СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

«Мады зœрдœйœн œмбал нœй!»

Категория: Русский язык

Нажмите, чтобы узнать подробности

 Ахуыргæнæджы разныхас.

      Уæ бонтæ хорз нæ зынаргъ уазджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Абон мах нæ урочы дзурдзыстæм ныййарæг мады тыххæй.

      Махæн, ирон адæмæн, не гъдæуттæ сты нæ цæсгом, нæ удварн ирдæй кæм зыны, ахæм æнусон хæзнатæ.

      Нæ ирон æгъдæуттæ комкоммæ арæзт сты нæ адæмы зæрдæтæм, Уыдоны ис æгæрон тых. Уыцы æгæрон тыхтæй иу у хистæрæн кад кæнын.

      Уый махæн ис нæ туджы, уыцы арф æнкъарæнтыл ахуыр кæнæм нæ кæстæрты. Æппæты фыццаг махмæ тынг бæрзонд æвæрд у мадæн кад кæнын.

      Мад! Диссаджы дзырд у æвæдза! Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рыст. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллон фыццаг мады ном сдзуры. Царды рухс ын фенын кæны мад. Алы сылгоймаг дæр хæссы мады фарн. Æмæ цы ис мадæй зынаргъдæр, фæлмæндæр? Цас фыдæбæттæ бавзары ныййарæг мад, цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвиты, цæмæй гыццыл мурæй стыр лæг схъомыл кæна, раст фæндагыл æй арвита, цас уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе суинаг стъалытæн!

      Скъоладзау.  Говорят, что сердце младенца и его матери бьются в унисон. Мать способна понять свое чадо так, как никто другой на этом свете.

     Когда я усталая, прихожу из школы, то первым делом мама спрашивает меня: «Как дела? Что нового?»… И даже если я ничего не скажу, она все равно поймет, что у меня на душе: тревожит меня что-нибудь или нет.

           Есть одно прекрасное стихотворение о матери.

Любите мать!

Любите, как святыню.

Любите крепче самого себя.

Она вам жизнь дала и воспитала,

Любите мать!

Она у вас одна!

       Это действительно так. Мать у всех одна, никто и ничто не может её заменить.

       Ахуыргæнæг. Раздæр æмæ ныр дæр ирон адæм мадмæ дзурынц «Гыцци», «Дзыцца», «Нана». Куыд диссаг сты ацы ныхæстæ! Адæймагæн цæуынц йæ зæрдæйы арфæй. Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн æмæ сæ хъæбулы хъæбултæн.

     Бирæ фысджытæ æмæ поэттæ ныффыстой радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ ныййарæг мадыл.

      Уыдон сты нæ куырыхон поэттæ æмæ фысджытæ: Плиты Грис, Хостыхъоты Зинæ, Джыккайты Шамил, Къубалты Алыксандр, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад.

       Байхъусæм ма дзы цалдæрмæ:

      Чеджемты Æхсар «Мад».

      Скъоладзау.  Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхзызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд...

  Мад – царддӕттӕг. Хӕрзконд, хӕрззонд, фӕлмӕнзӕрдӕ, уды

рӕсугъддзинад. Уыдон иууылдӕр мады лӕвӕрттӕ сты. Мад сӕ куынӕ ратта, уӕд уыцы хорздзинӕдтӕ тыгъд быдыры ссаргӕ не стырд. Мады уарзондзинадӕй сӕ удтӕ хъӕздыг кӕмӕн сты, уыдонӕй хъӕздыг у цард дӕр.

          Ахуыргæнæг. Куыд ирон литературæйы афтæ уырыссаг литературæйы дæр æвдыст æрцыд мады  фæлгонц. Байхъусæм ма, уырыссаг уацмысы мады фæлгонц кæм æвдыст æрцыд, уый.

(скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ).

   Ахуыргæнæг.   Куыд адджын, куыд фæлмæн, куыд хъарм дæ мад! Зæххы цъарыл йæ мады чи нæ уарзы, йæ мады коммæ чи нæ кæсы, уыцы саби у æнамонд. Мады фæлмæн къухтæ, мады хъарм къухтæ, мады фæлмæн зæрдæ æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад мады æгæрон хæрзтæ…

     Бирæ уацмысты æвдыст æрцыд мады фæлмæн хъарм къухты тыххæй. Поэт Дзугаты Георги фыссы:

     Куыд хъарм сты зымæг дæр,

     Мæхи,гыцци, дæ къухтæ.

    Мад суæвынæй алы сылгоймаг хайджын нæ фæвæййы, æмæ йæ уæд бахъæуы искæй хъæбулæй хъæбул зæгъын.

     Бахъусæм ма таурæгъ «Мад»-мæ.               

       Скъоладзау.  Цардысты дыууæ хойы. Иуæн бирæ цот, сывæллæттæ ратта Хуыцау, иннæмæн цот нæ уыд. Зæнæгджын хо йæ лæппутæй иуы ратта йæ хойæн. Уый лæппуйы сæхимæ акодта æмæ цæрынтæ байдыдтой дыууæйæ. Иу хатт мад бафтыд йæ хомæ. Фæстæмæ куы цыдис, уæд æй рафæндараст кодта иннæ хо йæ кæнгæ лæппуимæ. Дыууæ усы хæцынц лæппуйы фæйнæ къухыл. Уалынмæ хъæугæрон фесты æмæ фæхицæн сты. Лæппу загъдта: «Уыцы усы къух цы хъарм уыди». Уæд хо йæ лæппуйы арвыста йæ мады фæдыл: «Ауай, уæдæ, мæ хур, кæй дæ, уый дæ, уыцы ус дæ мад у».

      Æмдзæвгæ «Ныййарæджы зæрдæ».

      Ахуыргæнæджы разныхас.

      Мæрдтæй дæр нæ тавы йæ зæрдæйы хъарм…Куыд диссаг у, æвæдза, мады зæрдæ. Сау сыджыты быæй дæр йе ххуысы хай кæны йæ хъæбулæн.

  1. Газет « Рæстдзинад»- æй уацхъуыд бакæсын.

  2.           Мад…Йæ фæлмæн ныхас, йæ мидбылхудт, йæ цæстæнгас æдзухдæр ауайынц цæстытыл. Цас фыдæбæттæ баййафы царды мидæг, куыд быхсы алцæмæн, куыд фидар у йæ уд. Зын сахат никуы ныууадзы йæ хъæбулы, æдзухдæр æрбалæууы йæ фарсмæ. Циндзинады та уымæй амондджындæр чи вæййы! Чи бауарздзæн хъæбулы мадæй фылдæр, чи йын бацамондзæн уымæй хуыздæр царды раст фæндаг

             Скъоладзау.  Бывает сидишь на последнем уроке, а в голову ничего уже не лезет. Только желудок дает о себе знать, что пора обедать. И вот наконец ты дома, а там… Твоё любимое блюдо, с такой заботой приготовленное руками матери. Еда, состряпанная мамой-самое вкусная, и её не заменит никакая заморская кухня.

              Мамы бывают разные, но всех их объединяет одно-они мамы, и каждая из них по-своему любит своего ребенка.

    (стихотворение о маме)

                 Ахуыргæнæг.    Мад… Хъæбулы уды рухс. Нæ фидауы хæдзар æнæ дæуæй. Мады зæрдæ цы зæгъа æмæ цы арфæ ракæна, уымæй сыгъдæгдæр, райдзастдæр никæйы зæрдæ зæгъдзæн адæймагæн. Царды зындзинæдтæ йæ сæ быны ныккæнынц, рыстæй зæрдæ ныддур вæййы, уыцы  сусæгдзинæдтæ бакæсæн вæййы йæ цæсгомыл.

          Ирон адæммæ ис ахæм  æмбисонд. Мадæн йæ чысыл лæппуйы дон аласта. Ныййарæг доны раз слæууыд æмæ кæугæйæ донæн лæгъстæ кодта, цæмæй ын йæ хъæбулы раздаха. Уæд ын дон афтæ зæгъы: «Дæ æрыгон азтæ мын ратт». « Айс мæ æрыгон азтæ æрмæст мын мæ хъæбулы раздах», - ныккуыдта сылгоймаг æмæ зæронд ус фестад. Фæлæ та йæм дон дзуры: «Дæ цæстыты рухс дæр мын ратт». Нæ бавгъау кодта мад йæ цæстыты рухс дæр æмæ бакуырм…Æвиппайды  хъусы йæ сабийы къыхдзæвты уынæр. Уынæр дардæй – дарддæр кодта. Уæд мад йæ сывæллонмæ фæхъæр кодта: « Хъæбул, рауай ма мæм. Æз дæ мад куы дæн». Фæлæ йæм лæппу æнахуыр каст бакодта æмæ йын афтæ зæгъы: « Нæ, ды мæ мад нæ дæ. Мæнæн мæ мад æрыгон у, стæй куырм дæр нæу». Мад доны был лæугæйæ баззад.

       Цæуыл дзурæг у ацы æмбисонд? (скъоладзауты дзуæпптæ)

          Хъыгагæн, ныййарæджы зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъын не скæнынц йæ фыдæбонæн. Нæ абоны царды иуæй-иу лæппутæ сæ ныййарджытыл систы уæлхох

         Æмдзæвгæ «Мады зæрдæ». Хостыхъоты Зинæйы фыст

           Ахуыргæнæг.  Уæдæ куыд æгъатыр вæййынц иуæй-иу кæстæртæ, æмæ куыд ферох кæнынц сæ ныййарджыты фыдæбæттæ. Адæмон сфæлдыстадæй нæм ис бирæ таурæгътæ мады тыххæй, кæм æвдыст æрцыдысты мады зæрдæйы рыст

          Таурæгъ «Мады зæрдæ»

          Ахуыргæнæг.   Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ ныййарæг мадимæ кæй ис абарæн…Хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, фарн æмæ амондхæссææг…Сылгоймаг…Ныййарæг мад! Куыд æгæрон тых ис ацы дзырдты. Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг- бардуагмæ, Мады - Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ыл сæ хъæбулты.

          Мад! Ацы фæлмæн, алæмæтаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамонæг, ахуыргæнæг, хур æмæ цæсты рухс. Чи фæнымайдзæн мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын

          Æмдзæвгæ « Мады ном æнусон»

          Ахуыргæнæг.  Хуыцау адæймаджы куы сфæлдыста, уæд хойæн дæр, æфсымæрæн дæр æмæ бинонтæн дæр бахай кодта хицæн уарзты хуызтæ.

           Лæппутæ æмæ чызджытæ! Уæ риуы йæ арф сæвæрут æмæ йæ уæ зæрдыл фидар бадарут. Мады уарзты уæзæн дзы ивддзаг кæнæн нæй, стæй йæ ницавæр бæрцбарæнтыл ис абарæн. Уымæн æмæ уый у æппæты хæрзты хуыздæр,  хурæмдых, царддæттæг, æгæрон цин. Хъахъхъæнут уæ ныййарджыты! Чи йæ бахъыгдара, уымæн нæ хатыр кæнынц нæдæр Хуыцау, нæдæр Зæхх, нæдæр Дон, нæдæр Рухс, нæдæр Уæлдæф.

           Нæ ныхас абон кæронмæ æрхæццæ. Цыфæнды бирæ куы фæдзурæм, уæддæр мады фæллой, мады уды хъарм цæмæй бафидæм, ахæм ныхæстæ зынæй ссардзыстæм. Мадæлтæ æмæ хъæбулты амондæй æххæст ут. Ирон адæммæ мады бардуагæн Мады- Майрæм баззад æмæ йæ хорзæхæй хайджын ут.

       Зарæг «Мадæлтыл зарут уæ хуыздæр зарджытæ».

           Бузныг уеппæтæн дæр!

Просмотр содержимого документа
««Мады зœрдœйœн œмбал нœй!»»




Урочы темæ: «Мады зœрдœйœн œмбал нœй!»


Урочы нысан: 1. Аргь скœнын мады фœлгонцœн адœмон

сфœлдыстад œмœ аив литературœйы уацмысты

фœрцы.

2. Арфдœр кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтœ

ацы темœйœ ирон œмœ уырыссаг уацмыстœй

пайдагœнгæйæ, ирон бинонты царды уагыл

бæстон æрдзурын.

3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын ныййарæгæн,

сылгоймагæн стыр аргъ æмæ кад кæнын.


Урочы эпигрæф: Зæххыл ис иунæг хæзна царды,

Æмæ уый мад у, мæ хур, мад!

Хъуысы зарæг «Куыд зыныргъ дæ, ныййарæг.» Цæгæраты Г.


Ахуыргæнæджы разныхас.

Уæ бонтæ хорз нæ зынаргъ уазджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Абон мах нæ урочы дзурдзыстæм ныййарæг мады тыххæй.

Махæн, ирон адæмæн, не гъдæуттæ сты нæ цæсгом, нæ удварн ирдæй кæм зыны, ахæм æнусон хæзнатæ.

Нæ ирон æгъдæуттæ комкоммæ арæзт сты нæ адæмы зæрдæтæм, Уыдоны ис æгæрон тых. Уыцы æгæрон тыхтæй иу у хистæрæн кад кæнын.

Уый махæн ис нæ туджы, уыцы арф æнкъарæнтыл ахуыр кæнæм нæ кæстæрты. Æппæты фыццаг махмæ тынг бæрзонд æвæрд у мадæн кад кæнын.

Мад! Диссаджы дзырд у æвæдза! Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рыст. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллон фыццаг мады ном сдзуры. Царды рухс ын фенын кæны мад. Алы сылгоймаг дæр хæссы мады фарн. Æмæ цы ис мадæй зынаргъдæр, фæлмæндæр? Цас фыдæбæттæ бавзары ныййарæг мад, цас æнæхуыссæг æхсæвтæ арвиты, цæмæй гыццыл мурæй стыр лæг схъомыл кæна, раст фæндагыл æй арвита, цас уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе суинаг стъалытæн!


Скъоладзау. Говорят, что сердце младенца и его матери бьются в унисон. Мать способна понять свое чадо так, как никто другой на этом свете.

Когда я усталая, прихожу из школы, то первым делом мама спрашивает меня: «Как дела? Что нового?»… И даже если я ничего не скажу, она все равно поймет, что у меня на душе: тревожит меня что-нибудь или нет.

Есть одно прекрасное стихотворение о матери.

Любите мать!

Любите, как святыню.

Любите крепче самого себя.

Она вам жизнь дала и воспитала,

Любите мать!

Она у вас одна!

Это действительно так. Мать у всех одна, никто и ничто не может её заменить.


Стихи о маме.

Ахуыргæнæг. Раздæр æмæ ныр дæр ирон адæм мадмæ дзурынц «Гыцци», «Дзыцца», «Нана». Куыд диссаг сты ацы ныхæстæ! Адæймагæн цæуынц йæ зæрдæйы арфæй. Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн æмæ сæ хъæбулы хъæбултæн.

Бирæ фысджытæ æмæ поэттæ ныффыстой радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ ныййарæг мадыл.

Уыдон сты нæ куырыхон поэттæ æмæ фысджытæ: Плиты Грис, Хостыхъоты Зинæ, Джыккайты Шамил, Къубалты Алыксандр, Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад.

Байхъусæм ма дзы цалдæрмæ:


Чеджемты Æхсар «Мад».


Скъоладзау. Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхзызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд...

Мад – царддӕттӕг. Хӕрзконд, хӕрззонд, фӕлмӕнзӕрдӕ, уды

рӕсугъддзинад. Уыдон иууылдӕр мады лӕвӕрттӕ сты. Мад сӕ куынӕ ратта, уӕд уыцы хорздзинӕдтӕ тыгъд быдыры ссаргӕ не стырд. Мады уарзондзинадӕй сӕ удтӕ хъӕздыг кӕмӕн сты, уыдонӕй хъӕздыг у цард дӕр.


Ахуыргæнæг. Куыд ирон литературæйы афтæ уырыссаг литературæйы дæр æвдыст æрцыд мады фæлгонц. Байхъусæм ма, уырыссаг уацмысы мады фæлгонц кæм æвдыст æрцыд, уый.

(скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ).

Ахуыргæнæг. Куыд адджын, куыд фæлмæн, куыд хъарм дæ мад! Зæххы цъарыл йæ мады чи нæ уарзы, йæ мады коммæ чи нæ кæсы, уыцы саби у æнамонд. Мады фæлмæн къухтæ, мады хъарм къухтæ, мады фæлмæн зæрдæ æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад мады æгæрон хæрзтæ…

Бирæ уацмысты æвдыст æрцыд мады фæлмæн хъарм къухты тыххæй. Поэт Дзугаты Георги фыссы:


Куыд хъарм сты зымæг дæр,

Мæхи,гыцци, дæ къухтæ.

Мад суæвынæй алы сылгоймаг хайджын нæ фæвæййы, æмæ йæ уæд бахъæуы искæй хъæбулæй хъæбул зæгъын.

Бахъусæм ма таурæгъ «Мад»-мæ.

Скъоладзау. Цардысты дыууæ хойы. Иуæн бирæ цот, сывæллæттæ ратта Хуыцау, иннæмæн цот нæ уыд. Зæнæгджын хо йæ лæппутæй иуы ратта йæ хойæн. Уый лæппуйы сæхимæ акодта æмæ цæрынтæ байдыдтой дыууæйæ. Иу хатт мад бафтыд йæ хомæ. Фæстæмæ куы цыдис, уæд æй рафæндараст кодта иннæ хо йæ кæнгæ лæппуимæ. Дыууæ усы хæцынц лæппуйы фæйнæ къухыл. Уалынмæ хъæугæрон фесты æмæ фæхицæн сты. Лæппу загъдта: «Уыцы усы къух цы хъарм уыди». Уæд хо йæ лæппуйы арвыста йæ мады фæдыл: «Ауай, уæдæ, мæ хур, кæй дæ, уый дæ, уыцы ус дæ мад у».


Æмдзæвгæ «Ныййарæджы зæрдæ».


Ахуыргæнæджы разныхас.

Мæрдтæй дæр нæ тавы йæ зæрдæйы хъарм…Куыд диссаг у, æвæдза, мады зæрдæ. Сау сыджыты бынæй дæр йе ххуысы хай кæны йæ хъæбулæн.


  1. Газет « Рæстдзинад»- æй уацхъуыд бакæсын.

  2. Таурæгъ.


Мад…Йæ фæлмæн ныхас, йæ мидбылхудт, йæ цæстæнгас æдзухдæр ауайынц цæстытыл. Цас фыдæбæттæ баййафы царды мидæг, куыд быхсы алцæмæн, куыд фидар у йæ уд. Зын сахат никуы ныууадзы йæ хъæбулы, æдзухдæр æрбалæууы йæ фарсмæ. Циндзинады та уымæй амондджындæр чи вæййы! Чи бауарздзæн хъæбулы мадæй фылдæр, чи йын бацамондзæн уымæй хуыздæр царды раст фæндаг?


Скъоладзау. Бывает сидишь на последнем уроке, а в голову ничего уже не лезет. Только желудок дает о себе знать, что пора обедать. И вот наконец ты дома, а там… Твоё любимое блюдо, с такой заботой приготовленное руками матери. Еда, состряпанная мамой-самое вкусная, и её не заменит никакая заморская кухня.

Мамы бывают разные, но всех их объединяет одно-они мамы, и каждая из них по-своему любит своего ребенка.

(стихотворение о маме).

Ахуыргæнæг. Мад… Хъæбулы уды рухс. Нæ фидауы хæдзар æнæ дæуæй. Мады зæрдæ цы зæгъа æмæ цы арфæ ракæна, уымæй сыгъдæгдæр, райдзастдæр никæйы зæрдæ зæгъдзæн адæймагæн. Царды зындзинæдтæ йæ сæ быны ныккæнынц, рыстæй зæрдæ ныддур вæййы, уыцы сусæгдзинæдтæ бакæсæн вæййы йæ цæсгомыл.

Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд. Мадæн йæ чысыл лæппуйы дон аласта. Ныййарæг доны раз слæууыд æмæ кæугæйæ донæн лæгъстæ кодта, цæмæй ын йæ хъæбулы раздаха. Уæд ын дон афтæ зæгъы: «Дæ æрыгон азтæ мын ратт». « Айс мæ æрыгон азтæ æрмæст мын мæ хъæбулы раздах», - ныккуыдта сылгоймаг æмæ зæронд ус фестад. Фæлæ та йæм дон дзуры: «Дæ цæстыты рухс дæр мын ратт». Нæ бавгъау кодта мад йæ цæстыты рухс дæр æмæ бакуырм…Æвиппайды хъусы йæ сабийы къыхдзæвты уынæр. Уынæр дардæй – дарддæр кодта. Уæд мад йæ сывæллонмæ фæхъæр кодта: « Хъæбул, рауай ма мæм. Æз дæ мад куы дæн». Фæлæ йæм лæппу æнахуыр каст бакодта æмæ йын афтæ зæгъы: « Нæ, ды мæ мад нæ дæ. Мæнæн мæ мад æрыгон у, стæй куырм дæр нæу». Мад доны был лæугæйæ баззад.


Цæуыл дзурæг у ацы æмбисонд? (скъоладзауты дзуæпптæ)


Хъыгагæн, ныййарæджы зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъын не скæнынц йæ фыдæбонæн. Нæ абоны царды иуæй-иу лæппутæ сæ ныййарджытыл систы уæлхох.

Æмдзæвгæ «Мады зæрдæ». Хостыхъоты Зинæйы фыст.


Ахуыргæнæг. Уæдæ куыд æгъатыр вæййынц иуæй-иу кæстæртæ, æмæ куыд ферох кæнынц сæ ныййарджыты фыдæбæттæ. Адæмон сфæлдыстадæй нæм ис бирæ таурæгътæ мады тыххæй, кæм æвдыст æрцыдысты мады зæрдæйы рыст.

Таурæгъ «Мады зæрдæ».


Ахуыргæнæг. Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ ныййарæг мадимæ кæй ис абарæн…Хуры тынтау рæсугъд æмæ фæлмæн, фарн æмæ амондхæссææг…Сылгоймаг…Ныййарæг мад! Куыд æгæрон тых ис ацы дзырдты. Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг- бардуагмæ, Мады - Майрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ыл сæ хъæбулты.

Мад! Ацы фæлмæн, алæмæтаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, зондамонæг, ахуыргæнæг, хур æмæ цæсты рухс. Чи фæнымайдзæн мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын?

Æмдзæвгæ « Мады ном æнусон».

Ахуыргæнæг. Хуыцау адæймаджы куы сфæлдыста, уæд хойæн дæр, æфсымæрæн дæр æмæ бинонтæн дæр бахай кодта хицæн уарзты хуызтæ.

Лæппутæ æмæ чызджытæ! Уæ риуы йæ арф сæвæрут æмæ йæ уæ зæрдыл фидар бадарут. Мады уарзты уæзæн дзы ивддзаг кæнæн нæй, стæй йæ ницавæр бæрцбарæнтыл ис абарæн. Уымæн æмæ уый у æппæты хæрзты хуыздæр, хурæмдых, царддæттæг, æгæрон цин. Хъахъхъæнут уæ ныййарджыты! Чи йæ бахъыгдара, уымæн нæ хатыр кæнынц нæдæр Хуыцау, нæдæр Зæхх, нæдæр Дон, нæдæр Рухс, нæдæр Уæлдæф.

Нæ ныхас абон кæронмæ æрхæццæ. Цыфæнды бирæ куы фæдзурæм, уæддæр мады фæллой, мады уды хъарм цæмæй бафидæм, ахæм ныхæстæ зынæй ссардзыстæм. Мадæлтæ æмæ хъæбулты амондæй æххæст ут. Ирон адæммæ мады бардуагæн Мады- Майрæм баззад æмæ йæ хорзæхæй хайджын ут.


Зарæг «Мадæлтыл зарут уæ хуыздæр зарджытæ».


Бузныг уеппæтæн дæр!


Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!