СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урок 9къл. Вазыгджын хъуыдыйад

Нажмите, чтобы узнать подробности

Вазыгджын хъуыдыйадœй цы œрмœг рацыдысты,уый фœлхат кœнын.

Просмотр содержимого документа
«Гом урок 9къл. Вазыгджын хъуыдыйад»







Гом урок 9-ᴂм къласы

Вазыгджын хъуыдыйад



Дзᴂуджыхъᴂуы

30-ᴂм скъолайы

ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ

литературᴂйы

ахуыргᴂнᴂг

Фᴂданты И.В.





Темᴂ: Вазыгджын хъуыдыйады хуызтᴂ

Рацыд ᴂрмᴂг фᴂлхат кᴂнын

Ныхасы темᴂ :Уалдзᴂг Ирыстоны.

Нысан: 1.Скъоладзауты зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын вазыг-

джын хъуыдыйады хуызтᴂ,сᴂ бастдзинад.

Бакусын ᴂрхᴂцᴂн нысᴂнтты растᴂвᴂрынадыл.

2 Хи хъуыдытᴂ ᴂргом кᴂнын.

3.Сывᴂллᴂтты дзырдуат фᴂхъᴂздыгдᴂр кᴂнын,ныхасы

ныхасы рᴂзтыл бакусын.

4. Сᴂвзᴂрын кᴂнын уарзон цᴂстᴂнгас уалдзыгон ᴂрдзы

рᴂсугъддзинᴂдтᴂм.



ᴁрмᴂг:Уᴂлᴂмхасᴂн ᴂрмᴂг,компьютерон технологи

Эпиграф: ᴁз зонын,куыд дзᴂбᴂх,куыд диссаг у уалдзᴂг

Нᴂ хᴂхты къуылдымты,нᴂ рᴂсугъд кᴂмтты.

ᴁз зонын,куыд хъазы ныр уалдзыгон дымгᴂ,

Куыд зарынц ныр дᴂттᴂ нᴂ арф ᴂрхыты.

Гᴂд.Ц.

Зынᴂмбарᴂн дзырдтᴂ

Тᴂркккъᴂвда-карз уарын

арвᴂрдын-радуга

уддзᴂф- рог дымгᴂ

Ахуырг.

Фᴂйнᴂгыл бакᴂсын эпигрᴂф.Цавᴂр афᴂдзы афоны кой цᴂуы рᴂнхъыты ᴂмᴂ куыд ᴂвдыст цᴂуы?

Фарст

Йᴂ синтᴂксисон арᴂзтмᴂ гᴂсгᴂ та дзы цавᴂр хъуыдыйᴂдтᴂ ᴂмбᴂлы?Бᴂлвырддᴂр та?

Ахуырг.Уᴂдᴂ абон нᴂ урочы грамматикон темᴂ цы у?Цᴂуыл уыдзᴂн нᴂ ныхас?

Дзуапп.Абон нᴂ урочы темᴂ у вазыгджын хъуыдыйад ᴂмᴂ йᴂ хуызтᴂ.

Ахуырг.Сымахмᴂ гᴂсгᴂ ,нᴂ ныхасы темᴂ та цы уыдзᴂн?

Дзуапп.Нᴂ ныхас уыдзᴂн афᴂдзы рᴂсугъддᴂр афонтᴂй иу-уалдзᴂджы тыххᴂй.

Фарст.Чи бакᴂсдзᴂн ᴂмдзᴂвгᴂ уалдзᴂджы тыххᴂй?

Скъоладзау дзуры ᴂмдзᴂвгᴂ (экраныл слайдтᴂ)

Ахуырг.Бᴂстондᴂр ᴂрлᴂууын вазыгджын хъуыдыйадыл,йᴂ хуызтыл,йᴂ арᴂзтыл,йᴂ бастдзинадыл.

Скъоладзаутᴂ кᴂрᴂдзимᴂ дᴂттынц фᴂрстытᴂ

1.Вазыгджын хъуыдыйады хуызтᴂ цавᴂртᴂ сты?

2.Цавᴂр хъуыдыйад хонᴂм бабᴂтгᴂвазыгджын?Цавᴂр баттᴂгтᴂй баст цᴂуынц?Дᴂнцᴂгтᴂ.(Уалдзᴂг ралᴂууыд,ᴂмᴂ адᴂм зᴂххы куыст кᴂнынц.),(ᴂмᴂ, дᴂр,фᴂлᴂ,та,кᴂнᴂ-кᴂнᴂ,ᴂви)

3.Цавᴂр хъуыдыйᴂдтᴂ хонᴂм домгᴂвазыгджын?Цавᴂр бᴂттᴂгтᴂ ᴂмᴂ бᴂттᴂг дзырдты руаджы баст цᴂуынц?(чи,цы,кᴂй,кᴂд,уымᴂн ᴂмᴂ,уый тыххᴂй ᴂмᴂ,цыма)

4.Домгᴂвазыгджын хъуыдыйад цавᴂр хъуыдыйᴂдтᴂй арᴂзт у?Уᴂлᴂмхᴂст хъуыдыйады хуызтᴂ цавᴂртᴂ сты?

5.Цы хонᴂм ᴂнᴂбᴂттᴂг вазыгджын хъуыдыйад?Цавᴂр ᴂрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ дзы ᴂмбᴂлы?(, ; : -)

Индивидуалон куыст (карточкᴂ)

Дзырдуатон-орфографион куыст

Скъоладзаутᴂ кᴂрᴂдзи куыстытᴂ бᴂрᴂг кᴂнынц.

Тᴂрккъᴂвда,арвᴂрдын, цᴂугᴂдᴂттᴂ, уддзᴂф ,кᴂмттᴂ ,аууон,рᴂсугъддᴂр,ᴂрттывта,ныццагъта,алыхуызон.

Дз.куыст. Экраныл лᴂвᴂрд цᴂуынц хъуыдыйᴂдтᴂ,бамбарын кᴂнын хъуыд. арᴂзт,сᴂ бастдзинад,ᴂрхᴂцᴂн нысᴂнтты ᴂвᴂрынад. (Слайд)

1)Бᴂрзонд айнᴂгᴂй схъиудтой ᴂхсᴂрдзᴂнтᴂ,ᴂмᴂ сᴂууон хуры тынтᴂм алыхуызон ахорᴂнтᴂй судзᴂгау кодта сᴂ фᴂздᴂг.

2)Зᴂхх йᴂ цардᴂмбал у ,чи йᴂ уарзы,уымᴂн.

3)Абон дунемᴂ бᴂрзондᴂй цъити ирд цᴂстᴂй кᴂсы,абон хуры рухс уᴂлвонгᴂй комы нарджытᴂм бырсы.

Физминуткᴂ

Пунктуацион диктант.Бакᴂсын хъуыдыйᴂдтᴂ,скъоладзаутᴂ ᴂвᴂрынц хъᴂугᴂ ᴂрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ.(Кᴂрᴂдзи куыстытᴂ бᴂрᴂг кᴂнынц,ᴂвᴂрынц бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ)

1)Цуаноны сᴂры бацыд хинᴂйдзаг хъуыды:сфᴂнд кодта иу ᴂхстᴂн раппарын дыууᴂ дзᴂбидыры дᴂр.(Х.Къ. «Дзᴂбидырдзуаны») :

2)Цъᴂх-цъᴂхид адардтой нᴂ фᴂзтᴂ,ᴂрттывта дидинᴂг дзᴂбᴂх,ᴂфтыдтой ног сыфтᴂр бᴂлᴂстᴂ,парахат улᴂфыди зᴂхх.

, , ,

3)Дымгᴂ сдымдта-мигътᴂ фᴂпырх сты.

Дз.куыст

Сᴂххᴂст кᴂнын чиныджы лᴂвᴂрд 161-ᴂм фᴂлт.(фарс.85) (къордгᴂйттᴂй куыст,баххᴂст кᴂнын фᴂйнᴂ 3 ᴂмбисонды)

-

Фарст Уалдзᴂджы тыххᴂй та цавᴂр ᴂмбисᴂндтᴂ зонут?

Дзуаппытᴂ:Уалдзᴂг -афᴂдзᴂн йᴂ фидауц.

Уалдзᴂг-царддᴂттᴂг

Уалдзыгон бон ᴂнᴂхъᴂн афᴂдз дары.

Уалдзᴂг -цардᴂн йᴂ гуырᴂн.

Хᴂс:

Лᴂвᴂрд цᴂуы текст.Бакᴂсын,сбᴂрᴂг кᴂнын йᴂ сᴂйраг хъуыды.Тексты мидᴂг ссарын вазыгджын хъуыдыйᴂдтᴂ.Сбᴂрᴂг кᴂнын сᴂ хуыз.Рафыссын сᴂ тетрᴂдтам. (Слайд)

Рефлекси

1.Цᴂуыл уыд ныхас урочы?

2.Цавᴂр куысты хуызтᴂ уыдысты ахадгᴂдᴂр?

3.Цы уᴂм фᴂкаст цымыдисагдᴂр?

Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ.

Ахуырг.Уалдзᴂг…Цъᴂх фᴂлысты уалдзᴂг…Цардᴂн йᴂ ратᴂдзᴂн ,цардᴂн йа гуырᴂн…Цас бᴂллицтᴂ,ныфсытᴂ,ᴂнкъарᴂнтᴂ ᴂрбахᴂссы йемᴂ!ᴁрдзы рᴂсугъддзинад ᴂрцᴂры зᴂрдᴂйы.Уадз ᴂмᴂ,уалдзᴂг тауᴂд на бᴂстᴂйыл циндзинад,ногдзинад!

Хъуысы зарᴂг «Уалдзᴂг»Мед.Светл.(йᴂ райдайᴂн)

Хᴂдз.хᴂс:Текстᴂй цы хъуыдыйᴂдтᴂ рафыстой,уыдон дарддᴂр ахᴂццᴂ кᴂнын.Саразын радзырд.ᴁрхъуыды йын кᴂнын сᴂргонд.