Тестытæ ирон литературæйæ 11-æм къласæн
I.Роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» ныффыста:
а) Дзесты Куыдзæг; б) Коцойты Арсен; в) Гафез.
II. Романы сæйраг архайæг Дзесты Ирæ æрвыст æрцыд колхоз «Хурзæринмæ»:
а) сæрдарæй; б) агрономæй; в) ахуыргæнæгæй.
III. Уацмысы архайджытæй кæй сты ацы ныхæстæ:
Æз къæцæлын чындз нæ дæн…»:
а) Ирæйы; б) Симæйы; в) Ксеняйы.
IV. Уацмысы архайджытæй кæй фæсномыг у «Къæдзой»:
а) Соняйы; б) Ксеняйы; в) Ирæйы.
V. Кæцы рæнхъы персонажтæ сты романæй:
а) Мосе, Хæтæхцыхъо, Данел;
б) Бетал, Мухтар, Исмел Цамелы фырт;
в) Цæрай, Мисурæт, Чито.
VI. Цавæр фæсномыг сæвæрдтой хъæуы цæрджытæ Ирæйыл:
а) Мыдыбындз; б) Дзынга; в) Дзæгъындзæг.
VII. Роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!» фыст æрцыд:
а) 1947-æм азы; б) 1950-æм азы; в) 1966-æм азы.
VIII.Цавæр мадзал сарæзта Ирæ, цæмæй адæмы зæрдæтæм фæндаг ссара:
а) концерт; б) хъазтизæр; в) спектакль.
IX. «Мæ къухмæ æрбавнæлдта. Балхъывта йæ. Цæмæн? Цыдæр хъæрмарт æмæ æхцондзинад цæуы ацы адæймагæй…» Ирæйы ацы хъуыдытæ романы персонажтæй кæимæ баст сты:
а) Беталимæ; б) Мухтаримæ; в) Самсон Тедойы фыртимæ.
Роман «Фыдæлты туг»
I. Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг»-ы æвдыст æрцыдысты:
а) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ;
б) 1917-æм азы революци;
в) 19-æм æнусы Хуссар Ирыстоны адæмы тох сæ бартыл.
II. Цы хоны йæ амонд уацмысы персонаж Хъæндил:
а) бæх; б) кард; в) уадындз.
III. Кæй тыххæй загъд уыдысты уацмысы ацы ныхæстæ: « Вот позабавил старик, молодец! А рубака он добрый!»:
а) Акайы; б) Бегайы; в) Солтаны.
IV. Ирон рухстауджытæй Чеселтгоммæ чи 'рцыди:
а) Колыты Аксо; б) Æгъуызаты Иуане; в) Цорæты Уасил.
V. Коцты Бега кæй фервæзын кодта, уыцы Бургъуын уыди:
а) уырыссаг салдат; б) немыцаг салдат; в) сæхи коймаг.
VI. Уацмысы персонажтæй кæй сты ацы ныхæстæ: «Уæдæ мын мæхи ничи куры æмæ, зæгъын, мæхæдæг кæд исты сарæхсин»:
а) Уардисы; б) Козианы; в) Темлайы.
VII. Кæй хоны Хъæндил «хъуынджын зæрдæйы» хицау:
а) Хъырымы; б) Калманы; в) Солтаны.
VIII. Цы æрхъуыды кодтой æмæ цы ныууагътой фæстагæттæн ахæстытæ:
а) таурæгъ; б) зарæг; в) æмдзæвгæ.
IX. Уæрæсейы император кæмæн бахæс кодта Чеселтгоммæ ныббырсын:
а) инæлар-майор Абхазовæн; б) инæлар-майор Ренненкампфæн; в) инæлар Куындыхаты Муссæйæн.
X. Фыццаг ирон историон роман «Фыдæлты туг» мыхуыры фæзынд:
а) 1965-æм азы; б) 1949-æм азы; в) 1999-æм азы.