СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Миногон.Фаззаг ралаууыд йа рады.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Миногон.Фаззаг ралаууыд йа рады.Миногон хуыйны,предметты аууалта цы ныхасы хай нысан каны,уый. Миногонта домынц фарстыта цавар? цыхуызан?

Просмотр содержимого документа
«Миногон.Фаззаг ралаууыд йа рады.»

Урочы темœ «Миногон.Фœззœг ралœууыд йœ рады»

Урочы эпигрœф:

«Фœззœг ралœууыд йœ рады,

Бон œнкъардхуызœй кœсы

Дымгæ сау мигъты цæгатæй

Хуссармæ хæссы»

Кочысаты М.

Урочы нысантœ:

1.Бацамонын цы у миногон.

2.Бакусын дзургœ œмœ фысгœ ныхасы рœзтыл.

3.Райгуырœн бœстœмœ уарзондзинад гуырын кœнын, œрдзы рœсугъддзинад œмбарын кœнын сывœллœттœн.

Урочы фœлгонц: презентации, карточкœтœ хœслœвœрдтимœ, нывтœ,слайдтœ.

Урочы цыд:

I. Бацœттœгœнœн рœстœг

1.Ахуыргœнœджы ныхас: Бакœсдзынœн œмдзœвгœ œмœ дзы ссарут номадартæ.

Цавæр афæдзы афон ралæууыди?

Бонтœ згъорынц размœ

Дугъœттœй цœрдœг.

Сœрды фœстœ махмœ

Ралœууы …

Хозиты Яков

Сывœллœтты дзуапп: Фœззœг

Радзурут ма нывтæм гæсгæ, цœмœй хицœн кœнынц сœрд œмœ фœззœг кœрœдзийœ?

Сывœллœтты дзуаппытœ:

Уазал бонтœ,къœвда уары,мигъ бонтœ,бон фœцыбырдœр,бур кœрдœг.

Раттут ма фœрстытœ дзырдтœм:уазал,бур.

Сывœллœтты дзуапп:

Цавœр?Цыхуызœн?

Уœдœ нœ урочы цœуыл дзурдзыстœм?

Цавœр ныхасы хœйттœ сты ацы дзырдтœ?

Сывœллœтты дзуапп:

Миногоныл.

Ахуыргœнœг:

Байхъусут уыци-уыцимœ.

Кœй ныхœстœ сты уый базонут.

Йе 'ууœл номдарœн œвдисын,

Уый цœмœй зына œргом.

Бирœ хœстœ химœ исын,

Базон – ма,куыд у мœ ном.

Сывœллœтты дзуапп:

Миногон

Ахуыргœнœг:

Уœдœ ма зœгъут,цавœр ныхасы хай у миногон?

Сывœллœтты дзуапп:

Миногон œвдисы номдары œууœл. Дзуапп дœты фœрстытœн цавœр? цыхуызœн?

Ахуыргœнœг:

Нœ зœрдыл œрлœууын кœнœм фœззœджы мœйтœ œмœ сœ бахъуыды кœнœм.

Сывœллœтты дзуапп:

Рухœны мœй

Кœфты мœй

Джеоргуыбайы мёй

2.Бакœсын презентацимœ «Фœззыгон нывтœ». Сывœллœттœн бахœс кœнын ныффыссын дзырдбœстытœ слайдтœм гœсгœ.

3.Цы дзырдбœстытœ ныффыстой уыдонимœ œрхъуыды кœнын хъуыдыйœдтœ œмœ дзы ссарын номдартœ œмœ миногонтœ,сбœрœг сын кœнын сœ грамматикон категоритœ.

4.Бакœсын œмдзœвгœ.Ссарын дзы миногонтœ œмœ сбœрœг кœнын, цœй œууœлтœ œвдисынц. (Æмдзœвгœ лœвœрд цœуы экраныл)



Знон дœр ма булœмœргъ зарыд,

Алкœм дœр сау уыди зœхх.

Фœлœ ныр урс – урсид дары ,

Цыма йыл байзœрсти цœхх.

Ахуыргœнœг: Зœгъут ма цавœр рœстœг œвдыст цœуы œмдзœвгœйы? (Æрœгвœззœг)

5.Чиныгимœ куыст: сœххœст кœнын 353 –аг фœлтœрœн дзургœйœ.

6.Радзурут фœззœджы œрцыд цœмœй базонœм.

Сывœллœтты дзуœппытœ:

Цъиутœ атœхынц хъарм бœстœм.

Бон цыбыр вœййы.

Адœм хъœздыг тыллœг œфснайынц.

Бœлœсты сыфтœртœ вœййынц алыхуызон:бур,цъœх,сырхбын,морœ.

II. Урочы темœ бафидар кœнын

Байуарын сывœллœттœн карточкœтœ алыхуызон хœслœвœрдтимœ:

1.Номдармœ бафтауын миногон

2.Сбœрœг кœнын хъуыдыйады миногон

3.Нывмœ гœсгœ дзырдбœстытœ œмœ хъуыдыйœдтœ œрхъуыды кœнын.

4.Ӕмдзæвгæйæ скъуыддзаг бакæсын æмæ дзы ссарын номдартæ æмæ миногонæ:

«Байрайай, бæркадджын,

Бурзачъе фæззæг!

У нын де ̕ рцыд адджын,

Царды хос хæссæг»

Хозиты Яков

III.Урокœн хатдзœгтœ скœнын. (рефлекси)

- Кœцы куыст уœм цымыдисагдœр фœкасти?

- Цы базыдтат ногœй урочы?

- Урок уœ зœрдœмœ цœмœй фœцыдис?

IV.Хœдзармœ куыст - 54 §, ныффыссын цыбыр радзырд «Фœззœг нœ горœты», «Фӕззӕг Ирыстоны».