Урочы темæ. «Ирыстон – нæ зарæджы сæр».
Грамматикон темӕ : Æмхатдзæггæнæн урок хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй.
Урочы нысан:
1. Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын.
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
3. Скъоладзауты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ, нæ Иры рæсугъд æмæ хъæздыг æрдзмæ.
Урочы фæлгонц: экраныл презентациты хуызы нывтæ Ирыстоны æрдзимæ, Ханты цагъд, зарæг «Мæ Ирыстон», Зарæг «Уый у мæ Ирыстон», Бехъаны æрдзы нывты компьютерон равдыст, презентаци «Иры зындгонд хъæбултæ».
Урочы эпиграф:
Ды искуы федтай дидинæфтыд фæзтæ,
Æгæрон хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?
Уый у мæ Ир, мæ райгуырæн хæхбæстæ,
Зæххы фидауц, Дунейы фарны къуым! /Баситы М.
Урочы цыд.
2. Ахуыргӕнӕг кӕсы Баситы М. ӕмдзӕвгӕ, урочы эпиграф (экраныл презентаци «Ирыстоны æрдз», Ханты цагъд).
-Цӕуыл дзурдзыстӕм абон на урочы? Фарны къуым цы хоны Баситы М.?
(Скъоладзауты дзуӕппытӕ)
- Куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы ныхас кæндзыстæм, сæрыстыр æмæ буц цæмæй стæм, æрцæуæг адæмы дисы цы бафтауы йæ рæсугъддзинадæй, аргъауы бæстæ кæй хонынц, уыцы Ирыстоныл, нæ Фыдыбæстыл.
Абон нæ размæ цы хæстæ ис, уыдонæй та иу у хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ сфæлхат кæнын.
3. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг хъазты хуызы «Чи лæмбынæгдæр у?».
(Ахуыргæнæг барæй рæдыдтытимæ дзуры раиртæстытæ рацыд æрмæгæй. Сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц æмæ раст кæнынц ахуыргæнæджы).
1) Кæрæдзийыл баст сæйраг æмæ дæлбар дзырдтæ иумæ хуыйнынц хъуыдыйад (дзырдбаст).
2) Зæгъинаг у, хъуыдыйады мидæг цы предметы тыххæй дзурæм, уый æвдисæг сæйраг уæнг (сæйрат).
3) Бæрæггæнæн хонæм ахæм хъуыдыйады фæрссаг уæнг, кæцы нысан кæны предмет æмæ дзуапп дæтты хауæнты фæрстытæн (æххæстгæнæн).
4) Предметы хъæд, хуыз, рæнхъæвæрд, предмет кæй кæнæ кæцы у, цæй хай у, уый æвдисæг фæрссаг уæнг у æххæстгæнæн (бæрæггæнæн).
5) Архайд цавæр фадæтты, ома, кæд, кæм, куыд æмæ цæмæн фæцæуы, уый æвдисæг хъуыдыйады фæрссаг уæнг у сæйрат (фадатон дзырд).
4. Слайд №1
5. Слайд № 2..Дзуӕппытӕй баххӕст кӕнын хъуыдыйӕдтӕ

7. Схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.
0 æмæ 0. 0, фæлæ 0. кæнæ 0, кæнæ 0
8. Сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ:
1) Ирыстоны хъæдты арæхдæр сты ахæм бæлæстæ : тæрс, фатхъæд, тулдз, бæрз.
2) Арвыком, Куырттаты ком, Уæлладжыргом, Дыгургом – иууылдæр сты Ирыстоны кæмттæ.
3) Цæгат Ирыстоны цæры ахæм адæмыхæттытæ, куыд: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ æмæ æндæртæ
4) Æрæф, Æрыдон, Джызæлдон, Фыййагдон- иу дзырдæй, нæ цæугæдæттæ иууылдæр гуырынц Ирыстоны хæхтæй.
Бакусын чиныгимæ.1 –æм фæлт. 45 фарс.
Зонинагыл бакусын
IV. Хатдзæгтæ (рефлекси)
-Нӕ урочы нысан цавӕр уыд?
-Сӕххӕст ӕй кодтам?
- Уӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд?
- Сымах цы хъуыдытæ ныффыстат, уыдон иууылдæр йæ зарæг «Уый у мæ Ирыстон»-ы равдыста нæ лицейы ахуыргæнæг Æлборты Светланæ
Зарæг «Уый у мæ Ирыстон»
V. Хæдзармæ куыст.
-Абон нæ урочы цæуыл бакуыстам, уый уæ зæрдæтæм куыд бахъардта, уый равдисут уæ нывæцæн «Ирыстон - мæ царды цин»-ы.
Просмотр содержимого документа
«Урочы темæ. «Ирыстон – нæ зарæджы сæр».»