СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

На федтон амонд аз

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

       Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

                Куы бафидин искуы мæ хæс.

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.

Просмотр содержимого документа
«На федтон амонд аз»


Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс.

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс.


Къоста!.. Цас бирæ хъуыдытæ сæвзæры адæймаджы сæры. Нæ зæрдыл æрлæууынц йæ царды зын хабæрттæ, йæ поэзийы мидис. Ирыстоны Къостайы номимæ байгом вæййынц хæдзæртты æмæ зæрдæты дуæрттæ, уымæн æмæ Къостайы сфæлдыстад бæрзонд у йæ адæмондзинадæй, йæ алывæрсыгæй. Поэты сфæлдыстады сæйрагдæр бынат ахсы мæгуыр адæмы фыдцард.

Къоста уыд Прометей. Йæ мæгуыр Ирыстоны йæ рухсæй чи рухс кодта, йæ уды хъарм ын рæдауæй чи лæвæрдта, хъайтарон ивгъуыд дуг кæмæн уыд, сæ дард фæстагæттæн мингай азты сæрты скифты æвзаг чи æрхаста, уыцы æбар, æфхæрд адæмæн Къоста кæронмæ снывонд кодта йæ цард. Сæххæст поэты бæллиц, рагон нæртон лæгау ныззарыд. Йæ уацмыстæм ын æрыхъуыстой дунетæ.

Иубон газеты мæ цæст æрхæцыд Джыккайты Шамилы хъуыдыйыл. Уый-иу афтæ загъта: « Къостайы хуызæн адæм райгуыры сæдæ азы иухатт». Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг мæ сцымыдис кодта Шамил. Райдыдтон «Ирон фæндыр»-ы уацмыстæ ногæй кæсын. Дисы мæ бафтыдтой. Мæ хъустыл ауад поэты æнкъард хъæлæс. Йæ алæмæты рæнхъытæ иугай-дыгай зæлыдысты уæлдæфы æмæ сæ дымгæ рахæсс-бахæсс кодта.

Уæлдай хæстæг мæ зæрдæмæ айстон «Додой»-ы мидис. Цас тых ис ацы æмдзæвгæйы. Йæ алы дзырд дар йæхимæ æлвасы æндонау …


«Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!

Зæй уæ фæласа, нæ тæрхоны лæгтæ, ―

Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..»


Бирæ сыл фæхъуыды кодтон. Цымæ цæй тыххæй «додой» кæны Леуаны фырт? Мæсты кæны æмæ уымæн æви мæгуыр адæймаджы хъизæмар цард уыны?.. Цæмæй уацмысæн йæ ратæдзæн раиртасон, уый тыххæй лæмбынæгдæр æркастæн Къостайыл фыст æрмæгмæ. Се ̒хсæн сын ссардтон фыццаг хатт поэт йæ тæхгæ-нæргæ рæнхъытæ кæм бакаст, уый.

Цæвиттон, иу хурбон сихормæ æввахс, Джимарайы хосгæрдджытæ сæ фæллад куы уагътой, уæд фæндагыл фæзынд барæг. Дардмæ йæ нæ базыдтой, фæлæ сæм куы æрбахæстæг, уæд сæ цинæн кæрон нал уыд. Уазæг уыд цæхæрцæст Къоста. Фысымтæ быцæу кæнын райдыдтой, кæмæ бахсæвиуат кæндзæн, зæгъгæ. Схаудта Хъалæгаты хал. Уайтагъд кусарт акодтой, фæлæ хъæубæстæй дæр афтидæй ничи цыд куывдмæ. Хистæртæ хатын райдыдтой Къостамæ, цæмæй сын йе ̒мдзæвгæтæй исты радзура. Уый æвиппайды фестад æмæ райдыдта дзурын «Додой». Хъæубæстæ иууылдæр: стырæй, чысылæй сæ цæстысыг сæрфтой.

Цымæ цæмæн лæууыдысты адæм æрхæндæгæй? Æвæццæгæн, алчидæр хъуыды кодта йæхи хъысмæтыл. Цы тых цард кæнынц, ууыл. Сæ бон сæ сæртæ схъил кæнын дæр куыд нæу фыркуыстæй. Сæ бартыл сын чи сдзура, ахæм адæймаг дæр кæй нæй , ууыл.

Ехх, æвæдза! Зæрдæ фыды мур йеддæмæ нæу, æмæ цастæн фæразы.Хъизæмар æмæ тухи цæрдтытæм кæсгæйæ, цæстысыг згъалгæйæ, Къостайы зæрдæ суагъта æрттивгæ талатæ. Уыдонæй сæвзæрд «Додой». Хетæджы фырт сиды йæ уарзон ирон адæммæ, цæмæй кæрæдзийы мауал дихтæ кæной, фæлæ баиу уой. Знаджы ныхмæ дæр иумæ æрлæудзысты. Хъару иудзинады кæй ис, уый сын æмбарын кæны.

Адæймаг йæ райгуырæн бонæй йæ царды фæстаг бонмæ амайы йæ ном æмæ йæ царды мæсыг. Амайгæ та йæ кæны йæ къухты фæллойæ, йæ зонд æмæ зæрдæйы рæсугъддзинадæй.

Ирыстоны зæххыл нæ уæздан фыдæлтæ кад æмæ фарнимæ цардысты. Уыдонæн райгуырæн зæхх мады ад кодта, цæуын æмæ кусынæй йыл нæ фæлладысты. Ирон зарæг æмæ фæндыры цагъдæй та зæрдæйы дуæрттæ гом кодтой.

Чи зоны, Къостайæн дæр æхцон уыд , Ирыстоны тырысайы бынæй дардмæ фæлгæсын. Йæхæдæг та, раст сæрыстыр фыранкау, йæ адæмы хъахъхъæдта, куыд йæ бон уыд, афтæ. Йæ базырджын ныхæсты æмæ сызгъæрин пъеройы фæрцы.