СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

ТЕСТЫ К УРОКАМ ОСЕТИНСКОЙ ЛИТЕРАТУРЫ

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Тесты к урокам осетинской литературы. Предназначены для учащихся среднего звена

Просмотр содержимого документа
«ТЕСТЫ К УРОКАМ ОСЕТИНСКОЙ ЛИТЕРАТУРЫ»













ТЕСТТÆ

ирон литературæйæ



5 кълас



































Сæргæндтæ



1) Нарты кадджытæ. Аргъæуттæ. Литературæйы теори : фæлхатæн.



2) Къоста. «Ал-лол–лай», «Мæгуыры зарæг», «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Секъа. «Мæ бæлас», «Къоста», «Мæгуыры зæрдæ». Литературæйы теори:

аллегори, метафорæ



3) Тугъанты Батырбег. «Фыййау Баде». Цæголты Геуæрги. «Бецал». Литературæйы теории: пейзаж



4) Коцойты Арсен. «Гигойы куадзæн». л⁄т: сатирæ, юмор

Датиты Ислам. «Ахæстоны».

Брытъиаты Е. «Цад».

Илас Æрнигон. «Гъæйтт, цы фестут!», «Сау мигъ».



5) Барахъты Гино. «Зæлимхан».

Виктор Гюго. «Мæгуыртæ».

Бæдоаты Хъазыбег. «Арсæмæг».



6) Дзесты Куыдзæг. «Æрдхæрæны лæвар».

Мамсыраты Дæбе. «Хъæндил». Литературæйы теории: литературон хъайтар.

Бесаты Тазе. «Гетæ».

Нигер. «Æз цагъайраг нæ дæн».



7) Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбæстæ».

Баситы Дзамболат. «Адæмы маст».

Елехъоты Мурат. «Фыстæг хæсты быдырæй».

Саулохты Мухтар. «Хæстон цуаны».



8) Булкъаты Михал. «Нæмыгдзæф фæндыр».

Темыраты Дауыт. «Тæрхон».

Баситы Михал. «Инæлар Плиты Иссæ».

Плиты Грис. «Мила».



9) Гуыцмæзты Алеш. «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу».

Хуыгаты Сергей .«Зокъотæ».

Кокайты Тотрадз. «Зиу».

Джыккайты Шамил. «Фембæлд».





























































РАЗНЫХАС



Цард куыд ивы, афтæ ахуыргæнæджы размæ дæр æвæры ног домæнтæ. Ахуырады модернизаци мах дæр, ирон æвзаджы ахуыргæнджыты, нæ уадзы уыцы уылæнтæй иуварс æрлæууын. Зонын хъæуы уый, æмæ дзырдаивады нысаниуæг нæ царды кæй ахсы зынгæ бынат, мах та кæй стæм йæ хæссæг, йæ хæссæг скъолæдзауты зæрдæтæм.

Урочы мидæг ног æрмæг хорз бцамонын у вазыгджын æмæ бæрнон хæс. Фæлæ уымæй дæлдæр нæ лæууы скъоладзаутæй амынд æрмæг бацагурын дæр. Уымæн та уыдис æмæ ис бирæ мадзæлттæ æмæ фæрæзтæ. Бынтон ног мадзæлттæй иу у контролон-бæрæггæнæн æрмæг аразын. Уый сын ахъаз у, æрмаст æрмæг куыд бамбæрстой, уый раиртасынæн нæ, фæлæ ма зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнынæн, сывæллæттæн сæ хъуыдыкæнынад райрæзынæн.

Бынтон хорз у ацы конролон – бæрæггæнæн æрмæг программæйы хуызæн рацаразын æмæ йæ компьютеры бавæрын.

Скъоладзауты зонындзинæдтæ æвтоматикон хуызы иртасын у уæлдай цымыдисаг æмæ раст мадзал, компьютер йæхæдæг кæй æвæры бæрæггæнæнтæ, уый тыххæй.

Мæ зæрдæ дарын, искæдбон ахæм хуыз махæн фæахъаз уыдзæн предметæй иумæйаг фæлварæн æмæ олимпиадон æрмæгмæ цæттæ кæнгæйæ.















Дзарасаты Беллæ





























Темæ 1: Нарты Кадджытæ. Аргъæуттæ.



I вариант



1) Ранымæй адæмон сфæлдыстады сæйраг хуызтæ: …………

2) Нарты хæцæн бон у:

а) дыццæг

æ) æртыццæг

б) майрæмбон

3) Нарты фосæн хизæнтæ Хъулонзачъе уæйыгæй суæгъд кодта:

а) Сослан

æ) Батрадз

б) Сырдон

4) Батрадзыл хинæй рацыдысты:

а) Кадзитæ

æ) Датитæ

б) Борæтæ

5) Гыццыл Чехы бынат бацамыдта Батрадзæн:

а) Уырызмæг

æ) Сатана

б) Хæмыц

6) Батрадзы уæрмæй фервæзын кодта йæ:

а) цирхъ

æ) джебогъ

б) тахъахуд

7) Ныффысс Батрадзы фыд æмæ мады нæмттæ: ………..



8) Фæлхатæн цавæр аивадон фæрæз у?...............

9) Асæбиаты Хамырзæ ацы аргъауттæй кæцыйы архайæг у:

а) «Чермен æмæ сомихаг»

æ) «Чермен æлдары лидзæг куыд факодта»

б) « Чермен Калакмæ чырæ ласынмæ куыд ацыд».



10) Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæн:

а) Хуры разæй дæр лæг йæ …

æ) Чи цас федта, …

б) Цæваг галæн …

Дзуæппытæ:

I вариант



1) Кадджытæ, аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ

2) б

3) б

4) а

5) æ

6) а

7) Хæмыц æмæ Быценон

8) Фæлхатæн тыхджындæр кæны архайд, ныхас

9) 9 б

10) а) сыхаджы фены; æ) уыйас зоны; б) йæ сыкъа сæтты.







































Темæ1: Нарты кадджытæ. Аргъæуттæ.



II вариант



1) Ранымай адæмон аргъæутты къордтæ: ………………..

2) Цал къайы уыд сырдтæ Сауи æмæ Будзимæ?

а) 7

æ) 5

б) 9

3) Ацы аргъæуттæй кæцыйы æмбæлæм фыранкыл?

а) «Фаззæттæ»

æ) «Сарты фырт»

б) «Раст лæг æмæ зылын лæг»

4) Кæцы аргъауы ныммур кодтой лæджы арс, бирæгъ æмæ рувас?

а) «Сарты фырт»

æ) «Зонд æмæ Амонд»

б) «Раст лæг æмæ зылын лæг»

5) Сарты фырты дæлзæххæй фервæзын кодта:

а) бæлон

æ) цæргæс

б) сырддонцъиу

6) Сарты фырт схæцыд:

а) Персы паддзахимæ

æ) Мачъидон Алыксанимæ

б) Темур Алсахъимæ

7) Рацыд æрмæгæй фæлхатæнтæ кæм æмбæлынц?..................



8)Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?..................................

Кæронмæ сæ ахæццæ кæн:

– Иубон куы уыдис, …

– Уым йæ зонгæ сомихæг лæгимæ амбæлд, …

– Джебогъы бырынкъ Чермены къахы иннæрдæм ахызти, …

9) Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæн:

а) Куыстæн йæ сæр – сындз, …

æ) Æдылы хъæдмæ …

б) Æнгом бинонтæ …

10)Кæцы таурæгъæй у Нæкуысаты Басил?

а) «Чермен æмæ сомихаг»

æ) «Чермен æлдары лидзæг куыд фæкодта»

б) «Сарты фырт»

Дзуæппытæ:

II вариант

1) Цæрæгойты, царциаты, алæмæты

2) æ

3) а

4) б

5) æ

6) а

7) «Фаззæтты»: Будзи цæуын байдыдта

8) – уæд Чермен цæуын байдыдта, цæуын байдыдта

– æмæ ныхас кæнынц

– фæлæ йæ Чермен цыма æмбаргæ дæр нæ кодта, уый хуызæн æндæр

ныхас кодта

9) а) йæ бын –сой; дыууæ цыды кæны; цард арынц

10) а









Темæ1: Нарты кадджытæ. Аргъæуттæ.

III вариант

1) Литературон аргъау цавæр у?...............

2) Баххæст кæн рæнхъытæ:

Фос цæуæт кæнын……………..

Алы бон ………………………..

Хоры къутуйау ………………..

Бинаг был ………………………

3) Аргъау «Лæскъдзæрæн»-ы фыййау уæйыгыл фæуæлахиз:

а) тыхæй

æ) зондæй

б) мæнгарддзинадæй

4) Гæдойæн зæрватыкк æрбахаста:

а) насы апп

æ) харбызы апп

б) несийы апп

5) Кæмæн уыд йæ насы:

а) сызгъæринтæ…………………….

æ) калм……………………………...

6)Авторты уацмыстæ базон:

I) Къоста а) «Дыууæ сыхаджы æмæ дыууæ

зæрватыччы аргъау»

II) Нигер æ) «Гæмæт»

III) Дарчиты Д. б) «Булæмæргъ»

IV) Г.Х. Андерсен в) «Лæскъдзæрæн»







7)Аргъау «Гæмæты» Зæлинæ тахт:

а) цъылыныл

æ) султъыйыл

б) хæдтæхæгыл

8)Аргъау «Булæмæргъы» паддзах хъавыд балæвар кæнын булæмæргъæн йæ:

а) сызгъæрин худ

æ) сызгъæрин дзабыр

б) сызгъæрин цонгдарæн

9) Лæскъдзæрæг фæхизы:

а) лыстæг фос

æ) галтæ

б) бæхтæ

10)Аргъау «Булæмæргъ»-ы паддзахы цардмæ раздæхта:

а) кæнгæ булæмæргъ

æ) æгас булæмæргъ

б) зæрватыкк



Дзуæппытæ:

III вариант





1) фысджытæ кæй ныффыстой, ахæм



2) – нæ уагъта

– хæргæ

– йæ тынтæ

– кæфой



3) æ

4) а

5) а – мæгуыр лæгæн

æ – Гæдойæн



6) I в, IIа, IIIæ, IVб



7) æ



8) æ

9) а

10) æ























Темæ 2

Къоста. «А-ло-лай», «М æгуыры зæрдæ», «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Гæдиаты Секъа. «Мæ бæлас», «Къоста», «Мæгуыры зæрдæ».

Литературæйы теори: аллегори, метафорæ, басня.



I вариант





  1. Къоста райгуырд:

а) сусæны мæйы

æ) кæфты мæйы

б) цыппурсы мæйы







  1. Кæронмæ ахæццæ кæн рæнхъытæ:



а)Алчи…

æ)Бирæгъ…

б)Бирæгъ зыд…

в)Чидæрид…







  1. Басняйы мидис загъд æрцæуы:



а)зæрдиагæй

æ)комкоммæ

б)фæсномыгæй





  1. Æмдзæвгæ «А-лол-лай»-ы сæйраг хъуыды у



а) сыхбæстæ уарзын

æ) бæстæ уарзын

б)сыхаджы уарзын



  1. Ацы рæнхъытæ кæцы æмдзæвгæйæ ист сты? «Махæн та нæ афæдзы мызд-Гасæй иу хоры кæфой».



а) «Мæгуыры зарæг»

æ) «А-лол-лай»

б) «Бирæгъ æмæ хърихъупп»



6)Æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæн:



а) хæрзгæнæг хорз…

æ) хорз ма ракæн,



7)Кæронмæ ахæццæ кæн рæнхъытæ:



а) Адæмæн сæ…

æ) Хъармæй, райдзастæй…

б) Махæн та…

в) Уазал лæгæтты…



8)Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-ы бирæгъы хурхы нынныхст:



а) сæры стæг

æ) уæны стæг

б) къахы стæг

9) Къостайы мад хуынд:



а)Замирæ

æ)Мария

б)Таирæ



10) Къоста райгуырд:



а) Тибы

æ) Нузалы

б) Нары

































Дзуæппытæ:



1)æ



2)…зыдгæнаджы

…фæхоны

…кæй кæны

…зоны

3) б



4) æ



5)а



6)…нæ ары

… , æмæ æвзæр ма ссарай



7)…рæсугъд уæттæ

…лæууынц

…нæ сывæллæттæ

… кæуынц

8)æ



9) æ



10) б































Темæ 2

Къоста. «А-ло-лай», «М æгуыры зæрдæ», «Бирæгъ æмæ хърихъупп».Гæдиаты Секъа. «Мæ бæлас», «Къоста», «Мæгуыры зæрдæ».

Литературæйы теори: аллегори, метафорæ, басня.



II вариант



1) Г. Секъа куыста:

а) моллойæ

æ) диакъонæй

б) ахуыргæнæгæй



2) Секъа фыссын æмæ кæсын сахуыр:

а) скъолайы

æ) хæдзары

б) аргъуаны



3) Æмдзæвгæ «Мæ бæлас»-ы аллегорийы хуызы æвдыст æрцыд:

а) дидинæг

æ) кæрдæг

б) бæлас



4) Æмдзæвгæ «Мæ бæлас»-ы бæласы хуызы æвдыст æрцыд:

а) ныййарæг

æ) райгуырæн бæстæ

б) сыхбæстæ



5) Х. Къостайы сæйрагдæр чиныг у:

а) «Чи дæ?»

æ) «Хъуыбады»

б) «Ирон фæндыр»



6) Ацы рæнхъ: «Цырагъау фæсыгъди уый адæмы 'хсæн» у:

а) метафорæ

æ) олицетворени

б) аллегори



7) Г æдиаты Секъа мæгуыр лæджы бæллиц зæххы куыстмæ кæцы æмдзæвгæйы равдыста?

а) «Къоста»

æ) «Мæ бæлас»

б) «Мæгуыры зæрдæ»



8) Ацы рæнхъытæ сты æмдзæвгæйæ ……………Баххæст сæ кæн:

Дæумæ дзурын….

Мæ цард æмæ…

Фехъус, мæ хур,...

Радзурон дын…

9) Къоста райгуырд:

а) 1860 азы суæны мæйы

æ) 1859 азы кæфты мæйы

б) 1870 азы цыппурсы мæйы



10) Æмдзæвгæ «Мæ бæлас»-ы аллегори

сау мигъ амоны …………………..,

хур амоны…………………………..

Дзуæппытæ



1) æ

2) б

3) б

4) æ

5) б

6) а

7) б

8) «Мæ бæлас»

… мæ бæлас

… мæ дарæг

… мæ ныхас

… мæ хъарæг

9) æ

10) ……. талынг цард

……. рухс, сæрибар



Темæ3: Тугъанты Батырбег. «Фыййау Баде».

Цæголты Георги. «Бецал».

Литературæйы теори: пейзаж

I ВАРИАНТ



1) Радзырд «Фыййау Баде»-йы Баде кæцы хохмæ кастис?

а) Хъазыбеджы

æ) Джимарайы

б) Ресы



2) Баде бæллыд:

а) зарынмæ

æ) ахуыр кæнынмæ

б) кафынмæ

3) Бадейы дзыппы цы гæххæтты гæппæл уыд, уый у:

а) йæ фысты нымæц

æ) уарзон чызгæй фыстæг

б) æфсадмæ сидты гæххæтт



4) Дуканийы хицау у «Фыййау Бадейы» :

а) Вано

æ) Созо

б) Бедо



5) Бадейыл хал исгæйæ бахудт:

а) салдат

æ) булкъон

б) пъисыр



6) Ахуырмæ бæлгæйæ Баде бахауд:

а) скъоламæ

æ) ахæстонмæ

б) гимназмæ

7) Дыккаг фыййау радзырд «Фыййау Баде»-йы хуынд:

а) Екка

æ) Дзекка

б) Бега



8)Радзырд «Фыййау Баде»-йы пейзажы нывтæ баст сты:

а) быдыримæ

æ) хæхбæстимæ

б) горæтимæ



9) Бадейæн нæ бафтыд йæ бæллиц йæ къухы, уымæн æмæ:

а) зивæггæнаг уыд

æ) фадат ын нæ уыд ахуырмæ

б) йæ мад æй нæ уагъта скъоламæ



10) Баде æмæ Бецалмæ иумæйагæй цы ис?

а) кæйдæр фос кæй хизынц

æ) æрвадæлтæ кæй сты

б) æмгæрттæ кæй сты

Дзуæппытæ



1) а

2) æ

3) б

4) б

5) æ

6) æ

7) а

8)æ

9) æ

10) а









Темæ3

Тугъанты Батырбег. «Фыййау Баде».

Цæголты Георги. «Бецал».

Литературæйы теори: пейзаж



II ВАРИАНТ



1) Баде æмæ Бецалмæ иумæйагæй цы ис?

а) сидзæр кæй сты

æ) скъоламæ иумæ цæуынц

б) иу уынджы цæрынц



2) Бецалмæ фыццаг хатт æврагъæй æрзынд:

а) арс

æ) дзæбидыр

б) бирæгъ

3) Бецалы хицау у:

а) Мæхæмæт

æ) Дзæрæхмæт

б) Хъуыдайнат



4) Бецалæн æврагъ дыккаг хатт кæй сурæт равдыста?

а) йæ фыды

æ) йæ мады

б) йæ сыхаджы

5) Мад фаджыс хаста:

а) тæсчъы

æ) асыччы

б) къæртайы



6) Бецалæн хæдон радта:

а) Хъуыдайнат

æ) сауджын

б) Хъуыдайнаты ус

7) Бецал йæ мады сурæт æврагъы федта ахæм аивадон мадзалы руаджы:

а) олицетворени

æ) гиперболæ

б) пейзаж



8) Бецалы мад гуыбыр дардта йæхи, уымæн æмæ:

а) фæкалд тæйыскъ хæсгæйæ

æ) былæй ахауд

б) йæ къах скъуырдта



9) Баде æмæ Бецал цардысты:

а) революцийы размæ

æ) советон рæстæджы

б) мидцоппайы рæстæджы

10) Бадейы бæллицтæ æвисынæн ахъаз у ахæм аивадон мадзал:

а) гиперболæ

æ) пейзаж

б) анафорæ









Дзуæппытæ



1) а

2) æ

3) б

4) æ

5) а

6) б

7) а, в

8) а

9) а

10) а



































































Темæ 4

Датиты Ислам. «Ахæстоны».

Брытъиаты Елбыздыхъо. «Цад».

Коцойты Арсен. «Гигойы куадзæн».

Литературайы теори: сатирæ, юмор.

Илас Æрнигон. «Гъæйтт, цы фестут!», «Сау мигъ».



I ВАРИАНТ



1) Радзырд «Ахæстон»-ы цавæр бæрæгбоны кой цæуы:

а) Куадзæны

æ) Цæрвкъæхæны

б) Кæрдæгхæссæны



2) Монолог у…………..

3) Радзырд «Гигойы куæдзæн»-ы сауджынимæ æрбацыд:

а) диакъон

æ) хъæуккаг

б) сыхаг



4) Радзырд «Гигойы куадзæн»-ы Мела цавæр бæрæгбонмæ æнхъæлмæ каст?:

а) Зæрдæвæрæнмæ

æ) Куадзæнмæ

б) Атынæгмæ



5) Радзырд «Цад»-ы хæфсытæн зонд бацамыдта:

а) цъиусур

æ) æрбацæуæг хæфс

б) мæга



6) Радзырд «Цад»-ы хæфсытæ схæцыдысты……………

7) Радзырд «Ахæстон»-ы ахæстытæ бадынц:

а)хоры тыххæй

æ) сарибарыл тохы тыххæй

б) зæххы тыххæй



8) Ацы рæнхъытæ ист сты æмдзæвгæ………….

Баххæст сæ кæн:

Уæлæ хохыл…

Тынг фæтар ис,…

Уæлæ мигъ,…



9) Радзырд «Ахæстон»-ы дзæнгæрджытæ цагътой:

а) «Чырысти райгас»

æ) «Уæ райсом хорз»

б) «Амондджын ут»



10) Радзырд «Гигойы куадзæн»-ы темæ у……….,

Йæ идейæ у…………….







Дзуæппытæ



1) а

2) иунæгæй ныхас

3) а

4) б

5) æ

6) бабызтæ, мæгатæ æмæ кæсагласимæ

7) б

8) – банцад мигъ

– тынг фæджих

– дæ фæндаг раст

9) а

10) – сауджын æмæ диакъон хъыбыл асайдтой

– дины кусджытæ уыдыстысты адæмы знæгтæ







Темæ 4

Датиты Ислам. «Ахæстоны».

Брытъиаты Елбыздыхъо. «Цад».

Коцойты Арсен. «Гигойы куадзæн».

Литературæйы теори: сатирæ, юмор.

Илас Æрнигон. «Гъæйтт, цы фестут!», «Сау мигъ».



II ВАРИАНТ



1) Куадзæн кæцы мæйы вæййы:

а) зæрдæвæрæны

æ) хуымгæнæны

б) сусæны



2) Гигойы бинонтæ куадзæнмæ хастой:

а) хъыбыл

æ) бабыз

б) гогыз

3) Хъыбыл бинонтæн асаста:

а)сæ графин

æ)сæ дурын

б)сæ тæбæгъ



4) Гигойы чызг хуыйны…………

Гигойы ус хуыйны…………..

5) Сауджыны ном хуыйны:

а) Бæмæт

æ) Бесо

б) Йосеб



6) Сауджыны сурæт автор сныв кодта ахæм аивадон фæрæзы фæрцы:

а) гиперболæ

æ) сатирæ

б) æрфыст

7) Ацы рæнхъытæ сты æмдзæвгæ…………..

Баххæст сæ кæн:

Уæд дæ фæрцы..........

Райсдзæн саби………

Махæн уæд…

Мерс кæндзæн…



8) Радзырд «Цад»-ы хæфсыты стырдæр знаг уыд:

а) бабыз

æ) касаглас

б) мæга



9) Радзырд «Цад»-ы лæппын хæфсыты нæмттæ хуыйнынц……..,……....

10) Илас Æрнигон йе’мдзæвгæ «Гъæйтт, цы фестут»-ы райгуырæн бæстæ хоны:

а) мад

æ) хо

б) фыд









Дзуæппытæ



1) æ

2) Пело

Мела

3) а

4) æ

5) б

6) æ

7) Илас Æрнигоны «Сау мигъ»

…райсдзæн лæг

…уæд цæвæг

…зымæг нæ фос

…дæ фæрцы хос

8) æ

9) Бургуыбын æмæ Урсгуыбын

10) а



Темæ5

Барахъты Гино. «Зæлимхан».

Виктор Гюго. «Мæгуыртæ».

Бæдоаты Хъазыбег. «Арсæмæг».



I ВАРИАНТ



1)Радзырд «Арсæмæг»-ы хистæр æфсымæр у:

а) Дæхци

æ) Гадæцц

б) Уасил



2) Радзырд «Арсæмæг»-ы æфсымæртæн сæ арсы фæцæймардта:

а) цуанон

æ) хъæдгæс

б) пъырыстыф



3) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Сæлимæты сывæллæтты акодта:

а) Женя

æ) иннæ сыхаг ус

б) се ’рвад

4) Радзырд «Арсæмæ»-гы цуанон ныххауд:

а) мæрайы

æ) цъыфдзасты

б) цæугæдоны



5) Радзырд «Зæлимхан»-ы Бибо у:

а) хиппæлой

æ) уæздан

б) кадджын



6) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Женяйы лæг æхсæвы уыд:

а) цуаны

æ) куывды

б) кæсагахсынмæ



7) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Сæлимæт:

а) бахауд рынчындонмæ

æ) амард

б) ацыд къæбæргур





8) Радзырд «Арсæмæг»-ы арсы баласы сæрæй раппарста:

а) цуанон

æ) хъæдгæс

б) цирчы хицау



9) Радзырд «Арсæмæг»-ы арс Дæхцитæм фæцард:

а)дыууæ азы

æ) афæдзы æрдæг

б) афæдз



10) Радзырд «Зæлимхан»-ы бæх амард:

а) фыр куыстæй

æ) фыр хæрдæй

б) фыр зæрондæй

Дзуæппытæ



1) а

2) æ

3) а

4) а

5) а

6) б

7) æ

8) а

9) б

10) а





Темæ5

Барахъты Гино. «Зæлимхан».

Виктор Гюго. «Мæгуыртæ».

Бæдоаты Хъазыбег. «Арсæмæг».



II ВАРИАНТ



1) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Женя æд бинонтæ цард:

а) хъæуы

æ) горæты

б) денджызы был



2) Радзырд «Арсæмæг»-ы цуанон æфсымæртæ хъæды æрцахстой:

а) рувас

æ) бирæгъ

б) арс



3) Радзырд «Зæлимхан»-ы бæхы хицау у:

а) Хъасбол

æ) Бимбол

б) Тембол

4) Радзырд «Арсæмæг»-ы арсæн рыст:

а) дзæмбы

æ) фарс

б) сæр



5) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Женяйæн цал сывæллоны уыд?

а) 5

æ) 4

б) 3



6) Виктор Гюго у:

а) англисаг

æ) францусаг

б) уырыссаг



7) Автортæн сæ уацмыстæ базон:

I. Барахъты Гино – а) «Мæгуыртæ»

II. Бæдоаты Хъазыбег – æ) «Зæлимхан»

III. Виктор Гюго – б) «Арсæмæг»





8) Ныффысс радзырд «Арсæмæг»-ы дыууæ цуанон æфсымæры нæмттæ:.......,………

9) Радзырд «Арсæмæг»-ы арсы горæтмæ ласгæйæ бабастой:

а) тракторыл

æ) уæрдоныл

б) хæдтулгæйыл



10) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы кæсагахсæг кæсаг ахста:

а) къутуйæ

æ) æнгуырæй

б) хызæй

Дзуæппытæ



1) б

2) б

3) æ

4) а

5) а

6) æ

7) I æ; II б; III а;

8) Дæхци æмæ Гæдæцц

9) æ

10) в





Темæ5

Барахъты Гино. «Зæлимхан».

Виктор Гюго. «Мæгуыртæ».

Бæдоаты Хъазыбег. «Арсæмæг».



III ВАРИАНТ



1) Виктор Гюго у:

а) францусаг

æ) уырыссаг

б) немыцаг



2) Автортæн сæ уацмыстæ базон:

I. Виктор Гюго– а) «Арсæмæг»

II. Бæдоаты Хъазыбег – æ) «Зæлимхан»

III. Барахъты Гино – б) «Мæгуыртæ»



3)Радзырд«Мæгуыртæ»-йы Женяйы лæг уыд:

а) цуанон

æ) таксист

б) кæсагахсæг

4) Радзырд «Зæлимхан»-ы бæхæн асаст:

а)йæ къах

æ)йæ сæр

б)йæ уæн



5) Радзырд «Арсæмæг»-ы цуаноны бæласы мæрайæ фервæзын кодта:

а) æхсæрæг

æ) сæлавыр

б) арс



6) Радзырд «Арсæмæг»-ы арсы балхæдта:

а) хъæдгæс

æ) цирчы хицау

б) дзидзауæйгæнæг



7) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Сæлимæтæн цал сывæллоны уыд?

а) 4

æ) 2

б) 3



8) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Сæлимæты сидзæрты:

а) радтой сидзæрты хæдзармæ

æ) Женя сæ ракодта

б) баззадысты иунæгæй

9) Радзырд «Арсæмæг»-ы арс цуаноны тардта:

а) бæласы сæрмæ

æ) былгæронмæ

б) хъæугæронмæ

10) Радзырд «Мæгуыртæ»-йы Женя æмæ Сæлимæты сывæллæттæ иумæ сты:

а) 9

æ) 7

б) 10



Дзуæппытæ



1) а

2) I б; II а; III æ;

3) б

4) а

5) б

6) æ

7) б

8) æ

9) а

10) æ





Темæ 6

Дзесты Куыдзæг, « Æрдхæрæны лæвар».

Мамсыраты Дæбе. «Хъæндил».

Нигер.«Æз цагъайраг нæ дæн».

Бесаты Тазе. «Гетæ».

Литературæйы теори: диалог, монолог, сюжет, литературон хъайтар.

I ВАРИАНТ



1) Гæбил радзырд «Æрдхæрæны лæвар»-ы дидинджытæ æмбырд кæны:

а) йæ мадæн

æ) йæ хотæн

б) йæ ахуыргæнæгæн



2) Гæбилы хуызæн ма цавæр литературон персонаж уарзта кæсын æмæ фыссын:

а) Бабе

æ) Баде

б) Дæбе



3) Ахуыргæнæг Гæбилæн дыккаг хатт балæвар кодта:

а) Къостайы чиныг

æ) Дæбейы чиныг

б) Нигеры чиныг

4) Радзырд «Хъæндил»-ы лæппуйæ магуса рауад:

а) къласæгты аххосæй

æ) сыхæгты аххосæй

б) мад æмæ фыды аххосæй



5) Дарддæр ахæццæ кæн рæнхъытæ:

Раст, куыд абон, …

Æз йæ фалурс …

Цыма дарын …

Æз йæ былтæм …



6) Абарст у ……………..…

7) Радзырд «Хъæндил»-ы Хъæндилæн йæ ус рон скодта:

а) пулеметы лентæй

æ) топпы босæй

б) гæрзæй



8) Ахæццæ кæн æмбисæндтæ кæронмæ:

Лæппуйæ радийаг …

Æрсытимæ кæрдо …

9)Радзырд «Гетæ»-йы лæппуйы фыд у:

а) Дзела

æ) Кола

б) Цола

10) Диалог у ………………..

Монолог у ………………



Дзуæппытæ



1) б

2) æ

3) а

4) а

5) … уынын

… цæсгом

… мæ сæр

… æнгом

6) фыссæг кæрæдзиуыл фæбары предметтæ, хъуыддæгтæ, миниуджытæ

7) а

8) … нæ вæййы æвзæр

… нæ цæгъдæм

9) б

10) – диалог у, дыууæйæ куы фæдзуырынц хъæйтартæ

– монолог у, иунæгæй куы дзура хъайтар

Темæ 6

Дзесты Куыдзæг. «Æрдхæрæны лæвар».

Мамсыраты Дæбе. «Хъæндил».

Нигер.«Æз цагъайраг нæ дæн».

Бесаты Тазе. «Гетæ».

Литературæйы теори: диалог, монолог, сюжет, литературон хъайтар.





II ВАРИАНТ



1) Гæбилы мад радзырд «Æрдхæрæны лæвар»-ы арæх дзырдта ахæм æмбисонд:

а) лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр

æ) мах æрсытимæ кæрдо нæ цæгъдæм

б) сидзæр мæгуыр у



2) Гæбилы мад у:

а) Сæлбион

æ) Берозон

б) Фидарон



3) Гæбил йæ фыны федта:

а) йæ мады

æ) Къостайы

б) йæ фыды

4) Радзырд «Хъæндил»-ы сæйраг персонажы æцæг ном у:

а) Сурен

æ) Рутен

б) Чермен



5) Дарддæр ахæццæ кæн рæнхъытæ:

Ды нæ зоныс, …

Зарæг хъарæг …

Уæд уыдысты …

Карз, лæмбынæг …



6) Абарст у………………

7) Радзырд «Хъæндил»-ы персонажтæ адих кæн ахæм къордтыл:

æвæрццæг æппæрццæг

8) Радзырд «Гетæ»-йы хæринаг хастой сырхæфсæддонæн:

а) рынчындонмæ

æ) госпитæльмæ

б) лæгæтмæ



9) Ныффысс авторты ныхмæ сæ уацмыстæ:

I. Бесаты Тазе – а) «Хъæндил»

II. Дзесты Куыдзæг – æ) «Гетæ»

III. Мамсыраты Дæбе – б) «Æрдхæрæны лæвар»



10) Ахæццæ кæн æмбисæндтæ дарддæр:……….



Иумæйаг тых хæхтæ ….

Æмвæнд адæмы къæдзæх дæр …



Дзуæппытæ



1) æ

2) æ

3) æ

4) б

5) … сæрæй

… мæнæн

… фæдзæхст

… фæлмæн

6) фыссæг кæй фæрцы фæбары кæрæдзиуыл предметтæ, хъуыддæгтæ, миниуджытæ,ахæм аивадон фæрæз.

7) æвæрццæг æппæрццæг

Хъæндилы ус Хъæндил

Хъæндилы мад, фыд

8) б

9) I æ; II б; III а

10) …фæлдахы

…нæ уромы



Темæ 6

Дзесты Куыдзæг. Æрдхæрæны лæвар».

Мамсыраты Дæбе. «Хъæндил».

Нигер.«Æз цагъайраг нæ дæн».

Бесаты Тазе. «Гетæ».

Литературæйы теори: диалог, монолог, сюжет, литературон хъайтар.





III ВАРИАНТ



1) Гæбилы хъæуы ном хуыйны:

а) Æхсæйнаг

æ) Æфсæйнаг

б) Зæлдаг



2) Ахуыргæнæг Гæбилæн фыццаг хатт балæвар кодта:

а) радзырдтæ

æ) абетæ

б) аргъæуттæ



3)Радзырд «Æхсызгон лæвар»-ы ахуыргæнæг хъæрæй каст Къостайы чиныг:

а) ныхасы

æ) къласы

б) хæдзары

4)Радзырд «Хъæндил»-ы лæппу йæ рынчын мад æмæ фыдмæ æрбакодта:

а) дæсныйы

æ) ферсылы

б) дохтыры



5) Зæгъ авторы ном æмæ дарддæр ахæццæ кæн рæнхъытæ…………

Æз цагъайраг …

Æз нæ хæссын …

Фæлтау дардыл …

Донау …



6) Абарст у ахæм аивадон фæрæз,…

7) Радзырд «Хъæндил»-ы сæйраг архайæг Хъæндил куыд амард?:

а) аварийы бахауд

æ) бæласæй рахауд

б) асинтæй ахауд

8) Радзырд «Гетæ»-йы уæйгæнæг у:

а) Зураб

æ) Гурам

б) Гуыдзан



9) Диалог у…………

Монолог у……….

10) Гетæйы фервæзын кодта мæлæтæй:

а) Гаридо

æ) Харитон

б) Мелитон



Дзуæппытæ



1) а

2) æ

3) а

4) а

5) Нигер

… нæ дæн

… къæлæт

… мæ туг

… кæлæд

6) фыссæг кæрæдзиуыл фæбары предметтæ, хъуыддæгтæ, миниуджытæ

7) б

8) б

9) Диалог у, дыууæйæ куы фæдзурынц хъайтартæ

Монолог у, иунæгæй куы дзура хъайтар

10) æ









Темæ7

Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбæстæ».

Баситы Дзамболат. «Адæмы маст».

Елехъоты Мурат. «Фыстæг хæсты быдырæй».

Саулохы Мухтар. «Хæстон цуаны».



I ВАРИАНТ



1) Зæгъ авторы ном……….. Рæнхъытæ ахæццæ кæн кæронмæ:

Лæгæн зынаргъ…

Йæ бинонтæ,…

Лæгæн зынаргъ…

Йæ рæзгæ…



2) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон хоны фрицы;

а) къухджын

æ) сæрджын

б) хъусджын



3) Цавар аивадон мадзал спайда кодта автор æмдзæвгæ «Адæмы маст»-ы ацы рæнхъыты: «Æхсæв тайы боны рухсы ныхмæ»?

а) абарст

æ) эпитет

б) метафорæ

4) Дзода у…………



5) Фыдыбæстæйы стыр хæст райдыдта:

а) 1940 азы

æ) 1941 азы

б) 1942 азы

6) Æмдзæвгæ «Хæстон цуæны»-йы архайд цæуы

а) уалдзæджы

æ) сæрды

б) зымæджы

7) Ацы рæнхъытæ цавæр æмдзæвгæйæ ист сты: «Фæлтау мæлæт ыссардзынæн дæ сæрвæлтау хæсты»?

а) «Фыстæг хæсты быдырæй»

æ) «Адæмы маст»

б) «Фыдыбæстæ»





8) Раст равæр уацмыстæ:

I. Кочысаты Мухæрбег – а) «Хæстон цуаны»

II. Баситы Дзамболат – æ) «Фыстæг хæсты быдырæй»

III. Елехъоты Мурат – б) «Адæмы маст»

IV .Саулохты Мухтар – в) «Фыдыбæстæ»



9) «Фыстæг хæсты быдырæй»-ы хæстон цин кæны:

а) Уæлахизыл

æ) мады писмойыл

б) хорз хабарыл

10) Æмдзæвгæ «Адæмы маст»-ы адæм мæсты кæнынц:

а) кадеттæм

æ) фашисттæм

б) меньшевиктæм



Дзуæппытæ



1) Кочысаты Мухарбег

… куыннæ вæййынц

…, йæ мад

…куыннæ вæййы

…бонты цард

2) б

3) б

4) уалдзыгон æхсæв тад мит ихын цъар куы сæвæры,уæд уый.

5) æ

6) б

7) «Фыдыбæстæ»

8) I в; II б; III æ; IV а.

9) æ

10) æ











Темæ 7

Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбæстæ».

Баситы Дзамболат. «Адæмы маст».

Елехъоты Мурат. «Фыстæг хæсты быдырæй».

Саулохы Мухтар. «Хæстон цуаны».



II ВАРИАНТ



1) Рæнхъытæ ахæццæ кæн кæронмæ:

Фæлæ уæддæр,…

Дæуæн æмбал…

Дæуæй зæрдæйæн…

Зæгъ-ма мын,…



2) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон æрцахста:

а) бирæгъы

æ) арсы

б) фрицы



3) Æмдзæвгæ «Фыстæг хæсты быдырæй»-ы ис ахæм рæнхъытæ: «Тымыгъ сыстад», «Адзал райста сау кард». Цавæр аивадон мадзал спайда кодта автор?

а) олицетворени

æ) метафорæ

б) эпитет

4) Стыр куывд æмæ хъазтмæ æнхъæлмæ касы лирикон хъайтар æмдзæвгæйы:

а) Баситы Дзамболат «Адæмы маст»

æ) Елехъоты Мурат «Фыстæг хæсты быдырæй»

б) Кочысаты Мухарбег «Фыдыбæстæ»

в) Саулохы Мухтар «Хæстон цуаны»



5) Фыдыбæстæйы стыр хæст фæцис:

а) 1944 азы

æ) 1945 азы

б) 1946 азы

6) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон дзоныгъ сарæзта:

а) хъилтæй

æ) фæйнæджытæй

б) къахдзоныгътæй





7) Ацы рæнхъытæ «Мыггагмæ дæр сымахимæ мæ зæрдæ баст у, баст» сты ист æмдзæвгæйæ:

а) «Фыстæг хæсты быдырæй»

æ) «Фыдыбæстæ»

б) «Адæмы маст»





8) Раст равæр уацмыстæ

I. Саулохты Мухтар– а) «Фыдыбæстæ»

II. Елехъоты Мурат– æ) «Адæмы маст»

III. Баситы Дзамболат – б) «Фыстæг хæсты бæдæрæй»

IV.Кочысаты Мухæрбег – в) «Хæстон цуаны»



9) Дзода у………………….

10) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон фрицы хоны:

а) хæргæвс

æ) бæх

б) хæрæг



Дзуæппытæ

1)… ныййарæг зæхх

…кæм и

…адджындæр

…чи у, чи

2) б

3) æ

4) а

5) æ

6) б

7) æ

8) I в; II б; III æ; IV а.

9) уалдзыгон мит æхсæв куы ныссæлы,уый

10) б













Темæ 7

Кочысаты Мухарбег. «Фыдыбæстæ».

Баситы Дзамболат. «Адæмы маст».

Елехъоты Мурат. «Фыстæг хæсты быдырæй».

Саулохы Мухтæр. «Хæстон цуаны».



III ВАРИАНТ



1) Рæнхъытæ ахæццæ кæн кæронмæ:

Нæ урс хæхтæ,…

Нæ хъал…

Нæ зад хуымтæ,…

Нæ дидинæгджын,…



2) Раст равæр уацмыстæ:

I. Кочысаты Мухæрбег– а) «Адæмы маст»

II. Баситы Дзамболат– æ) «Фыдыбæстæ»

III. Елехъоты Мурат – б) «Хæстон цуаны»

IV .Саулохты Мухтар – в) «Фыстæг хæсты быдырæй»



3) Æмдзæвгæ «Фыстæг хæсты быдырæй» -ы ис ахæм рæнхъытæ: «Атылд карз тох уæззау цалхау хуымыл». Цавар аивадон мадзал спайда кодта фыссаг ацы ранхъыты:

а) эпитет

æ) метафорæ

б) абарст

4) «Фыстæг хæсты быдырæй»-ы кæй фыстæг у хæстонæн тырысайау?

а) хойы

æ) мады

б) фыды



5) Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта æмæ фæцис:

а) 1941 азы

æ) 1943 азы

б) 1945 азы

6) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон сифтыгъта дзоныгъы:

а) бæхы

æ) хæрæджы

б) фрицы





7) Ацы рæнхъытæ «У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр æвдадзы хос мæнæн» сты ист æмдзæвгæйæ:

а) «Адæмы маст»

æ) «Фыдыбæстæ»

б) «Фыстæг хæсты быдырæй»



8) Æмдзæвгæ «Адæмы маст»-ы адæм мæсты кæнынц:

а) фашисттæм

æ) меньшевиктæм

б) кадеттæм



9) Æмдзæвгæ «Хæстон цуаны»-йы хæстон фæуæлахиз фрицыл:

а) хъæбысхæсты

æ) кардæй

б) ливорæй

10) Дзода у…………………..







Дзуæппытæ



1) Кочысаты Мухарбег

… нæ тархъæдтæ

…дæтты хъæлæс

…, Цъæх быдыртæ

…фæз

2) I æ; II а; III в; IV б.

3) æ

4) æ

5) а

6) б

7) æ

8) а

9) а

10) уалдзыгон мит æхсæв куы ныссæлы











Темæ 8

Булкъаты Михал. «Нæмыгдзæф фæндыр».

Темыраты Дауыт. «Тæрхон».

Баситы Михал. «Инæлар Плиты Иссæ».

Плиты Грис. «Мила».



I ВАРИАНТ



1) «Нæмыгдзæф фæндыр»-ы фæндыры хицау у:

а) Кудзи

æ) Гæвдын

б) Салам



2) Кудзийы фырты амардтой:

а) абырджытæ

æ) фашисттæ

б) урсгвардионтæ



3) Бечыр хæсты быдырмæ куы ацыд,уæд ыл цыд:

а) 15 азы

æ) 17 азы

б) 16 азы

4) Пъесæ «Тæрхон»-ы пионертæ сты:

а) Мырзæ

æ) Æхсар

б) Алæг



5)Таурæгъ «Томайты Мæхæмæт»-ы Мæхæмæты размæ фæцис:

а) бирæгъ

æ) уызын

б) калм

6) Уацмыс «Мила»-йы хабæрттæ дзуры:

а) майор

æ) афицер

б) зæронд салдат

7) Уацмыс «Мила»-йæ сидзæр лæппуйæ рахъомыл:

а) космонавт

æ) тæхæг

б) арæнхъахъхъæнæг





8) Æмбисæндтæ ахæццæ кæн кæронмæ:

Æнгом бинонтæ…

Магусайæн – цæф, цырд лæппуйæн,–…

Мæсыг хи дурæй…



9) Плиты Иссæ уыд:

а) Уыналæй

æ) Бæтæхъойыхъæуæй

б) Дæргъæвсæй

10) Кæцы хæсты фесгуыхт Плиты Иссæ:

а) Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты

æ) Мидхæсты

б) Японы хæсты



Дзуæппытæ



1) а

2) б

3) æ

4) æ, б

5) б

6) б

7) б

8) цард арынц; кæф; хæлы.

9) æ

10) а









Темæ 8

Булкъаты Михал. «Нæмыгдзæф фæндыр».

Темыраты Дауыт. «Тæрхон».

Баситы Михал. «Инæлар Плиты Иссæ».

Плиты Грис. «Мила».



II ВАРИАНТ



1)Радзырд «Нæмыгдзæф фæндыр»-ы Бечыр Дзамболаты хуыдта:

а) дзывылдар

æ) чычыла

б) тыртына



2)Радзырд «Нæмыгдзæф фæндыр»-ы» постхæссæг у:

а) Данел

æ) Гæбис

б) Илас



3) Кудзи радзырд «Нæмыгдзæф фæндыр»-ы фæндыры цæф байгас кодта:

а) хосæй

æ) мыдадзæй

б) цырагъæй

4) Пъесæ «Тæрхон»-ы «уæйгæнæг» у:

а) Алæг

æ) Æхсар

б) Умар



5) Таурæгъ «Томайты Мæхæмæт»-ы æлдары:

а) амардтой

æ) уацары райстой

б) бамбæхстой

б)

6) Уацмыс «Мила»-йы æвдыст æрцыд:

а) Японы хæст

æ) Граждайнаг хæст

б) Фыдыбæстæйы Стыр хæст

7) Уацмыс «Мила»-йы лæппуйы ном у:

а) Батрадз

æ) Батыр

б) Бечыр





8) Æмбисæндтæ ахæццæ кæн кæронмæ

Чи цас федта,…

Зивæггæнаджы гуыл…

Куыстæн йæ бын- сой, йæ сæр-…



9) Цавар æфсæдтæн командæ кодта Плиты Иссæ:

а) танкæты

æ) бæхджын

б) фистæг

10) Ацы горæттæй япойнаг чи нæ у?

а) Долонор

æ) Жэхе

б) Курган



Дзуæппытæ



1) æ

2) б

3) æ

4) б

5) а

6) б

7) æ

8) уыйас зоны; хомæй баззад; – сындз.

9) æ

10) б







Темæ 8: Булкъаты Михал. «Нæмыгдзæф фæндыр».

Темыраты Дауыт. «Тæрхон».

Баситы Михал. «Инæлар Плиты Иссæ».

Плиты Грис. «Мила».



III ВАРИАНТ



1) «Нæмыгдзæф фæндыр» -ы сержанты мыггаг уыд:

а) Чижиков

æ) Дроздов

б) Скворцов



2) Радзырд «Нæмыгдзæф фæндыр»- ы Бечыр арæх мысыд тæхæг:

а) Чкаловы

æ) Поповы

б) Гастеллойы



3) Радзырд «Нæмыгдзæф фæндыр»- ы колгайæ хæдзары сæрæй Бечыр рауагъта:

а) карчы

æ) куыдзы

б) гæдыйы

4) Архайд пьесæ «Тæрхон»-ы цæуы:

а) 1943 азы

æ) 1941 азы

б) 1942 азы



5) Пьесæ «Тæрхон»-ы ногдзаутæ пецы бавæрдтой:

а) сугтæ

æ) гранат

б) æвзалы

6) Уацмыс «Мила»-йы сылгоймаг цæмæй амард?

а) уацары бахауд

æ) басыд

б) нæмыгæй

7) Уацмыс «Мила»-йы мард усы хъæбысы разынд:

а) къæбыла

æ) бомбæ

б) сывæллон





8) Æмбисæндтæ ахæццæ кæн кæронмæ:

Куыдз зæрдæ…

Куыст цардæн…

Хорз дарæс æвзæры…



9) Плиты Иссæ у Советон Цæдисы:

а) Дыууæ хатты Хъайтар

æ) Иу хатты Хъайтар

б) Монголы республикæйы хъайтар

10) Плиты Иссæйæн æппæты стырдæр цыртдзæвæн ис:

а) Бæтæхъойыхъæуы

æ) Дзæуджыхъæуы

б) Мæскуыйы



Дзуæппытæ



1) б

2) а

3) б

4) б

5) æ

6) æ

7) б

8) зоны; фæрæз; хорз нæ кæны

9) а, б

10) æ



































































Темæ 9

Гуыцмæзты Алёш .«Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу».

Хуыгаты Сергей . «Зокъотæ».

Кокайты Тотрадз. «Зиу».

Джыккайты Шамил. «Фембæлд».





I ВАРИАНТ





  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы сæйраг персонаж у:



а)Гæбул

æ)Мурæт

б)Чермен





  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы сæйраг герой цыдис Дзаумæ:

а) йæ дадамæ

æ) йæ хомæ

б)йе фсымæрмæ



3)Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы сæйраг геройæн йæ голджытæ бæхыл сæвæрынмæ аххуыс кодтой:



а) сыхæгтæ

æ) бæлццæттæ

б)йæхæдæг



4) Радзырд «Зокъотæ»-йы бабайы дзæбæхгæнæг хуынд:



а) Берд

æ) Бениа

б)Беслан



5)Радзырд «Зокъотæ»-йы бабаитæ хъæдмæ ацыдысты:



а) давонтæм

æ) æхсæртæм

б)зокъотæм



  1. Радзырд «Зокъотæ»-йы бабайы къæсса сафтид кодта:



а)тæрхъус

æ) рувас

б)тыртына





7)Æмдзæвгæ «Зиу»-ы лæппуйæн кад скодтой иннæ зиууæттæ:





а) нуазæнæй

æ) æхцайæ

б)лæварæй





8)Æмдзæвгæ «Фембæлд»-ы æлдар амбæлд:





а) æрыгон чызгыл

æ) æрыгон лæппуйыл

б)зæронд лæгыл







9) Æмдзæвгæ « Фембæлд»-ы зæронд лæг æппæтæй уæлдæр царды æвæрдта:





а) фæллой кæнын

æ) марын

б)сайын



10) Æмдзæвгæ «Фембæлд»- ы æлдар саргъ кодта зæронд лæджы:

а) уæздандзинадæн

æ) куырыхондзинадæн

б)ирондзинадæн























Дзуæппытæ



1) æ

2)б

3)б

4)æ

5)б

6)б

7)а

8)б

9)а

10)æ































































Темæ 9

Гуыцмæзты Алёш. «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу».

Хуыгаты Сергей. «Зокъотæ».

Кокайты Тотрадз. «Зиу».

Джыккайты Шамил. «Фембæлд».





II вариант





  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы Мурæтыл цыд:





а) 12 азы

æ) 13 азы

б)14 азы



  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»- йы Мурæты бæх хуынд:





а) Мишка

æ) Зыгъар

б) Къобор





  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»- йы Мурæт у:





а) ныфсхаст

æ) тæппуд

б)хиппæлой

4)Радзырд «Зокъотæ»-йы харедзина у:

а) кæрдæджы мыггаг

æ) уидаджы мыггаг

б) дидинæджы мыггаг





5)Радзырд «Зокъотæ»- йы бабаитæ къæвдайæ бамбæхстысты:



а) бæласы бын

æ)бæласы мæрайы

б) бæласы фарсмæ



6)Радзырд «Зокъотæ»- йы бабаитæ ссардтой бирæ:





а) æхсæртæ

æ) æрыскъæфтæ

б)зокъотæ





  1. Æмдзæвгæ «Зиу»-ы æвдыст æрцыд:







а) иумæйаг куыст

æ) иунæгæй куыст

б)дыууæйæ куыст



8)Æмдзæвгæ «Фембæлд»-ы зæронд лæг æппæтæй уæлдæр æвæры:





а) кафт

æ) куыст

б)зард





9)Æмдзæвæ «Фембæлд»-ы æлдар зæронд лæджы ныхæстæм:



а) раздæхт фæстæмæ

æ) дарддæр абырста

б)хъæу ныппырх кодта





10)Æмдзæвгæ «Фембæлд»- ы зæронд лæг фæуæлахиз æлдарыл:



а) тыхæй

æ) зондæй

б)хинæй











Дзуæппытæ



1) æ

2)æ

3)а,б

4)æ

5)æ

6)б

7)а

8)æ

9)а

10)æ

































































Темæ 9

Гуыцмæзты Алёш. «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу».

Хуыгаты Сергей. «Зокъотæ».

Кокайты Тотрадз. «Зиу».

Джыккайты Шамил. «Фембæлд».





III вариант







  1. Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы Мурæт бæхыл сæвæрдта :





а) 2 голладжы

æ) 3голладжы

б)4 голладжы



2)Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»-йы Мурæт цыдис :



а) Чъребамæ

æ) Къахетмæ

б)Дзаумæ





3)Радзырд «Бæхы уаргъ æмæ чысыл лæппу»- йы Мурæт голджыты ласта:



а) хæринæгтæ

æ) сугтæ

б)æвзалы

4)Радзырд «Зокъотæ»-йы бабайæн рыстысты :





а)йæ синтæ

æ)йæ къухтæ

б)йæ къæхтæ



5)Радзырд «Зокъотæ»-йы баба арæх хъарæг кодта йæ мард:

а) сыхагыл

æ) чызгыл

б)фыртыл



6) Радзырд «Зокъотæ»- йы бабаитæ дыккаг бонмæ зокъотæ къæссайы мидæг сæвæрдтой:



а) бæласы саджилы

æ) бæласы къалиуыл

б)бæласы мæрайы







7)Æмдзæвгæ «Зиу»-ы уис у:





а) къæцæл

æ) хъил

б) цæвæджы айст



8) Æмдзæвгæ «Фембæлд»-ы æлдарæн сызгæ:



а)йæ дзывыр

æ)йæ гутон

б)йæ кард



9)Æмдзæвгæ «Фембæлд»- ы æлдар зæронд лæджы:





а) амардта

æ) бафхæрдта

б) банымадта куырыхоныл







10)Æмдзæвгæ «Фембæлд»-ы зæронд лæг кардæй аразын кодта:

а) къæпи

æ) гутон

б) рувæн













Дзуæппытæ





1) а

2)б

3)а

4)б

5)б

6)а

7)б

8)б

9)б

10)æ























39



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!