«МӔ УАРЗОН МАДӔЛОН ӔВЗАГ»
Литературный вечер, посвященный
Дню осетинского языка
План:
Вступительное слово об осетинском языке.
Стихи на осетинском языке.
Музыкальные номера.
Сценка
1-аг Амонæг:
Æвзаг у ахæм æхсæнадон фæзынд, кæцы адæмæн у хъуыды кæныны æмæ сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурыны фæрæз. Æвзаг адæмы царды, æхсæнады рæзты ахсы æппæты ахсджиагдæр бынат. Æвзаг куы нæ уаид, уæд адæм кæрæдзийы не ’мбариккой, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад никуы æрæмбырд кодтаиккой иумæ, нæ сæ бахъахъхъæдтаиккой æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дæттиккой. Уымæ гæсгæ æнæ æвзагæй адæмæн, æхсæнадæн цæрæн æмæ рæзæн нæй.
2-аг Амонæг:
Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты – ирон æвзаг, ирон фарн æмæ ирон æгъдау. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ даргъ æмæ уæрæх, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ, нæ ирон фарн ис нæ удыхъæды адæймагуарзондзинады æмæ нæ рæстдзинады, ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзийыл. Æртæ дæр стыр ахъаз сты нæ иудзинадæн, фæлæ сæ сæйрагдæр у æвзаг. Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йе ’взаджы фидæнимæ. Уый æнкъаргæйæ, зонгæйæ æмæ йыл мæт кæнгæйæ, æрвылаз дæр бæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон!
1-аг Амонæг:
Ирон æвзагыл иртасыны куыст кодтой уырыссаг академиктæ Андрей Шегрен æмæ Всеволод Миллер. Шегрены номимæ баст у ирон æвзаг ахуыр кæныны райдайæн этап. Уымæн йæ ирон грамматикæ «Ирон æвзагахуыр» (1844) бындур сæвæрдта ирон æвзаг наукон æгъдауæй иртасыны хъуыддагæн. Грамматикæ æмхуызон æвзæрста ирон æмæ дыгурон диалекты уæдыккон уавæр.
2-аг Амонæг:
Миллеры номимæ баст у ирон æвзагзонынады дыккаг этап. Уый йæ чингуытæ «Ирон этюдтæ», «Ирæтты æвзаг» æмæ æндæрты наукон æгъдауæй бæрæг кæны ирон æвзаджы историйы бирæ алыхуызон фарстатæ.
Уæдæй абонмæ не ’взагыл æрцыд бæстон æмæ лæмбынæг куыст наукон æгъдауæй. Нæ адæмæн стыр лæггад бакодта Иры номдзыд лæг Абайты Васо йæ бирæвæрсыг æмæ бындурон иртасæн куыстытæй.
1-аг Амонæг:
Уæдæ нæ литературон æвзаджы бындурвæрæг Хетæгкаты Къостайы та чи нæ зоны?! Йæ æвзаджы хъысмæтыл «Додой» чи кæны! (Дардæй хъуысы мелоди).
1 кæсæг:
Мадæлон æвзаг
Уадз, равзæрæд сæдæ ’взаджы мæ комы, Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс, Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды, Цæмæй ныззарон булæмæргъау æз.
Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы ’рцæуа, Ǣфсымæр ын йæхи ’взагыл зæгъон. Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, Йæ ныхмæ кард йæхи ’взагыл цæгъдон…
Фæлæ уæддæр уæззау тохмæ цæугæйæ, Нæ фыдæлтæ цы ’взагыл хордтой ард, Цы ’взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм, Кæй фæрцы ис нæ хорз æгъдæуттæн цард,
Цы ’взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг, Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы ’рцыд, Цы ’взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» Зæгъут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?
Хостыхъоты З.
(Хонгæ кафт)
2 кæсæг:
Ирон æвзаг
Цъиувæдис цæуыл систат, цæуыл: «Сæфты къахыл Иры ’взаг ныллæууыд», Цард зæххыл куы равзæрди, уæд ыл Мах æвзаг фыццæгтимæ куы зæлыд,
Дары ’нусты ’вæрæнты бæрæг, Фатау уый дзырд нæу рæстдзæф дзæгъæлы, Бирæтæ йæм бакæнынц хæлæг, Бирæ ’взæгты цъуттайы дæгъæл у.
Искæд цард куы сыскъуыид зæххыл (Тобæ, уымæй бахизæм нæ сæртæ), Цардимæ та, сомы уын кæнын,- Ногæй не ’взаг райгуырид, хæлæрттæ.
Уырымты П.
3 кæсæг:
Ирон чызджы кафт
Мæйрухс хæхтæм ирдцæстæй ныккасти, Комы худы уалдзыгон изæр, Рацæуынц ирон чызджытæ хъазтмæ, У дзы иу чызг иннæмæй хуыздæр.
Зæрдæты рæсугъд бæллицтæ уафынц, Алчи дзы йæ уарзонмæ бæллы, Симды фæзы урс бæлæттау кафынц, Фæндыр куы ныххуды, куы кæуы.
Айзæлынц йæ нæртон зæлтæ рæгътыл, Арф кæмттæй сæм ирд дæттæ тырнынц, Кувынц сын сæ урс сæртæй нæ хæхтæ, Æхсæрдзæнтæ цадæггай хъырнынц.
Арвы риуæй мæй йæ тынтæ уафы, Мидбылхудгæ стъалытæн зæгъы: Акæсут: ирон чызджытæ кафынц, Байхъусут: ирон фæндыр цæгъды.
Гаджиты Георги
(Чызджыты кафт хъазты астæу.)
4 кæсæг:
Дæхæдæг дæр цæмæй дæ, цæ, ирон?
Кæцон дæ, кæ? Кæцон дæ хонон, зæгъ? Дæ мады æвзагмæ ’нæрвæссон куы кæсыс. Хæхбæсты уæд кæй номæй нæмыс зæхх? Зæгъ-ма, пайда дæ адæмæн цы хæссыс?
Уырыссагау куы раппæлыс бæстон: Нæ фыдæлтæ, дам, Алантæ уыдысты! Уыдысты бирæ, алкæддæр - хæстхъом. Ыстыр ыстæрты кадагур цыдысты!-
Дæуæн дæ кæстæр иронгуырд кæм ис? Фыдæнхъæл нæ куы фæкодтай нæ хуртæй!.. Кæд баппæрстай ирон гуыпп-артмæ схъис? Нæ мæсыгæн нын адавтай йæ дуртæй.
Дæхæдæг дæр цæмæй дæ, цæ, ирон? Цы дзырд зæгъдзынæ арæхстгай иронау? Æгæр-мæгуыр, дæ кадджын фыды ном Куы ферох кодтай ивгъуыд азты бонау.
Дæ мæгуыр фæдон йæ адæмæй фæхауд
Дæу аххосæй! Фæкодтай йæ æнæ ’взаг!.. Йæ æмгæртты ’хсæн алы ран дæр - цауд. Нæ дæ дæхæдæг ирæттæн æнæ ’знаг!
Дауырæ
Сценкæ.
Чеджемты Г. «Ладимхан»
Уынджы сæмбæлдтæн, раздæр иу скъолайы, иу къласы кæимæ ахуыр кодтон, фæлæ ныр горæтмæ чи афтыд, мæ хъæуккаг ахæм чызгыл.
- Оуу, мæнæ ма Ладимхан! Æгас цу! – бацин кодтон чызгыл.
- Не Ладимхан, фæлæ Ларочкæ. Мамочкæ дæр ма мæ афтæ звать кæны. Мæстæй йæм разорваться фæцæйкæнын.
- Кæд искуыдæм тагъд кæныс, Ларочкæ…
- Что ти! Зæгъын, в киоск схожу. Мамочкæ мын афтæ зæгъы, почтальон, мол, принесет, газеты. Фæлæ уæддæр я вышла.
- Газеттæ кæсын бирæ уарзыс, æвæццæгæн.
- Как сказать, нал фæразын без газеты.
- Æмæ арæхдæр цавæр газеттæ фæкæсыс?
- Вообще журналтæ больше уважать кæнын.
- Уæдæ «Мах дуг» дæр кæсдзынæ?
- Цавæр дуг, говоришь?
Мæ худæг ма тыххæй баурæдтон.
- Æмæ чингуытæ кæсын нæ уарзыс?
- А как ж!
- Æмæ ирон чингуытæ нæ фæкæсыс?
- Иногда сæ по-быстрому акæсын. Цыма мæ не знаешь!
- Уæд тынгдæр кæцы фыссæджы уацмыстæуарзыс? Мамсыраты Дæбейы «Уæззау операци» кастæ?
- Операции? Не! Æз медицинский чингуытæ нæ фæкæсын. Къостайы роман «Фатимæ»! Эт другой дело.
- «Фатимæ» поэмæ у… Бакаста йæ?
- Не! – сонт кæл-кæл ныккодта Ларочка, - æз кино смотреть кодтон
- Кæд уырыссаг литературæ фылдæр кæсыс. Толстойы «Война и мир» бакастæ?
- Война бакастæн, фæлæ мир не успела….
Кæронбæттæн.
Амонæг:
Цалынмæ, æвзагыл цы адæмыхатт дзуры, уыдон цæрой, уæдмæ цæры æвзаг дæр. Фæлæ куы нал уой, кæнæ æндæр адæмыл куы бафтой æмæ уыдоны æвзаг куы райсой, уæд æвзаг дæр амæлдзæн. Абон махæн, рæзгæ фæлтæрæн, нæ сæрмагонд нысан хъуамæ уа нæ æвзаг уарзын, зонын æмæ йæ хъахъхъæнын.
5 кæсæг
Ирон æвзаг
Куы фехъусын, ирон æвзаг, дæ мыртæ, Сæ хъомыс мын фæсуры дард мæ маст, Алдзæн рухс мæм цыма ныххудт æваст, Тæхынц уылæнтау ризгæйæ дæ дзырдтæ.
Ныссагъта-иу дæ сау рæстæг ыссыртæ, Цæмæй æнусмæ фескъуыйа дæ зард, Фæлæ дæ сæфт дæуæн нæ федта сар, Тæмæн калгæйæ, ды мæнмæ ысдзырдтай.
Цыма мæм радта буц фыдæл йæ арм, Кæсы мæм афтæ, æз йæ хъазтмæ хъусын, Дæ алы дзырды дæр æмбæхст и сусæг,
Йæ тынтæй сæ ныр дæр æмбæрзы тар, Дæ цæссыгтæ мæ зæрдæйы æрхъуызынц, Йæ тæгтæ йын сæ карз хъыгæй нынкъуысынц.
Гобозты Валери
5