Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение средняя общеобразовательная школа №3 им. Иса Хуадонти с. Чикола Ирафского района



Урок бацæттæ кодта
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Гамазты Альбина
Урочы темæ: Цард хæлардзинадæй фидауы
Урочы нысан:
Миногмитыл рацыд æрмæг фæлхат кæнын, тексты сæ æвзарын, хъуыдыйæдты сæ пайда кæнын
Дзырдты растфыссынадыл æмæ ныхасы рæзтыл кусын.
Сывæллæтты удварны рæзын кæнын хъыг, рисс æмбарыны æнкъарæнтæ, æмбалæн аргъ кæнын зонын æмæ хъомыл кæнын адæмуарзондзинад.
Урок ифтонггонд цæуы: хицæн текстытæй, нывтæй, ахуыргæнæн чингуытæй, техникон фæрæзтæй.
Урочы цыд.
1.Организацион хай.
Скъоладзаутæн зæгъын урочы темæ æмæ хъомыладон хæс.
Хæдзармæ куыст равзарын. Скъоладзаутæй 3-4 кæсынц сæ радзырдтæ амбалы тыххæй.
Фæрстытæ бакаст куыстытæм.
Цавæр тексты хуызæй спайда кодта ахуыргæнинаг? 2.Йæ радзырды сæйраг хъуыды цæимæ баст у?
3.Кæцы радзырд фæцыд уæ зæрдæмæ? Цæмæй?
Ног темæмæ рахызт.
-Куыд æмбарут, афтæмæй уын хæдзармæ ахæм куысты хуыз уымæ гæсгæ радтон, æмæ уый æнгом баст у нæ абоны урочы темæимæ.
Адæймаджы царды ацы фæзынд у кæддæриддæр ахсджиаг, актуалон, уымæн æмæ лæгæн æнæ æмбал цæрæн нæй.
-Куыд ма схонæн ис æмбал æндæр хуызон?
-Куыд хуыйнынц ахæм дзырдтæ лексикон æгъдауæй?(синонимтæ)
Бæрæг у уæ хæдзармæ куыстытæй, сымах хорз кæй æмбарут æмбалдзинад æмæ лымæндзинад, аргъ ын кæй кæнут. Уæ алфамблай цы адæм ис,уыдон цы цæстæнгас дарынц ацы рæсугъддзинадмæ.Суанг ма рагон таурæгътæй дæр бæрæг у, хæлардзинадæн цы тых уыди, уый.
-Ныртæккæ уæ базонгæ кæндзынæн нæ рагфыдæлтæ-скифты цардæй ист цауимæ.Сымах лæмбынæг байхъусут æмæ мын-иу зæгъут, цавæр аргъ кодтой уыдон та æмбалæн.Таурæгъ хуыйны «Амизок æмæ Дандамид”
Дзырдуатон куыст: балхон-раздзæуæг
Фырадæргæй-тынг фæтæрсгæйе (Кæсын таурæгъ)
Амизок æмæ Дæндæмид.
Иу рæстаджы скифты иу хай цæугæдон Доны фæйнæфарс æрбынат кодта.
Уæд æнæнхъæлæджы галиуварсы цæрджытæм ныббырста фыдызнаг.
Тынг фыдбылызтæ сын скодта: иутæ дзы мард фесты, иннæтæ уацары бахаудтой, аннæтæ фырадæргæй Доны иннæ фарсмæ лидзæг фесты.
Уацайрæгтима уыд Амизок дæр.Цыппар боны йедтæмæ нæ рацыд, Дæндæмидимæ сæ тугæй ард куы бахордтой, æрдхæрдтæ кæрæдзийæ куы загътой , уæдæй. Амизоччы æххуысмæйы хъæр фехъусгæйæ, Дæндæмид донæн йæ фаллаг фарсмæ баленк кодта.
Фындгæнджытæ йæ æрцахстой. Сæ балхонмæ йæ куы бакодтой, уæд дзы лæппу куырдта йе ,рдхорд Амизоччы уацарæй суæгъд кæнын. Цы ратдзынæ йæ сæрмæ, зæгъгæ, йæ знаг куы бафарста, уæд ын Дæндæмид загъта: «Цы мæм уыд, уыдон мын сымах байстат. Кæд дæ фæнды, уæд мæн йæ бæсты бауром». «Ды курæг æрбацыдтæ, æмæ дæ нæ бауромдзынæн,- загъта балхон,- фæлæ мын дæ цæстытæ ратт.» Дæндæмид дызæрдыг дæр нæ
акодта, разыйы дзуапп радта. Скъахтой йын йæ цæстытæ æмæ йын радтой йе
,рдхорды.
Тыхгæнджытæ уыцы цау фенгæйæ, бамбæрстой, цы адæмимæ сæ схæцын бахъæудзæн, уый, æмæ æхсæвы лидзæг фесты.
Амизок та, ме ,рдхорд мæн тыххæй бакуырм, æз та цæстырухсимæ куыд цæрон, зæгъгæ, йæ цæстытæ скъахта.
-Таурæгъ уæ зæрдæмæ фæцыд?
-Цы уæм фæкаст тексты диссаг?
-Амизок æмæ Дæндæмиды æцæг æмбæлттæ схонæн ис?
-Цæмæн?
(Таурæгъ кæсынц скъоладзаутæ хинымæры.)
-Чи радзурдзæн таурæгъ хи ныхæстæй? (Фæрсын 2 скъоладзауы).
-Уæдæ цавæр аргъ кодтой скифтæ æмбалæн?
-Цæвæр у таурæгъы темæ?Ома,цы æвдыст цæуы таурæгъы?
-Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ æргом кæнынц уацмысы темæ?
-Уæдæ таурæгъæн йæ сæйраг хъуыды та цавæр у?
Таурæгъæн йæ сæргонд йæ темæйыл дзуры æви сæйраг хъуыды æвдисы?
Тексты хуызтæй йæ цавæр хуызмæ ахæсдзыстæм? Цæмæн?
Цавæр бастдзинадæй баст æрцыдысты хъуыдыйæдтæ?
Цавæр бастдзинады хуызтæ ма зонут ноджыдæр?
Рафыссут нысангонд дзырдтæ уæ тетрæдтæм æмæ сæ равзарут дзырды хæйттæм гæсгæ.
(Дыууæ скъоладзауы кусынц фæйнæгыл).
-Ныр та ацы дзырдтимæ саразут хъуыдыйæдтæ (дзургæ куыст).
-Цал хайы ис тексты? Куыд хонæм уыцы хæйттæ?
-Куыд баст сты абзацтæ грамматикон æгъдауæй?
-Ссарут тексты миногмитæ æмæ сæ рафыссут.
-Цавæр дзырдтæ рафыстат?
-Ацы дзырдты æхсæн синонимтæ ис? Кæцытæ сты?
-Ныр та сын ссарут антонимтæ.
-Скæнут ацы дзырдтæн морфологион æвзæрст.
(Иу скъоладзау кусы фæйнæгыл, иннæтæ тетрæдты).
-Цавæр бирæнысанон дзырдтæ æмбæлы тексты?(Цæст,фарс,сæр).
-Зæгъут- ма сын сæ иннæ нысаниуæг.
-Ссарут ма тексты æнæхалгæ дзырдбæстытæ(ард бахордтой,æрдхæрттæ кæрæдзийæ загътой, сæрмæ раттын,цæсты рухсимæ цæрын).
-Куыд хонæм ахæм дзырдбæстытæ?(фразеологон дзырдбæстытæ, фразеологизмтæ).
-Цавæр нысаниуæг сын ис æвзаджы?
-Ныффыссæм- ма фæйнæгыл фразеологизм «æрдхæрттæ кæрæдзийæ загътой» æмæ сбæрæг кæнæм дзырд «æрдхæрттæ»-йы арæзт.
(ард + хæрын).
-Уæдæ ныр фразеологизмтыл нал дзурдзыстæм,уымæн æмæ ма семæ кусдзыстæм фæстæдæр.
-Ныр та ссарут тексты бæрæггонд хъуыдыйад.Бакæсæм æй æмæ йæ равзарæм.
-Цавæр хъуыдыйад у йæ загъды нысан мæ гæсгæ?
Равзарут хъуыдыйад уæнгтæм гæсгæ.(Фæйнæгыл кусы1скъ.) Цавæр дзырдбæстытæ ис рахицæн кæнын ацы хъуыдыйады? Ныр та тексты фæстаг хъуыдыйадæй саразут комкоммæ ныхас æмæ йæ ныффыссут тетрæдты.(Фæрсын 2скъоладзауы)
-Мæ зæрдæмæ фæцыд, текстыл куыд бакуыстам, уый. Уæдæ ма иу хатт зæгъæм нæ уацмысæн йæ сæйраг хъуыды.
-Цæуыл нæ ахуыр кæны скифаг таурæгъ?
-Цавæр уацмыстæ зонут æмбалы тыххæй? Æмбисæндтæ та? Фæлладуадзæн минут.Уыци-уыци: гыццыл чызгæн йæ бинонтæй чидæр афтæ:»Ды мæ чызг дæ, фæлæ æз дæ фыд нæ дæн»Чи дзырдта
чызгимæ?(Мад)
-Скифаг æмбалдзинады хуыз нæ царды,æвæццæгæн æмæ арæх не мбæлы,тынг стæм хатт ис фехъусæн абон нæ царды ахæм диссаджы цау.Фæлæ,мæнмæ гæсгæ,тыхджын уа, лæмæгъ æмбалдзинад, уæддæр йæ ахадындзинад егъау у царды.Арæх афтæ рауайы,
æмæ 2 лымæнæй иу удыхъæдæй вæййы лæмæгъдæр.Чи зоны, æмæ хорз æмгары аккаг дæр нæ вæййы,фæлæ йе мбалы руаджы- уый хуыздæр кæй вæййы,хæларзæрдæ, цæстуарзон,уымæ гæсгæ рæствæндагыл æрлæууы,схорз вæййы.
Ахæм дыууæ æмбалы сты Æхсарбег æмæ Тузар,нæног радзырды архайджытæ.Фразеологизмтимæ уын зæрдæ цы куыстæй бавæрдтон, Уый кæндзыстæм ацы тексты.
-Фыццаг уал мæ фæнды сбæлвырд кæнын, куыд дарут уæ хъуыдыйы,
цы дзырдбæстытимæ стут зонгæ, уыдонæй иуæй-иутæ. Æз уын æвдисдзынæн нывтæ,кæцытыл æвдыст ис фразеологизмтæн сæ комкоммæ
нысаниуæг.Сымах æй хъуамæ базонат. Уый фæстæ сæ спайда кæнын хъæудзæн тексты.
Æвдисын нывтæ иугай, сывæллæттæ фразеологизмтæ фыссынц Тетрæдты(1скъ. фæйнæгыл):
-сæрмæ хæссын
-фындз æруадзын
-йæ цæсгом бахордта,
-хъуын арц абады.
Уарын ахуырдзаутæн радзырды текст. Бакæсут,табуафси,текст.(съоладз. йæ иу кæсы хъæрæй)
-Сæмбæлыдыстут дзы,миййаг, зынæмбарæн дзырдтыл?
-Цавæр у тексты хуыз?
-Уырны уæ, Тузар Æхсарбеджы ххуысæй кæй схорз уыдзæн,уый?
-Æцæг уымæн цы хъæудзæн?(Цæмæй йæ Тузар æмбара)
-Уæдæ ныр спайда кæнут фразеологизмтæй-сæвæрут сæ хъуыдыйæдты,кæм фидауынц, гæнæн кæм ис,уыцы дзырдты бæсты.
Дзургæ куыст у,фыссын æй нæ хъæуы.
-Цавæр ивддзинад æрцыд тексты?
-Уæдæ ма мын зæгъут,цавæр нысаниуæг ис фразеологизмтæн? Цæмæн хъæуынц,цы пайдайæн?
-Уæдæ зæгъæн ис, æмæ нæ архайджыты фæлгонцтæ фæхуызджындæр сты?
-Ахъуыды кæнут,æмæзæгъут,цавæр миниуджытæй хайджын хъуамæ уа æцæг æмбал?(зæрдæхæлар,рæстуд,тæригъæдгæнаг,ныфсджын,
фæразон.)
-Æмæ уæд ахæм адæймагæн та йæ ныхасы культурæ,йæныхасы хъæд? (аив,сыгъдæг.)
Ахæм адæймагмæ хъусгæйæ,йемæ ныхасгæнгæйæ,лæг,æвæццæгæн, разæнгард кæндзæнуый хуызæн аив дзурыныл.Фæлæ, хъыгагæн.æз зонынахæм дыууæ æмбалы,кæцытæн сæ ныхасы уаг у
æнаив,æнæзæрдæмæдзæугæ.Сымах дæр æй ныртæккæ бафиппайдзыстут,фæйнæгыл цы æрмæг æрцæттæ кодтон,уымæ гæсгæ. Бакæсут æй хинымæры(1скъ.кæсы хъæрæй)
-Аслан,цом-ма райсом быдырмæ,футболæй агонят кæнæм.
-Æмæ ма немæ чи рабырдзæн?
-Хечъо,Сос мæ Туаты близнецты фæбырын кæндзыстæм.
-О,йед. Кæд федтай футболæй æхсæзæй хъазгæ,дебильный дæ?
-Цæй,исчи та хъеллау кæндзæн уым,æмæ йæ рацахсдзыстæм.
-Омæ хорз,мæнуылты-иу рабыр дæ мячимæ.
-Куыд хуыйны ахæм текст?
-Искуы фехъуыстат ахæм диалог уе мбæлтты хсæн,искæй зонут, афтæ чи дзуры?
-Ссарут тексты, æвзаг чи чъизи кæны, уыцы дзырдтæ æмæ сæ баивут раст. (кæсынц текст аивгондæй.)
-Ныффыссут диалог тетрæдты.
-Цавæр лæппутæ-скъоладзаутæ ауадысты уæ цæстытыл,текстмæ аивгондæй куы байхъуыстат,уæд?
-Цы дзырдтæ баивтат,уыдонæй æрбайсгæ дзырдтæ кæцытæ сты?
-Уыдонæй кæцыйæн нæй зæгъæн иронау?(футбол)
-Уæдæ цы хатдзæг скæндзыстæм нæ куысты кæрон?(Адæймаг канд
йæ хъуыддæгтæй,æгъдауæй нæу рæсугъд,фæлæ йæ дзыхы ныхасæй дæр)
Кæронбæттæн.
-Уæдæ скæнæм хатдзæг нæ урокæн дæр.
-Цы базыдтат абон урочы ногæй?
-Цы куыстам урочы дæргъы?
-Цæуыл архайдзыстут амæй фæстæмæ?
-Уæдæ царды стыр амондыл цы нымайæн ис?
-Тынг хорз.
Бæрæггæнæнтæ.
Хæдзармæ куыст. Иннæ урокмæ дзурынмæ бацæттæ кæнын таурæгъ кæнæ цау хæлардзинады темæйыл; ныффыссын 6-7æм- бисонды æмбалы тыххæй.