СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сочинение "Улица Коста Хетагурова"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Сочинение "Улица Коста Хетагурова".

Просмотр содержимого документа
«Сочинение "Улица Коста Хетагурова"»

Æрттивы нæртон Къоста хурау æнустыл-

Уый амæйы Ирæн йæ кады гæнах

Сæдæ азты дæргъы йæ удварны рухсыл

«Ирон фæндыр» хоны æвæлмæцгæ мах!

Къостайы нæртон хъуыды царды æхсиды,

Нæ зæрдæты рыстæн уый саразы хос.

Баллиццаг хъуыддæгтæм «Ирон фæндыр» сиды,

Нæ Иры дзыллæтæн сси царды сæрбос.

Къадзаты Будзи



Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг уынгтӕй иу хӕссы Хетӕгкаты Къостайы ном. Цæмæн? Чи уыдис цыма Къоста? Цы хорз ракодта уый ирон адæмæн? Цæмæн ын афтæ бæрзонд хæссынц йæ ном?

Алы адӕмӕн дӕр ис сӕрыстыр кӕмӕй вӕййынц ахӕм разагъды лӕгтӕ ӕмӕ ирон адӕмӕн дӕр ахӕм лӕг у Къоста.

Къоста… Цыбыр, фæлæ уæз дзырд. Ирон адæмы хуыздæр миниуджытæ, æгъдау, æфсарм, уаг – иууылдæр баиу сты Къостайы. Уый йæ цард æппæтæй дæр бабаста йæ адæмы хъысмæтимæ, йæ бæстæйы хъысмæтимæ. Къоста уыдис ирон адæмы сæрхъуызой, се стыр ныфс. Уый тох кодта, цæмæй йæ уарзон адæмæн уа рæсугъд фидæн, цæмæй йæ уарзон Ирыстонæн стыр цæрæнбон уа. Къоста ма махæн у нæ Бонварнон стъалы дæр — хæссы нын боны рухс æмæ царды фарн. Йæ зарæг махæн у царды хур — уый нын рухс кæны нæ зонд æмæ нæ зæрдæ,уый нæ хоны размæ, ахуырадмæ, аразынмæ, уый нын амоны рæстæй цæрын.Къоста махӕн радта рухс хъуыдытӕ, рӕсугъд аивад, «Ирон фæндыр»,кæцы махæн бауарзын кодта поэзи æмæ мадæлон æвзаг.

Мæн куы бафæрсынц, чи дæн, кæцон дæн, уæд сæрыстырæй фæзæгъын: «Ирон дæн, Къостайы æмзæххон».Æз амондджын хонын мæхи, уымæн æмæ цæуын, Къостайы къахвæдтæ кæм баззад, уыцы зæххыл, улæфын, Къоста цы уæлдæфæй улæфыд, уымæй.

Æз амондджын хонын мæхи, уымæн æмæ дæн, Къоста йæ удæй фылдæр кæй уарзта, йæ сæраппонд уд уæлдай тох кæмæн кодта, уыцы ирон адæмæй, цæрын, Къостайы цæрæнбон цы Ирыстонæн фæндыд, уыцы Ирыстоны. Æз дзурын Къостайы æвзагыл æмæ йæ æндæр æвзагыл никуы баивдзынæн.Къоста мæнæн æнустæм уыдзæн фæзминаг аивады дæр æмæ царды дæр, уымæн æмæ уый уыд стыр фыссæг æмæ хорзæхджын адæймаг, æппæтæй æххæст курдиат. Йæ зæрдæйы æмæ зонды сæмбырд сты ирон дзыллæйы рæсугъддæр æнкъарæнтæ æмæ бæрзонддæр хъуыдытæ. Къостайы удыхъæд конд уыд ирон адæмы национ хуыздæр миниуджытæй. Иу дзырдæй , ирон адæм æнусты дæргъы цы уды æмæ зонды хæзнатæ сфæлдыстой æмæ фембырд кодтой, уыдон иууылдæр рæдауæй схай кодтой Къостайæн.

Къоста тынг дæсны уыд кафынмæ дæр, стæй зарынмæ дæр. Иттæг хорз зыдта ирон адæмы гъдæуттæ æмæ сæ аивæй кодта кæмдæриддæр. Къоста цы фынгæн лæвæрдта гъдау, ууыл адæм бадынæй не фсæстысты — сæ уд, сæ зонд сын рæвдыдта йæ дæсны куывдæй, йæ зондджын ныхæстæй, хъæлдзæг сæ дардта йæ аив юморæй, йæ цыргъзондæй.

Стъалыйы ферттывдау уыд ирон адæмæн Къоста.Цардыхос хаста йæ дзырд, йæ фарнæй. Хатгай мæм афтæ фæкæсы, цыма Къоста зæххон адæймаг нæ уыд. Æртахт ирон адæмы æхсæнмæ зæды хуызы æмæ срухс кодта, æфхæрд, гæвзыккай чи æрвыста йæ царды бонтæ, уыцы мæгуырты хъысмæт.

Адæм дзурынц: «Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц». Зæронд нæ кæны Къостайы поэзи дæр, уый æвидигæ у алæмæты суадонау æмæ нæ адæмæн хæссы царды хос.

Рæстæг аивта царды дарæс, фæлæ нæ рох кæны хорздзинад, хæс æмæ фыддзинад дæр.Нæ фесты дзæгъæлы дæ фыдæбæттæ. Зоны сæ Ир, йæхи уды разæй дзыллайæн чи лæггад кодта, йæ алы дзырд дæр дзыллæйы номыл йæ зæрдæйæ кæмæн гуырд, уый хæрзтæ. Æмæ дæ сыгъдæг номы раз йæхи хоны хæсджын.


Кæдмæ уа сау зæххыл Ирыстон,

Уæдмæ«Ирон фæндыр» цæгъдзæн,

Кæмфæнды уа ирон — æмбæстон,

Къоста йæ зæрдæйы цæрдзæн!