1. Мыртæ æмæ дамгъæтæ.
10 Пырхытæ дамгъæтæ.
Æрæмбырд кæнын дамгъæтæ раст ,цæмæй сæ рауайа 10 цæрæгойы ном: гъæс, азхъ, гъиæрб, сæгау, ккуæыр, рæгъдз, сыф, грææх, ккра, дзуык.
20 Цавд раст æрæвæрын.
Á-бон, á-ба-на, æв-зá-лы, къǽбыла, нóмдар, къýту, гæлæбý, бǽстæ, мǽргътæ, хóтæ.
40 Ребустæ
(Бакæс ребусты дзырдтæ)
(хицæн сыфтыл)
50 Куыд хъæздыг у дæ дзырдуат?
Литературон уацмыс. (жанр)
Сырды ном.
Уаты дзаумайы ном.
Бырынцъаг фæндаг.
Хæрынæн бæзгæ зайæгой.
(кадæг, рувас, кæсæн, кæлæх, кæрог)
2. Лексикæ
Иннæрдæм. Дзырдтæн зæгъут сæ антонимтæ.
кæуын -
хъæбæр -
сбырын -
бæрзонд -
рæсугъд -
сау -
маст -
бадын -
лæппу -
30 Зæгъын хъуыдыйад иу дзырдæй.
Уидаджы разæй цы дзырды хай вæййы, уый.
Тæрсгæ чи нæ кæны, æхсарджын чи у, ахæм адæймаг. (хъæбатыр)
Хæдтæхджыты лæууæн бынат.
Адæмы низтæй чи дзæбæх кæны, ахæм адæймаг.
Хъæддаг цæрæгойтыл чи цуан кæны, ахæм адæймаг.
Кæсаг чи ахсы, ахæм адæймаг.
20 Блиц. Дзуапп раттут.
Нæ ныхас цæмæй арæзт у?
Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ куыд хуыйнынц?
Дзырдтæ цал нысанонтæ вæййынц?
Цавæр дзырдтæ сты синонимтæ?
Цавæр дзырдтæ сты антонимтæ?
30 Уыци-уыцитæ
Æнæ фæрæт, æнæ дзæбугæй скæны хæдзар. (цъиу)
Доны мидæг æгас у, сурыл - мард. (кæсаг)
Иу лæгæн 12 фырты. (æфæдз)
Кæрдæг йæ халæг, дур йæ аразæг. (цæвæг)
50 Æмбисæндтæ нывтæм гæсгæ зæгъын. (æвдисын нывтæ)
3. Фразеологи.
30 Базонын, фразеологон дзырдбаст нывмæ гæсгæ.
(æвдисын нывтæ)
40
Куыд æмбарут фразеологон дзырдбæстытæ, кæй кæнæ цæй кой кæнынц?
Хъуыддæгты йæ фындз тъыссы.
Цæлхдуртæ йын æвæры.
Тæрхъусы зæрдæ йын ис.
Æртæ бæласы астæу фæдзæгъæл.
Зæрдæцъæхтæ дзы кæны.
50 Сфæлдыстадон хæслæвæрд.
60 Морфологон шарадæтæ.
1. аппар дзырдтæн сæ фæсæфтуантæ.
2. аппар дзырдтæн сæ разæфтуантæ.
ныккæсын
сдзурын
фæцæуын
3. аппар дзырдтæн сæ кæрæттæ.
чиныджы
бæласау
хорзæн
60 Блиц. Фарстытæн дзуапп раттын.
1. Кæцы хауæнæн ис кæрон -ыл.
2. Ранымай къуырийы бонтæ, сæ нæмттæ сын ма зæгъ афтæмæй - фæрсдзырдтæй. (æндæрæбон, æндæрæбоны размæ, знон, абон, райсом, иннæбон, уый иннæбон)
3. Цы уыдис «райсом», æмæ уыдзæнис «знон»? (абон)
80 «Æнгом бинонтæ» - сты 10 ныхасы хай. Алы дамгъæимæ дæр зæгъут дзырд,цæмæй уа ныхасы хай..
Ч - чызг - номдар
Ф -
Р -
У -
Б -
Д -
З -
Ц -
Æ -
Гъ -
16. « Зарæг»..
5 . Текст
80 Блиц .Дзуапп раттын фæрстытæн.
Дзырдты алы дамгъæтæй саразут ног дзырдтæ.
100 Ныффыссут хъуыдыйæдтæ, кæцыты дзырдтæ райдайдзысты иухуызон дамгъæтæй.
Зæгъæм:
Уасæг уæле уæлхæдзарæй уасы.
Карк кæрдæгмæ кæркдонæй кæсы.
(Алчи йæ арæхстмæ гæсгæ дзуры хъуыдыйæдтæ)
1
00 Адарддæр кæнут радзырд.
Æмбæлттæ сфæнд кодтой Нармæ ацæуын экскурсийы, ….
Хъазт куы фæуа, уæд жюри зæгъдзæни йæ хатдзæгтæ
Командæтæн лæвæрд цæуы грамотæтæ æмæ призтæ.