СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Къоста цары ма зардайы

Нажмите, чтобы узнать подробности

Равдисын уарзондзинад Къостайы поэзимœ.Йе сфæлдыстадœй бœлвырддœр œрлœууын œмдзæвгœйыл "Ракœс"

Просмотр содержимого документа
«Къоста цары ма зардайы»



Къоста мᴂ зᴂрдᴂйы цᴂры



ᴁз райгуырдтᴂн Ирыстоны ᴂрдзы хъᴂбысы.Бᴂрзонд хᴂхтᴂ арвмᴂ кᴂм фᴂцыдысты,рагон мᴂсгуытᴂ фидар кᴂм лᴂууынц,арф кᴂмтты стыр цᴂугᴂдᴂттᴂ хъᴂргᴂнгᴂ кᴂм згъорынц.

Зынаргъ мын у мᴂ райгуырᴂн бᴂстᴂ,мᴂ фыдᴂлты зᴂхх!Ирыстоны кад ᴂмᴂ намыс,фарн ᴂмᴂ ᴂгъдау сты царды нысᴂнттᴂ.Ам цардысты мᴂ кадджын хистᴂртᴂ,ам райгуырд Къоста!

Ме уᴂнгты кᴂлы мᴂнᴂн алайнаг туг!

Мᴂ хъусты зᴂлы Къостайы нᴂргᴂ хъᴂлᴂс.

Мᴂ зᴂрдᴂйы ᴂрцард «Ирон фᴂндыр»

ᴁз дᴂн Ирон,ᴂз Къостайы взагыл дзурын!

ᴁвᴂццᴂгᴂн, ахᴂм адᴂм бирᴂ нᴂй,чи нᴂ фехъуыста,чи нᴂ бакаст Къостайы зарджытᴂ,кадджытᴂ, «зᴂрдᴂйы сагъᴂстᴂ»,йᴂхи загъдау.Уарзын ын йе сфᴂлдыстад,йᴂ поэзии,фᴂлᴂ мᴂ уарзондᴂр ᴂмдзᴂвгᴂ у «Ракᴂс».Ныффыста йᴂ 1885 азы,Бетъырбухᴂй куы сыздᴂхт Ирыстонмᴂ,йᴂ бирᴂ тухᴂнты фᴂстᴂ,уᴂд.

Цас хъуыдытᴂ,сагъᴂстᴂ,ᴂнкъарᴂнтᴂ ис ацы ᴂмдзᴂвгᴂйы!Зᴂрдᴂ агайынц,зᴂрдᴂмᴂ хизынц тынг арф.

Цᴂстытыл уайынц йᴂ сидзᴂры бонтᴂ,йᴂ хъизᴂмар цард.

«Кᴂмдᴂрты ᴂнᴂсᴂронᴂй,ᴂдыхᴂй ,ᴂцᴂгᴂлонᴂй мᴂ уалдзᴂг ᴂрвыстон фыдбонтᴂй…»

О,афтᴂ рауад йᴂ хъысмᴂт. ᴁнᴂрᴂвдыд,ᴂфхᴂрд ᴂмᴂ уᴂззау.Фылдᴂр амонд ᴂй нᴂ уыд.

Фᴂхᴂссон-ма ,загъта,уᴂддᴂр фᴂстᴂмᴂ мᴂ иунᴂджы сᴂр мᴂ Ирмᴂ,мᴂ райгуырᴂн бᴂстᴂм…

ᴁрцыди…Поэты зᴂрдᴂйы баиу сты тыхджын ᴂнкъарᴂнтᴂ.Иуᴂй-цин ᴂмᴂ уарзт, куы скаст нᴂ цъитиджын хᴂхтᴂм, иннᴂмᴂй –маст ᴂмᴂ хъыг.Йᴂхицᴂй фыддᴂр мᴂгуырᴂй ссардта йа уарзон адᴂмы.ᴁнᴂ сомбон ᴂнᴂ фидᴂнᴂй.Чи акᴂна адᴂмы йᴂ фᴂдыл, чи сын бацамона рухс цардмᴂ фᴂндаг?Фᴂдисы хъᴂр ма кᴂны Къоста «Гъе, Уастырджи, ракᴂс, цᴂмᴂй нᴂ фᴂуᴂм бынтондᴂр фыдвᴂндаг!..»

Адᴂмы маст ын басыгъта йᴂ зᴂрдᴂ. Радта сын йᴂ уд, йᴂ зонд ᴂмᴂ йᴂ цард.Йе мгъуыдᴂй раздᴂр ацыди зᴂххон цардᴂй.

Фᴂлᴂ…Цас фᴂнды азтᴂ рацᴂуᴂд, уᴂддᴂр Къоста уыдзᴂн махᴂн сᴂрᴂгас.Йᴂ ном, йᴂ кад, йᴂ поэзи никуы уыдзысты рох. Цᴂрдзысты нᴂ адᴂмы зᴂрдᴂты.

Цᴂр нын ,Къоста .нᴂ зᴂрдᴂты ᴂнусмᴂ!

Дᴂ кад ,дᴂ намыс макуы фᴂуᴂд сᴂфт.

Дᴂ бᴂллицтᴂ нᴂ кᴂстᴂртᴂн ᴂнтысᴂнт,

Дᴂ зондᴂй уᴂнт нᴂ фᴂсивᴂд ᴂххᴂст!