СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

КТП по осетинскому языку 2 класс.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Тематическое планирование по осетинскому языку 2 класс Тематикон пълан ирон авзагай 2 кълас.Дзампаты Лариса.Дзауджыхъау 2012 аз.

 

Æмбарынгæнæн фыстæг

 

 

Ног ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ дыккаг ахуыры аз куыст дарддæрддæр цæуы ахуырты мидис хъæздыгдæр кæныныл. Фæсурокты куыстæн ис стыр ахадындзинад хъомылады. Ахуыргæнæг йæ куысты сæйраг нысаныл нымайы сывæллæтты удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын . Ацы рæстæг алы сывæллонæн дæр ис фадат йæ миниуджытæ раргом кæнынæн, йæ хъуыдыдты цы фæрстытæ æвзæры, уыдонæн ахуыргæнæджы æххуысæй дзуаппытæ ссарын. Уыимæ рæзынц йæ ахастытæ æхсæнады, рæзы йæ психо-эмоционалон уавæр, фидардæр кæны йæ ныфс, парахатдæр кæнынц йæ зонындзинæдты авналæнтæ. Афтæмæй дыккаг къласы дарддæр æххæстгонд цæуынц сывæллæтты алывæрсыг рæзты нысантæ.

Дыккаг къласы ахуырдзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

  • аргъæуттæ (таурæгътæ) радзурын;
  • ирон адæмон зарджытæ иртасын æндæр жанртæй, зарджыты хъайтарты нæмттæ зонын, се сгуыхтдзинæдтæ зонын;
  • афæдзы дæргъы ирон адæмон бæрæгбонтæн сæ сæйрагдæртæ  ранымайын;
  • Ирыстоны æрдзы темæйыл таурæгътæ, цымыдиссаг хабæрттæ радзурын зонын;
  • цы горæты (хъæуы) цæры, уый тыххæй радзурын, цы зындгонд адæмтæ дзы рацыд, уыдоны нæмттæ зонын;
  • ирон адæмы рагзаманты царды хабæрттæ хуымæтæг хуызы дзурын.