СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Коцойты Арсены радзырд «Дадолты мæт» -ы зианхæссæг æгъдæуттæ.

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Гом урок    7-æм къласы       

Урочы темӕ : Коцойты Арсены радзырд «Дадолты мæт» -ы  зианхæссæг              

                       æгъдæуттæ.

Урочы нысан:       Раргом кӕнын хӕххон адӕм цард                

                               октябры революцийы агъоммӕ радзырды;

                               Дадолты бинонты цард- фӕстӕзад зондыл-

                                        хӕсты аххосаг; дӕсныты мӕнгард митӕ

                                        ӕмӕ сӕ фӕстиуджытыл ӕрхудын;              

                               радзырды сатирӕ ӕмӕ юмор раргом 

                               кӕнын; рӕзгӕ фӕлтӕры цӕсгомджын,

                               намысджын, ӕууӕнкджынуӕвын кӕнын.

Урочы тип:         Зонындзинӕдтӕ ныффидар кӕныны урок.

Урочы фӕлгонц: Ирон лит-йы 7-ӕм къласы чингуытӕ;                

                                             Фыссӕджы портрет;

                                             Сывӕллӕтты конд нывтӕ радзырдӕй;

                                             Фото-альбом «КОЦОЙТЫ АРСЕН».

Урочы цыд:

  1. Орг. хай.

Разныхас.

Сывӕллӕттӕ, ис ахӕм таурӕгъ  «Мӕнгарддзинад» (коварство), зонут ӕй?

Афыссут дзырдуат  ӕмӕ мӕм ӕрбайхъусут уӕдӕ!

        Дзырдуат:

МӔНГАРДДЗИНАД-КОВАРСТВО,

ХӔРДГӔ ХУЫД  ДЗАБЫРТӔ,

ТЫН- ШЕРСТЯНАЯ ТКАНЬ,

СИВЫР-КОРЫТО ДЛЯ СТЕКАНИЯ ПИВА,

КЪӔССА- КОЖАНЫЙ МЕШОК.

ТАУРӔГЪ « МӔНГАРДДЗАНАД».

--Раджы-ма раджы цардысты лӕг ӕмӕ ус . Алцӕмӕй дӕр уыдысты амондджын , ӕрмӕст сын цот нӕ уыд, ӕмӕ тынг ӕнкъард кодтой.Уӕд дын  иу сӕрдыгон ӕхсӕв ус ӕддӕмӕ рацыд, кӕсы ӕмӕ арвыл мӕй зӕххмӕ нымдзаст.Ус мӕйы куы федта, уӕд йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ мӕймӕ дзуры ӕнкъард хъӕлӕсӕй:

--Цы кодтон Хуыцауӕн? Адӕмӕн сӕ сывӕллӕттӕ сӕ хӕдзӕрдты нал цӕуынц, мӕнӕн та ӕхсӕв мӕ фарсмӕ гӕдыйы лӕппын фынӕй кӕны. Цы кодтон Хуыцауӕн?

                 Уӕд ӕм мӕй ӕркаст ӕмӕ йӕм дзуры:

-- Ма ку! Ӕзбаххуыс кӕндзынӕн.Ӕз дын ратдзынӕн мӕ лӕппутӕй иуы. Фӕлӕ зон, уый хуымӕтӕджы лӕппу кӕй нӕу.Хъахъхъӕнын ӕй хъӕудзӕн хуры тӕвдӕй. Ӕмбисбоны тӕвд ыл куы сымбӕла, уӕд фӕстӕмӕ стъалы фестдзӕн. Ус ныццин кодта. Уыцы ӕхсӕв арвӕй стъалы ӕрхауд ӕмӕ лӕппу фестад. Лӕг ӕмӕ усы цинӕн кӕрон нал уыд. Хъомыл кӕнын   райдыдтой сӕ лӕппуйы. Лӕппу байрӕзт. Диссаджы лӕппу расгуыхт.  Ӕмбӕлттӕн—фӕзминаг, йӕ хъомылгӕнджытӕн – цӕсты гагуы.

Ирон адӕмы ӕхсӕн кӕд цы сусӕг кодта?

Къулбадӕг ус дын ӕй куы базонид, лӕппу сихоры тӕвд хурӕй йӕхи кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сӕм иу сихор афон куы фӕзынид.  Фыд ӕмӕ мад хӕдзары нӕ уыдысты. Ус дын сӕ кӕрты йӕхи куы аппарид ӕмӕ лӕппумӕ дзуры:

--Лӕппу, дон мын! Мӕлын , дон! 

Лӕппу, рӕстуд адӕймаг, къусы дон фелвӕста ӕмӕ йӕ усӕн куыд раскъӕфта , афтӕ йыл сихоры тӕвдхуры тынтӕ сӕмбӕлдысты. Лӕппу фӕстӕмӕ стъалы фестад ӕмӕ уӕларвмӕ атахт.

Изӕры мад ӕмӕ фыд куы ӕрцыдысты , уӕд лӕппуйы нал ссардтой. Ӕхсӕв та мад йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ та мӕймӕ кӕсы.

Мӕй йын ӕппӕтдӕр радзырдта ӕмӕ загъта:

--ЦАЛЫНМӔ ЗӔХХЫЛ УА АДӔЙМАДЖЫ МӔНГАРДДЗИНАД, ЦАЛЫНМӔ АДӔМ КӔРӔДЗИ САЙОЙ,УАЛЫНМӔ ЗӔХХЫЛ НӔ УЫДЗӔНИ АМОНД.

Рахизӕм уӕдӕ нӕ темӕмӕ.

  1. Хӕдзармӕ лӕвӕрд куыстытӕй бафӕрсын:

--Сывӕллӕттӕ, сымахӕн абонмӕ хӕдзармӕ хӕс уыд:

 1. Бакӕсын Коцойты Арсены радзырд «Дадолты мӕт» ӕмӕ йӕ зонын хи ныхӕстӕй дзурынмӕ.

2. Бакаст радзырдӕй нывтӕ скӕнын.

3. Презентаци скӕнын Арсены цардӕй.

1 фарст: Зӕгъут- ма чи у Коцойты Арсен?

Дзуапп: Коцойты Арсен у ирон прозайы бындурӕвӕрӕг.

Ахуыргӕнӕг:  Уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, абон мах нӕ уазджыты цӕй ӕмӕ базонгӕ кӕнӕм Арсены прозӕйӕ радзырд «Дадолты мӕт» - мӕ.

 2 фарст: Зӕгъут- ма радзырды архайд кӕм цӕуы?

Дзуапп: Радзырды архайд цӕуы Ирыстоны хӕххон хъӕутӕй иу, Къмады хъӕу.

3 фарст: Фыссӕг цавӕр ахорӕнтӕй ныв кӕны Къамады хъӕу? (ссарӕм ма йӕ ӕмӕ йӕ бакӕсӕм).

4 фарст: Сымах куыд бамбӕртат, ахӕм бынӕтты цӕмӕн цардысты адӕм?

Дзуапп: 1. Мӕнмӕ афтӕ кӕсы ӕмӕ быдыртӕ хуыздӕр бынӕттӕ уыдысты хъӕздгуыты, мӕгуыр адӕм та Къмады хъӕуау, ӕвзӕр бынӕтты тӕригъӕддаг цард кодтой.

5 фарст: Сӕ мӕгуыр цард хъӕуы фӕлгонцӕй дӕр бӕрӕг у, фӕлӕ ма ноджы дӕр куыд бамбӕрстат мӕгуыр – ӕнӕхуыргонд адӕм кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Дзуапп: мӕгуыр – ӕнӕхуыр кӕй уыдысты уый бӕрӕг  у кӕй  ӕууӕндыдысты хицӕуттыл, дауджытыл, хӕйрӕджытыл, дӕснытыл, зӕдтыл дӕлимонтыл, уӕйгуытыл, алыхуызон талынг тыхтыл.

6 фарст: Ӕмӕ цӕмӕн афтӕ тынг ӕууӕндыдысты ахӕм тыхтыл?

Дзуапп: мӕгуыр – ӕнӕхуыр адӕмы ӕхсӕн культурон рухстады бӕсты паддзахы хицауад пырх кодта дины мӕнгуырнындзинад, талынг сӕ кодтой.

7 фарст: Радзырды чи сты архайджытӕ?

Дзуапп: Радзырды архайджытӕ сты Дадолты бинонтӕ: Сымси ӕмӕ йӕ ус, стӕй Сымсийы дыууӕ абадгӕ хо – Гатъи ӕмӕ Фатъи.

Ахуыргӕнӕгг: Уӕдӕ, радзырды ӕвдыст цӕуы Дадолты Сымсийы бинонтӕ Къмады хъӕуккӕгтӕ. (Ссарӕм, бакӕсӕм)

8 фарст: Уӕдӕ цы у сӕ мӕт Дадолты бинонтӕн?

Дзуапп: Сӕ чындзӕн сывӕллон нӕ уыд, сӕ чызджытӕ та мой нӕ кодтой.

9 фарст: Иу бон сӕм чидӕр ӕрбауад. Чи уыд?

Дзуапп: Иу зымӕгон бон Сымси уым нӕ уыд, ӕмӕ сӕ сыхаг ус зынгагур ӕрбауад ӕмӕ сын уый радзырдта сӕ хъӕумӕ кӕй ӕрбацыд дӕсны Биганон.

10 фарст: Цы сфӕнд кодтой Дадолтӕ?

Дзуапп: Дадолтӕ сфӕнд кодтой Биганонмӕ фӕцӕуын.

(сценка: Гатьи, Фатьи ӕмӕ чындз).

11 фарст: Ацыдысты, адӕм сӕхи куыд дарынц?

Дзуапп: Кӕрӕдзи фӕнадтой.

12 фарст: Семӕ цы ахастой Дадолты сылгоймӕгтӕ?

Дзуапп: Семӕ ахастой: фӕйнӕ 12 сомы, чындз -  зӕлдаг сӕрбӕттӕн, Гатьи – хӕрдгӕ хуыд дзабыртӕ, Фатьи – батъис къабайаг.

13 фарст: Фыссӕг хъайтарон портреттӕ аразынмӕ тынг арӕхсыд. Биганоны миддуне куыд сныв кодта? (Ссарӕм – ма йӕ ӕмӕм йӕ бакӕсӕм).

Ахуыргӕнӕг: Ацы портретӕй дӕр бӕрӕг у, Биганон мӕгуыр- талынг адӕмы фӕллойӕ бирӕ кӕй фӕсайдта, ӕмӕ уыдон тугвӕллойӕ кӕй ныннӕрсти, уыдон фӕллойӕ кӕй схъӕздыг ис.

14 фарст: Биганон сын сӕ хъӕумӕ куы бакаст, уӕд куыд ахъуыды кодта?

Дзуапп: Адонӕй – ма дам, ноджы дӕр исты расайӕн ис. Ӕмӕ ма сӕ расайдта тын.

15 фарст: Цавӕр хостӕ  сын кодта? Куыд сын бацамыдта Биганон?

Дзуапп: Радта сын хостӕ. Стӕй, дам, аргӕвдут 3мӕйдзыд хъулон сӕныкк. Сфыцут ӕй ӕнӕ цӕххӕй. Хӕрынӕй хъӕуы иууылдӕр.Чи баззайа уыдон баныгӕнут. Уӕ дзаумайӕ ӕддейӕ мацы баззайӕд… (Куыд зыдтой, афтӕ сӕ ныхас кодтой).

16 фарст: Сымахмӕ гӕсгӕ, Биганоны хостӕ сын исты ӕххуыс фесты, ӕви сӕ раст нӕ бакодтой ӕмӕ уый аххос у? Ӕви гӕдыйы аххос уыд?

Дзуапп: Нӕ, дӕснытӕ кодтой сайгӕ уыдоныл ӕууӕндын нӕ хъӕуы, фӕлӕ уыдон ӕнахуыргонд  – талынг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕсӕ уырныдта ӕппӕт дӕр.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ – рахизӕм фӕстӕмӕ нӕ таурӕгъмӕ. Мӕй раст загъта?

17 фарст: Ӕмӕ цӕмӕй амонд ссарой, цӕмӕй кӕрӕдзи ма сайой, уый тыххӕй цы хъӕуы? Уый кӕмӕн аразгӕ у?

Дзуапп: Уый аразгӕ у махӕй, абоны фӕссивӕдӕй. Ӕмӕ кӕрӕдзи чи сайа, уымӕн та хъӕуы уайдзӕф кӕнын, йӕ ных ын хъӕуы къуырын.

18 фарст: Ныр сымах базонгӕ стут радзырдимӕ. Зӕгъут – ма Арсен цы равдыста цӕ радзырды?

Дзуапп: Окт. рев. агъоммӕ хӕххон ирон адӕммӕ кӕй нӕ уыд ахуырдзинад, падзах хициуад сӕ рухс цардмӕ ракӕныны бӕсты алы хуызон дины мӕнгуырнындзинады кӕй ӕфтыдта, уый.

Кӕронбӕттӕн.

Фӕхудти Арсен Къамады хъӕуы цӕрджыты талынгдзинадыл, сӕ къуындӕг миддунейыл.

Фӕхудти уыдон сайӕг, сӕхи хуызӕн талынг, фӕлӕ кӕрӕф, зыд сылгоймаг, галбындзау чи ныннӕрсти, уыцы дӕсны Биганоныл!

Худӕм сыл уӕдӕ мах дӕр!

Арсен тынг хорз зыдта, динамонджытӕ – сауджынтӕ, моллотӕ, дӕснытӕ – адӕмы кӕй сайынц сӕ талынгдзинады руаджы.

Гъе, ӕмӕ нӕ ауӕрзта ирон хъӕууон царды фӕстӕзаддзинадыл худынӕй. Нӕ! Былысчъилӕй выл нӕ худти. Ӕхсызгон ын нӕ уыд, фӕлӕ сын цыма дзырдта:

-- Базмӕлут, фезмӕлут уӕ талынг цардӕй, адӕмы хъӕр бамбарут, цивилизацийы рухсмӕ рацӕут!

Рысти йӕ зӕрдӕ, фӕндыдис ӕй, адӕм куы фервӕзтаиккой уыцы ӕнусон цардӕй.

Хӕдзармӕ хӕс.

Ныффыссын чысыл сочинении « Адӕмы талынг цард» радзырд  «Дадолты мӕт» - мӕ гӕсгӕ.

Просмотр содержимого документа
«Коцойты Арсены радзырд «Дадолты мæт» -ы зианхæссæг æгъдæуттæ.»