
Гæдиаты Цомахъ
«Дыууæ дидинæджы»
30- æм скъолайы
ирон æвзаг æмæ
литературæйы
ахуыргæнæг
Фæданты И.В.
Темӕ: Гӕдиаты Цомахъ.
«Дыууӕ дидинӕджы»
Нысан 1.Базонгӕ кӕнын уацмысимӕ «Дыууӕ дидинӕджы
Сбӕрӕг кӕнын идейӕ.
2.Ахуырадон нысан ӕвӕрын.
3.Ӕмгуыстад кӕнынмӕ арӕхсын,къордтимӕ кусын,хи
хъуыдытӕ ӕргом кӕнын .
4.Скъоладзаутӕм ӕвзӕрын кӕнын адӕймаджы хуыздӕр
миниуджытӕ,сӕ миддуне сын хъӕздыгдӕр кӕнын.
Ӕрмӕг:Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, фонохрестомати,компьютерон
технологи
Эпиграф:Рӕсугъд у Ирыстон.Зӕрдӕ йӕм фехсайы,зӕрдӕ йӕм
фӕласы йӕхи.
Урочы цыд
Бакӕсын эпиграф
Фарст.Ацы рӕнхъытӕ кӕмӕ ахӕссӕн ис?Цӕуыл дзурӕг сты?Абон нӕ ныхас кӕй тыххӕй уыдзӕн?
Дзуапп.Ацы рӕнхъытӕ хауынц зындгонд ирон фыссӕг Гӕдиаты Цомахъмӕ.Абон нӕ ныхас уыдзӕн Гӕдиаты Цомахъы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.
Ахуыргӕнӕг.Нӕ урочы темӕмӕ рахизыны агъоммӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Цомахъы цардвӕндаг ӕмӕ сфӕлдыстад.Цы зонут Цомахъы тыххӕй? Слайдтӕ
Дзуапп.Гӕдиаты Цомахъ уыд курдиатджын поэт,публицист ӕмӕ ӕхсӕнадон кусӕг.Гӕдиаты номдзыд Секъайы фырт.Райгуырдис 1882 азы,Гуырдзыстоны,Ганисы хъӕуы.
Дзуапп.Цомахъ хӕрз чысыл уыд,афтӕмӕй йӕ фыд ӕд бинонтӕ ралыгъди Цӕгат Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕрцардис Джызӕлы.Уый ахуыр кодта Джызӕлы райдайӕн скъолайы,Дзӕуджыхъӕуы,стӕй Стъараполы семинары.1905 азы та бацыд Эстонийы университетмӕ
Дзуапп.1908 азы Цомахъы ӕрцахстой йӕ революцион куысты тыххӕй ӕмӕ йӕ ахастой Сыбырмӕ.9 азы дӕргъы мысыди йӕ Райгуырӕн бӕстӕ.
Дзуапп.Фыццаг ирон газет саразыныл чи архайдта,уый уыд Гӕдиаты Цомахъ.Йӕ ном хуынд «Ирон газет»,кӕцы рацыд 1906 азы.
Фарст.Цавӕр уацмыстимӕ зонгӕ стут йе сфӕлдыстадӕй?
Дзуапп. «Царды уӕз», «Цӕмӕн уарзын ӕз мӕ Фыдыбӕстӕ?»



Фарст.Цӕй мидӕг ис адӕймаджы рӕсугъддзинад?Цӕмӕй у ӕнӕмӕлӕт?
Дзуапп.Адӕмы амондӕн чи цӕры,адӕмӕн цин чи хӕссы,уый у рӕсугъд адӕймаг.
Фарст.Цавӕр ӕмбисӕндтӕ ӕрхӕссын ӕмбӕлы уацмысмӕ гӕсгӕ?
Дзуапп.
1.Фӕрнджын уый у,ӕмӕ адӕмимӕ цӕрын чи зоны.
2.Иунӕгӕй цӕрын ӕлдарӕн дӕр зын у.
3.Хъал адӕймаг йӕхицӕй дарддӕр никӕй уыны.
4.Дунетӕй хуыздӕр куы фестай,гъе уӕддӕр дӕхи уд ма стау.ӕӕӕӕ
Фарст.Цавӕр аивадон мадзӕлтты руаджы раргом кодта фыссӕг уацмысы хъуыды?
Дзуаппытӕ
1.Спайда кодта олицетворенийӕ-дыууӕ дидинӕджы ныхас
2.Спайда кодта пейзажӕй-аив ӕрдзон ӕрфыстытӕ
3.Спайда кодта диалогӕй
Фарст.Чи ма спайда кодта прозаикон уацмысты диалогӕй?
Дзуапп.Коцойты Арсен «Цуанонтӕ»,Мамсыраты Дӕбе «Ӕрдхорд»
Рефлекси
Фарст.Цавӕр хъуыдытыл уӕ бафтыдта уацмыс?
Дзуаппытӕ
1.Мӕнмӕ гӕсгӕ,сӕйрагдӕр адӕймагӕн йе ддаг бакаст нӕу,йе ддаг рӕсугъддзинад,фӕлӕ йӕ уды хъӕздыгдзинад.,йӕ миддуне.
2.Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын,алы адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕ алыварс адӕмӕн исты пайда хӕсса,ӕххуыс уа.
3.Афтӕ нымайын,ӕмӕ адӕймагӕн иунӕгӕй цӕрӕн нӕй,ӕнӕ адӕмӕй.Йӕ цард уӕд ницы у.
Ахуыргӕнӕг
Гӕдиаты Цомахъ йӕ уацмыс «Дыууӕ дидинӕджы» дзӕгъӕлы не
схуыдта.Дидинӕг у рӕсугъддзинады,уарзондзинады символ.Адӕймаг хъуамӕ уыцы миниуджытӕй хайджын уа.Хъуамӕ цӕра адӕмы тыххӕй, тырна хорздзинӕдтӕм.Уӕд зӕххыл ӕвзӕрдзинӕдтӕ уыдзысты къаддӕр,ӕмӕ ӕнцондӕр уыдзӕн цӕрын.
Хӕдзармӕ хӕс:
Аив кӕсын уацмыс.Сахуыр кӕнын скъуыддзаг зӕрдывӕрдӕй.