӕргӕ, Къостайӕн ныв кӕныны уавӕртӕ куы уыдаид, уӕд ма йын ноджы цас бантыстаид!

Къостайӕн йӕ риссаг зӕрдӕйы цы ӕнкъарӕнтӕ уыд, уыдон равдыста йӕ уацмысты. Фӕлӕ, цӕмӕй йе ᾽нкъарӕнтӕ махмӕ хуыздӕр хӕццӕ кӕной, уый тыххӕй ныв кӕнын райдыдта йӕ уацмысты бындурыл. Къостайы лирикон геройтӕ канд ӕмдзӕвгӕты не сты, фӕлӕ ма нывтыл дӕр: зындгонд Хъуыбады, Сидзӕргӕс, цуанон Тедо, Фатимӕ ӕмӕ ӕрдӕртӕ. Афтӕ дӕсны сӕ ӕвдисы йӕ нывты, ӕмӕ мах арфдӕр ӕмбарӕм сӕ сагъӕстӕ, мӕт,катай. Къостайы нывтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хаты нӕ уыдысты аивадон равдыстыты. Ӕмӕ алы хатт дӕр дисы ӕфтыдтой иннӕ нывгӕнджыты, уымӕн ӕмӕ Къостайы нывтӕ цы жанрмӕ хауынц, уый не ᾽мбӕрстой. Уымӕ гӕсгӕ ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: Къоста жанртӕм гӕсгӕ нӕ ныв кодта, фӕлӕ йӕ фӕндонӕй, сӕрибарзондӕй.

Ныв «Ирон хӕххон хӕдзар»-ы Къоста равдыста арахъдзуаны архайд. Рахызырдыгӕй бадынц дыууӕ сылгоймаджы, сӕ иу тӕвд арахъӕй иннӕмӕн ацаходын кӕны, фӕлӕ йын нӕ разы кӕны. Сӕ фӕстӕ гом дуар, галыуырдыгӕй та арт, йӕ сӕрмӕ къона. Ацы нывы сӕйраг нысан у, ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг куы ᾽ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, куыд бӕстонӕй нын равдыста Къоста ирон хӕдзары конд ӕмӕ цардуавӕрон дзаумӕттӕ.

Къостайы нывтӕм кӕсгӕйӕ, адӕймаг ӕххӕстӕй банкъары, уыдон хуымӕтӕг адӕмы цард кӕй ӕвдисынц, уый. Йӕ хуыздӕр уацмыстӕй иу у «Дурсӕтджытӕ». Йӕхӕдӕг дӕр ӕппӕтӕй фылдӕр уарзта ацы ныв. Къоста ацы нывӕн бирӕ этюдтӕ фӕфыста, арӕзта ӕрдзы ӕмӕ сабиты алыхуызон нывтӕ, фӕлӕ хасты куы уыдис, уӕд иу кӕрӕф,зыд адӕймаг ныв цавӕрдӕр хъӕздыг усӕн ауӕй кодта. Цы ӕхца дзы райста, уыдон Къоста, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ цӕстӕй дӕр нӕ федта. Уый фӕстӕ йӕ бирӕ фыдӕбон бахъуыд ныв фӕстӕмӕ байсыны тыххӕй. Куыддӕрты бафтыд йӕ къухы ӕмӕ йӕ балӕвар кодта Терчы облӕсты зонындзинӕдтӕ ӕмӕ техникон ногдзинӕдтӕ парахат кӕныны ӕхсӕнадӕн. Ныртӕккӕ та ис Тугъанты Махарбеджы номыл музейы.

Къостайы тыххӕй мӕнӕ цы зӕгъы зынгӕ уырыссаг фыссӕг ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг А.Фадеев: « Ӕз дзурын ахӕм стыр ӕвзыгъд адӕймаджы тыххӕй,Къоста цавӕр уыд. Хетӕгкаты Къоста ирон адӕмӕн у хихуыз Леонардо да Винчи…Мах, уырыссаг адӕм, сӕрыстыр стӕм, Къоста Чернышевский, Добролюбов, Некрасовы идейӕты бындурыл кӕй сырӕзт, уымӕй».

Стыр нывгӕнӕг сӕрыстыр ӕмӕ райгонд уыд Ирыстоны хӕхтӕй, йӕ цъитиджын рӕгътӕй, кӕд дзы адӕм зынвадӕтты цардысты, уӕддӕр:

Мӕ цӕстысыг донау мызти,

Мӕ зӕрдӕ фырцинӕй рызти,

Куы скастӕн нӕ цъитиджын хӕхтӕм.

Ӕрдз йӕ уды бӕрц чи уарзта, уыдонӕй уыд Къоста. Абоны фӕсивӕд хъуамӕ Къостайы аивадон хӕзнатыл ахуыр кӕна, уымӕн ӕмӕ йе сфӕлдыстады ахадындзинад тынг егъау у: ирон ӕвзаг, ирон поэзи, литературӕ ӕмӕ нываивад сырӕзыдысты Къостайӕ, ирон адӕмы стыр зарӕггӕнӕджы кадджын ном цӕрдзӕнис ӕнусмӕ!.




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!