



Дур-Дур 2016 аз.
Равдысты нысан æмæ хъомыладон хæстæ:
Сывæллæтты зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды.
Ахыргæнинæгты базонгæ кæнын, ныййарæг мадыл нæ фысджытæ цы уацмыстæ ныффыстой, уыдонимæ.
Рæзын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ, ирон зарæгмæ, ирон кафтмæ.
Залы фæлгонц:
Залы къултыл ауыгъд къулы газеттæ.
Плакаттæ зындгонд адæмы ныхæстимæ мады тыххæй.
Компьютерон проектор.
Бирæ дидинджытæ.
Хъуысы ирон цагъд. Рацыдысты амонджытæ.
1 амонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ. Абон уæ мах æрбахуыдтам нæ равдыстмæ. «Мады ном ӕнусон.»
2 амонæг: Мады фаг хорздзинæдтæ ацы заххыл нæй, фæлæ уый буц даргæйæ,уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ бамбарæн ис,цы у амонд.
1 амонæг: Мад…Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ,нæ зæрдæйы æхсызгондæр мысинæгтæ.Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн æмæ банкъарæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ
1 кӕсæг: Дзыцца у хурзæрин, йæхæдæг у рæвдауæг,
Дзыцца у царды ныфс, фыдыуæзæджы арт,
Йæ мæт, йæ иунæг мæт-зæххыл фыдбылыз ма уад,
Æмæ йæ кæстæртæн уæд амондджын сæ цард.
2 амонæг: Нæ фыдæлтæ зæхх мад хуыдтой.Загътой-иу: «Зæхх-мад.»Уый,æвæццæгæн,мад кæмæн нæ уыд,уыдон æй хуыдтой афтæ. Зæхх сæ йæ хъармæй æндæвта, зæхх сын лæвардта йæ фарнай æмæ сæм уый касти мады рæвдыд.
.
1 амонæг: Цæй тæхудиаг у уыцы кæстæр,
Йæ хистæрты буц дарын чи зоны,
Æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ
Рухс цæсгомæй чи цæуы.
2 кæсæг: Зæххыл ис иунæг хæзна царды,
Æмæ уый Мад у, мæ хур,Мад.
Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,
Фæсуры зæрдæйы фæллад.
О,мад,сыгъзæрин мад,дæ хæрзтæй,
Ды кæныс кæстæрты æнгом.
Тæхуды, зарæджы ныхæстæй,
Æнусон чи скæны дæ ном.
Цы хорз у, чи сбуц кодта мады,
Æмæ йын чи радта æгъдау.
Зæххыл уый дзыллæты нымады,
Йæ фарнæй батавдзæн Хуыцау.
1 амонæг: Йæ мады уарзынхъом чи нæ у, уый ницы хъом у.Нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой: «Йæ мады хæс ничи бафыста».Æмæ цымæ æцæг афтæ зын бафидæн у мады хæс? Нæй йын бафидæн?
Ирон кафт.(Хонгӕ)
2 амонæг: Мады кады бæрзонддзинадыл чи куса, уый хъуамӕ архайа адæмы æмрæнхъ рацӕуыныл ӕмӕ йæ сæрмæ æгаддзинад макуы æрхæссыныл! Сыгъдæг цæсгомæй, сыгъдæг цæстытæй адæммæ кӕсын ӕмӕ ӕмбарын,мады æндæр кӕй ницы хъæуы.
Зарæггæнджыты къорд зарынц Цæгæраты Г. ныхæстыл фыст зарæг «Мады зарæг».
3 кӕсæг:. Хæрзконд, хæрззонд, фæлмæнзæрдæ, удæй рæсугъд…Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ радта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры фæндаджы хъæбæрыл ссаргæ не сты. Мад-царддæттæг
Фӕндыры цагъд.
1 амонæг: Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдон та цыма кæрæдзи æнгæс, хотæ æмæ æфсымæртæ сты æмæ цард дæр, зæхх дæр уыдонæй рæсугъддæр у.
2 амонæг: Нæ даргъ фæндæгты æмбæлццон, нæ размæйы фæкаст æмæ фæстæмæ фенцойы фидар цæджындз дæ ды.
1 амонæг: Ныййарæг, ды цард æмæ уарзт дæ. Царддæттæг дæ, сæууон хуры скаст, уæларвон æрттиваг стъалы, не ‘хсæвы цырагъдар.
Зарæггæнджыты къорд зарынц зарæг «Мады ном».Чеджемты Æхсары ныхæстæ.
2 амонæг: Ныййарæг! Ды дæ хъæбулты цинæй ссудзыс, хурау фæхудыс, сæ хъыгæй саст талайау ныххус вæййы дæ уд . Арвыл,дам,уал стъалыйы нæй, мады зæрдæйы йæ сабитыл цас мæт ис.
(Ацыдысты)
4 кӕсæг : Хæсты быдыры Ирыстоны сагсур фæсивæдæй бирæтæ фесæфтысты æдзардæй .Цал æмæ цал ныййарæджы баззадысты сæркъулæй,сæ уарзон хъæбултæм кæсынæй нæ бафсæстысты, сæ рæсугъд фæндтæ сæ зæрдæты æлхынцæй баззадысты. Нæ фæлæ сæ фæрстыл фидар тæлытæ конд æрцæуы уыцы мадæлтæн, цæмæй сын фæйнæрдæм ма ратоной.Æмæ кæд хъæбулы фыдбоны рæстæг адард вæййы,уæддæр мады зæрдæйы хъæдгом нæ дзæбæх кæны .«Уæларвæй цы рхауа, уый уромы зæхх, фæлæ йæ нæ уромы зæрдæ.»
1 амонæг: Мад…Уый диссаг у, æвæдза.Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы.Йæ хъæбул зары- зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны æмæ йын хур боны тæвдæй тæрсы, къæвда бон-суазалæй.Мады зæрдæ, сыгъзæрин фестай!
2 амонæг: Цалынмæ нæ мады хъарм арм нæ сæрыл æнкъарæм, уæдмæ йæ куыд нæ хатæм, куыд амонддджын вæййæм!
5 кæсæг: Мады цæстытæй рухсдæр цы уыдзæн?
Йе нгас сæуæхсидæй у рæсугъддæр.
Хи мадау ысвæййы уый йæ чындзæн,
Авæрдзæн хъæбулæн уый йæ уд дæр.
6 кæсæг: Мадæн йæ зæрдæ хурæй у хъармдæр,
Уыцы арт фæтавы мах æдзухдæр
Дардæй дæр æххуысмæ мады арммæ
Байвазæм зын сахат мах нæ къухтæ.
7 кæсæг: Исæм нæ цинтæ мады цæсгомæй,
Фæндæгтæм фæкæсæм мады цæстæй;
Фæлæ йæ зæгъæм, зæгъæм æргомæй ;
Байрох кæнæм арæх мады хæрзтæ.
8 кæсæг: Зынаргъ цы лæгæн уа йæх мад,
Уый - кадджын иннæты цæсты.
Йæ мады чи нæ уарзы, уый ма
Куыд уарздзæн райгуырæн бæстæ!
Цæй æмæ хохы цъупмæ ысхизæм.
Мады нæ уæлныхты хурау ысисæм.
Уадз æмæ йæ зæрдмæ дуне хъуса,
Уадз æмæ йæ кастæй дуне рухс уа.
(Зарæггæнджыты къорд зарынц « Ныййарæгӕй амонд.»)
1 амонæг: Ныййарæгæн йæ хъæбул афонæй раздæр мæрдтæм куы бацæуы, уæд уыцы мадæй мæгуырдæр, тæригъæддагдæр нæ вæййы. Ахæм мадæн йæ цард ад нал фæкæны, йæ дзыхы дзаг нал ныххуды, хæринаг адджынæн нал бахæры.
2 амонæг: Мады зæрдæ! Макуы дæ фæсайæнт дæ хъуыдытæ, цы къахдзæф-иу фехъусай, цы дуары хъæрмæ ракæсай, уыдонæй æнæрай ма фæу. Хызт у æнафоны сау хабарæй.Дæ бæлццон хурыскастыл къонамæ здæхæд зæрдæрухæй. Дæ лæппу лæг куыд кæна йæ рады, дæ чызг- мад, ахæм амонд дæ уæд!
1 амонæг: Мад кæмæн ис, уыдон иууылдæр сты амондджын.Фæлæ уый бирæхатт нæ фембарынц.Цалынмæ ма нæ мадæлтæ сты, уæдмæ тагъд кæнын хъæуы уыдонæн хорздзинад скæныныл: фæлмæн ныхасæй сæм дзурын, æххуыс сын кæнын хæдзары куыстыты мидæг, бæрæгбæттæм сын лæвæрттæ кæнын, рæвдауын сæ.
9 кæсæг: Нæ ныййарджытæ ивгъуыйынц нæ цурæй,
Цæуæм сæ кары нæнхъæлæджы мах.
Зымæгон мигътæ куы аныхъуырынц хуры,
Æрмæст ын гъеуæд банкъарæм йæ ад.
Хур ног ыскæсы рагуалдзæджы риуыл,
Гыцци ныгуылы иунæг хатт æрмæст.
Куы ма-иу нæм æрыздæхид,уæд-иу ын.
О,цас хорздзинад бауарзид нæ цæст!
Фæлæ нырма нæ табуйаг куы вæййы,
Уæд ын нæ хъусæм йе стыр мæт,йæ уарзт.
Мах айрох кæнæм царды стыр уылæны,
Гыцци кæй цæры иунæг хатт æрмæст.
10 кæсæг «Ныййарæг мад»
Ныййарæг мад, цæй адджын дæ хъæбулæн,
Дæу фæрцы федта рухс дуне йæ цæст.
Дæ бирæ хæрзтæн нæй кæрон фæуынæн,
Йæ сагъæсты дæ сурæт ис æрмæст.
Ныййарæг мад, цы ис дæуæй рæсугъддæр,
Дæ фæлмæн арм у бинонтыл æвæрд.
Дæ цоты тыххæй ратдзынæ дæ уд дæр,
Æмæ хъæбулæй макуы фен æфхæрд.
Зæххыл цы ис ныййарæгæй зынаргъдæр?
Æнæ дзуаппæй у ацы фарст æвæрд.
Йæ хорздзинæдтæн нæй скæнæн аргъ дæр,
Æмæ æнустæм ма сæфæд йæ фæд.
(Сценка «Пӕсӕйы фӕндон»)
11 кæсæг:Ныййарæг мады цæстытæн сæ тынтæ
Йæ цотæн сты кæддæриддæр фæндаг.
Йæ цæстытæй кад искæдбон ныййарæг
Нæ батавта, нæ барæвдыдта дæу,
Уæд зон, ды йын кæй аскъуыдтай йæ зарæг,
Æмæ йæ разы къулсæрæй æрлæуу.
Рацыд чызг ирон дарæсы. Хъуысы «Ханты цагъд.»
12 кæсæг: Æз сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн,
Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.
Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн,
Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.
Æз æфсарм дæн, нуазæн дæн уæ къухы,
Æз хæдзары- мин бæркады фынг.
Æз æдзухдæр- уе мдзу царды дугъы,
Фарн- мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг.
Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн,
Æз- уæ раттæг, уе стыр маст, уæ хур,
Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн,
Æз уæ фидæн, уе нхъæлцау бындур!
Чызджыты кафт.
Амонæг: Нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ. Æхсызгон нын у, кæй нæм байхъуыстат. Уæ ныййарджытæ ма уын бирæ азты амондджынæй, æнæнизæй фæцæрæнт! Сымах та сын сæ хорздзинæдтæн аккаг аргъ куыд скæнат!
Ног фембæлдмæ!
7