СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Къоста –Иры уарзон хъӕбул"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ӔВЗАГӔЙ (уырыссаг къорды)

Темæ: «Къоста –Иры уарзон хъӕбул»

Просмотр содержимого документа
«"Къоста –Иры уарзон хъӕбул"»


ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ӔВЗАГӔЙ (уырыссаг къорды)


Ахуыргӕнӕг: Дзасохты М.Ф.

Кълас: 7 «В»


Темæ: «Къоста –Иры уарзон хъӕбул»


Урочы нысантæ: 1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын.

2. Ног лексикæйыл бакусын .

3. Диалоджы активонæй архайыныл ахуыр кæнын скъоладзауты.

Хъомыладон хæс: Къостайæн кад кæныныл ахуыр кæнын скъоладзауты.

• Гуырын кæнын ахуырдзаутæм тырнындзинад Къостайы уацмыстæ ахуыр кæнынмæ.

Урочы фӕлгонц: техникон фӕрӕзтӕ,компьютер,презентаци, карточкатӕ хӕслӕвæрдтимæ .



Урочы цыд:


I.Бацæттæгæнæн рæстæг

Уазджытæн салам раттын.

Сывæллæттæ, акæсут ма рудзынгæй æмæ зæгъут,цавæр боныхъæд у абон?

-Цавæр зæрдæйы уаг уæм æвзæрын кæны?

-Тынг мæ фæнды, цæмæй нæ урок ауадзæм хорз зæрдæйы уагыл.

II. Мотивацион уавæр.


- Сывæллæттæ, абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм,уый зæгъдзыстут куы

базонат ацы æмдзæвгæты сæргæнттæ сæ фыццаг рæнхъытæм гæсгæ,уæд.

Чи у сæ автор?


а) Къух дæ аудзын фæразы…

Мæй дæ авдæнимæ хъазы…(А-лол-лай)

æ) Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы,-

Лæджы æмбæрц æруары мит;…(Мæгуыры зæрдæ)

б)Гъа! Ныр ахст дæ,цъиу,фæлæу

Нал аирвæрдзынæ, …(Цъиу æмæ сывæллон)

в) Фест райсомæй лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи …(«Лæгау»)

Хетæгкаты Къоста


III. Ног æрмæгыл куыст.


Уæдæ мах дзурдзыстæм Къостайыл.


-Нæ урочы темæ у «Къоста-Иры уарзон хъæбул»


-Зæгъут-ма Къостайыл цал азы сæххæст ?(160)

(æвдыст цæуы презентации)


1.Къордты куыст

Ныр та лæвæрд хъуыдыйæдтæ сæ хъуыдымæ гæсгæ баххæст кæнут дзырдтæй : кад,амонд,намыс,Нар(хъæу),Леуан,(ирон) фæндыр.Сæвæрут сæ хъæугæ хауæны.

1.Къоста йæ фыдæн стыр … кодта

2.Ирон адæм Къостайæн кæнынц стыр …

3.Къоста йæ сывæллоны бонтæ арвыста ...

4.Къоста цæрæнбонты бæллыд йæ адæмы…

5.Къоста йе мдзæвгæты æмбырдгонд схуыдта…

6.Къоста у Ирыстоны …


Ахæм адæймаг сæдæгай азты иу хатт райгуыры,куы райгуыры,уæд та никуы амæлы. Уæдæ махæн Къоста амыдта зонд, хуыдта нæ иудзинадмæ ,сомбоны рухс цардмæ.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм йæ «Балцы зарæг» æмæ йæ азарæм.


2.Эпиграфмæ рахизын æмæ йæ бамбарын кæнын.


Абайты Васо загъта афтæ:


«Англисаг адæмæн сæ сомыгæнæн у Шекспир,Шотландийæн –Бернс,немыцæн-Гете,итайлæгтæн-Данте,Уырысæн –Пушкин.Мах ,ирон адæм та ард хæрæм Къостайы номæй.Æмæ нæ зæрдæ уымæй у уæлдай рухс,нæ сæр дзы хæссæм бæрзæндты».


3.Фонетикон зарядкæ 2-аг фæлтæрæн


4.Ǽнæзонгæ дзырдтæн равзарæм сæ нысануæг.

Дзырдуатон куыст.


Кад- почёт,слава,честь

Намыс- честь,слава

Цыт -слава,честь,почёт

Цытджын -славный,почитаемый,великий

Хорзх- награда,милость,благодеяние


5.Текстмæ байхъусын æмæ хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын (фысгæйæ).


6.Сæххæст кæнын 4-æм фæлтæрæн.


7.Ныр та иучысыл ахъазæм. Нæ хъазт хуыйны «Разы стут…?»

  1. Разы стут Къоста Нары кæй райгуырдис ууыл?

  2. Разы стут,Къостайы ныййарджытæ Леуан æмæ Мария кæй уыдысты ууыл?

  3. Разы стут,Къоста поэт æмæ нывгæнæг кæй уыдис ууыл?

  4. Разы стут Къоста 46 азы кæй фæцардис ууыл?

  5. Разы стут,Къостайы ингæн Дзæуджыхъæуы кæй ис,ууыл?

  6. Разы стут,Къостайы чиныг «Ирон фæрдыр» хуыйны ,ууыл?

Къоста махæн у Хуыцауы лæвар.Коста махæн у нæ рухстауæг,нæ цардаразæг,уымæн æй уарзæм æмæ йын бæрæг кæнæм йæ 160 азы юбилей Уымæн æвдисæн у таурæгъ « Къоста дæн». Ахуырдзау кæсы таурæгъ.


Хъуысы Хетæгкаты Къостайы зарæг.


V. Рефлекси (æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын)

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам?

Дзуапп дæтгæйæ, пайда кæнут ацы хъыдыйæдтæй:

- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ … .

-

- Царды мидæг тырнын хъæуы … .

- Æцæг адæймаг хъуамæ уа (ма уа)… .


Ныр та уæ алчидæр йæ куыстæн аргъ скæнæд

– Хатдзæгтæ скæнын.


Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


Х/к 1.Хорз сахуыр кæнын Къостайы царды хабæрттæ.


2.Иу æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.



Стыр бузныг,уӕ куыстӕй мӕ зӕрдӕ барухс.


Уӕ зӕрдыл бадарут мӕ фӕдзӕхст:

Ӕгъдаудзинад у дидинджыты баст,

Хӕрзиуджытӕй йӕ дидинсыфтӕ дзаг,

Ӕртонут дзы,ысбуц кӕнут уӕ цард,

Цӕмӕй мыггагмӕ баззайа уӕ кад!


Ирон дзырды фарнæй хайджын ут! Хæрзбон!







12.10.19 г.


ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАН ИРОН ӔВЗАГӔЙ 7-ӕм «В» къласы (уырыссаг къорды)



Темæ: « Къоста –Иры уарзон хъӕбул»





Ахуыргӕнӕг: Дзасохты М.Ф.