Просмотр содержимого документа
«Презентация на тему "Иуварсыг хъуыдыйадта" 8 класс»
Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ
Урочы темæ:
«Зондæй хæзнадæр ницы ис» (æмб.)
Æртæ фæндаджы ис зонды ’гъдаумæ: хъуыды кæныны фæндаг – се ’ппæтæй уæздандæр, фæзмыны фæндаг – се ’ппæтæй æнцондæр, бавзарыны фæндаг – се ’ппæтæй зындæр ( æмб.) .
- Иувæрсыг хъуыдыйад у ахæм, йæ грамматикон бындур иу сæйраг уæнгæй арæзт кæмæн у
Иувæрсыг хъуыдыйæдты хуызтæ
Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ
Сæйратимæ
Зæгъинагимæ
Номхуындон
Æбæлвырдцæсгомон
Бæлвырдцæсгомон
Æнæцæсгомон
☺ ☺
☺☺☺
æз ды
мах сымах
уыдон
бæлвырд-цæсгомон
æбæлвырд-цæсгомон
☻
æнæцæсгомон
Иувæрсыг хъуыдыйады хуыз сбæрæг кæнæн ис
сæйраг уæнгмæ гæсгæ
Сбæрæг кæнæм иувæрсыг хъуыдыйады хуыз
Ссар хъуыдыйады сæйраг уæнг
сæйрат зæгъинаг
Зондæй дæ фæрсæг куы уа, уæд дæ зонд ма бавгъау кæн.
- Зонды къуыбар.
- Зонды къуыбылой. - Зонды къуым.
Номхуындон хъуыдыйад
Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,
Нæ дидинæгджын фæз,… (Кочысаты М.)
Бæлвырдцæсгомон хъуыдыйад
Ракæндзынæн дын мæ зарæг...
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
Урс уæрыкк дын уон!..
О, мæ бон!.. ( Къоста)
Æбæлвырдцæсгомон хъуыдыйад
Зарынц та кæмдæр... ( Къоста)
Æнæцæсгомон хъуыдыйад
Искæй зондæй цæрæн нæй
(ирон æмбисонд)
Иумæйагцæсгомон хъуыдыйад
Бафæрс æмæ базонай.
Уынгæ цас фæкодтай, зонгæ дæр уыйас кæндзынæ.