Плиты мыггаджы равзæрд.
Ирон дæн æз! Ирон! Зæгъын æй æз сæрыстырæй!
Амондджын хонын æз мæхи, ацы зæххыл мæ Стыр Хуыцау иронæй кæй сфæлдыста! Ирыстоны зæххыл! Иры хæхты хъæбысы. Ирон кæй дæн, уымæн
мын афтæ адджын æмæ зынаргъ у, мæ уарзон райгуырæн бынат!
Ирон адæмы хуызæн хæстæг, хион, æрвад ничи нымайы. Æрвадæлтæ иу туг, иу стæг сты. Цæмæй мыггæгтæ хæларæй цæрой, уый тыххæй амонын фæхъæуы кæстæр фæлтæрæн хиуæттæ, къабæзты.
Туг авд фæлтæры хæссы, зæгъгæ, ныхасæн баззад. Авд æмæ фылдæр фæлтæртæм зыдтой ирон адæм сæ рагфыдæлты, комкоммæ номæй амонгæйæ.
Мæн дæр тынг бафæндыд мæ фæстæ цы кæстæртæ цæуа, уыдонæн исты хорзы бацæуын æмæ сфæнд кодтон бæстон базонын мæ рагфыдæлтæ чи уыдысты, кæцæй ралыгъдысты, цавæр зындзинæдтыл æмбæлдысты сæ царды фæндагыл æмæ цавæр фæд ныууагътой Ирыстоны историйы.
Хистæртæ мын куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ сарæзтон æз дæр чысыл
къалиу нæ фыдæлты байзæддагæй.
Нæ мыггаг, Плиты мыггаг, у тынг рагон.
Уæдæ, куыд æмæ кæд равзæрд Плиты цытджын мыггаг? Уый тыххæй ис цалдæр таурæгъы. Зындгонд этнограф æмæ фольклорист Плиты Таймуразæй фехъуыстам йæ рæстæджы нæ номдзыд фыссæг Плиты Грисæй цы таурæгъ фехъуыста, уый.
Тæтæр æмæ монголы фсæдтæ нæ фыдæлты куы ныддæрæн кодтой, уæд ма нæ фыдæлты зæххы хуссарварс цы гæппæл баззад, уым баззадысты Плиты мыггаг. Тæтæр æмæ монгол та кæсæгæн радтой нæ фыдæлты зæххытæ. Куы ацыдысты, уæд кæсæг мах хуымгæндтæ æмæ сæрвæттыл сæ фос хизын байдыдтой. Рацыдысты-иу æфсадæй стæры, æмæ иу сæ размæ рлæууыди мах мыггаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, Плиты нæлгоймæгтæ куынæг кæнын райдыдтой. Уæд хистæртæ æрæмбырд сты, æмæ уынаффæ кæнынц. Ай нæ мыггаг куы скъуыйы, зæгъгæ. Кæд ирон адæмы, Аланты байзæддæгты сæ зæхх нал хъæуы, уæд мах иу мыггагæй кæдмæ тох кæндзыстæм æнæхъæн кæсæджы ныхмæ. Æрбадтысты æмæ æртæрхон кодтой: апырх уæм не ннæ æфсымæртæ кæдæм бацыдысты Цæгат Кавказы хохы кæмтты, уыцырдæм, æмæ афтæмæй цалдæр дихы фесты.
Сæ иутæ ацыдысты Хуссармæ, æмæ æрбынат кодтой Рукъы комы. Иннæтæ Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы. Чи та дзы афтыд Мæхъæлы бæстæм. Уым дæр уыд Плиево, зæгъгæ, ахæм хъæу. 111 хæдзары дзы уыд æрмæст Плитæй. Мыггагæн сæ фылдæр æрцардысты Ручъы.
Фæлæ ма Уæлладжыры комы, Холысты, дæллаг Уыналæй уæллаг Уыналмæ куыддæр комы бацæуай, афтæ галиуæрдыгæй уыди Беккуызарты мæсыг, рахизæрдыгæй та Плиты мæсыг. Афтæ хъæздыг, дам, цардысты, ахæм кусаг уыдысты, æмæ-иу ног хор куы ркарстой, уæд æй кæм æфснайой, уый сын нæ уыди, æмæ- иу зæронд хор, мæсыджы дыууæ дуры астæу хуынкъ скодтой къæрмæгимæ. Къæрмæг-иу фегом кодтой, æмæ-иу хор донмæ азæй кодта. Уæд сын иуахæмы хистæртæ загътой, «Ацы Плитæ кусаг сты, фæлæ Хуыцауы къæцæлæй рæхойынц, зæгъгæ». Афтæ та уыдон дæр сыстадысты уырдыгæй æмæ Рукъмæ ацыдысты.
Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, Плитæ цардысты Куырттаты комы дæр, Хæкъуынайы цъупп кæй хонынц, уым.
Нæ мыггаг æрвадиуæг кæны Сырхаутæ, Ардасентæ, Гасситæ, Дзантиатæ, Ногъайтæ æмæ Гутнатимæ.
Уæдæ ирон лæгæн йæ мыггагæй раппæл, уæд ын уымæй æхсызгондæр ницы уыдзæн. Мæнæн дæр мæ мыггаджы ис ахæм адæм:
Ирыстоны ном æгас дунейыл дæр чи айхъуысын кодта, уыдонæй иу у нæ хъайтарты хъайтар, нæ номдзыд инæлар, Советон Цæдисы 2 хатты хъæбатыр, Монголы адæмон республикæйы хъæбатыр, механизацигонд бæхджын æфсады командæгæнæг инæлар-булкъон Плиты Иссæ. Уый йе фсæдтæн цыди сæ разæй.
Ирон адæмæн Къоста æмæ Иссæйæ зынаргъдæр нæмттæ нæй. Къостайы хуызæн зондджын æмæ дæ Иссæйы хуызæн хъæбартыр лæг рауайæд! Уый у æппæты хуыздæр арфæ ирон уæвгæйæ.
Плийы мыггагæй 654 хæстонæй фылдæр нал сæмбæлдысты сæ фыдыуæзæгыл.
Хæсты рæстæг Плиты лæппутæн æмткæй райсгæйæ лæвæрд æрцыд 213 хæстон хæрзиуæгæй фылдæр. Се хсæн:
Ленины ордентæ- 6,
Советон Цæдисы хъæбатыры Сырх Стъалытæ- 2
Сырх тырысайы ордентæ-6
Сырх стъалыйы ордентæ -49
Александр Невскийы ордентæ-3
Кады 3 къæпхæны ордентæ- 18
Фыдыбæстæйы хæсты 1 æмæ 2 къæпхæны ордентæ - 27
Суворовы 1 ама 2 къæпхæны ордентæ – 4
Кутузовы 1 къæпхæны ордентæ- 2
Майдантæ «За боевые заслуги» - 39
Майдантæ «За отвагу» - 61 æмæ афтæ дарддæр.
Уæдæ æрмæст Иссæйы хæстон сгуыхтдзинæдты бæрæггæнæнтæ та сты ахæм:
Советон Цæдисы хъæбатыры 2 Сызгъæрин Стъалыйы
Монголы адæмон республикæйы хъæбатыры Сызгъæрин Стъалы,
Ленины 6 ордены
Октябры революцийы орден
Сырх тырысайы 3 ордены
Суворовы 1 къæпхæны 2 ордены
Кутузовы 1 къæпхæны орден æмæ 6 фæсарайнаг ордены. Афтæ майдантæ: «За оборону Москвы», «За Победу над Германией», «За освобождение Праги», «За Победу над Японией» æдæппæтæй - 50 æввахс хæрзиуæджы. Гъе, ахæм хъæбатыр хæстонтæ радта Плийы мыггаг нæ уарзон Ирыстонæн.
Цæгат флоты дæсны тыхджынтæй иу – эскадрилийы командир, дæлбулкъон Плиты Захары фырт Алыксандр.
Хистæр лейтенант. Артиллерион батарейы командир Плиты Русланы фырт Владимир та йæ цард радта Афгайнаг хæстæн. Хæстон Сырх тырысайы орден Владимирæн лæвæрд æрцыд йæ амæлæты фæстæ.
Плиты Зураб та фæмард Цæцæны хæсты.
Ирон литературæйы классик, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, ирон литературæйы рæбинагдæр цæджындзтæй иу у Плиты Дзамболаты фырт Грис. Грис дæр уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Фæстæмæ сыздæхт 1949 азы Гвардийы майоны цины. Хорзæхджынгонд æрцыд 4 хæстон орденæй æмæ 14 майданæй, 9 хатты та йыл самбæлд арфæ нæ бæстæйы сæйраг командыгæнæг Иосиф Сталины номæй.
Грис ирон адæмæн у поэт дæр, драматург дæр, фыссæг-пубицист дæр, æмæ ма драмон актер дæр.
Грисæн йæ бинойнаг Дзугкойты Афассæимæ сæ цот дæр рауадысты зæрдæргъæвд. Хистæр лæппу Лео- фыццаг ирон, кæцы каст фæци ВГИК æмæ сси кино-телережиссер. Йæ кæстæр лæппу Алан уыд «Академия общественных наук при ЦККПСС» чи уыд, уым декан. Философон наукæты доктор, профессор. Цæгат Ирыстоны Наукон Иртасæн Институты хистæр зонадон кусæг. Хорзæхджынгонд æрцыд майданæй «Во славу Осетии».
Грисы чызг Мадина фæкуыста ирон театры литературон хайады.
Ирон литературæйы классик. Поэт æмæ тæлмацгæнæг – Плиты Дауыты фырт Харитон. Кæцы ныффыста 23 аздзыдæй зындгонд поэмæ «Сæлимæт». Уымæн дæр лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл преми.
Йæ мыггагæн æмæ нæ адæмæн аккаг фырт уыдис ахуыргонд æмæ рухстауæг, профессор Плиты Сергойы фырт Дмитрий. Гуджаретæй рацæугæ. Уый уыд зындгонд партион æмæ æхсæнадон архайæг. Фæкуыста райкомты секретарæй, райæххæсткомы сæрдарæй. Партийы обкомы сæргълæууæг. Куыста хъæууонхæдзарадон институты доцентæй, кафедрæйы сæргълæууæгæй. Уый фæстæ та нæ ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институты кафедрæйы сæргълæууæгæй.
Гуджареты комæй рацæугæ ма у нæ рæстæджы зындгонддæр æмæ номдзыддæр кафджытæй иу, цалдæр республикæйы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны, Цæцæны, Мæхъæлы, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист – Плиты Нодар дæр. Цалдæр фæлтæры аивадуарзджытæ Плиты Нодары нымайынц ирон национ кафты символыл. Нодар кафыд суанг Игорь Мойссевмæ дæр. «Адæмон кафты дæсны», «Кавказы легендæ» ахæм ном адæм сæвæрдтой Плиты Нодарыл. Хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны кадæн», зæгъгæ, ахæм майданæй.
Плиты Михал- Гуырдзыстоны сгуыхт тренер.
Плиты Сослан- Мæскуыйы центрон госпиталы кардиохирург.
Плиты Валерий- Цæгат Ирыстоны базарады министр
Плиты Сулхан - хъæбысхæсты чемпион
Плиты мыггаджы уыйас композитортæ æмæ музыканттæ æмæ зарæггæнджытæ ис, æмæ
Ирыстоны музыкалон аивады бындурæвæрджытæй иу уыдис Плиты Сосланы фырт Христофор. Уый уыд фыццаг ирон опера, фыццаг ирон опереттæ, фыццаг ирон балеты автор.
Плиты Жаннæ- композитор, пианисткæ æмæ музыкæ иртасæг. Уый у Христофоры фсымæр Василийы чызг.
Плиты Ефимы фырт Валерий у Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, æрмгуыст аивады дизайнер.
Плиты Леонид – техникон наукаты кандидат. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт конструктор, Циолковскийы номыл космонавтикæйы академийы уæнг.
Плиты Григорийы фырт Эдуард- юридикон наукаты доктор, профессор. На паддзахадон университеты юридикон факультеты декан,
Плиты Иваны фырт Феликс – физикон-математикон наукаты кандидат, Советон цæдисы спорты мастер хъæбысхæцынæй.
Алтунины номыл экологон наукаты дунеон академийы академик, экономикайы доктор Плиты Тъарелы фырт Амиран.
Плиты Хадойы чызджытæ химикон наукаты кандидат Плиты Лариса æмæ аивадиртасæг Плиты Жаннæ
Медицинон наукæты кандидат Плиты Гигойы чызг Жаннæ
Плиты Петры фырт Таймураз та уыд зындгонд историк, этнограф æмæ фольклорист,
Плиты Никъалайы фырт Темыр- химикон наукаты кандидат, ахуырады сгуыхт кусæг, Нью-Йоркы наукæты академийы академик, профессор, медицинон академийы кафедрæйы сæргълæууæг.
Плиты Солтаны фырт Махар – Уæрæсейы федерацийы сгуыхт артист, адæмон кафты паддзахадон ансамбль «Ирыстон»-ы бындурæвæрæг æмæ аивадон разамонæг, кафæг æмæ зындгонд хореограф.
Уæдæ Украинæйы цæрæг Плитыл та чиныг конд дæр ма æрцыд. Плиты Суликъо- Украинæйы сгуыхт экономист, Луганскы областы статистикæйы сæйраг управленийы хицау, уый разма та куыста Луганскы областы губернаторы хæдивæгæй.
Плиты мыггагæй спорты æппæты фыццаг чи басгуыхт, Ирыстоны спортивон историйы зынгæ бынат чи ахсы, уыцы номдзыд спортсмен, номдзыд богал у Плиты Федоры фырт Руслан. Уый у дунеон къласы спорты мастер хъæбысхæцынæй, Уæрæсейы Федерацийы 5 хатты чемпион, Европæйы чемпион, Дунейы 3 хатты чемпион.
Лондоны олимпиадæйы архайæг, Канадæйы 3 хатты чемпион хъæбысхæцынæй Плиты Хетæг. Уый дæр у Алагираг лæппу.
Мыггаджы спортсменты æхсæн сты богæлттæ- Плиты Бало, Плиты Алик, Эльбрус, Вова, Тамик,Тимур, Артур.
Футболисттæ- Альберт, Нико, Зауыр.
Самбист æмæ дзюдоист Плиты Валерий.
Мухаммед-Алийы кубок рамбулæг – Плиты Роберт.
Нæ мыггаджы ма ис ныридæгæн дæр хъуыстгонд чи у, ахæм суинаг чызг Плиты Николь
Нæ мыггаджы кадджын куырыхон хистæртæй иу у Æрыдоны цæрæг Плиты Васо. Уый мыггаг кæрæдзиуыл бæтты, æрвылаз нæ æрæмбырд кæны.
Уæдæ нæ мыггагæй Хуссар Ирыстоны цас æмæ цас хъуыстгонд адæм ис!
Тынг сцымыдис дæн æмæ мӕ æрфӕндыд мӕ мыггаджы тыххӕй, мӕ фыдӕлтӕ чи уыдысты, уый базонын. Бавдæлдтæн, æмæ скодтон нæ мыггаджы бӕлас схемӕйы хуызы.
Мæ мыггаджы хистæртæй зонын 5 фыдæлы:
Хистæр Черкес, мæ фыды фыды фыд Фезулæ, мæ фыды фыд Феликс, мæ фыды фсымæр Марат, мæ фыд Мурат, ме фсымæр Алан æмæ æз Феликс.
Нæ мыггаджы кад бæрзонд чи кæны, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, уыдонæй ма иу у мæ фыды кæстæр æфсымæр Марат дæр. Уый у уæлдæр къæпхæны дохтыр /Ортопед- травматолог/нæ республикон рынчындоны травматологон хайады хицау.
Æрвылаз дæр Плиты мыггаг æрæмбырд вæййынц Рукъмæ. Хистæр дзуары бæрæгбонмæ. Йæ иумæйаг ном у – атынæг- хосдзауты бæрæгбон. Рукъгомы Хистæр дзуары тыххæссæг сты сæйрагдæр Плитæ, куыд комы фыццаг æрцæрæг æмæ стырдæр мыггаг, афтæ. Кувæндонмæ бахизгæйæ алчидæр хъуамæ дзуары дзæнгæрæджы 3 хатты ныццæгъда. Сæ кувинæгтæй скувынц, бафæдзæхсынц сæ бинонты, кæстæрты.
Æз мæ сæр бæрзæндты хæссын нæ мыггаджы кад бæрзонддæр чи кæны, уыдонæй, æмæ мæ фæнды сæ бафæзмын. Уыдонæй дæлдæр цæмæй ма уон, ууыл архайын æз дæр ахуыры, хъæбысæйхæст æмæ кафты дæсныйады. Æмæ уын
дзырд дæттын, нæ мыггаг кæй никуы фегад кæндзынæн!
Бузныг зæгъын сымахæн, ацы бæрæгбон саразджытæн, сымах руаджы мæ мыггаджы равзæрд, нæ ирон æгъдæуттæ ноджы арфдæр кæй базыдтон!
Бузныг!