СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Творчество Коста Хетагурова

Нажмите, чтобы узнать подробности

Открытый классный час по творчеству и жизни великого осетинского поэта, публициста. критика, общественного деятеля Коста Хетагурова

Просмотр содержимого документа
«Творчество Коста Хетагурова»

Открытый классный час.

Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг.

Урочы темæ: Къостайы биографийыл афæлгæст.

Урочы темæ: Зонгæ кæнын ахуырдзауты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ, рæзын сæм кæнын цымыдис фыссæгмæ куыд адæймагмæ, йæ удыхъæды бæрзонд миниуджытæм, йе сфæлдыстадмæ.

Эпигрæф:

"Адæмы цæсгом æмæ намыс чи свæййы, адæм сæ ивгъуыд дуджы мысинæгтæ æмæ сæ фидæны ныфс кæй номимæ фæбæттынц, сæ туг, се стæгыл кæй фæнымайынц, ахæм поэттæ нырма чысыл райгуырд. Хетæгкаты Къоста хауы уыцы чысыл бинонтæм.

... Уымæн æнæ уарзгæ нæй. Куы йæ бауарзай, уæд та æнæ тырнгæ нæй хуыздæр уæвынмæ, поэт æмæ адæмы бартыл тохгæнæг,. нывгæнæг æмæ æмбæстаг афтæ хорз кæм баиу сты, Къоста йæхæдæг диссаджы æлвисæн кæмæн у, уыцы бæрзонд миниуджытæм.

Мариэтта Шагинян.

(эпиграф æвдыст цæуы слайды хуызы интерактивон фæйнæгыл).

Къулыл Къостайы портрет. Йæ чингуытæ алы азты æмæ алы рæтты уагъдæй, къостайы нывтæ. (слайд - шоу)

Ахуырдзаутæ:

1-аг: Къоста - нæ кад æмæ нæ зарæг,-

Нæ цинтæй никæд уыдзæн цух!

Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг,

Зæххыл йæ зарæгау æдзух!

2-аг: Къоста - Ирыстоны зынаргъ лæг,

Нæ куыст, нæ хъуыддæгты цæрæг.

Зæгъынц, куы, дам, фыста йæ зарæг,.

Уæд кодта зарæгау хæлæг.

Хъуысы Къостайы зарæг. (æвдыст цæуы презентаци)

Ахуыргæнæджы разныхас:

Рагæй - æрæгмæ ирон адæм ноггуырдæн ракувынц: "Ахæм фарн æм разынæд æмæ йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр кад куыд скæна, йæ ном дардыл куыд айхъуса!". Уыцы нæртон арфæ æрцыд Къостайыл. Æрмæст Хетæгкаты мыггаджы нæ, фæлæ скадджын кодта æппæт Ирыстоны дæр, йæ наамыс анхъæвзта дæрдтыл. Ирон адæмы базонын кодта æппæт дунейæн, бирæ адæмты æрыхъусын кодта йæхимæ, се ´ргом сын аздæхта Ирыстонмæ, ирон лæджы удыхъæдмæ, йе ´гъдæуттæм, йæ бæллицтæм, йæ царды зындзинæдтæм.

Къоста... Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг! Уæдæ йын æндæр куыд схонæн ис? Уый у ирон адæмы ныфс, нæ литературæйы астæуккаг цæджындз. Къостайы зæрдæмæ хъаргæ саджы фисынтыл амад поэзи райгуырд Ирыстоны сагъæстæй. Ирыстон у йæ раттæг мад. Ирыстонæн та сси йæ кад, йæ намыс, йæ ирд стъалы, йæ дзыллæйы зæрдæ.

Стыр цымыдисаг сты зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады ахадындзинады тыххæй.

Скъоладзау кæсы Абайты Васойы ныхæстæ: "...Махæн та ис Къоста". (æвдыст цæуы презентаци)

Ахуыргæнæг:

- Цæмæн афтæ адджын уыд æмæ у Къоста зæрдæйæн, цæмæн дзы арф бынат ары, цæмæн хъары риуы, кæм ис йæ тых Къостайæн?

- Цавæр уыд сабийæ? Чи уыдысты йæ ныййарджытæ?

1-аг скъоладзау:

Къостайы фыд Леуаны чи зыдта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ уый уыди хъуыстгонд адæймаг æппæт Ирыстоны дæр. Нымад уыдис рæстзæрдæ æмæ зондджын адæймагыл. Леуанæн стыр аргъ кодта Къоста дæр: "Мæ фыды канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ йæ нымадтон зæды хуызæн адæймагыл... Ахæм хæд-зонд,адæмуарзон, рæстзæрдæ, æнæзыд адæймагыл никуы æмæ никæд сæмбæлдтæн. Махæн не ´хсæн никуы уыди быцæудзинæдтæ. Суанг ма чысыл куы уыдтæн, уæдæй фæстæмæ нæмгæ нæ, фæлæ уый мæнæн карз уайдзæф дæр никуы бакодта..."

2-аг скъоладзау:

Къоста йæ мады нæ зыдта. Йæ мад амарди, Къоста куы райгуырди, уæд. Йæ фыды ус Сухиты Хъызмыдæ разынд карз æмæ хъæбæрзæрдæ сылгоймаг. Нæ бауарзта æнахъом сабийы, æдзух æй æнæхъуаджы схуыста, лæгъз ныхасæй йæм никуы сдзырдта. "Хъызмыдæйыл та ныхас дæр нæй. Нæ мæ уарзта æппындæр. Йæ чызгæн мæнæй уæлдай хъулон митæ кодта. Мæ фыды ус кæй уыд, уый тыххæй йæм æз схыстæй никуы сдзырдтон", - фыста йæ мысинæгты Къоста.

3-аг скъоладзау:

Къостайы мад уыди Гуыбаты Габрелы чызг Маро. Чи йæ зыдта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ Маро уыди хæрзæгъдау, фæлмæнзæрдæ, рæсугъд сылгоймаг. Йæ ныв ын сарæзта Къоста, хорз æй чи зыдта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ æмæ куыд дзурынц, афтæмæй бынтондæр раууад йæхи хуызæн.

Нæй, ничи мæ уарздзæн дæу хуызæн,

Мæ уарзон, мæ ныййарæг мад.

Дæ фырты куы ницыуал уырны,

Ыстыхсын æй кодта йæ цард.



Ды куы уаис - куыд бирæ мæ уарзис,

Æмбарис дæ фырты зæрдæ.

Тыхмийæ, фыдæй йæ цæргæсау

Ды хъахъхъæнис царды бæргæ...

(презентации æвдыст цæуынц йæ ныййарджыты къамтæ)

Ахуыргæнæг:

Ныййарæг мады фæлгонц Къостайы сфæлдыстады ссардта стыр бынат. Æркæсæм ма ныв "Донхæссынмæ" -мæ. Цы равдыста Къоста нывы?

Скъоладзау:

Къоста нывы равдыста мады фæлгонц, гыццыл лæппу та у, куыд хъуыды кæнын, афтæмæй Къоста йæхæдæг. Сывæллон ныххæцыд йæ мады фæдджийыл. Къоста æдзухдæр мысыд йæ мады, хæлæг кодта, мады фæлмæн къухты рæвдыд чи æййæфта, уыцы сывæллæттæм. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста:

Тæхудиаг, буц хъæбулæй

Йæ уалдзæджы царды хурæй

Чи бафсæст йæ мады хъæбысы!

Скъоладзау:

Нæ баззад иуварс Къостайæ сылгоймаджы уæззау хъысмæт равдисын дæр, уæлдайдæр æвадат хæххон уавæрты. Къорд дзырдæй саразы ахæм ныв æмæ адæймаг баризы уыцы ныв йæ цæстытыл ауайынгæнгæйæ. Æрмæст "Сидзæргæс" дæр фаг у, цы уавæрты цардысты адæм, уый бамбарынæн.

Ахуыргæнæг:

Уæдæ Къостайы сфæлдыстады стыр бынат бацахстой, сабитæн кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Уыдон сты ссæдз æмдзæвгæйы бæрц. Бацæттæ сæ кодта мыхуыры рауадзынмæ дæр. Йæ чиныг схуыдта "Зæрватыкк", йæ бынмæ та фыст уыдис "Мæ лæвар ирон сывæллæттæн". Уымæй рахизгæйæ сывæллæтты уæззау цард æвдыста йæ нывты. Куыд зонæм, афтæмæй та уыдис тынг куырдиатджын нывгæнæг. (презентаци Къостаайы нывтыл) Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уыцы æмдзæвгæтæй иу цалдæр.

Скъоладзаутæ кæсынц 3 - 4 æмдзæвгæйы.

Ахуыргæнæг:

Кæд уæззау уыдысты Къостайы сывæллоны бонтæ, уæддæр тырныдта ахуырмæ. Чи зæгъдзæн, цавæр ахуырдæтты ахуыр кодта Къоста?

Скъоладзау:

Къоста ахуыр кодта Нары скъолайы. Дзæуджыхъæуы прогимназийы. Стъараполы гимназии æмæ Бетъырбухы Аивæдты академийы. Стъараполы гимназийы ахуыр кæнгæйæ Къоста уæлдай æргом здæхта нывкæнынадмæ. Нывкæнынадыл æй ахуыр кодта Василий Иваны фырт Смирнов. Смирнов Къостайы бирæ уарзта, нымадта йæ курдиатджындæр ахуыргæнинагыл æмæ æппæт мадзæлттæй дæр архайдта, цæмæй йе ´рмдзæф фæфидардæр кæна, рæза йæ курдиат æмæ йæ сразæнгард кодта Бетъырбухмæ ацæуынмæ. Академийы Къоста ахуыр кодта зæрдиагæй. Уый хыгъд бирæ рæстæг хардз кодта уырыссаг æмæ дунеон литературæ кæсыныл. Архайдта спектакльты хъазынмæ, кодта сын декорацитæ. Дæсны уыди кафынмæ æмæ зарынмæ. Фæлæ дыууæ азы куы рацахуыр кодта академийы, уæд ын стипенди нал фыстой, йæ материалон уавæр уыди тынг уæззау æмæ æцæгæлон дард горæты æрыгон лæппу куыд уыдаид. Уымæ гæсгæ академи фæуын йæ бон нал бацис æмæ сыздæхт Кавказмæ.

Скъоладзау:

... æрцыдтæн. Мæхицæй фыддæр

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Нæ хæхтæй, тыгъд быдыртæй

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй,-

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!



Лæджы хуызæн лæг нæм ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?

Ацы ныхæстæ куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ Къостайæн йæ уарзæгой зæрдæйæ йæ амæлæты бонмæ никуыуал сæфтыд йæ адæмы мæт, уый фæдыл сагъæс. Адæмы сæрыл удуæлдай тох сси йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм.

Ахуыргæнæг:

Поэты зæрдæ уæлдай тынгдæр агайдта йæ уарзон Ирыстоны уæззау уавæр. Къостайæ раздæр ничи фехъуыста Ирыстоны риуæй йæ уæззау хъæрзын. Куыд хорз зыдта мæгуыр адæмы царды æгъдæуттæ, сæ сагъæс. Мæнæ сæ цыма мæхæдæг уынын, куы фæкæсын "Уæлмæрдты", "Мæгуыры зæрдæ", "Додой"...

Кæд фæзынд йææ чиныг "Ирон фæндыр"?

Скъоладзау:

Йæ царды энциклопеди "Ирон фæндыр" фæзындис мыхуыры 1899 азы. Уыцы рæстæг Къоста Дзæуджыхъæуы нæ уыд æмæ чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта Байаты Гаппо. Йæ бынмæ фыст уыд: зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Кавказы цензурæйæ куыд уыди, афтæмæй мыхуырмæ нæ уагъта. Гаппо та уыцы рæстæг куыста бæрнон бынæтты. Цалдæр мæйы ракæ - бакæйы фæстæ радтой мыхуыры бар. Къостамæ, мыййаг, исты маст куы æрхауа, уымæй тæрсгæйæ Гаппо цалдæр æмдзæвгæйы йæхи куыд фæндыди, афтæ рацарæзта, цалдæр та дзы бынтондæр систа. Уый тыххæй Къоста тынг смæсты Гаппомæ æмæ йæм ныффыста тынг æфхæрæн ныхæстæ. "Ныртæккæ дæр мын амал куы уаид, уæд ацы рауагъд æрбамбырд кæнин æмæ йæ басудзин, фæд дæр дзы куыннæуал баззайа, афтæ". Фæлæ кæд чиныг ахæм хъуагдзинæдтимæ уагъд æрцыд, уæддæр "Ирон фæндыр"-ы фæзынд уыдис тæккæ егъаудæр цау нæ адæмы историйы, нæ культурæйы.

Скъоладзау:

Уацмыс "Æрдхæрæны лæвар"-æй скъуыддзаг "Ирон фæндыр"-ы тыххæй.

Ахуыргæнæг:

Цы диссаджы адæймаг уыди Къоста. Æппæтæй æххæст. Йæ цард у æнæхъæн истори. Къостайæн йæ цыбыр царды цы бантыст ирон адæмы кад æмæ намысæн, уый у ахæм сфæлдыстадон сгуыхт, ахæм историон хъуыддаг, биографион цауты равдисæн кæмæн нæй. Бирæ адæм сæ мысинæгты фыстой Къостайы тыххæй. Зындгонд уырыссаг фыссæг А. Фадеев Къостайы схуыдта ирон адæмы Леонардо да Винчи.

Скъоладзау 1-аг:

Зындгонд ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег фыста: "Къоста фылдæр хатт дардта бæгæныхуыз кæн цъæх цухъа сау куырæтимæ. Йæ диссаджы сатæг - сау сæрыхъуынтæ фæсте зындысты йæ сау худы бынæй. Уый асæй уыдис хъаруджын буар. Стыр сау цæстытæ æдзухдæр æрттывтой зынгау. Йæ хъæлæсы уаг уыди зæрдæмæдзæугæ. Адæм хистæрæй-кæстæрмæ æмхуызонæй хæстæг ластой сæхи Къостамæ. Уый се ´ппæтæн дæр уыди æфсымæры хуызæн зынаргъ".

Скъоладзау 2-аг:

"Всю жизнь я мечтала встретить человека с высоким умом и богатой душой, - фыста йæ боныджы А. Попова, - человека, который мог бы своими познаниями, своим миропониманием, своими высшими стремлениями обогатить и мою душу, развитие, ум, и в тяжелые минуты, поддержать, быть истинным мне другом... И вот на пути встречаю Коста, который подходил к тому типу друзей моего духовного идеала, к которому так стремилась моя душа...Но, не на радость, не на счастье оказалась эта встреча. Нам было не по пути. (Æмдзæвгæ "Да, встретились напрасно мы с тобою...")

Скъоладзаутæ кæсынц "Хæрзбон", "Не верь, что я забыл родные наши горы...". (презентаци Къостайы цыртдзæвæнтимæ)

Ахуыргæнæг:

Къоста йæ цыбыр царды рæстæджы йæ куырыхон зонды руаджы рæдийгæ никуы кодта. Æрмæстдæр фæрæдыд иу хъуыддаджы. Йæ æмдзæвгæ "Зонын"-ы фыста:

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

Уый фæстæ ферох уыдзынæн,-

Ничиуал зондзн мæ цырт.

Фæрæдыд!.. Ирон адæм нæ ферох кодтой сæ уарзондæр хъæбулы. Кæнынц ын кад æмæ намыс. Уый тыххæй, Къостайы амардыл дæс азы куы сæххæст, уæд уыцы мысæн саударæн бон Иры номдзыддæр лæгтæй иу Цомайты Хадзырæтæй хуыздæр ничи загъта.

Скъоладзау кæсы: "Ацы ингæны æвæрд ис нæ Иры стыр лæг, нæ адæмы ахсджиаг Хетæджы фырт Къоста..."

презентаци.




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!