МЫСТ ЙӔ ФЫРТӔН ЧЫНДЗ КУЫД АГУЫРДТА
Дзурӕг: Раджыма-раджыма, царди ӕмӕ уыди иу хӕрзӕгъдау Мыст. Ӕмӕ йын уыдис иунӕг хъӕбул – буцхаст, хӕрзхъал ӕмӕ ӕнӕрвӕссон. Уӕд ӕрцыд рӕстӕг мыстӕн бинонты хъуыддаг бакӕнын.
Мад: Мӕ хъӕбул, чындз нӕм куы уаид, чындз, уӕд мын мӕ къух гыццыл барог кӕнид. Афон дын у ус ракурын.
Мыст: Цы?! Ус?! Ӕмӕ кӕй ракурон?
Мад: Ау, куыд кӕй? Уааартӕ къутуйы цы бинонтӕ цӕры, уыдонмӕ заманай чызг.
Мыст: Уыцы цыргъхъус? Куыд нӕ, стӕй!
Мад: Уӕд та ныккӕнды чи ис, уый. Диссаджы рӕсугъд ӕй хонынц.
Мыст: О, мӕйтӕ ӕмӕ дзы хуртӕ кӕсы! Йӕ рихитӕ мӕ рихитӕй даргъдӕр сты!
Мад: Уӕдӕ къӕбицы цы бинонтӕ ис, уыдоны чызгӕй та цы зӕгъдзынӕ? Ӕмбисонды хъӕздыг сты!
Мыст: Бинонтӕ хъӕздыг, сӕ чызг та – зылынкъах. Нӕ, мыстытӕй мӕ иунӕг дӕр нӕ хъӕуы.
Мад: Мӕ хӕдзар фехӕлд! Уӕдӕ дӕ чи хъӕуы?
Мыст: Мӕн фӕнды дунейы ӕппӕтӕй тыхджындӕр чи у, уыимӕ бахӕстӕг кӕнын.
Мад: Дӕ сӕрызонд фӕлыгъд? Мӕймӕ цӕуыс усгур? Куыд ис уымӕн гӕнӕн? Ӕз Мӕймӕ минӕвӕрттӕ нӕ барвитдзынӕн!
Мыст: Нӕ мӕ хъӕуынц минӕвӕрттӕ, ӕз мӕхӕдӕг дӕр ацӕудзынӕн.
Дзурӕг: Ацыди Мыст, уӕдӕ цы уыдаид. Бирӕ цыди, гыццыл цыди – иу афон бахӕццӕ Мӕймӕ.
Мыст: Мӕй! Усгур дӕн, ӕмӕ мӕ фӕнды дунейы ӕппӕтӕй тыхджындӕр чи у, уыимӕ бахӕстӕг кӕнын. Ратт мын дӕ чызджы.
Мӕй: О, тыхджын дӕн ӕз. Зӕххыл нӕй ахӕм бынат ӕмӕ мӕ рухс кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны ӕхсӕв уӕларвыл куы фӕцӕуын, уӕд. Фӕлӕ куыддӕр бон цъӕхтӕ кӕнын райдайы, афтӕ мӕ рухс бамынӕг вӕййы, стӕй бынтон ахуыссы. Хур мӕнӕй тыхджындӕр у, Хурмӕ ацу.
Дзурӕг: Араст Мыст Хурмӕ. Иу афон бахӕццӕ ӕмӕ дзуры:
Мыст: Хур! Усгур дӕн, ӕмӕ мӕ фӕнды ӕппӕтӕй тыхджындӕримӕ бахӕстӕг кӕнын. Афтӕ фехъуыстон, дӕуӕй тыхджындӕр нӕй. Ратт мын дӕ чызджы.
Хур: Растдзинад фехъуыстай. Тыхджын дӕн ӕз. Куы скӕсын, уӕд ӕхсӕвы талынг ӕвӕдӕй батайы. Стъалытӕ ӕмӕ мӕй дӕр нӕ уӕндынц мӕ цуры рухс кӕнын ӕмӕ, зӕххӕй кӕсгӕйӕ, зынгӕ дӕр нал фӕкӕнынц. Фӕлӕ ис мӕнӕй тыхджындӕр. Уый Мигъ у. Куы мӕ бамбӕрзы, уӕд мын мӕ рухс ахуыссын кӕны. Мигъмӕ ацу.
Дзурӕг: Мыст дӕлӕ-уӕлӕ нал фӕкодта ӕмӕ йӕ фӕндаг Мигъмӕ сарӕзта. Кӕддӕр бахӕццӕ, бамбарын ын кодта йӕ курдиат. Уӕд Мигъ ныхъуыды кодта ӕмӕ загъта:
Мигъ: Раст загъта Хур. Тыхджын у йӕ рухс. Стъалытӕ ӕмӕ мӕйы рухс йӕ цуры ницы сты. Фӕлӕ умӕн дӕр йӕ бон ницы уал вӕййы ӕз уӕларвыл ме ̛ стыр гауыз куы райтындзын, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр ис мӕнӕй тыхджындӕр.
Мыст: Чи, чи у дӕуӕй тыхджындӕр?
Мигъ: Дымгӕ. Уый куы радымы, уӕд мӕ гӕбазгай бакӕны. Нӕ, Дымгӕ мӕнӕй тыхджындӕр у.
Дзурӕг: Ацыди та Мыст Дымгӕ агурӕг. Йӕ фӕндаг даргъ уыды, цыбыр уыди – уый бӕлвырд ничи зоны. Фӕлӕ иу ахӕмы Дымгӕйыл фӕхӕст, радзырдта йын, цӕмӕ йӕ агуырдта. Уый йӕм байхъуыста, ницы йӕм сдзырдта. Йӕхи ныдымста ӕмӕ ахӕм футтытӕ ныккодта, ӕмӕ Мыстӕн йӕ къӕхтӕ зӕхмӕ дӕр нал хӕццӕ кодтой. Афтӕ Дымгӕ Мысты скъӕфта ӕмӕ скъӕфта, цалынмӕ йӕ хохы скъуыды не смидӕг кодта, уӕдмӕ. Мыстӕн йӕ уд йе ̛ муд куы ̛ рцыд, уӕд йӕ цӕстытӕ хъавгӕ-хъавгӕ байгом кодта ӕмӕ, Дымгӕйы уддзӕф куы нал бамбӕрста, уӕд загъта:
Мыст: Гъм, дымгӕ, дам. Цы у, цы дымгӕ хохы раз! Хох, йе Хох! Усгур дӕн. Фӕнды мӕ демӕ хӕстӕг бакӕнын. Куыд бамбӕрстон, афтӕмӕй нӕй дунейы дӕуӕй тыхджындӕр. Ратт мын дӕ чызджы.
Хох: Тыхджын, зӕгъыс? Бӕргӕ уаин тыхджын сымах, мыстыты мыггаг куы нӕ уаиккат, уӕд.
Мыст: Ӕмӕ дын цы кодтой мыстытӕ?
Хох: Куыд цы? Ӕрбакӕс-ма мӕм, мӕ буар скъуыдтӕй куы нал зыны. Тагъд бынтон ныппырх уыдзынӕн, афтӕ мӕ бахсыдтой де ̛ стӕгхӕстӕджытӕ! Сымах мӕнӕй тыхджындӕр стут!
Мыст: Уӕдӕ махӕй тыхджындӕр ничи у? Афтӕ уайы? Афтӕ уайы!
Дзурӕг: Ӕрыздӕхт Мыст хъӕмӕ, барвыста хуымӕтӕг мыстмӕ минӕвӕрттӕ ӕмӕ сын скодтой чындзӕхсӕв. Йӕ кой ма абон дӕр кӕнынц.
2