Датæ : 04.12.18
Ахуыры темӕ: «Æрæгвæззæг» Чеджемты Геор.
Ахуыры нысан: базонгӕ кӕнын сабиты æмдзæвгæйы мидисимæ.
1. Аразын сабиты рæзтæн ахæм фадæттæ, кæцыты фæрцы сæ бон бауыдзæн куысты нысан æмæ хæстæ сæ размæ æрæвæрын
2. Хæстæ: 1) саразын лæвæрд дзырдтæй хъуыдыйад;
2) кусын ныхасы рæзтыл – хъуыдыйæдтæй чысыл радзырд саразын;
3) кæсын æмдзæвгæ аивæй, ссарын дзы хъæугæ дамгъæтæ; рӕзын кӕнын зонд, хъусдард, хъуыдыгӕнынад æмæ цымыдисдзинад ахуыры темæмæ.
Фӕстиуджытӕ: предметон: афӕдзы афонтӕ, æрдзы ивддзинæдтæ; метапредметон: кусын чиныджы æрмæгимæ, уæлæмхасæн æрмæгимæ, хатдзæгтæ кæнын зонын ахуыр кæнын, арӕхсын къордтӕй кусын; хи хъуыдытӕ зӕгъын зонын; удгоймагон: ӕвзаджы рӕсугъд ахорӕнтӕ ӕмбарын, хи хъуыдыгӕнынад срӕзын кӕнын.
Ӕххуысгӕнӕн фӕрӕзтӕ: - презентаци, - кусæн карточкӕтӕ, - дзырдуат, ахуыргæнæн чиныг, - фæйнæгыл цæстуынгæ гæнæнтæ.
Урочы цыд:
I. 1. Ахуыргӕнӕг урок райдыдта девизӕй
2. Рӕсугъд салам раттын
3. Релаксацийы рӕстӕг (___ мин)
Ахуыргæнæг - Абон, сабитӕ, нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты цымыдисаг цыппар уазӕджы: Сабыр, Гуыбыр, Хур æмæ Зондджын.
Адон се’ппæт дæр ацы урочы уе ’хсӕн ссардзысты сӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ:
а) Хорз кусгæйæ рӕсугъд ӕмӕ сабыр чи бада, уый балымӕн уыдзӕн Сабыримӕ. ӕ) Зылын ӕмӕ гуыбырӕй чи бада, уыдонимӕ тынг «фӕлымӕн» уыдзӕн Гуыбыр. б) Сабитæ, фæнды мæ, цӕмӕй ацы урочы ӕмӕ уæ дарддæры царды мидӕг хӕларӕн куы равзариккат Зондджыны. в) Фӕлӕ нын нӕ цыппӕрӕм ахсджиагдӕр уазӕджы сау мигътӕ сӕ фæстæ бакодтой!!! Сабитæ, æххуыс кæнын цы у, уый зонут? - Зонут! Уæдæ мæ уырны - сымах бон у Хуры фервӕзын кӕнын. - Куыд!? (сабитæн сæхи дæр бафæрс) - Раст. Уӕ хорз куыстӕй!
4. (Саби )Абон радгӕс чи у? (аразы диалог «Къуырийы бонтӕ).
- Абон цы бон у?
- Знон цы бон уыди?
- Райсом цы бон уыдзӕн?
- Къуырийы бонтӕ чи зӕгъдзӕн?
- Ӕнӕхъӕн кълас дзуры къуырийы бонтӕ.
5. Рацыд ӕрмӕг фӕлхат кӕнӕм: (карточкæтимæ куыст)
а) Нымӕцонтыл афӕлгӕст; ӕ) Дывӕргонд дамгъӕтыл кусын (иумӕ сӕ дзурын, фӕйнӕгмӕ кӕсгӕйӕ);
б) Ӕмхъӕлӕсонтӕ сфӕлхатын; в) Хъӕлӕсонтӕ сфæлхатын; г) Уӕнгтӕ; гъ) Хуызтӕ;
6. Фонетикон куыст бакæнон «Чи дæ чи?»(Саби дзуры йæхи тыххæй 5 хъуыдыйад)
7. Спайда кӕнын центонӕй.
- Сабитӕ, цавӕр афӕдзы афон уыд? - (Уыди фæззæг) - Фæззӕджы мӕйтӕ чи зӕгъдзӕн? (Рухæны мӕй, кӕфты мӕй, Джеоргуыбайы мӕй)
- Сабитӕ,Фæззæг тагъд кодта цӕуынмӕ, фӕлӕ йӕ тынг бафӕндыд уӕ зӕрдӕты исты хорз фӕд ныууадзын ӕмӕ нын ӕрбарвыста нӕ урокмӕ диссаджы стъолӕмбӕрзӕн. Уый хуыд ӕрцыд алыхуызон гӕппӕлтӕй, уӕ зонындзинӕдтӕй.
(Карк, гӕды, фӕткъуы, джитъри, дидинæг, заз, дзул, къаба, зымӕг.)
- Фыццаг гӕппӕлы тыххӕй уын дзурын мӕхӕдӕг
Карк - хӕдзарон маргъ, у хъулон-мулон (дзыгъуыр)
Гӕды, Заз-
Фӕткъуы, Дзул-
Джитъри, Къаба-
Дидинæг, Зымӕг- ( ___ мин)
8. Скӕнын физминуткӕ.
- Сабитӕ, уынын афӕлладыстут, сыстут уӕ хорзæхæй. Ахуырдзаутӕ фӕзмынынц - дзырдтӕ, архайд (ахуыргæнæджы).
II. 1. Ног ӕрмӕгмӕ рахизын.
Презентаци, йæ темæ у «Фæззæг-Зымæг».
(- Зæгъут-ма, сабитæ, исчи уӕ базыдта нӕ урочы темӕ? - Куыд уæм кæсы, сабитæ, цæуыл дзурдзыстæм абон мах? Иттæг хорз!
-Фæззæг æмæ зымæгыджы тыххæй …
(ахуыргӕнӕг фыссы темӕ фӕйнӕгыл).
Дзырдуат:
Æрæгвæззæг – поздняя осень ;
нысан - цель ;
хæс – задание,
фæлгонц-олицетворени.
2. Дзырд «æрæгвæззæг» кæнæм дамгъон-мырон ӕвзӕрст, ӕвӕрӕм дзырды цавд, «дз»-йы бын хах кӕнӕм.
- Æмæ кæд абон урочы темæ базыдтат, сабитæ, уæд уæм куыд кæсы, цавæр нысан ис абон нæ урокæн? Дзырд нысан-мæ сабиты 'ргом здахын (куы ницы сдзурой, уæд…) - Æрдз йæхи куыд ивы? - Æви нæ аивта, æппындæр? - Дзурын фæззæджы тыххæй. Нæ уæ фæндид дзурын фæззæджы тыххæй? - О!?
- Уæдæ, сабитæ, цы уыдзæн нæ урочы сæйраг нысан!? Цæмæ æрцæуæм? - Иттæг раст - базонын дзурын фæззæджы тыххæй.
Æмæ цæмæй нæ нысан сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ хъæуы бакусын хæстыл: - фыццаг хæс: дзырдтæй сæмбырд кæнын хъуыдыйæдтæ фæззæджы тыххæй, - дыккаг хæс:æмдзæвгæйы мидис равзарын,ссарын ын йæ темæ æмæ сæйраг хъуыды .
- Нӕ фæззæг дӕр, сабитӕ, иунӕгӕй не' рбацыд. Базонут-ма йæ: «Аргъау нæу, радзырд нæу,басня дæр нæу,уæдæ цы у?-Уый у æмдæвгæ.-Раст. Æмдзæвгæ «Æрæгвæззæг» Чеджемты Геор.
- Сывæллæттæ, ацы хæстыл куы бакусæм, уæд нæ урочы сæйраг нысан сæххæст кæндзыстæм? - О! - Иттæг хорз!
4. Фæйнæгыл куыст - Семӕ ма саразӕм уӕнгтӕ (уӕнгтыл куыст) раст уӕнгтӕ, фӕстӕмӕ уӕнгтӕ.
5. Чиныгимӕ куыст.
Къордтӕй куыст. 3 къорды. (Райуарын хæслæвæрдтæ.Бакæсын аивæй 1 строфа æмæ йын йæ мидис хи ныхæстæй бамбарын кæнын.
6. Аив кæсыныл куыст .(Æмдзæвгæ кæсы ахуыргæнæг )
7. Фæрстытæ раттын:
- Сабитæ,цавæр афæдзы афонтæ равдыста Чеджемты Геор æмдзæвгæйы.
-
- Автор фæззæг равдыста куыд афæдзы афон æви куыд адæймаг?
-
- Цавæр дзырдтæй бæрæг у, бакæсут сæ текстæй.
-Хуры цæст, хуыссы,фын федтæ, фехъал, фæтарст, акаст й ‘алыварс æнкъардæй,
зæрдæ бамæгуыр.
-Уæдæ, Чеджемты Геор фæззæг равдыста куыд адæймаг. Æнæуд предмет удджынæй равдыста æмæ уый литературæйы хуыйны олицетворении, ома фæлгонц.
-Сабитæ, уæдæ цы у олицетворени?
-
-Цавæр темæ равдыста поэт æмдзæвгæйы?
-
-Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды цы у?
-
8. Сабитæ кæсынц иумæ æмдзæвгæ.
III. 1. Рефлекси:
- зæгъут-ма, сабитæ, абон уæ размæ нысан æвæрын базыдтат? - О, дзурын уалдзæджы тыххæй - цы амоны дзырд хæс та? Иттæг раст. Цал хæсы ныл уыди? - иттæг раст- Нӕ куысты схемӕ равдисӕм: базыдтам ног дамгъæтæ, бакастыстæм уæнгтæ, базыдтам ног дзырдтæ, æмдзæвгæ равзæрстам, базыдтам ног литературон мадзал, базыдтам ын йæ темæ, ссардтам ын йæ сæйраг хъуыды.
2. Фӕйнӕгыл ӕртӕ хуызы, нысан кӕнынц:
Урс - алцыдӕр бамбӕрстон Сырх - мӕ зӕрдӕмӕ урок фӕцыд Бур - ницы бамбӕрстон.
Уыци – уыци: - Дӕ къухы ис ӕртӕ хуызы Цы нысан кӕнынц, зӕгъ ?! - Раттын «хуры тынтæ» хуыздӕр чи куыста урочы, уыцы ахуырдзаутӕн. Сабитӕ та сӕ ныхасынц хурыл ӕмӕ йӕ уӕгъд кӕнынц мигъы уацарӕй.
VI. Хадзармӕ куыст. Сахуыр кӕнын цыппар дзырды: нысан, хæс, æрæгвæззæг,олицетворении.
- Бузныг, сабитӕ, фембæлдмæ!
♦ ♦ ♦ Куысты алы хуыз дӕр экраныл равдисын:
1. Диалог. 2. Карточкӕтимӕ куыст. 3. Центон. 4. Ног темӕмӕ мотиваци. 5. Дамгъон-мырон куыст. 6. Уӕнгтыл, дзырдтыл куыст. 7. Кӕсыныл куыст. 8. Схемӕйыл куыст. 9. Рефлекси. 10. Уыци-уыци.