СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сказка "Новый год"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Новогодняя сказка на осетинском языке. Авторское сочинение ученика 4 класса Кудухова Олега

Просмотр содержимого документа
«Сказка "Новый год"»

Ног азы бон

Аргъау

Ралæууыд зымæг. Иу зымæгон бон Арс ацыдис хъæдмæ. Уым ыл амбæлд Рувас:

-Дæ райсом хорз, Рувас.

-Кæй райсом, уый хорзæх дæ уæд, Арс. Æз та дæумæ цыдтæн. Бауадз ма мæ дæ хæдзары цæрын. Ног аз дæр иумæ сбæрæг кæнæм.

Æрлæууыд Ног азы бон. Арс дзуры рувасмæ:

-Цом æмæ заз бæлас æрбахæссæм.

-Ой, мæ къах риссы. Ацу ды йæ æрбахæсс, æз та йыл хъазæнтæ бакæндзынæн,- зæгъта рувас.

Ацыд Арс ссардта рæсугъд заз бæлас æмæ йæ æрбахаста хæдзармæ.

-Рувас, мæнæ æрбахастон заз бæлас. Бакæн ыл хъазæнтæ.

-Ой, мæ къух ныццавтон, дæхæдæг ма сæ бакæн. Æз та фынг æрæвæрдзынæн.

Арс та заз бæласыл хъазæнтæ дæр сауыгъта.

-Фынг цæттæ нæма у?- афарста Арс.

-Ой, мæ сæр рисы, дæхæдæг ма йæ авæр-дзуры Рувас.Арс та фынг дæр æрæвæрдта.

Æрбадтысты фынгæвæрд съолыл.Уалынмæ Митын Дада дæр æрбацыд уазæгуаты. Æрбахаста лæвæрттæ. Арсæн сæ ратта

-Мæнæ та!?- афарста Рувас.

-Кусгæ чи нæкæны, уымæн лæвæрттæ дæр нæй- загъта Митын Дада.