КУЫСТЫ ФÆЛТÆРДДЗИНАДЫ ÆРФЫСТ.
42-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг : Батырты З.А
Иу куырыхон лæг загъта: «Цæмæй сывæллонæй хорз адæймаг рауайа , уый тыххæй ын дæс азы дæргъы дæттын хъæуы цыппар урочы – æнæниздзинады урок, уарзондзинады урок, зонынджындзинады урок, фæллойы урок.» Куы йæ бафарстой, кæцы сæ у ахсджиагдæр æмæ зындæр,уад уайтагъд загъта: « Уарзондзинады урок! Уымæн æмæ зæрдæйы уарзондзинад куы нæ уа ,уæд кæй хъæуынц æнæниздзинад дæр, зонд дæр æмæ фæллой дæр.»
Дзæуджыхъæу. 2018 ахуыры аз.
« Сывæллон у æнæфыст фæйнæг –
цы йыл ныффыссай,уый ыл баззайдзæн.»
Ян Амос Каменский.
Цыппор дыккæгæм скъолайы кусын райдыдтон ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй 1986 азы. Кусын райдайæн съолайы æхсæз-авд азы кæуыл цæуы ,уыцы сабитимæ 31 азы.
Мæ размæ æвæрын хæстæ:
- сабитæн скъола бауарзын кæнын,цæмæй цингæнгæйæ згъора ахуырмæ, тырна зонындзинæдтæ исынмæ,сахуыр кæнын сабийы ахуыр кæнын,
-бауарзын ын кæнын ирон æвзаджы урок ,чиныг ,ахуыр ,
- раргом кæнын мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад,
- адæймаджы хуыздæр миниуджытыл хъомыл кæнын,
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Ирон æвзаг нæ республикæйы паддзахадон æвзæгтæй иу у ,ирæтты мадæлон æвзаг.
Куыд уырыссаг æвзаг ,афтæ ирон æвзаг у филологон циклы иу хай æмæ рæзын кæны скъоладзауы коммуникативон культурæ , æххуыс ын кæны йæ ныхасы рæзтæн, уæрæх ын кæны йæ дунеæмбарынад æмæ хъомыл кæны ирæтты хуыздæр традицитæ æмæ æгъдæуттыл.
Ирæттæ сæ равзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл,уымæн æмæ æмбарынц : цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн нæ адæмы культурæ æмæ хиæмбарынад. Мадæлон æвзаг у сывæллоны зонды райрæзты ахсджиаг фæрæз.Уымæ гæсгæ ирон æвзаг скъолайы программæйы ахсы егъау бынат. Лæвæрд ын цæуы 3-4 сахаты. Кæй зæгъын æй хъæуы ,уыцы рæстæг фаг нæу æххæст кусынмæ. Хъыгагæн абоны сывæллæттæ тынг лæмæгъ зонынц ирон æвзаг, нæ фембарынц бирæ дзырдты нысаниуæг, хæрз мæгуыр вæййы сæ дзырдуат, сæ бон нæ вæййы дзырдтæ кæрæдзийыл бабæттын, бирæтæ та йæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц .
Уымæ гæсгæ сывæллæтты ныхасы рæзтыл кусын райдайын фыццаг урокæй,ома кæсын æмæ фыссын райдайыны агъоммæ.Ныхасы рæзтыл кусгæйæ стыр æргом здахын дзырдты нысан амонын амæ бахъуыды кæнынмæ. Ахуыргæнинаг алы урочы дæр хъуамæ базона цыппар-фондз ног ирон дзырды . Ног дзырдтæ бæттæм зонгæ дзырдтимæ ,аразæм семæ дзырдбæстытæ ,цыбыр хъуыдыйæдтæ. Хистæр кълæсты ма сæ ныффыссæм нæ тетрæдты дæр, кусæм сыл ,цалынмæ сæ сывæллæттæ бæстон нæ бахъуыды кæной ,уæдмæ.
Афтæмæй ахуыры азы фыццаг æмбисы ахуыргæнинæгтæ базонынц 250 дзырды онг;предметы нæмттæ, архайджытæ иууон æмæ бирæон нымæцты,хъуыдыйады бæттæг «æмæ» -йæ пайда кæнын,номдар номивæгæй баивын,миногонæй пайда кæнын хъуыдыйæдты, предметтæ,архайд ныхæй –ныхмæ æвæрын,нымайын 20-мæ.
Алы урочы дæр мæ хъус дарын ахуыргæнинæгты ныхасы хъæдмæ,аразæм уæнгон-мырон анализ дзырдтæн.
Ирон æвзаджы æмхъæлæсонтæй фараст арæзт сты дыууæ нысанæй æмæ уымæ гæсгæ ацы æмхъæлæсонтæ бамбарыны тыххæй аразын сæрмагонд фæлтæрæнтæ. Сывæллæттæ сæ нæ фæзонынц раст дзурын ,стæй та кæсын æмæ фысын дæр.Кæсын æмæ фыссын ахуыргæнгæйæ сывæллæттæ хъуамæ бамбарой, хъæбæры нысан мыр кæй нæ дæтты,æрмæст кæй æвдисы ,йæ размæ æмхъæлæсон мырты хъæбæрæй кæй кæсæм,уый. Мæ куысты пайда кæнын тагъддзуринæгтæй, цыбыр æмдзæвгæтæй,хъæзтытæй. Уыдоны фæрцы сабитæ æнцондæрæй базонынц ацы мыртæ раст дзурын. Алы урочы дæр пайда кæнын цæстуынгæ æрмæгæй, аразæм ног дзырдтæ лыггонд дамгъæтæй, аразын грамматикон хъæзтытæ. Райдайæн кълæсты мæ куысты пайда кæнын хъазтæй,дидактикон хъæзтытæй.
Чиныджы æрмæг ахуыр кæнгæйæ фыццæгæм къласы сывæллæтты зонгæ кæнын грамматикон æууæлтимæ дæр.Сывæллæттæ практикон æгъдауæй бамбардзысты орфографион æгъдæуттæ: стыр дамгъæ хъуыдыйады райдайæны,нæмтты,мыггæгты, хъæуты æмæ горæтты нæмтты; стъæлф,фарсты æмæ хъæры нысан хъуыдыйады кæрон кæд æвæрæм; хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон,зылангон æмæ æзылангон мыртæ æмæ аф.д.
Чиныджы æрмæгмæ гæсгæ аразæм цыбыр хъуыдыйæдтæй арæзт радзырдтæ, мæ хъус дарын ,цæмæй зонгæ дзырдтæй ныхасы мидæг раст пайда кæной.Сывæллæтты дзырдуат сабыргай рæзы,иу бонæй иннæмæ хъæздыгдæр кæны. Дæргъвæтин рæстæг рацæуы,цалынмæ скъоладзаутæ сæхæдæг сæ хъуыдытæ дзурын базоной, уæдмæ.
Сывæллон уарзы хъусын аив ,фæлмæн ныхасмæ. Искæмæ хъусын цас уарзы ,уыйбæрц тырны йæхи хъуыдытæ зæгъынмæ дæр,æмæ йæм зонын хъæуы лæмбынæг байхъусын. Мысæггæгæй куы дзура ,уæддæр ын ис бамбарæн,срастгæнæн,æрмæст арæхсджынæй. Уадз æмæ дзурой сывæллæттæ сæ хъуыдытæ,цас фылдæр архайой дзурыныл,уыйас хуыздæр ,тагъддæр æмæ хъæздыгдæр кæндзæн се *взаг. Иугæр сывæллæттимæ дзурын хъомыладон уагыл, уæд мæхи æруадзын уыдоны æмвæзмæ.
Мæ куысты пайда кæнын адæмон сфæлдыстадæй: æмбисæндтæй,уыци-уыцитæй,базон-базонтæй,аргъæуттæй, таурæгътæй. Урочы ахуыр кæнæм æмдзæвгæтæ, тагъддзуринæгтæ. Æвæрæм иумæйаг фарстатæ,цы хонæм уыуи-уыци?Æмбисæндтæ?
Уыци-уыцитæ ,кæнæ базон-базонтæ дзурæг-фæрсæг амоны иу,кæнæ иннæ предметы бæрæг миниуджытæм фæсномыгæй.Уыцы миниуджытæм хъусгæйæ ,хынцæг-хатаг ссары предметы иннæ миниуджытæ æмæ йын фæзæгъы йæ ном. Зæгъæм : « Базон-базон,уый та циу? Нæдæр гал у ,нæдæр бæх. Афтæмæй фæлдахы зæхх.»
-Æнæ галæй,æнæ бæхæй зæхх цы фæлдахы хуымгæнæны?( Трактор.) Æмæ йæм зæхх фæлдахынæй уæлдай цы миниуджытæ ис,уыдон базыдтам сæйрагдæр миниуджытæм амонгæйæ: галл æмæ бæхау хæцы размæ,ласы йæ фæдыл гутон æмæ фæлдахы зæхх.
Уыци-уыцитæ зонын, лæмбынæгдзинад рæзын кæнын, сæ дзуæппыты цы дзырдæ ис, уыдон раст фыссын зонын. Æнцондæрæй сын сæ орфограммæтæ бахъуыды кæнынц, сæ зæрдыл сæ хуыздæр бадарынц.
Æмбисæндтæ дарддæр ахæццæ кæн.
Чи нæ кусы, уый -----.
Æгъдау кæмæ ис, зонд-----.
Афтид голлаг-----.
Хорздзинæдтæн-----.
Деджызы-----.
Иу уалдзыгон бон-----.
Арсимæ кæрдо-----.
Доны куы нæ ныххизай, уæд-----. æмæ аф.д.
Æмбисæндтæ райсын æмæ сыл кусын урочы темæмæ гæсгæ. Хъомыладон куыстæн стыр ахъаз сты. Æвæдза рæзгæ фæлтæр ирон æмбисæндты мидисыл фæхæст сты се*рвылбон царды,уæд æнцондæрæй æвзариккой царды фæзилæнтæ. Æмбисонд та у зонды цыбырдæр хуыз,аивдæр фæлгонц æмæ фæлыст. Уымæй уæлдай æмбисæндты мидис амоны фидæнмæ æппæты растдæр æмæ цыбырдæр фæндаг.
Зæгъæм, дзырдуат фæфылдæр кæнынæн ис аразæн ахæм хъæзтытæ хъæугæ орфограммæйыл:
Кълас адих кæнын цæлдæр къордыл рæнхъытæм гæсгæ. Скъоладзаутæн фæйнæ сыфы раттын (алы рæнхъæн дæр иу сыф). Фæстаг партæйæ райдайынц фыссын алчидæр иу дзырд, стæй йæ дæтты йæ разæй чи бады, уымæ æмæ дарддæр. Тагъддæр чи ратта сыф ахуыргæнæгмæ æмæ раст кæцы рæнхъ ныффысса, уыдон æмбулынц ацы хъазты.
Алы ног æрмæджы кæрон дæр кæнын сбæлвырдгæнын куыст, куыст, фыссын диктанттæ. Дыккаг урочы скæнын рæдыдтыл куыст – 20 минут бæрц, дарддæр та ма рацыд æрмæгыл бакусын.
Сывæллæтты растфыссынадыл кусгæйæ ахсджиаг куст у сæ хæдзармæ куыстыты рæдыдтыл раст кусын. Рæдыдтыл лæмбынæг бакусгæйæ сæ адих кæнын къордтыл, стæй ма иу хатт бакусын уыцы æрмæгыл, кæцыйыл скодтой фылдæр скъоладзаутæ рæдыд. Цас фылдæр хъус дарай ацы куыстмæ, уый бæрц хуыздæр æмæ растдæр фысдзысты ахурдзаутæ. Цæмæй скъоладзаутæ хуыздæр фыссой, сæ дзырдуат хъæздыгдæр уа, уый тыххæй та алы урочы дæр кæнын хъæуы дзырдуатон куыстытæ. Уыцы хæс нын нæ размæ æвæры программæ дæр. Ацы куыст айдагъ æвзаджы урокты нæ кæнæм, фæлæ ма кæсыны урокты дæр. Цы ног дзырдтыл сæмбæлæм текст æвзаргæйæ, уыдоныл бæстон бакусæм, ныффысæм сæ дзырдуæтты, 1 – 2 – æм кълæсты ма сæ лыггонд дамгъæтæй дæр сæ саразын. Дзырдуатон куыст раст æвæрд куы уа, куыд æмбæлы афтæ йыл куыс куы цæуа, уæд сывæллæтты рæдыдтæ уыдзысты къаддæр, куыд фæстæмæ бынтон дæр нал уыдзысты.
Арæх скæнын уроктæ,кæцыты афæлгæсæм нæ фыдæлты цардмæ,ахæссын сæ «Уазæгуаты ивгъуыдмæ» . Ам сывæллæтты зонгæ кæнын нæ рагфыдæлтимæ, сæ царды уавæртимæ,цавæр æгъдæуттыл хæст уыдысты ,царды алы хъуыддагмæ цы цæстæй кастысты,хистæр сæм куыд тынг кадджын уыд ,уый ныхас æмæ фæндонæн цы аргъ уыд. Бакæсæм Нарты таурæгътæ. Бирæ æгъдæуттæн сæ мидис нæ фембарынц сывæллæттæ æмæ сæ сæвæрын раст зондыл ,бæстон сæ мидисыл æрдзургæйæ. Сывæллæттæ хъуамæ кæсой нæ адæмон сфæлдыстад æмæ зоной не*гъдæуттæ.Нæ истории куы зоной ,уæд сын æнцондæр уыдзæнис рагон царды хорз æмæ рæсугъдæй цы уыд,стæй дзы цардæн къуылымпыйы хос цы уыд,уый равзарын æмæ ныр цавæр цард аразынмæ тырнын хъæуы , фидар кæцы æгъдæуттыл хæцын хъæуы,уый сбæлвырд кæнын. Ацы урокты сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын сæрыстырдзинад нæ адæммæ,нæ историмæ,не*взагмæ , цæмæй нæ ирон уидæгтæм хæдзардзин цæстæй кæсой. Фæзмой лæгдзинад,нæ рæзгæ фæсивæдмæ уа æфсарм,намыс, æгъдау.
Бæрæг цаутæ æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзын мæ урокты.
Стыр пайда хæссы фæсурокты куыст сывæллæттимæ, бацæттæ кæнын æрмæг Къостайы мысæн бонмæ, Ног азмæ,Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутыл афæлгæст.Уæлдайдæр та Ирстоны цæрынхъуаг хъæбулты хъæйтартыл,хæсты быдырæй чи нал сыздæхт,йæ цард чи снывонд кодта сæрибардзинадæн. Сывæллæттæ тынг зæрдиагæй фæархайынц ,æнæзивæгæй æххæст кæнынц сæ хæстæ,сæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ дæр фæхæссынц. Фæсурокты кусгæйæ сывæллон йæхи тынгдæр раргом кæны,æндæр хуызы,бирæтæм разыны æнæзонгæ курдиат. Тынг аив бакæсынц æмдзæвгæтæ,райсынц фыццаг бынæттæ,æхсызгон сын вæййы ,аргъ сын куы кæнай сæ куыстæн,уæд.
2012 азы 1-æм сентябры Уæрæсейы хицауы уынаффæмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд иумæйаг ахуырады модернизацийы пълан, ног ФПАС –тæм рахизын. Йæ сæйраг хæс у æххæст адæймаг схъомыл кæнын,кæцы зоны ахуыр кæнын,æмбары ахуыры æмæ хиуыл кусыны ахадындзинад царды æмæ куысты мидæг;практикон æгъдауæй сæ йæ бон у пайда кæнын;ноджы ма йæ бон у хибарæй архайын æмæ йæ бинонтæ стæй æхсæнады раз йæ раконд хъуыддæгтæн дзуапп дæттын.
Скодтам цалдæр проектон куысты дæр : «Куыдзæгты Володяйы цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст», « Мæ уарзон горæт Дзæуджыхъæу», «Ирыстоны кувæндæттæ». Сывæллæтты ахуыр кæнын удвæрны хæзнатыл,проектон методæй пайда кæнгæйæ. Алы урокмæ дæр саразынц хибарæй цыбыр хæслæвæрд ,агурынц мадзæлттæ сæ сæххæст кæнынæн. Ацы куысты скъоладзау ахуыр кæны хи хъуыдытæ дзурыныл, хи хъуыдыйыл хæцыныл,искæйы хъуыдытæн аргъ кæныныл. Ахуыргæнæг æмæ скъоладзаутæ æмгуыст кæнынц ,ахуыр кæнынц æппæт адæмæн иумæйаг чи у,ахæм миниуджытæ. Саби ахуыр кæны йæхи куыстæн æмæ улæфтæн пълан аразын.
Ушинский фыста: «Если бы наставники употребляли свои пять часов ежедневных занятий, как следует и действительно заставляли работать детей в классе, то детям осталось разве что только повторять дома выученное в школе. Разнообразие методов обучения, четкая организация урока, умелое использование средств наглядности, самостоятельность на уроках активизирует школьников и повышает их успеваемость».
Нырыккон урокмæ сæйраг домæнтæй иу у педагогон наукæйы æнтыстдзинæдтæ æмæ педагогон фæлтæрдзинæдтæй пайда кæнын ахуыры процессы, уроктæ аразын ахуырадон æмæ хъомыладон фæрстыты бындурыл. Фылдæр хъус дарын хъæуы урочы ног æрмæгæн, пайда кæнын алыхуызон методикон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй. Дæттын ахæм фæрстытæ, кæцытæ сывæллæтты æфтауынц хъуыды кæныныл.
Махæн ,ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн ,не*стырдæр хæс у не*взаг
бахъахъхъæнын,уый у не стырдæр хæзна. Уый фæрцы зонæм нæ
культурæ,нæ истории æмæ кæрæдзийы дæр, зонынц нæ æппæт дуне дæр.
Зындгонд Пифагор загъта: « Искæцы адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ
базонын дæ куы фæнда,уæд уал ын йе*взаг сахуыр кæн.»
Йе ‘взагыл стырзæрдæ адæймаг- адæймаг нæу,уый хъæддæг сырд у. Йæ
мадæлон æвзаг чи нæ уарзы ,уый йæ адæмы дæр æмæ йæ Райгуырæн бæстæ
дæр æцæгæй нæ уарзы.
Ушинский дзырдта: « Родной язык является величайшим народным
наставником, учившим народ тогда, когда не было ещё ни книг,ни школ,и продолжающим учить его и тогда, когда появилась цивилизация. Родной язык есть единственное орудие,посредством которого мы усваиваем идеи, знания, потом передаём их.»