СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Стихотворение "Ирыстон - мæ цард"

Категория: Внеурочка

Нажмите, чтобы узнать подробности

Любовь к Родине, к родному языку

Просмотр содержимого документа
«Стихотворение "Ирыстон - мæ цард"»



Ирыстон- мæ цард

Æз ирон лæг дæн, Алайнаг, Æз сæрыстырæй цæрын. Æз мæ зæрдæйы фæндиаг Райгæ а-зæххыл цæуын.

Æз Ирыстоны фысым дæн. О куыд хорз у, дæн ирон. Ацы комбæстæм фæзындтæн- Никуы йыл кæнын фæсмон.

Æз Ирыстоны - цæргæс дæн, ᴁз Ирыстоны – уæйыг. ᴁз Ирыстоны ныфсджын дæн. Ацы зæххыл дæн хъæздыг.

ᴁз хъæздыг дæн Иры уарзтæй. У мæ риу йæ цинæй ̓фсæст. Бузныг дын, Хуыцау, кæй нæ дæн Искæй къæхты бын ыссæст.

О куыд хорз у ̓мæ иронæй Искæй бæстыл нæй мæ цард, Уæд æрвитин цард фыдбонæй, Цардæгасæй уаин мард.

ᴁз ирон лæг дæн, мæ зæххыл Къахдзæф барджынæй кæнын. ᴁз æдæрсгæйæ нæ бæстыл Ргом мæ ныхæстæ зæгъын.

Цалынмæ цæрон нæ зæххыл, Цалынмæ тæлфа мæ уд, Уалынмæ нæ Иры бæстыл Зæлдзæн хъæлдзæгæй мæ худт.