СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Тесты по осетинской литературе в 5, 6, 7 классах.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Для каждого класса составлено два варианта  по 12 вопросов. Имеются ответы. Каждому вопросу сопоставляется определенное количество баллов. Имеются критерии оценок за то или иное количество баллов.

Просмотр содержимого документа
«Тесты по осетинской литературе в 5, 6, 7 классах.»

ТЕСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ

6 КЪЛАС.

Вариант № 1

1. Адæмон дзургæ сфæлдыстадмæ нæ хауы:

1) аргъау 3) радзырд

2) æмбисонд 4) таурæгъ

2. Сослан кæй аххосæй афтыд Тары фыртты бæстæм?

1) Сатанайы 3) Уырызмæджы

2) Сырдоны 4) Батрадзы

3. Цы бафæдзæхста Сатана Сосланæн, Тары фыртты бæстæм куы цыд, уæд?

1) йæ ном ма схъæр кæна 3) Тары фырттимæ схæца

2) бамбæхса дзæбæх 4) Тары фырттыл хинæй рацæуа

4. Аргъау «Арвы айдæн» - ы æлдары чызг кæмæн хъуамæ бакуымдтаид?

1) Бирæ фос æмæ хъæздыгдзинад кæмæ уыдаид;

2) Æппæты рæсугъддæрæн;

3) Æппæты тыхджындæр æмæ зондджындæрæн;

4) Æртæ хаты чи бамбæхстаид, æмæ кæй не ссардтаид.

5. Аргъау «Ох - ох æмæ мæгуыр лæджы фырт» - ы куыд хъуамæ базыдтаид мæгуыр лæг йæ фырты?

1) Лæппу хъуамæ йæ цæст фæныкъуылдтаид;

2) Хъуамæ йæ сæр аныхтаид;

3) Хъуамæ схуыфыдаид;

4) Хъуамæ схудтаид.

6. Аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» - ы мæгуыр лæг йæ фырты йæ рагон хæлармæ куы æрвыста, уæд ын бафæдзæхста:

1) Фæстæмæ ма фæкæс;

2) Макæимæ сныхас кæн;

3) Тархъæдмæ ма бацу;

4) Кæрдзын иунæгæй макуы бахæр.

7. Аргъау «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» - йы кæстæр æфсымæр Хуыцауæй ракуырдта:

1) бирæ фос 3) хорз ус

2) бирæ сыгъзæринтæ 4) стыр хæдзар

8. Адæм зарæг кæуыл æрхъуыды кодтой, уыцы Чермен уыд:

1) Тлаттатæй 3) Хетæгкатæй

2) Кодзыртæй 4) Нартæй

9. Хетæгкаты Къоста райгуырд:

1) Нарты хъæуы 3) Лабæйы

2) Къостайы хъæуы 4) Нары хъæуы

10. Радзырд «Дзæбидырдзуан» - ы цуанон Тедо куыд фесæфт?

1) Дурджын зæйы бын фæци

2) Сырдтæ йæ бахордтой

3) Чидæр æй фехста

4) Йæ сæр разылд, æмæ былæй ахауд.

11. Радзырд «Мад æмæ фырт» ныффыста:

1) Коцойты Арсен 3) Гæдиаты Секъа

2) Хетæгкаты Къоста 4) Илас Æрнигон

12. Мæгуыр хæххон сылгоймаджы уæззау хъысмæт Къоста равдыста:

1) радзырд «Дзæбидырдзуан» - ы

2) æмдзæвгæ «Мæгуыры зарæг» - ы

3) æмдзæвгæ «Балцы зарæг» - ы

4) æмдзæвгæ «Сидзæргæс» - ы





Вариант № 1.


Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

3

1

2.

2

1

3.

1

2

4.

4

2

5.

2

1

6.

4

2

7.

3

2

8.

1

2

9.

4

1

10.

1

1

11.

3

2

12.

4

2


Æдæппæт:

19











Вариант № 2

1. Адæмон дзургæ сфæддыстады хуызтæм хауы:

1) кадæг 3) радзырд

2) æмдзæвгæ 4) поэмæ

2. Куыд бафтыдысты Сосланы къухы Бибыцы тых, ныфс æмæ уды бæлæттæ?

1) Сатана йын сæ æрхаста;

2) Йæхæдæг сæ æрхаста;

3) Къулбадæг ус ын сæ æрхаста;

4) Æрмахуыр хъæрццыгъа йын сæ æрхаста.

3. Аргъау «Арвы айдæн» - ы кæм бамбæхст мæгуыр лæппу фæстаг хатт, чызг æй куы нал ссардта, уæд?

1) авд хохы фæстæ 3) чызджы фæстæ

2) тархъæды 4) къулбадæг усы хæдзары

4. Куыд фервæзт мæгуыр лæджы фырт Ох - охæй?

1) Лæппу судзин фестад, Ох - ох та æндах, æмæ арты басыгъд.

2) Æхсæвыгон алыгъд æмæ тархъæды бамбæхст.

3) Лæппу амардта Ох - охы.

4) Лæппу бæлон фестад æмæ атахт.

5. Аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» - ы удхæссæг цæуылнæ ахаста мæгуыр лæджы фырты уд?

1) Лæппу бамбæхст, æмæ йæ удхæссæг не ссардта;

2) Лæппуйы бæсты фыды уд ахаста;

3) Фæтæригъæд ын кодта;

4) Цæхджын хойрагæн зынаргъ аргъ скодта удхæссæг.

6. Аргъау «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» - йы цы хорздзинад ракодта Уастырджи хистæр æфсымæрæн?

1) Сау хъæдтæй йын сæндæттæ фестын кодта;

2) Алы хин æмæ йæ кæлæныл сахуыр кодта;

3) Бирæ сызгъæринтæ йын радта;

4) Сæнæниз æй кодта.

7. Цæуыл смæсты Чермен æлдæрттæм?

1) Йæ мады йын кæй бафхæрдтой;

2) Зæхх ын кæй не схай кодтой;

3) Йæ фос ын кæй адавтой;

4) Йе’ мбалы йын кæй амардтой.

8. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци - уыци нæу:

1) Нæ чысыл дада хос кæрды.

2) Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны.

3) Хъал ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.

4) Нæ гыццыл арвæй мит уары.

9. Къоста æмдзæвгæ «Балцы зарæг» - ы:

1) Хъæздгуыты ныхмæ дзуры;

2) Мæгуыр адæмы цард æвдисы;

3) Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æвдисы;

4) Иудзинад æмæ рухсмæ тырнындзинадмæ сиды.

10. Радзырд «Дзæбидырдзуаны» архайджытæ сты:

1) Тедо, Зураб, Сабан, Зæлинæ

2) Марине, Тугъан, Бицикъо, Леуан

3) Сослан, Мукара, Бибыц

4) Æхсар, Æхсæртæг, Дзерассæ

11. Къостайы уацмыс «Марходарæг» у:

1) радзырд 3) æмдзæвгæ

2) басня 4) поэмæ

12. Радзырд «Мад æмæ фырт» - ы æлдар цæмæн амардта фырнадæй Бицикъойы?

1) Йæ коммæ нæ кастис;

2) Йæ фосæй йын фесæфта;

3) Йæ лæппуйы йын фæнадта;

4) Цыдæр дзы радавта.


Вариант № 2.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

1

1

2.

4

2

3.

3

2

4.

1

2

5.

4

2

6.

1

2

7.

2

1

8.

3

2

9.

4

2

10.

1

1

11.

2

1

12.

3

1


Æдæппæт:

19













Вариант № 3.


1. Адæмон сфæлдыстады уацмыстæм хауы:

1) «Дзæбидырдзуан»

2) «Сослан æмæ Тары фырттæ»

3) «Сидзæргæс»

4) «Мад æмæ фырт»

2. Аргъау «Арвы айдæн» - ы мæгуыр лæппуйæн фæстаг хатт бамбæхсынæн баххуыс кодта:

1) бирæгъ 3) цæргæс

2) кæф 4) къулбадæг ус

3. Куыд бахауд дыккаг хатт мæгуыр лæджы фырт Ох - охмæ?

1) Лæппу бæх фестад æмæ йæ Ох - ох балхæдта;

2) Хъæды рацæйцыд лæппу æмæ йæ Ох - ох æрцахста;

3) Мæгуыр лæг та йæ арвыста йæхæдæг;

4) Лæппу цъиу фестад æмæ йæ Ох - ох фатæй фехста.

4. Цавæр фæдзæхсты руаджы баззад мæгуыр лæджы фырт удæгасæй аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» - ы?

1) Хистæртæм хъус;

2) Алкæмæн дæр æххуыс кæн;

3) Худинаг дæ сæрмæ макуы æрхæсс;

4) Кæрдзын иунæгæй макуы бахæр.

5. Цавæр фыдбылыз æрцыд кæстæр æфсымæры æртæ фыртыл, Уастырджи сæм хæдзармæ куы бацыд, уæд?

1) Сæны быркуыйы ныххаудтой æмæ амардысты;

2) Хæдзарæй алыгъдысты æмæ фесæфтысты;

3) Хъæдмæ ацыдысты, æмæ сæ сырдтæ бахордтой;

4) Дон сæ аласта.

6. Куыд райста йæ маст Чермен Хъобаны æлдæрттæй?

1) Сæ фос сын адавта;

2) Сæ хæдзæрттыл сын арт бафтыдта;

3) Сæ зæххыты хуыздæртæ сын йæхицæн бахуым кодта;

4) Сæ хистæртæй сын фæхынджылæг кодта.

7. Хетæгкаты Къоста ахуыр кодта:

1) Аивæдты академийы 3) Педагогон институты

2) Æфсæддон скъолайы 4) Театралон институты

8. Æмдзæвгæ «Сидзæргæс» - ы Къоста равдыста:

1) æнæуынондзинад хъæздгуытæм;

2) райгуырæн зæхмæ уарзондзинад;

3) хæххон мæгуыр сылгоймаджы уæззау цард;

4) хистæр æмæ кæстæрты ахастытæ.

9. Басня «Марходарæг» - ы архайджытæ сты:

1) рувас æмæ бирæгъ;

2) бæх æмæ хæрæг;

3) уызын æмæ тæрхъус;

4) куыдз æмæ гæды.

10. Гæдиаты Секъайы радзырд «Мад æмæ фырт» цæуыл фæци?

1) Марине æмæ Тугъан æххуырсты цардæй ссæрибар сты;

2) Тугъаны æлдары адæм амардтой, Марине та кæркгæсæй баззад;

3) Тугъан æмæ Марине æлдары къухæй мард æрцыдысты;

4) Марине амард, Тугъан ус æрхаста æмæ хъæды цардис.

11. Кæй ныхмæ дзуры Гæдиаты Секъа йæ уацмыс «Зæрватыкк» - ы?

1) динамонджыты 3) абырджыты

2) æлдæртты 4) дæсныты

12. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд нæу:

1) Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæуы;

2) Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены;

3) Нæ чысыл дурыны – урс нæмгуытæ;

4) Гæды лæг йæхи дæр сайы.

Вариант № 3.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

4

1

3.

1

1

4.

4

2

5.

1

2

6.

3

2

7.

1

1

8.

3

2

9.

4

1

10.

2

2

11.

1

2

12.

3

2


Æдæппæт:

19












Вариант № 4.


1. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм нæ хауы:

1) кадæг 3) таурæгъ

2) æмдзæвгæ 4) уыци - уыци

2. Сослан цæмæн ахаудта Тары фыртты бæстæм?

1) Йæ хал схаудта;

2) Йæхи бафæндыд йæ тых бавзарын;

3) Нарты хистæртæ йæ арвыстой;

4) Схæснаг кодта æмæ фембылд ис.

3. Аргъау «Арвы айдæн» - ы цы фестын кодта къулбадæг ус мæгуыр лæппуйы?

1) рувас 3) тæрхъус

2) цæргæс 4) куыдз

4. Цæмæн акодта мæгуыр лæджы фырты Ох - ох йæ хæдзармæ?

1) Цæмæй йæ ауæй кæна;

2) Цæмæй йæм æххуырстæй куса;

3) Цæмæй йæ алы хин, алы кæлæныл сахуыр кæна;

4) Цæмæй йæ амара.

5. Аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» - ы кæдæм арвыста фыд йæ фырты?

1) Йæ рагон хæлармæ, цæмæй йын йæ хæс æрхæсса;

2) Дард балцы, цæмæй йын хос æрхæсса;

3) Цæмæй искуы исты куыст ссара;

4) Цæмæй паддзахы чызджы ракура.

6. Аргъау «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» - йы кæстæр æфсымæрæн чи баххуыс кодта паддзахы чызджы ракурынмæ?

1) йе’ фсымæртæ 3) Уастырджи

2) йæ фыд 4) паддзахы чызг йæхæдæг

7. Тлаттаты Чермены куыд фæмард?

1) Æлдæрттæ йыл хинæй рацыдысты æмæ йæ амардтой;

2) Стыр цæугæдон æй аласта;

3) Тархъæды йæ абырджытæ амардтой;

4) Фæрынчын æмæ амард.

8. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци - уыци нæу:

1) Нарты Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны.

2) Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй хæдзар аразы.

3) Нæ гыццыл арвæй мит уары.

4) Куыстæн йæ сæр сындз у, йæ бын та – сой .

9. Къоста райгуырдис:

1) 15 октябры, 1859 азы;

2) 15 ноябры, 1858 азы;

3) 15 апрелы, 1906 азы;

4) 15 декабры, 1869 азы

10. Къостайы уацмыс «Сидзæргæс» у:

1) радзырд 3) поэмæ

2) æмдзæвгæ 4) басня

11. Радзырд «Дзæбидырдзуан» - ы цæй аххосæй рацыд дурджын зæй?

1) Цуанæттæй чидæр фæбырыд, æмæ йæ фæдыл дурты зæй рацыд;

2) Сырдтæ ратæх - батæх кодтой, æмæ зæй рацыд;

3) Цуанон дзæбидыры фехста, иннæ дзæбидыртæ лидзынмæ фесты,

æмæ зæй рацыд;

4) Йæхигъæдæй рацыд.

12. Цавæр рæстæг æвдыст цæуы радзырд «Мад æмæ фырт» - ы?

1) Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг;

2) Мидхæсты рæстæг;

3) Æлдæртты рæстæг;

4) Революцийы рæстæг.



Вариант № 4.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

1

1

3.

4

1

4.

3

2

5.

1

2

6.

3

1

7.

1

2

8.

4

2

9.

1

2

10.

2

1

11.

3

2

12.

3

2


Æдæппæт:

19















Вариант № 5.


1. Адæмон сфæлдыстады уацмыстæм нæ хауы:

1) «Арвы айдæн» 1) «Сослан æмæ Тары фырттæ»

2) «Марходарæг» 2) «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры»

2. Куыд схаудта Сосланы хал Тары фыртты бæстæм ацæуыны тыххæй?

1) Сослан æй йæхæдæг систа;

2) Сатана йын æй систа;

3) Сырдон ын æй барæй систа;

4) Уырызмæг ын æй систа.

3. Аргъау «Ох - ох æмæ мæгуыр лæджы фырт» - ы лæппу фæткъуы куы фестад, уæд Ох - ох та фестад:

1) бæлас 3) зæронд ус

2) кæрдо 4) гыццыл лæппу

4. Аргъау «Арвы айдæн» -ы мæгуыр лæппуйæн фæстаг хатт кæм бамбæхса, уый бацамыдта:

1) къулбадæг ус 3) рувас

2) йæхæдæг бамбæхст 4) кæф

5. Аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» мах ахуыр кæны:

1) Хистæртæм хъусын;

2) Адæмимæ хорз цæрын, нæ къæбæр дих кæнын;

3) Хорз ахуыр кæнын;

4) Нæ Райгуырæн бæстæ уарзын.

6. Аргъау «Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры» - йы Уастырджи цæмæн баххуыс кодта кæстæр æфсымæрæн?

1) Уый иннæ æфсымæртæй мæгуырдæр уыдис;

2) Уый рæсугъддæр уыдис;

3) Уый хорздзинад нæ рох кодта;

4) Уый Уастырджийæ æххуыс ракуырдта.

7. Куыд фидис кодтой æлдæрттæ Тлаттаты Черменæн?

1) абырæг 3) тæппуд

2) кæвдæсард 4) æдылы

8. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд у:

1) Иу лæгæн – дыууадæс фырты;

2) Нæ гыццыл къæбиц – æнæ дуар;

3) Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны;

4) Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.

9. Къостайы фыд хуындис:

1) Алыксандр 3) Леуан

2) Елызбар 4) Никъала

10. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ:

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

1) Къоста «Марходарæг»;

2) Гæдиаты Секъа «Фæдзæхсын»;

3) Къоста «Сидзæргæс»;

4) Къоста «Балцы зарæг».

11. Гæдиаты Секъайы уацмыс «Уаллон æмæ калм» - ы сæйраг хъуыды у:

1) Дæхицæй ма æппæл, цы дæ, дæхи уый хон;

2) Хорздзинад дæ зæрдыл дар;

3) Æрдз хъæуы уарзын æмæ хъахъхъæнын;

4) Хистæртæн хъæуы лæггад кæнын.

12. Уацмыс «Мад æмæ фырт» у:

1) æмдзæвгæ 3) радзырд

2) аргъау 4) кадæг



Вариант № 5.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

3

1

3.

4

2

4.

1

1

5.

2

2

6.

3

2

7.

2

2

8.

4

2

9.

3

1

10.

4

2

11.

1

2

12.

3

1


Æдæппæт:

19



Бæрæггæнæнты критеритæ:

«5» - æвæрд цæуы 17 æмæ фылдæр баллæн;

«4» - æвæрд цæуы 13 – 16 баллы онг;

«3» - æвæрд цæуы 9 – 12 баллы онг;

«2» - æвæрд цæуы 8 æмæ къаддæр баллæн.








ТЕСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ

7 КЪЛАС.

Вариант № 1.

1. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм хауы:

1) радзырд 3) æмдзæвгæ

2) кадæг 4) роман

2. Кадæг «Батырадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф» - ы сæфт цæмæй æрцыд?

1) Батрадз æй амардта;

2) Нарты фæсивæд æй ныппырх кодтой;

3) Куырдалæгон æй куы байсæрыдта, уæд басыгъд;

4) Æндæр уæйыг æй амардта.

3. Сослан тыхагур куы ацыд, уæд бамбæрста:

1) Йæхицæй тыхджындæр кæй ничи ис;

2) Æппæты тыхджындæр сты уæйгуытæ;

3) Хъуамæ бæстæтыл зилай æмæ дæхицæй тыхджындæрты агурай;

4) Тыхагур хъуамæ ма цæуай, тыхджынæй тыхджындæртæ бирæ ис.

4. Фæндыр куыд фæзынди?

1) Нарты Уырызмæг æй кæцæйдæр æрхаста;

2) Сырдон æй йæ бинонты стджытæ æмæ зæрдæйы тæгтæй сарæзта;

3) Сатана йæ сарæзта;

4) Нарты Ацæмæз æй сарæзта.

5. Цавæр маргъ атахтис Сосланмæ, цæмæй уый фервæзын кæна Сатанайы зындоны цадæй?

1) бæлон 3) хъæрццыгъа

2) халон 4) зæрватыкк

6. Цавæр æнаккаг хъуыддаг хъуамæ бакодтаид æлдар Кодзырты бинонтæн хъалон кæй нæ фыстой, уый тыххæй?

1) Хъуамæ сын сæ хæдзар басыгътаид;

2) Хъуамæ сын сæ бинонты ныццагътаид;

3) Хъуамæ сын сæ чындзы акодтаид;

4) Хъуамæ сын сæ мадæй фæхынджылæг кодтаид.

7. Таурæгъ «Ларс æмæ Хуха» - йы цæмæн скодтой Куырттаты мыггаг куывд?

1) Цæмæй сæ адæмы æххормаг рæстæг бафсадой;

2) Кæд куывды разынид сæ мыггагæй ахæм хъæбатыр, рæгъаугæс сын

чи ацæуа, Тæгиатæй чи нæ фæтæрса;

3) Цæмæй æлдæртты æрхоной сæ куывдмæ æмæ сæ хъалон мауал исой;

4) Цæмæй Тæгиаты сæ куывдмæ фæхоной æмæ бафидауой.

8. Бæтæйы фырттæн сæ мыггаг уыд:

1) Тлаттатæй 3) Алыккатæй

2) Кодзыртæй 4) Санатæй

9. Къостайы сæйраг чиныг, йе’ мдзæвгæты æмбырдгонд у:

1) «Ирон фæндыр» 3) «Ирон чиныг»

2) «Ирон зарæг» 4) «Ирон дзырд»

10. Æфсати у:

1) Хорæрзады бардуаг 3) Сырдты бардуаг

2) Дымгæйы бардуаг 4) Фæндаджы бардуаг

11. Радзырд «Арагуийы ерыстау æлдар» - ы цы фыдми бакодта Хъуды комы сывæллæттæн?

1) Былæй сæ акалын кодта;

2) Бæхты къæхты бын сæ банай кæнын кодта;

3) Басудзын сæ кодта;

4) Хъæды сæ сырдтæн бахæрын кодта.

12. Радзырд «Бæхдавæг» - ы Гуйман кæй бæх радавта?

1) йæ сыхаджы 3) йæ фыды

2) йе’ мбалы 4) никæй


Вариант № 1.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

3

1

3.

4

2

4.

2

1

5.

3

1

6.

3

2

7.

2

2

8.

3

2

9.

1

2

10.

3

2

11.

2

1

12.

1

1


Æдæппæт:

18












Вариант № 2.


1. Адæмон сфæлдыстады уацмыс у:

1) «Бæхдавæг» 3) «Хъуыбады»

2) «Сослан – тыхагур» 4) «Арагуийы ерыстау æлдар»

2. Сæхъхъыр уæйыджы фырт Алæфы чи ныммур, ныппырх кодта кафгæ - кафын?

1) Сослан 3) Батрадз

2) Уырызмæг 4) Хæмыц

3. Кадæг «Сослан – тыхагур» - ы уæйгуыты мад цæмæн баххуыс кодта Сосланæн?

1) Хæларзæрдæ ус уыдис;

2) Сослан ын «Мæ мады хай» кæй загъта, уый тыххæй;

3) Сосланы сайгæ акодта æмæ йæ барæй бамбæхста;

4) Фæтæригъæд ын кодта.

4. Цавæр фау æрхаста фыццаг хатт Сырдон Нарты иумæйаг хæдзармæ?

1) Æгæр гыццыл хæдзар у;

2) Æвзæр бынаты арæзт у;

3) Фидар арæзт нæу;

4) Астæуæй дзы ницы ис.

5. Цæмæн байрæджы кодта Сослан йæ мад Сатанайы фервæзын кæнынмæ?

1) Фæндагыл мæгуыр лæг æмæ иу сывæллоны фервæзын кодта;

2) Æгæр рæгмæ йæм бахæццæ зæрватыкк;

3) Фæндагыл уæйгуытимæ тох кодта;

4) Сырдон ын алы фыдбылызтæ арæзта йæ фæндагыл.

6. Цæуыл фæци таурæгъ «Кодзырты Таймураз»?

1) Таймураз æлдæрттæй йæ маст райста æмæ хъæдмæ алыгъд;

2) Таймураз æлдæрттæй цалдæры амардта, фæлæ йын йæхи дæр

амардтой;

3) Таймуразæн йæ бон не сси æлдæрттæй йæ бинонты маст райсын æмæ

йæ сæр кæдæмдæр фесæфта;

4) Таймураз æмæ йе’ мбал Тасолтан æлдæртты ныммардтой æмæ

сæхæдæг кæдæмдæр фæлыгъдысты.

7. Цæй аххосæй фæмард Ларс знæгты къухæй?

1) Чидæр ын йе’ мбæхсæн бынат знæгтæн бацамыдта, æмæ йæ

фынæйæ амардтой;

2) Йæ топпыхос къæвдамæ схуылыдз, æмæ цæмæй æхстаид, уый йæм

нал уыд;

3) Цуанæй æрцæйцыд, æмæ знæгтæ йæ размæ бабадтысты;

4) Куырттаты рæгъау фæцæйскъæрдта хизынмæ, æмæ йæ Тæгиатæ

æнæнхъæлæджы алырæттæй райдыдтой æхсын.

8. Куыд раирвæзтысты Бæтæйы фырттæ гæнахæй?

1) Сæ мады рвадæлтæй сын дыууæ фаззоны сæ дзаумæттæ скæнын

кодтой, æмæ уыдон хуызы рацыдысты гæнахæй;

2) Знæгты фæмардтой æмæ стæй тархъæдмæ алыгъдысты;

3) Сæхи знæгтæм уацары радтой;

4) Алыккаты хистæртæ сын фæтæригъæд кодтой æмæ сæ рауадзын

кодтой.

9. Цавæр æмдзæвгæйы æргом кæны Къоста йæ цæстæнгас цардмæ йæ фыдæн?

1) «Æнæ хай» 3) «Ныфс»

2) «Тæхуды» 4) «Мæгуыры зæрдæ»

10. Цæмæй амардис Берд æмæ Хъызмыдæйы сывæллон?

1) Æлдар æй йæ мады сæрыл æртæ хатты ныццавта, æмæ йæ астæу

асаст;

2) Æлдар æй фырнадæй амардта;

3) Æлдары куыдз ыл фæхæцыд, фæрынчын æмæ амард;

4) Æххормагæй амард.

11. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Кæдæм - иу бафтыд,

Уым - иу фæкафыд

Кæрдзыны мурыл…

1) «Сидзæргæс» 3) «Тæхуды»

2) «Мæгуыры зæрдæ» 4) «Хъуыбады»

12. Цæмæн адавта Гуйман йæ сыхаг Базджейы бæх?

1) Цæуылдæр æм мæсты уыдис;

2) Йе’ мбал Сабан ын æй радавын кодта;

3) Кæмæйдæр æхца дардта æмæ хъуамæ бæх ауæй кодтаид;

4) Кæимæдæр схæснаг кодта хорз бæхыл æмæ фембылд ис.


Вариант № 2.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

3

1

3.

2

1

4.

4

2

5.

1

1

6.

2

2

7.

2

2

8.

1

2

9.

3

2

10.

1

1

11.

4

2

12.

2

1


Æдæппæт:

18



Вариант № 3.


1. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд нæу:

1) Арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы;

2) Нæ гыццыл арвæй мит уары;

3) Хорз бæхы ехс нæ хъæуы;

4) Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты.

2. Литературон таурæгъ у:

1) «Бæтæйы фырттæ» 3) «Кодзырты Таймураз»

2) «Ларс æмæ Хуха» 4) «Сослан – тыхагур»

3. Кадæг «Батрадз æмæ сохъхъыр уæйыг Æфсæроны фырт Алæф» -ы

сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

1) Æрдз хъæуы уарзын æмæ хъахъхъæнын;

2) Æнæкусгæйæ цард нæй;

3) Дæхивæнд ма кæн, хистæртæм хъус æмæ фыдбылызы ма бахауай;

4) Райгуырæн бæстæ хъæуы уарзын.

4. Сослан тыхагур куы ацыд, æмæ йæ æртæ уæйыджы куы расырдтой, уæд æй иудзонгон уæйыг кæм бамбæхста?

1) Стыр дзыхъхъ ракъахта æмæ йæ уым бамбæхста;

2) Йæ дзыхы йæ баппæрста æмæ йæ йе’ взаджы бын бамбæхста;

3) Йæ хæдзары йæ бамбæхста;

4) Йæ дзыппы йæ сæвæрдта.

5. Цавæр фау æрхаста Сырдон Нарты иумæйаг хæдзармæ дыккаг хатт?

1) Æгæр талынг хæдзар у;

2) Йæ къæсæр æгæр ныллæг у;

3) Хурыскæсæнырдыгæй къуымы ницы ис;

4) Æгæр гыццыл хæдзар у.

6. Цæмæй базыдта Сослан, зæрватыкк æцæг Сатанайы æрвыст у, уый?

1) Сатанайы сæрыхъуын равдыста зæрватыкк;

2) Сатанайы къухдарæн уыд зæрватыкмæ;

3) Цавæрдæр æмбарынгæнæн ныхæстæ йын загъта зæрватыкк;

4) Куы цыд балцы, уæд ын рагацау Сатана загъта, зæгъгæ, исты хабар,

уæд дæм зæрватыкк æртæхдзæн.

7. Кодзырты Таймуразæн чи фехъусын кодта, сæ чындзы сын æлдар акæнынмæ кæй хъавы, уый?

1) йе’ фсымæры чызг 3) йæ сыхаг

2) йе’ мбал Тасолтан 4) йæхи фырт

8. Цæуыл фæци таурæгъ «Ларс æмæ Хуха»?

1) Хуха сæхимæ æрцæйцыд, æмæ уый дæр Тæгиатæ амардтой;

2) Хуха йе’ фсымæры туг райста, рæгъау атæрын нæ бауагъта, фæлæ

йæхæдæг дæр фæмард;

3) Ларс æмæ Хуха знæгты ныццагътой æмæ сæ бинонтимæ дзæбæхæй

цардысты;

4) Ларс фæмард, Хуха йе’ фсымæры туг райста, знæгты фæмардта æмæ

рæгъау дарддæр хызта.

9. Цæй аххосæй райдыдтой кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсын Бæтæйы фырттæ æмæ иннæ Алыккатæ?

1) Бæтæйы фырттæ нал хъуыстой мыггаджы хистæртæм;

2) Алыккаты фæндыд Аслæнбег æмæ Будзийы бынтæ байсын,

сæхицæй та сын æххуырстытæ скæнын;

3) Мамсыраты Дуда мæсты уыд Аслæнбегмæ æмæ æрвадæлты

йæ мæнгард æвзагæй кæрæдзийыл сардыдта;

4) Бæтæйы фырттæ Алыккатæй кæмæндæр йæ бæх адавтой.

10. Æмдзæвгæ «Æнæ хай» - ы Къоста:

1) Сиды йæ адæммæ, цæмæй кæрæдзи уарзой;

2) Хъæздгуыты ныхмæ тох кæны;

3) Æвдисы мæгуыр адæмы уæззау цард;

4) Мæт кæны, йæ мæлæт æцæгæлон адæмы æхсæн куы æрцæуа, æмæ

ирон зæхх, ирон æгъдæуттæй куы фæцух уа.

11. Радзырд «Арагуийы ерыстау æлдар» - ы куыд æрцыд мард æлдар Дзимсер?

1) Авд æфсымæры нæ бауагътой сæ хойы ном фæчъизи кæнын æмæ

æлдары сæхи хæдзары йæ адæмимæ ныммардтой талынджы;

2) Хъуды комы адæм йæ размæ бабадтысты æмæ йæ амардтой;

3) Æлдарæн йæ хæдзармæ бацыдысты мæгуыр адæм æмæ йæ уым

амардтой;

4) Æхсæвыгон бахъуызыдысты æмæ йæ йæхи хæдзары фынæйæ

басыгътой.

12. Цæуыл фæцис радзырд «Бæхдавæг»?

1) Гуйман фæстæмæ æрбакодта Базджейы бæх;

2) Сабан æмæ Гуйман ауæй кодтой бæх æмæ æхца адих кодтой;

3) Гуйман фæфæсмон кодта, бæх кæй радавта, архайдта, цæмæй

Базджейæн йæ бæх фæстæмæ бакæна, фæлæ йыл Сабан æмæ Цæрай

хинæй рацыдысты æмæ йын йæхи фæаххосджын кодтой адæмы раз;

4) Гуйман фæстагмæ бынтондæр сабырæг ис, давта бæхтæ, æмæ йæ

æрцахстой.











Вариант № 3.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

2

2.

1

1

3.

3

1

4.

2

1

5.

3

2

6.

2

1

7.

1

1

8.

2

2

9.

3

2

10.

4

2

11.

1

1

12.

3

2


Æдæппæт:

18












Вариант № 4


1. Лæвæрд уацмыстæй адæмон сфæлдыстадмæ нæ хауы:

1) «Кодзырты Таймураз» 3) «Всати»

2) «Сослан – тыхагур» 4) «Ларс æмæ Хуха»

2. Цæмæн цыдис сохъхъыр уæйыджы фырт Алæф Нарты симдмæ?

1) Цæмæй сын сæ кафтмæ бакæса;

2) Цæмæй сæ фæхынджылæг кæна æмæ сын сæ дзаумæттæ байса;

3) Цæмæй нарты гуыппырсартимæ йæ тых бафæлвара;

4) Цæмæй сын сæ фос ратæра йæхицæн.

3. Цавæр зонд бацамыдта иудзонгон уæйыг Сосланæн, тыхагур куы ацыд, уæд?

1) Дæуæй тыхджындæр ничи ис зæххыл;

2) Æппæты тыхджындæр у Батрадз, æмæ уыимæ бафæлвар дæ тых;

3) Тыхагур макуы цу, тыхджынæй тыхджындæртæ бирæ ис;

4) Хъуамæ зилай æмæ дæхицæй тыхджындæрты агурай.

4. Хæмыц Сырдонæй куыд райста йæ маст?

1) Йæ бинонты йын фыцгæ аджы ныккалдта;

2) Йæ фосы йын радавта æмæ сæ бахæрын кодта Нартæн;

3) Цуаны йæ акодта йемæ æмæ йæ бирæгъты астæу ныууагъта;

4) Адæмы раз дзы фæхынджылæг кодта.

5. Цæмæн рауагъта Барастыр Сатанайы Мæрдты бæстæй?

1) Сатана йын балæгъстæ кодта;

2) Сослан мæгуыр лæджы æмæ гыццыл сывæллоны кæй фервæзын

кодта, уый тыххæй;

3) Сатана Нарты адæмæн бирæ хорздзинæдтæ кæй фæци, уый

тыххæй;

4) Нарты хистæртæ йæм бахатыдысты.

6. Цавæр ныв федта Таймураз, рудзынджы зыхъхъырæй мидæмæ куы кастис, уæд?

1) Æлдæрттæ бадынц æмæ минас кæнынц, чындз æмæ сын Дзицца

та лæггад кæнынц;

2) Æлдар зæронд ус æмæ чындзы сбаста, йæхæдæг та къуымты зилы;

3) Æлдар бады, Дзицца та йæ разы йæ уæрджытыл лæууы, йæ

цæссыг калы, афтæмæй хатыр куры;

4) Хæдзары дзаумæттæ пырх, мад æмæ чындз уым нал сты.

7. Чи радзырдта Хухайæн йе’ фсымæры сау хабар?

1) Йæ чындз Мæдинæт 3) Тæгиатæй чидæр

2) Ларсы лæппу 4) Куырттаты хистæртæ

8. Цæуыл фæцис таурæгъ «Бæтæйы фырттæ»?

1) Кæсгон æлдæрттæ акодтой уацары Бæтæйы фыртты;

2) Аслæнбег æмæ Будзи раирвæзтысты гæнахæй, Дудайæн йæ зæрдæ

аскъуыд æмæ амард;

3) Дудайы фæнд сæххæст: Алыккатæ æмæ Бæтæйы фырттæ

схæцыдысты æмæ бирæ адæм фæмард, Бæтæйы фырттæ дæр;

4) Алыккаты хистæртæ бамбæрстой, Дуда сæ кæрæдзийыл кæй

ардыдта, уый, æмæ гæнахмæ бацыдысты хатыр курæг.

9. Ацы рæнхъытæ ист сты:

Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ

Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

1) Къоста «Тæхуды» 3) Къоста «Мæгуыры зæрдæ»

2) Къоста «Хъуыбады» 4) Къоста «Æнæ хай»

10. Цæмæй амард Берды ус Хъызмыдæ?

1) Æлдары куыдзы хъæвдын ын йæ риуыл фæхæцыд, схæрам ын

кодта æмæ амард;

2) Æлдар æм смæсты æмæ йæ амардта;

3) Йæ бон нал уыдис æлдары фыдмитæй æмæ йæхи æрцауыгъта;

4) Йæ сывæллоны мæлæты фæстæ йæхи былæй аппæрста.

11. Къостайы сæйраг чиныг, йе’ мдзæвгæты æмбырдгонд у:

1) «Ирон зарæг» 3) «Ирон фарн»

2) «Ирон фæндыр» 4) «Мæ сагъæстæ»

12. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци - уыци у:

1) Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы;

2) Æмзонд, æмдых адæмæн къæдзæх дæр нæ лæууы;

3) Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны;

4) Гæды лæг йæхи дæр сайы.


Вариант № 4

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

3

1

2.

2

1

3.

3

1

4.

1

1

5.

2

2

6.

3

2

7.

1

1

8.

2

2

9.

4

2

10.

1

1

11.

2

2

12.

3

2


Æдæппæт:

18




Вариант № 5.


1. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм нæ хауы:

1) повесть 3) кадæг

2) зарджытæ 4) æмбисонд

2. Цæмæн баци йæ бон сохъхъыр уæйыджы фырт Алæфæн Нарты фæсивæдæй фæхынджылæг кæнын?

1) Нарты æхсæн ахæм тыхджын ничи уыдис;

2) Нартæн сæ гуыппырсартæ уым нæ уыдысты;

3) Нарты адæм уазæджы не’ фхæрдтой;

4) Алæф Нартыл хинæй рацыд æмæ сыл фæтых.

3. Сослан тыхагур куы ацыд, уæд ын æртæ уæйыджы мад цы бакодта?

1) Бахордта йæ;

2) Йæ фырттæн æй радта, æмæ йæ уыдон аскъуыдтæ кодтой;

3) Бамбæхста йæ йæ фырттæй æмæ йæ стæй ауагъта;

4) Йæхицæн дзы æххуырст скодта.

4. Цæуыл мæсты уыд Сырдон Хæмыцмæ, йæ хъуджы йын цæмæн адавта?

1) Хæмыц æй йемæ цуаны нæ акодта;

2) Сырдон æртыккаг хатт куы нæ куымдта Нарты иумæйаг хæдзар

фенынмæ, уæд æй Хæмыц рацæфтæ кодта, æмæ Сырдон смæсты;

3) Хæмыц Сырдоны хинтæ базыдта æмæ сæ адæмæн фæдзырдта;

4) Хæмыц Сырдонæн цыдæр баныфс æвæрдта æмæ йын æй нал радта.

5. Цæмæн бакасти зæрватыкк Сатанайы коммæ, цæмæн атахтис Сосланмæ?

1) Кæддæр Сатана фервæзын кодта зæрватыччы лæппынты;

2) Зæрватыккæн чидæр йæ базыр асаста, æмæ йæ Сатана адзæбæх

кодта;

3) Сатана зæрватыччы дзæбæх бафсæста хорз хæринæгтæй;

4) Хæларзæрдæ зæрватыкк уыдис æмæ Сатанайæн фæтæригъæд

кодта.

6. Кодзырты Таймураз тох кодта:

1) паддзахы ныхмæ 3) æлдæртты ныхмæ

2) урсгвардионты ныхмæ 4) гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ

7. Таурæгъ «Ларс æмæ Хуха» - йы сæйраг хъуыды:

1) Райгуырæн зæхх знагæй хъæуы хъахъхъæнын;

2) Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у;

3) Зивæггæнаг адæймаг цард никуы ссардзæн;

4) Хорздзинад никуы сæфы.

8. Куыд бафтыдысты Бæтæйы гæнахмæ, Аслæнбег æмæ Будзийы чи раирвæзын кодта, уыцы дыууæ фаззон лæппуйы?

1) Талынгæй бахъуызыдысты гæнахмæ;

2) Хъахъхъæнджыты амардтой æмæ баирвæзтысты;

3) Кънйазæй ракуырдтой, цæмæй сæ бауадза Бæтæйы фыртты фæстаг

хатт фенын;

4) Сылгоймаджы дзаумæттæ скодтой æмæ афтæмæй бацыдысты.

9. Къоста райгуырд:

1) Лабæйы 3) Нарты хъæуы

2) Нары хъæуы 4) Æрыдоны

10. Æмдзæвгæ «Ныфс» - ы Къоста равдыста:

1) Йæ уарзондзинад райгуырæн зæхмæ;

2) Йе' нæуынондзинад хъæздгуытæм;

3) Хæххон мæгуыр адæмы уæззау цард;

4) Фыд æмæ фырт цардмæ цы цæстæй кæсынц, уый.

11. Цавæр æвирхъау ми бакодта Арагуийы ерыстау æлдар Берд æмæ Хъызмыдæйы сывæллонæн?

1) Хъæдмæ йæ ахаста æмæ йæ бирæгътæн аппæрста;

2) Йæ мады сæрыл æй ныццавта æртæ хатты, йæ астæу асаст æмæ

амард;

3) Æндæр æлдарæн æй ауæй кодта;

4) Фырнадæй йæ амардта.

12. Радзырд «Бæхдавæг» - ы сæйраг архайджытæ сты:

1) Сабан æмæ Гуйман; 3) Аслæнбег æмæ Будзи;

2) Дзимсер æмæ Берд; 4) Таймураз æмæ Тасолтан.



Вариант № 5.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

1

1

2.

2

1

3.

3

1

4.

2

2

5.

1

1

6.

3

2

7.

2

2

8.

3

2

9.

2

1

10.

4

2

11.

2

1

12.

1

2


Æдæппæт:

18

Бæрæггæнæнты критеритæ:

«5» - æвæрд цæуы 16 æмæ фылдæр баллæн;

«4» - æвæрд цæуы 12 – 15 баллы онг;

«3» - æвæрд цæуы 8 – 11 баллы онг;

«2» - æвæрд цæуы 7 æмæ къаддæр баллæн.

5 кълас.

Вариант № 1.


1. Адæмон сфæлдыстадмæ хауы:

1) кадæг 3) радзырд

2) æмдзæвгæ 4) басня

2. Кадæг «Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг» - ы чи хъуамæ ацыдаид фосгæс?

1) Куывдмæ æрцæуæг адæмæй кувæггаг чи райса, уый;

2) Нарты гуыппырсартæй кæй хал схауа, уый;

3) Нарты хистæртæ кæмæй зæгъой, уый;

4) Сатана кæмæй зæгъа, уый.

3. Кадæг «Батрадз æмæ Тыхы фырт Мукара» - йы цавæр домæн барвыста Мукара Нартмæ?

1) Нарт ын хъуамæ хъалон фидой фосæй;

2) Хъуамæ йын Нарты адæм лæггад кæной цæрæнбонты;

3) Хъуамæ йын чызг - хъалон фидой Нарт;

4) Хъуамæ йын сæ зæххыты дзæбæхдæртæ радтой.

4. Аргъау «Фаззæттæ» - йы Сауийыл цавæр фыдбылыз сæмбæлди?

1) Залиаг калм æй бахордта;

2) Бæласыл цы ус бадтис, уый йæ дур фестын кодта;

3) Æлдар æй амардта;

4) Кæмдæр æнæбæрæгæй фесæфтис.

5. Аргъау «Сарты фырт» - ы кæстæр æфсымæр мæсыджы сæрæй куы акаст, уæд федта:

1) Сызгъæрин мæсыг, йæ алыварс та быру лæджы сæртæй, æрмæст

ма иу сæр хъуаг уыдис;

2) Бæрзонд сызгъæрин бæлас, йæ уæлæ æртæ сызгъæрин бæлоны

бадынц;

3) Сызгъæрин мæсыг, рудзынгæй кæсы рæсугъд чызг;

4) Бæрзонд хох, хохы сæр бады авдсæрон уæйыг.

6. Аргъау «Раст лæг æмæ зылын лæг» - ы кæдæм бафтыд раст лæг куырмæй?

1) тархъæдмæ 3) къулбадæг усы хæдзармæ

2) уæйыджы хæдзармæ 4) арс, бирæгъ æмæ рувасы хæдзармæ

7. Таурæгъ «Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд» - ы Чермен цы хъæбатырдзинад равдыста?

1) Æлдæрттæй фæхынджылæг кодта æмæ сын сæ фос байста;

2) Æлдары богалы ныппырх кодта, æд уæрдæттæ йæ зæххыл афæлдæхта;

3) Æлдæртты зæххытæ байста æмæ сæ мæгуыр адæмæн байуæрста;

4) Дугъы ерысты æппæты разæй фæцис йæ бæхимæ.

8. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци - уыци у:

1) Æвзæр йæ удæн тæрсы;

2) Æнæ фыдæбонæй ницы ис;

3) Æнæ къахæй цæуы, æнæ къухæй амоны;

4) Чи цас федта, уый бæрц зоны.

9. Лæвæрд уацмыстæй литературон аргъау у:

1) «Фаззæттæ» 3) «Сарты фырт»

2) «Гæмæт» 4) «Зонд æмæ Амонд»

10. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ы сæйраг хъуыды æвдисæг æмбисонд у:

1) Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты;

2) Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæуы;

3) Хорздзинад никуы сæфы;

4) Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы.

11. Аргъау «Гæмæт» - ы лæппуйы мад цæмæй базыдта, йæ фырт тæссаг ран ис, уый?

1) Къулбадæджы чызг Зæлинæ йын æй загъта;

2) Йæ фыны йæ федта;

3) Хæдахуыр зæрватыкк æм æртахт æмæ йын æй загъта;

4) Йæ кæсæныл халас сбадти, æмæ дзы сау тынтæ зынди.

12. Аргъау «Лæскъдзæрæн» - ы автор у:

1) Нигер 3) Дарчиты Дауыт

2) Къоста 4) адæмон аргъау у.


Вариант № 1.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

1

1

2.

1

2

3.

3

1

4.

2

1

5.

1

2

6.

4

1

7.

2

2

8.

3

2

9.

2

1

10.

3

2

11.

4

2

12.

2

1


Æдæппæт:

18






Вариант № 2.


1. Лæвæрд уацмыстæй адæмон нæу:

1) «Сарты фырт»

2) «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»

3) «Фаззæттæ»

4) «Зонд æмæ Амонд»

2. Нарты Хъулонзачъе уæйыгæй фервæзын кодта:

1) Сослан 3) Сатана

2) Сырдон 4) Батрадз

3. Батрадз Тыхы фырт Мукараимæ хæцынмæ куы цыдис, уæд йæ бæхæн бафæдзæхста:

1) Цæмæй тынг ныууаса, æмæ Мукара фæтæрса;

2) Цæмæй йæ дзыхæй тæвд ккомытæф рауадза, æмæ Мукара басудза;

3) Цæмæй Батрадзы фурды астæумæ фехса, æмæ уый суазал уа;

4) Цæмæй Нарты гуыппырсартæй искæй æххуысмæ æрдава.

4. Аргъау «Фаззæттæ» - йы Будзи куыд базыдта Сауийы хабæрттæ сæрæй бынмæ:

1) Сауи цы хъæумæ бафтыд, уыцы адæм ын сæ радзырдтой;

2) Сауийы ус ын сæ радзырдта;

3) Йæ райгуырæн хъæумæ аздæхт, æмæ йын сæ йæ фыд радзырдта;

4) Сауи цы хъæумæ бафтыд, уыцы адæм Будзийы Сауи фæхуыдтой,

куывд ын скодтой, зарæг ыл æрхъуыды кодтой æмæ зарæджы

æппæт хабæрттæ ракодтой.

5. Сарты фырт цавæр ирæд хъуамæ бафыстаид дыууадæс æфсымæрæн сæ иунæг хойы тыххæй?

1) Æфсымæртæй алкæмæн дæр хъуамæ бафида сæдæ – сæдæ алы фосы

мыггагæй, алы маргъы мыггагæй æмæ алы сырды мыггагæй;

2) Æфсымæртæй алкæмæн дæр хъуамæ бафида фæйнæ дыууадæс

голладжы сызгъæрин;

3) Мад æмæ фыдæн – фæйнæ сызгъæрин къæлæтджын бандоны,

æфсымæртæн та – фæйнæ сæдæ саджы;

4) Æфсымæртæн хъуамæ фæйнæ ахæм бæхы æрбакæна, сызгъæрин

цæфхæдтæ кæмæн ис.

6. Таурæгъ «Чермен æмæ сомихаг» - ы куыд райста Чермен сомихагæй

йе’ фхæрд?

1) Йæ лæдзæгæй йæ фæхоста;

2) Йæ къухыл ын ныххæцыд æмæ йын йæ царм астъыгъта;

3) Йæ сæр ын сгæрæм кодта;

4) Йæ бæх æмæ йын йæ дзаумæттæ байста.

7. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд у:

1) Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны;

2) Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй хæдзар аразы;

3) Куыстæн йæ сæр – сындз, йæ бын – сой;

4) Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры.

8. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ы цы хорздзинад бакодта хъæддзау лæг?

1) Зæрватыччытæн ахстон сарæзта;

2) Цæф зæрватыччы сæхимæ æрхаста æмæ йæ адзæбæх кодта;

3) Зæрватыччы лæппынтæн сæ мад фесæфт, æмæ сын уый хæринаг

зæвæрдта;

4) Зæрватыччы лæппынты гæдыйы дзыхæй байста.

9. Аргъау «Лæскъдзæрæн» - ы сæйраг хъуыды ис зæгъæн æмбисондæй:

1) Давæг лæг йæхи хæдзарæй дæр давы;

2) Хистæрæн йæ фындз амæрз, æмæ йæ зондæй бафæрс;

3) Тыхæй зонд тыхджындæр у;

4) Гæды лæг йæхи дæр сайы.

10. Кæимæ стох кодта Гæмæт?

1) Залиаг калмимæ 3) Кæфхъуындаримæ

2) Авдсæрон уæйыгимæ 4) Къулбадæг усимæ

11. Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - ы Къоста дзуры:

1) Кусын чи нæ уарзы, уыдоны ныхмæ;

2) Хистæрты коммæ чи нæ кæсы, уыдоны ныхмæ;

3) Тæппуд, æнæныфсхаст чи у, уыдоны ныхмæ.

4) Хорздзинад чи не’ мбары, уыдоны ныхмæ;

12. Лæвæрд аргъæуттæй адæмон нæу:

1) «Гæмæт» 3) «Раст лæг æмæ зылын лæг»

2) «Зонд æмæ Амонд» 4) «Сарты фырт»


Вариант № 2.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

2

1

2.

4

1

3.

3

2

4.

4

2

5.

1

2

6.

2

1

7.

3

2

8.

2

1

9.

3

2

10.

3

1

11.

4

2

12.

1

1


Æдæппæт:

18





Вариант № 3.


1. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм нæ хауы:

1) таурæгъ 3) радзырд

2) æмбисонд 4) аргъау

2. Кадæг «Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг» - ы цы хуызы бафтыд Батрадз Нарты куывдмæ?

1) Уæларвмæ йæм фæхабар кодтой, æмæ йæхи æруагъта;

2) Гыццыл лæппуйæ бæгъæввадæй фæнычы хъазыд æмæ йæ æрбакодтой;

3) Сатана йæм зæрватыччы арвыста хонæг;

4) Балцы уыдис, æмæ йын æй Сырдон загъта.

3. Аргъау «Фаззæттæ» - йы хингæнæг ус цы фæци?

1) Сауи йæ амардта;

2) Будзи йæ дур фестын кодта;

3) Хъæуы адæм æй амардтой;

4) Будзийы сырдтæ йæ ныскъуыдтæ кодтой.

4. Сарты фырт кæй, кæнæ цæй руаджы фæуæлахиз Персы паддзахы æфсæдтыл?

1) Дыууадæс æфсымæры йын баххуыс кодтой;

2) Йæ кæнгæ фыд ын баххуыс кодта;

3) Йæ фыды бæх æмæ хæцæнгæрзты руаджы;

4) Дыууадæс æфсымæры иунæг хойы руаджы.

5. Аргъау «Зонд æмæ Амонд» - ы сæйраг хъуыды у:

1) Зонд тых дæр дæтты æмæ амонд дæр;

2) Амонд æнæ зондæй дæр ис ссарæн;

3) Зонд æмæ амонд æнæ кæрæдзи нæ вæййынц;

4) Амонд у сæйрагдæр.

6. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци- уыци у:

1) Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæуы;

2) Гæдыйы къах цыбыр у;

3) Зынг нæу, афтæмæй судзы;

4) Тагъ дон фурды не’ ййафы.

7. Аргъау «Лæскъдзæрæн» цæуыл фæци?

1) Мæгуыр лæг баззад уæйыгмæ æхуырстæй;

2) Лæскъдзæрæн ралгъыста уæйыджы, æмæ уый цавддур фестад;

3) Лæскъдзæрæн ралыгъд уæйыгæй æхсæвыгон;

4) Лæскъдзæрæн срасыг кодта уæйыджы æмæ йæ фынæйæ

амардта.

8. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» ныффыста:

1) Нигер 3) Дарчиты Дауыт

2) Къоста 4) адæмон аргъау у.

9. Аргъау «Гæмæт»- ы цæуыл куыдта Зæлинæ, сæхимæ куы æрбацыд, уæд?

1) Гæмæт ын йæ доны дуртæ ныккалдта;

2) Йæ дурын ын асаста;

3) Суадонмæ йæ нæ уагъта;

4) Æнæуаг дзыхæй йæм сдзырдта.

10. Уацмыс «Бирæгъ æмæ хърихъупп» у:

1) аргъау 3) таурæгъ

2) æмдзæвгæ 4) басня

11. Æмдзæвгæ «Мæгуыры зарæг» - ы Къоста равдыста:

1) Мæгуыртæ æмæ хъæздгуыты цард, сæ хицæндзинæдтæ;

2) Йæ уарзондзинад райгуырæн зæхмæ;

3) Йæ мæт мæгуыр адæмы сомбоныл;

4) Мæгуыр хæххон сылгоймаджы уæззау цард.

12. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Ноджы ма дын æз зæгъын:

Цъус куы уа дæумæ кæрдзын, -

Де’ мбæлттæн лзы бакæ хай…

1) «Лæскъдзæрæн» 3) «Гæмæт»

2) «Мæгыры зарæг» 4) «Зонд æмæ Амонд»


Вариант № 3.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

3

1

2.

2

1

3.

4

1

4.

3

2

5.

1

2

6.

3

2

7.

2

1

8.

3

2

9.

2

1

10.

4

1

11.

1

2

12.

3

2


Æдæппæт:

18















Вариант № 4.


1. Лæвæрд уацмыстæй адæмон нæу:

1) «Фаззæттæ» 3) «Бирæгъ æмæ хърихъупп»

2) «Раст лæг æмæ зылын лæг» 4) «Зонд æмæ Амонд»

2. Куыд бамбарын кодта Батрадз, разы кæй у Нарты фос Хъулонзачъе уæйыджы зæхмæ аскъæрыныл?

1) Уырызмæгæн æй йæ хъусы загъта;

2) Сатанайæн ныхас æрбарвыста;

3) Кувæггаг райста Уырызмæджы къухæй;

4) Нарты раз æрлæууыд æмæ сын æй йæхæдæг загъта.


3. Будзи цæмæй раудгас кодта йе’ фсымæры æмæ йæ сырдты?

1) Йæ карды бырынкъæй сæм бавнæлдта;

2) Зæронд ус цы бæласыл бадти, уый сыфтæ сыл асæрфта;

3) Удæгасгæнæн дон сыл æркалдта;

4) Йæ цæссыгтæ сыл æркалдта.

4. Цæмæн ацыдысты сæ фыды хæдзарæй Сауи æмæ Будзи?

1) Фæндыдис сæ бæстæтыл ахæтын;

2) Сæ фыд сæ арвыста сæхицæн устытæ агурынмæ;

3) Сæ фыды ус налат уыд, фыдудæй сæ мардта, æмæ уый тыххæй.

4) Къулбадæг ус сын бацамыдта, хорз цард кæм ссардзысты, уый.

5. Аргъау «Раст лæг æмæ зылын лæг» - ы цы фыдбылыз сæмбæлди раст лæгыл?

1) Стыр цæугæдон æй аласта;

2) Зылын лæг ын йæ цæстытæ скъахта;

3) Сырдтæ йæ бахордтой;

4) Зылын лæг æй амардта.

6. Цы фыдми бакодтой Сарты дыууæ фырты сæ кæстæр æфсымæрæн?

1) Асайдтой йæ хъæдмæ æмæ йæ уым амардтой;

2) Цуаны ацыдысты, æмæ йæ былæй аппæрстой;

3) Сау хъæды йын йæ къæхтæ ралыг кодтой æмæ йæ афтæмæй

ныууагътой;

4) Йæ цæстытæ йын скъахтой æмæ йæ куырмæй ныууагътой.

7. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй уыци - уыци у:

1) Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты;

2) Хорз лæг йæ хъуыддæгтæй хорз вæййы;

3) Зивæггæнаджы гуыл хомæй зайы;

4) Нæ чысыл арвæй мит уары.

8. Таурæгъ «Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта» - йы цæмæн фæци лидзæг æлдар?

1) Чермен æй расырдта;

2) Чермен уæрдоны цалх æд сæмæн фелвæста, афтæмæй йын равдыста,

Хъобан чердыгæй ис, уый, æмæ æлдар фæтарст;

3) Чермен куыйтæ сардыдта æлдарыл, æмæ уый лидзæг фæци;

4) Чермен цалдæр æлдаримæ хыл кодта, æлдар фæтарст æмæ

лидзынмæ фæци.

9. Кæй фæдзæхстытæ баххуыс кодтой Гæмæтæн, кæфхъуындаримæ хæцынмæ куы ацыд, уæд?

1) йæ мады 3) къулбадæг усы

2) йæ уарзон Зæлинæйы 4) фыййауы

10. «Бирæгъ æмæ хърихъупп» ныффыста:

1) Нигер 3) Къоста

2) Дарчиты Дауыт 4) нæй йын автор

11. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ:

Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,

Ма сæ суæлдай кæ нæ фæстæ,

Ма сæ бафæллай!..

1) «А- лол -лай!..» 3) «Бирæгъ æмæ хърихъупп»

2) «Лæскъдзæрæн» 4) «Мæгуыры зарæг»

12. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - ы цы нæ бакодта раст Гæдо, йæ насы мидæг æхцаты бæсты калм цæмæн уыди?

1) Зæрватыккæн хæринаг нæ лæвæрдта;

2) Æвзæр бынат байтыдта насы мыггаг;

3) Зæрватыккæн йæхæдæг асаста дурæй йæ базыр;

4) Насмæ æвзæр зылдис, дон ыл нæ кодта.


Вариант № 4.

Фарсты №

Раст дзуаппы №

Раст дзуаппæн баллты нымæц

1.

3

1

2.

3

2

3.

2

1

4.

3

2

5.

2

1

6.

3

2

7.

4

2

8.

2

2

9.

1

1

10.

3

1

11.

1

2

12.

3

1


Æдæппæт:

18


Бæрæггæнæнты критеритæ:

«5» - æвæрд цæуы 16 æмæ фылдæр баллæн;

«4» - æвæрд цæуы 12 – 15 баллы онг;

«3» - æвæрд цæуы 8 – 11 баллы онг;

«2» - æвæрд цæуы 7 æмæ къаддæр баллæн.п








Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!