Просмотр содержимого документа
«Тест Нарты кадджытæй.»

Тест Нарты кадджытæй.
1. Уæрхæг фæдзырдта йæ фырттæм, цæмæй сæ арвита:
а) нарты куывдмæ
б) фыййау
в) фæткъуы хъахъхъæнынмæ
2. Бæласыл зади:
а) æртæ фæткъуыйы
б) иу фæткъуы
в) дæс фæткъуыйы
3. Фæткъуы уыди:
а) сыгъзæрин
б) сырх
в) кæрдæгхуыз
4. Фæткъуы иу давд æрцыд:
а) бонæй
б) æхсæвæй
в) райсомæй
5. Фæткъуы бахъахъхъæдта:
а) æхсар
б) æхсæртæг
в) Æхсар æмæ Æхсæртæг иумæ
6. Фæткъуы- иу давта:
а) æхсинаг
б) цæргæс
в) мæлхъ
7. Æхсæртæг бахъахъхъæдта фæткъуы æхсинагæй:
а) æрцахста йæ
б) амардта йæ
в) фæцæф æй кодта
8. Æхсинаг кæдæм атахт,уый æфсымæртæ базыдтой:
а) туджы æртæхтæм гæсгæ
б) бумбулитæм гæсгæ
в) фæдтæм гæсгæ
9. Цæф æхсинаджы туджы æртæхтæ цыдысты:
а) уæларвмæ
б) хъæды рдæм
в) денджызы бынмæ
10. Денджызы бынмæ араст:
а) Æхсар
б) Æхсæртæг
в) Æхсар æмæ Æхсæртæг иумæ
11. Донбеттырты хæдзары бадтысты:
а) 3 æфсымæры æмæ иу хо
б) 9 æфсымæры æмæ æртæ хойы
в) 7 æфсымæры æмæ дыууæ хойы
12. Донбеттыртæ Æхсæртæгыл:
а) бацин кодтой
б) кæсгæ дæр æм не скодтой
в) фæстæмæ йæ арвыстой
13. Донбеттыртæ Æхсæртæгæн:
а) куывд скодтой
б) хъазт скодтой
в) сæ хойы тыххæй ын радзырдтой
14. Донбеттыртæн сæ хойы чи сдзæбæх кæна, уымæн:
а) бирæ хæзнатæ ратдзысты
б) куывд ын скæндзысты
в) йæ хойы йын ратдзысты
15. Æхсæртæг сдзæбæх кодта Дзерасæйы:
а) йæ бумбулитæ йыл бавæрдта
б) йæ сæры кæрдихтæ йыл сæвæрдта
в) йæ туджы ртæхтæ йыл бафу кодта
16. Æхсæртæг туджы ртæхтæ систа
а) йæ дзыппæй
б) йæ фæснахæй
в) йæ худæй
17.Туджы ртæхтæ уыдысты тыхт:
а) зæлдаг кæлмæрзæны
б) хæцъилы гæбазы
в) гæххæтты
18. Æхсæртæг æмæ Дзерассæ:
а) баззадысты Донбеттыртæм
б) хицæнæй доны бын цардысты
в) ссыдысты зæхмæ
19. Æхсар уыцы рæстæг:
а) æнхъæлмæ каст йе фсымæрмæ
б) ацыд сæхимæ
в) уыди фосгæс