Сёргёндтё:
Разныхас………………………………………………………………..2
2. Сёйраг хай…………………………………………………………….3
2.1. Мё мыггаджы равзёрд……………………………………………….4
2.2. Айларты мыггаджы кувёндон………………………………………...5
2.3. Айлартё Фыдыбёстёйы Стыр хёсты………………………………6-7
2.4. Айларты мыггаджы фёзминаг кёстёртё ……………………………8
2.5.. Айларты мыггаджы бёлас……………………………………………9
2.6.. Мё бинонтё……………………………………………………………9-10
3 . Фёсныхас…………………………………………………………………...11
Спайдагонд литературё……………………………………………………12
Уёлёмхасён ёрмёг (презентаци)
Темёйы актуалондзинад дызёрдыггаг нёу, уымён ёмё алы ирон адёймаг дёр хъуамё зона йё мыггаджы равзёрд, цардыуаг, цёрёнбынаты уавёртё,йё номдзыд хъёбулты.
Темё равзаргёйё нё разы ёвёрдтам ахём нысантё:
Мыггаджы равзёрд
Нё мыггаг Фыдыбёстёйы Стыр хёсты
Мыггаджы зындгонд адёмы тыххёй ёрдзурын
Лёвёрд нысантё цёмёй нё къухы бафтой, уый тыххёй махён нё разы уыд ахём хёстё :
Иртасён куыстыл фёлтёрын
Ёрмёг агурын, мыггаджы хистёртимё ныхас кёнын.
Уёлёмхасён литературёйё пайда кёнын
Хатдзёгтё кёнын.
Куысты практикон ахадындзинад. Ацы куыстёй пайдагёнён ис Ирыстоны историйы ёмё ирон ёгъдёутты урочыты.
Иртасинаг объект: Айларты мыггаджы равзёрд.
Иртасинаг предмет: Мё мыггаджы равзёрды истории.
Куыст арёзт у ёртё хайё: Разныхас, сёйраг хай, фёсныхас (кёронбёттён).
Перспективё: Республикон Наукон библиотекёйы ма ссардтам бирё ёрмёг, фёлё сё ёрбиноныг кёнын абоны бонмё нё къухы нал бафтыд, уымё гёсгё нё разы ёвёрём хёс, уыдон лёмбынёг сахуыр кёнын. Нё зёрды ма ис нё республикон архивмё ацёуын дёр.
Разныхас
Уё бон хорз! Ёз дён Айларты Батрадзы чызг Дианё. Ахуыр кёнын Црауы астёуккаг скъолайы 10 къласы. Мё разамонёг Челдыты Коммунары чызг Мёдинё- ирон ёвзаг ёмё литературёйы ахуыргёнёг. Ирон мыггёгты равзёрдыл иртасён куыст бакёнын ёз нымайын абоны уавёрты тынг ахсджиаг хъуыддагыл ёмё мё куыстён йё сёйраг нысанёвёрд у адёмы раз, хи равдисгёйё, нё мыггаджы тыххёй цёвиттойнаг дёнцёгтё фаг ёрхёссын ёмё бирёвёрсыгёй нё мыггаджы бавдисын.
Мёнё куыд зёгъы ахуыргонд, драматург æмæ публицист Уанеты
Владимир :«Ирон мыггæгты истори у æнæхæрд зæхх,дзаджджын хуым дзы чи бакæна æмæ дзы, бæркадджын тыллæг чи райса, уый стыр лæггæдтæ бакæндзæнис йæ адæмæн» Мён дёр тынг бафёндыд мё фёстё цы кёстёртё цёуа, уыдонён исты хорзы бацёуын ёмё сфёнд кодтон бёстон базонын мё рагфыдёлтё чи уыдысты, кёцёй ралыгъдысты , цавёр зындзинёдтыл ёмбёлдысты сё царды фёндагыл ёмё цавёр фёд ныууагътой Ирыстоны историйы.
2. Сёйраг хай.
Тыхджын æмæ фæрнджын мыггаг уидагджын æмæ бирæ къабазджын бæласы хуызæн у.Алы мыггагæн дæр ис йæхи истори, йæхи ном æмæ йæхи бынат иннæты ‘хсæн. Бæрæг нымад рæстæгæй ирон мыггæгты равзæрдæн арæнтæ, сæвæрæн нæй, уымæн æмæ алы афæтты цардысты хицæн рæтты æнусты ахæсты. Иутæ сты рагондæр, иннæтæ- æрыгондæр . « Ӕппæт ирон адæмæн дæр сæ цардвæндаг æххæссы мингай азтæм æмæ райдыдта ныййарджытæй, мадæлтæй æмæ фыдæлтæй. Туг авд фæлтæры хæссы, зæгъгæ,ныхасæн баззад, æмæ комкоммæ амоны мыггаджы, хъæстæйы дæргъвæтин рæстæгмæ» [ 6 ] Авд æмæ фылдæр фæлтæртæм зыдтой ирон адæм сæ рагфыдæлты, комкоммæ номæй амонгæйæ.
Мё мыггаджы равзёрыл бакусынён стыр ёххуыс бакодтой мё хистёртё , уымёй уёлдай ма ссардтон бирё ёрмёг Алагиры ёмё мё райгуырён хъёу Црауы чиныгдонты . Афтёмёй, цы ёрмёг ссардтон, уый хёссын уё размё.
2.1.Мё мыггаджы равзёрд
« Айларты мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Цъæхилы астæуккаг фырт Айларæй. Айларты мыггагæн сæ рагфыдæл Айлар райгуырди æмæ фæцарди Уæлладжыры комы Урсдоны хъæуы ( абоны Зынцъары сёрмё) , йæ бирæ байзæддаг та фæпырхытæ сты æмæ æрцардысты алы кæмтты: Туалгомы, Куырттаты, Гæналгомы, Цъæйы, Уæллаг комы (Дыгуры), быдыры хъæутæй — Салыгæрдæны, Ӕрыдоны, Хъæдгæроны, Кировыхъæуы, Сындзыхъæуы, Заманхъулы, Бруты, Уæлгинскæйы.
«Айларæн уыди дыууæ кæстæр æфсымæры — Дзуга ӕмӕ Дзыгас. Райгуырдысты ӕмӕ фæцардысты Уæлладжыры комы Урсдоны хъӕуы. Уӕды заманты, бынаты уавӕртӕ бӕстон хынцгӕйӕ, хӕххон ирон адӕм архайдтой бирӕ бинонтӕй цӕрыныл. Дзӕвгар рӕстӕг фӕцардысты Айлар, Дзуга ӕмӕ Дзыгас дӕр сӕ кӕстӕртимӕ иу бинонты номӕй, стӕй хицёнтёй цёрын райдыдтой. Гъемӕ, куыдфӕнды ма уыдаид хицӕн хӕдзӕрттӕй сӕ цардыуаг, уӕддӕр ӕртӕ ӕфсымӕры номыл равзӕрд ӕртӕ мыггаджы, уыдон сты ныр æрвадæлтæ. Бӕрцӕй Дзугатӕ сты дзӕвгар фылдӕр, Дзыгастӕ — къаддӕр, фӕлӕ хохӕй быдырмӕ алы рӕтты цӕргӕйæ ӕртӕ мыггаджы астӕу чызг ракуырды уагыл туджы хӕстӕгдзинад хӕлд нӕма ӕрцыди.» [ 5 ]
« Айларæн уыди дыууæ усы æмæ йын фыццагæй райгуырд æртæ лæппуйы – Тоти, Пира æмæ Гæлæу, куырттатаг хæрæфырттæ. Тоти æмæ Пирайы нæмттæ мысинагæй баззадысты куыд тых æмæ хъаруйæ, афтæ зонд æмæ æрхъуыдыйæ дæр. Сæ фырттæ баззадысты цæргæйæ Батъарайы мæсыджы. Сæ байзæддæгтæ баисты ХХ-æм æнусы райдайæнмæ цалдæр хæдзары. Уыдонæй иутæ ралыгъдысты Мамысоны Тибы хъæуы Хъуаты доны рахизварс хохы рæбынмæ, мæсыг дзы æмбисмæ самадтой, иннæтæ- Салыгæрдæнмæ æмæ Лисрийы хъæутæм. Лисрийы хъæуы ныр дæр ма лæууы Айларты мæсыг. Кæстæр фырт Гæлæу та баззад Урсдоны. Гæлæуы цотæй иутæ фыссын райдыдтой Гæлæутæй, иннæтæ – Гæлуатæй.»[2]
« Иннё ёрмёгмё гёсгё Айларты мыггаг равзёрд Ос- Бёгъатыры фырт Цъёхилы астёуккаг фыртёй Уёлладжыры комы , Урсдоныхъёуы .Айлартё ацы хъёуы цёргёйё сбирё сты , ёмё сё иуёй-иутё зёххагур фёцыдысты ёндёр рёттём. Афтёмёй Айларты мыггагёй фёзынди Цъёйы, Арвы комы,Хуссар Ирыстоны, Дыгуры комы. Айлартён хёстёг мыггёгтыл нымайынц Дзугатё ёмё Ёмбалты. Айларты мыггагёй Дыгуры коммё чи ёрбалыгъд, уыцы лёг , дам, Цъёйы кёйдёр амардта ёмё йё туджджынтёй йёхи бафснёйдта Дыгуры комы. Ам ёрцард Хонсарыхъёуы, ус ракуырдта ёмё сис быдурон цёрёг. Фёстёдёр йё цёуётёй бирётё алыгъдысты Дымтём, уырдыгёй та Къорамё.» [1]
2.2. Айларты мыггаджы кувёндон
Нарты хъæбатыр Батрадз куы фæмард, уæд Хуыцау ӕрӕппæрста æртæ цыссыджы. Кæм æрхаудтой, уым февзӕрд æртæ кувæндоны: Реком, Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелоз. Айларты мыггаг кувынц Таранджелозмæ.
« Тараджелоз - хорарæх æмæ хосарæхы бардуаг. Йæ кувæндон ис Тырсыгомы. » [ 6 ] Стыр цыт кæнынц Таранджелозæн Мамысоны комы, Тырсыгомы, Рукъгомы æмæ Къуыдаргомы хъæуты дæр. Бæрæгбон-иу бæрæг кодтой Куадзæнæй æртæ къуырийы фæстæдæр, хуыцаубоны. Хъæубæстæ сæ бæрæгбон арæзтой иумæ, бирæ бинонтæ та йæ кодтой сæхæдæг.
Ныр дæр æй фылдæр адæм кæнынц хи бинонты æхсæн, сыхæгтæ дзы вæййынц æнæмæнг. «Таранджелозæн нывондæн кодтой фыс кæнæ уæрыкк. Кувæндонмæ-иу æй аластой æмæ- иу æй уым аргæвстой. Бæрæгбон- иу ахаста цалдæр боны.» [ 6 ] Арахъ æмæ-иу бæгæны рагацау скодтой æмæ-иу хъæлдзæгæй фæбадтысты: зарыдысты, кафыдысты. Æрыгон фæсивæд-иу бæхтыл хъазыдысты, æвдыстой сæ арæхстдзинад, сарæзтой-иу дугъ. Хистæртæ цин кодтой сæ кæстæрты арæхстдзинадыл. Куывтой Таранджелозмæ, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, хор æмæ хос хъуаг куыд нæ баййафой.
Хæхбæстæм зын цæуын кæй у, уымæ гæсгæ Айлартæ дзуары бынæй æрхастой дур æмæ ног кувæндон скодтой Алагиры. Алы аз дæр мыггаджы минæвæрттæ иумæ æрбамбырд вæййынц сæ уарзон дзуары бынмæ. Тынг хъæлдзæг æмæ зæрдæрайгæйæ арвитынц бæрæгбон. Хистæртæ фæкувынц сæ уарзон дзуармæ, фæкурынц дзы бирæ хорздзинæдтæ, равзарынц иннæ аз фысым чи ныллæудзæн, уыдоны, кæстæртæ саразынц хъазт æмæ бабуц кæнынц сæ хистæрты.
2.3.Айлартё Фыдыбёстёйы Стыр хёсты
Ӕз мæ мыггагæй не ‘ппæлын, фæлæ Айларты мыггаджы равзæрди бирæ нымад лæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Фæнды мæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сгуыхтдзинад чи равдыста æмæ Ирыстоны æсæнадон царды зынгæ фæд чи ныууагъта , уыдоны тыххёй Фыццагдæр мæ баба Айларты Ильяйы тыххæй . Уый барвӕндонӕй ацыд хӕстмӕ 24 июны 1941 азы, райгуырдис хуымӕтӕг зӕхкусӕг лӕджы хӕдзары, Мамысоны хъӕуы. Райстой йӕ салдатӕй санитарон поездмӕ, кӕцы ласта хӕсты чи фӕцӕф, уыцы ӕфсӕддонты ӕмӕ командирты. Поезды хицау ма йыл сӕвӕрдта ноджыдӕр иу хӕс. Уый хъуамӕ хъӕлдзӕгӕй дардтаид рынчынты, цӕмӕй сæ ныфс ма асӕтта ӕфсӕддонтæн. Иуахӕмы №23 санитарон поезд, кӕцыйы службӕ кодта Илья дæр, бахаудта ӕхсты бын ӕмӕ дзы уый уӕззау цӕф фӕци. Хуыссыд г. Кисловодскы госпитӕлы. 1942 азы августæй 1946 азы январмӕ службӕ кодта г. Прохладныйы. Уым лӕууыд №127 артиллерон базӕйы сӕргъы.
Хӕдзармӕ сыздӕхт инвалидӕй, фӕлӕ уайтагъд кусынмӕ бавнӕлдта. Куыста Алагиры райкомы ӕфсӕддон отделы сӕргълӕууӕгӕй. 1947 азы сентябрӕй 1989 азмӕ куыста Алагиры дыккӕгӕм скъолайы директорӕй, уый фӕстӕ та кусӕг фӕсивӕды скъолайы сӕргълӕууӕгӕй.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты кӕй архайдта, уый тыххӕй Илья хорзӕхгонд ӕрцыд 10 майданӕй, лӕвӕрд ын ӕрцыд майдан «За оборону Кавказа» дæр. Йæ цардæй ахицæн мæ баба 1989 азы, хъыгагæн æй æз нал æрæййæфтон, фæлæ тынг арæх , уæлдайдæр та 9 майы, Стыр Уæлахизы бон, æз мæ бинонтимæ бабæрæг кæнын йæ цыртдзæвæн.
Фӕнды ма мӕ радзурын мӕ мады фыды фыд Бутаты Дохцыхъойы тыххæй. Уый ацыд хӕстмӕ фыццаг бӕтты, фӕлӕ фӕстӕмӕ нал сыздӕхт. Нӕй хӕдзары иу хӕстон фыстæг дӕр. Ӕбӕрӕгӕй фесӕфт. Нал ссыдис хӕстӕй йӕ ’фсымӕр Дзаммырз дӕр. Уыдон радтой сӕ цард Фыдыбæстæйы сӕраппонд.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст фӕхӕццӕ алы ирон хӕдзармӕ дӕр. Азтӕ цӕуынц, иу фӕлтӕр иннӕйы ивы, фӕлӕ сӕрибары сӕраппонд мӕлӕтмӕ чи цыди, уыдоны ӕнӕмырон хъӕбатырдзинад бӕззайдзӕн историйы.
«Айларты Батырбег Андрейы фырт –фёмард 1942 азы
Айларты Георгий Григоры фырт- фёмард 1943 азы
Айларты Д.Х.- фёмард 1941 азы
Айларты Елхъан Алиханы фырт- фёмард 1943 азы
Айларты Налук Едзойы фырт – фёмард 1941 азы
Айларты Сергей Дзамболаты фырт – фёмард 1941 азы
Айларты Темболат Сафарбийы фырт- фёмард 1943 азы
Айларты Темырболат Сафарбийы фырт- фёмард 1941 азы
Айларты Хадзысмел Евдокимы фырт- фёмард 1945 азы
Айларты Агуыбе Гусилы фырт - фёмард 1942 азы
Айларты Темболат Маисейы фырт - фёмард 1944 азы
Айларты Хасанбек Батахъойы фырт- фёмард 1943 азы
Айларты Абрам Иваны фырт- фёмард 1941 азы» [ 4 ]…
2.4. Айларты мыггаджы фёзминаг кёстёртё
Нё мыггаджы ис абон дæр ын йæ ном бæрзонд чи хæссы, ахæм минæвæрттæ:
« Айларты Измаил Харитоны фырт - зынгæ ирон поэт, фыссæг æмæ этнограф, райгуырдис Хъæдысæры 1924-æм азы 22 августы. Йе сфæлдыстадон бынтæ сты цымыдисаг . Фыццаг къахдзæфтæ лæвар кæны сабитæн : «Гакк-гукк, куыдзы гакк» , «Фæцæйсырдтон сæрджын саг», «Раджы бадаг-æвæсмон». Йе стырдæр уацмыстæ сты роман « Мамысоны
æфцæгыл» , «Ирон фарн», «Мады зæрдæ», «Хуыцауы рæстад». 2006 азы та йын рацыд мыхуыры æмбисæндты æмбырдгонд «Ирон диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ» [ 3 ]
Айларты Михал Филиппы фырт - райгуырдис Мамысонгомы, Лисрийы хъæуы. Астаздзыдæй сидзæрæй баззад, рæзыд фыййау лæппуйæ. Абоны поэтмæ цы уæлтæмонад ис, уый æвзонджы дуджы равзæрд.
Айларты Тарас Габойы фырт – министр финансов СО АССР Уыцы бæрнон бынаты бирæ азты фæкуыста кад æмæ радимæ.
Айларты Чермен Гæбылайы фырт - райгуырдис 1934-æм азы, Хъарман-Сындзыхъæуы — амардис 2005-æм азы. Уыдис ирон фыссæг,зындгонд дохтыр.
Айларты Асæхмæт Арпханы фырт -–РЦИ-Алани адæмон артист, режиссер. Ирон театры сценайыл сæвæрдта бирæ спектакльтæ, кæцыты хъазыд йæхæдæг дæр(«Къафетты къопп», «Салд лæг»).
Айларты Зæлинæ Гацыры чызг - Уæрæсейы Федерацийы республикæ Цæгат Ирыстон- Аланийы социалон фæдзæхстады регионалон хайады паддзахадон уагдоны фæткдар. Хорзæхгонд æрцыд майдантæй «Во славу Осетии» æмæ «За заслуги перед Отечеством».
Айларты Светлана Алыксандры чызг - УФ математикайы сгуыхт ахуыргæнæг. Кусы Дзæуджыхъæуы № 38 скъолайы.
Айларты Вероника Тæтæрийы чызг - у фыссаг, журналист, амонаг.
Айларты Ирбег Викторы фырт- дзюдойё дунейы чемпион ёфсёддонты
’ хсён
Айларты Светланё Ёхсарбеджы чызг- историкон наукёты дохтыр
Айларты Таймураз Татарийы фырт- Цёгат Ирыстоны сгуыхт нывгёнёг
Айларты Татьяна Сергейы чызг- зындгонд нывгёнёг канд Ирыстоны нё, фёлё фёсарёнты дёр
Айларты Владимир Мухарбеджы фырт- Цёгат Ирыстоны сгуыхт нывгёнёг
2.5 . Айларты мыггаджы бёлас.
Нё мыггаджы хистёрты руаджы бацархайдтам скёнын нё мыггаджы бёлас. Уый тыххёй ёрёбырд кодтам ёрмёг нё хёстёджыты ,хотё ёмё ёфсымёрты тыххёй. Нё бёласы цёнгтё цас уёрёхдёр кодтой, уыйбёрц ныфсджынёй ныфсджындёр ёнкъардтон мёхи. Хуыздёр байдыдтон
ёмбарын : мыггаг цас бёзджындёр уа, цас дзы фылдёр уа номдзыддёр ёмё куырыхондёр адём , уыйбёрц кёстёртён дёр ёнцондёр у сёхи царды ссарын
2.6. Мё бинонты цардыуаг .
« Бирæ фарстатæ зыны адæймаджы размæ ирон бинонты цардыл лæмбынæгæй хъуыдыкæнгæйæ. Дзырдтæ бын,бынон, бинон, бындур, бында , биноныг, бинойнаг, бинонтæ равзæрдысты иу уидагæй, иу хъомысæй, иу мидисæй иу нысанмæ амонгæйæ. Бынтæ æмæ фæллæйттæ, бындуртæ æмæ бындартæ, биноныгтæ æмæ бинонтæ, бинойнæгтæ æмæ мыггæгтæ, ныййарджытæ æмæ зæнæг-цот, тугæй æмæ æгъдауæй хæстæджытæ баззадысты ныхасæн фыдæлтæй нырмæ. Уыцы кæрæдзиуыл æнгомбаст хъуыдыты-нысæнтты хъомысæй рæзти ирон фарн æнусты дæргъы.» [ 3 ]
Мæ фыд Айларты Батрадз райгуырдис 1958 азы Алагиры, ахуыргæнджыты бинонты. Скъолайы фæстæ каст фæцис СКХМИ-ты арæзтадон факультет æмæ Гуманитарон академийы юридикон факультет. Ныртæккæ кусы Алагиры районы сæйраг архитекторæй.
Нæ фыдæлтæ зæрдиагæй куывтой табуйаг рагон дзуæрттæн, чындздзон чызг та- Ныхы дзуармæ æмæ фарн хаста йæ ног бинонтæм, сси – иу къона хъахъхъæнæг. Афтæ нæ фæрныг бинонтæм амондджын къах æрбавæрдта мæ фæлмæн мад Бутаты Сергейы чызг Светлана . Каст фæцис Цæгат Ирыстоны медицинон академи, сахуыр кодта дохтыры дæсныйадыл. Кусы Алагиры санитарон –эпидемиологон службæйы лабораторийы хицауæй. Айларты мыггагæн балæвар кодта фондз чызджы
Ис мын 4 хойы: Мæдинæ ,Алёнæ, Еленæ æмæ Настя.
Мадина каст фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологи æмæ юридикон факультеттæ иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Ныр ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны Гуманитарон Иртæстыты Институты аспирантурæйы . Фæнды йæ нæ ирон æгъдау æмæ æфсарм кæстæртыл тауын.
Алёнæ ахуыр кæны СКГМИ-йы арæзтадон факультеты 3 курсы.
Ленæ нырма ахуыр кæны 1-æм курсы медицинон академийы.
Æз æмæ мæ кæстæр хо Настя та кæд нырма ахуыр кæнæм скъолайы, уæддæр нæ хоты фæзмæм, архайæм нæ бинонты æмæ мыггаджы кадыл бафтауын нæ хорз æгъдау æмæ ахуырæй. Аргъ кæнæм нæ фыдæлты фарн æмæ кадæн, архайæм уыдоны аккаг кæстæртæ суæвыныл.
Нё бинонтё иууылдёр уарзынц ирон аивад: зарын, кафын , фёндырёй цёгъдын æмæ сё нæ уарзон адæмæн лёвар кёнём.
Арæх бацахсын бынæттæ скъолайы, районы æмæ республикæйы мидæг.
1 бынат- нё районы фестиваль «Зарæджы». 2013 аз .
2 бынат- нё районы конкурс «Золотая осень»-ы. 2016 азы
2 бынат - нæ районы конкурс «Иумæ нæ рамбынд кæн , арфæйы дзырд!» 2017 азы
2 бынат - республикон хи фыст æмдзæвгæты конкурсы 2014 азы
2017 азы хорзæхгонд æрцыдтæн кады гæххæтæй хи фыст æмдзæвгæты конкурс «Аланийы 7 диссаджы» кæй архайдтон, уый тыххæй.
Арæх вæййын ирон æвзаг æмæ литературæйы олимпиадæты призер районы мидæг.
3.Фёсныхас
Ацы темё иртасгёйё ёз бёлвырддёр базыдтон мё мыггаджы равзёрды истории.
Ёз бамбёрстон, мё мыггаджы кёй уыди ёмё ис хъёбатыр, кадджын, фёзминаг фёдонтё . Мах тырндзыстём уыдоны бёрзёндмё схизынмё, сё кад фидёны фёлтёртём хёссынмё.
Мё мыггагён ,мё гыццыл ,фёлё ёгёронуарзаг зёрдё зёгъы, цёмёй йё кад Хъазыбеджы хохы цъуппёй акёса, йё хистёрты кад ёнустём нёра, йё уарзон байзёддаг та фёзминаг куыд уой ,ахём арфё йё уёд!
Мё проектон куыст мё фёнды фёуын нё фыдёлты таурёгъёй
Кёддёр,дам, иу лёппу йё фыды амарды фёстё хъуыддаджы балцы цыдис ёмё йё мады фёрсы, фёндаггаг мемё цы ахёссон ,зёгъгё.
- Дё фыды ном ёмё дё фыды фарн, -уыд мады дзуапп.
Ёмё лёппу балцы йё фыды ном, йё фыды фарнимё алы ранмё дёр фёндараст кодта. Кёй фырт у , уый – иу куы базыдтой, уёд ыл алы ран дёр ёхсызгонёй ёмбёлдысты, йё хъуыддаг йё къухы ёнцонтёй ёфтыди
Мах , абоны фёлтёр, хъуамё бёрзонд хёссём уыцы лёппуйау нё фыды ном ёмё нё фыды фарн.
Стыр бузныг!
Спайдагонд литературё:
Гаглойты З. Ирон мыггёгтё. Дзёуджыхъёу «Ир» 2005 аз ,358с.
Айларты И. Мамысоны ёфцёгыл.
Интернетёй ист ёрмёг.
Книга памяти. Дзёуджыхъёу «Ир» 1994, 596 с.
Айларты И. Хуыцауы рёстад. Дзёуджыхъёу «Ир», 2011, 287 с.
Агънаты Г. Ирон ёгъдёуттё.1999 , 176 с.
Казбек Челехсаты. Осетия и осетины.Дзёуджыхъёу. 2009, 936 с.
9