СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урочы темæ: "Фæззæджы ахорæнтæ".

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по развитию речи. Научить учащихся правильно писать сочинение-описание.

Просмотр содержимого документа
«Урочы темæ: "Фæззæджы ахорæнтæ".»

Урочы темӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ».

Урочы нысантӕ:

  1. Скъоладзауты бацӕттӕ кӕнын сочинени – фӕззыгон ӕрдзы ӕрфыст фыссынмӕ.

  2. Миногон сфӕлхат кӕнын.

  3. Дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы рӕзтыл бакусын.

  4. Ахуырдзаутӕм гуырын кӕнын уарзондзинад ӕрдзмӕ. Ӕнкъарын ӕрдзы рӕсугъддзинад.

Урочы эфиграф:

Фӕззӕг ралӕууыд йӕ рады,

Бон ӕнкъардхуызӕй кӕсы,

Дымгӕ сау мигъты цӕгатӕй

Хуссармӕ хӕссы.

Кочысаты Мухарбег


Урочы фӕлгонц: презентацион ӕрмӕг, нывтӕ, музыкӕ,фӕззыгон хъӕды зӕлтӕ.


Урочы хуыз: ныхасы рӕзтыл куыст.


Урочы цыд:

I. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

1. Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ.

Ахуыргӕнӕг: Уӕ бон хорз, мӕ зынаргъ хӕлӕрттӕ. Мӕнӕн тынг ӕхсызгон у, ацы фӕззыгон райдзаст бон, уе ’ппӕты дӕр уынын. Мемӕ уын лӕварӕн ӕрбахастон диссаджы рӕсугъд музыкӕ.

Хъуысы П.И. Чайковскийы музыкӕ «Октябрь. Фӕззыгон зарӕг» ( «Афӕдзы афонтӕ»-йӕ)


1. Цыбыр беседӕ.

- Цавӕр афӕдзы афон уын уӕ зӕрдыл лӕууын кӕны ацы музыкӕ?

- Цавӕр музыкалон композици у? Чи у йӕ автор?

- Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уӕм сӕвзӕрын кодтой музыкӕйы зӕлтӕ?

- Уӕ зӕрдӕмӕ цӕуы фӕззӕг? Цӕмӕй?

- Цавӕр диссаджы ивддзинӕдтӕ ӕрцӕуы ӕрдзы фӕззыгон?

- Куыд ис фӕззӕджы рӕсугъддзинад бахъахъхъӕнӕн зымӕгон?

Дзуапп: Ис ӕрӕмбырдгӕнӕн гербарийтӕ, сисӕн къамтӕ, нывтӕ скӕнын а.д.


II. Ног ӕрмӕгыл куыст.

- Куыд уӕм кӕсы, нӕ ныхас цавӕр афӕдзы афоныл цӕудзӕн?

Дзуапп: Фӕззӕгыл.

- Абон нӕ урочы нысан у, сочинени- фӕззыгон ӕрдзы ӕрфыст фыссынмӕ бацӕттӕ кӕнын. (Презентаци)


Ахуыргӕнӕг: Ӕвӕдза, диссаджы рӕсугъд у ӕрдз фӕззыгон. Хъӕдтӕ, быдыртӕ, фӕзтӕ алыхуызон ахорӕнтӕй сӕ хуыз скалынц. Ног тӕфтӕ, хуызтӕ, зӕлтӕ, ӕнкъарӕнтӕ адӕймаджы зӕрдӕ барухс кӕнынц.

Бирӕ зындгонд нывгӕнджытӕ уарзтой ӕмӕ уарзынц фӕззӕг. Ацы афӕдзы афон сӕ разӕнгард кодта сфӕлдыстадмӕ. ( Челӕхсаты М.,Левитан И.,Остроухов И. - нывты равдыст).

- Цавӕр нывтӕ сты, кӕй уынут, уыдон?

Дзуапп: Пейзажон нывтӕ.

2. Хӕс. Нывтӕ равзарын.

- Фӕззӕджы цавӕр хуызтӕй спайда кодтой нывгӕнджытӕ?

Дзуапп:

- Канд нывгӕнджытӕм рӕсугъд нӕ кӕсы фӕззӕг,фӕлӕ фысджытӕм дӕр. Уӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнут цавӕр радзырдтӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ахуыр кодтат?

( Рагацау цы текстытӕ бацӕттӕ кодтой, уыдон кӕсынц. Дурынц ӕмдзӕвгӕтӕ зӕрдывӕрдӕй)

Ацы ран ӕмбӕлы равзарын урочы эпиграф.


- Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, цы у текст?

Дзуапп:

- Цавӕртӕ сты тексты хуызтӕ?

Дзуапп:

- Ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут, нӕ урочы темӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕцы тексты хуыз у? Кӕцы хуызӕй спайда кӕндзыстут? Цӕмӕ?

Дзуапп: Ӕрфыстон текст. Ам ӕвдыст ӕрцӕуынц ӕрдзы фӕзындтӕ, ӕнӕуд предметы, адӕймаджы миниуджытӕ, се ’ууӕлтӕ.

- Цавӕр хӕйттӕй арӕзт вӕййы текст (сочинени).

Дзуапп: Бацӕуӕн хай, сӕйраг хай, кӕронбӕттӕн хай.

3. Хӕс. Бакусын текстыл. ( скъоладзаутӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын миногон).

Ралӕууыд фӕззӕг хъӕды бӕлӕсты сыфтӕртӕ алыхуызон сӕрттывтой ӕмӕ дзы цы хуызӕттӕ нӕ уыдис цӕстытӕ сӕм кӕм лӕууыдысты ӕрмӕст ма цъӕх-цъӕхид дардта хъӕды астӕуӕй нӕзыты къох.

Хӕслӕвӕрдтӕ текстмӕ:

1. Тексты хъуыдыйӕдтӕ ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй фӕхицӕн кӕнут.

2. Ӕрхъуыды кӕнут текстӕн сӕргонд.

3. Цавӕр у текст йӕ хуызмӕ гӕсгӕ?

4. Ратӕлмац кӕнут «нӕзыты къох» уырыссаг ӕвзагмӕ. (сосновая роща)

Аулӕфт. ( Фӕззыгон хъӕды зӕлтӕ).

Ахуыргӕнӕг: Уӕ цӕстытыл ауайын кӕнут, цыма фӕззыгон сыфтӕ стут. Райсомы хур ссӕуы, ӕмӕ сыфтӕртӕ сабыргай хъал кӕнынц. Сӕхи хурмӕ ивазынц. Фӕззыгон фӕлмӕн уӕлдӕф хъазы семӕ.

4. Хӕслӕвӕрд. Текст бакӕсын ӕмӕ равзарын.

Фӕззыгон нывтӕ.

Фӕззӕг йемӕ райста иууыл рӕсугъддӕр ӕмӕ хуызджындӕр ахорӕнтӕ ӕмӕ ацыдис хъӕдмӕ. Ныв кӕнын райдыдта .

Бӕлӕстӕ ӕмӕ къутӕрты иууылдӕр сахуырста фӕззӕг. Кӕуыл бур фӕлыст скодта, кӕуыл та – сырх. Ӕрмӕст нӕ бавнӕлдта наз ӕмӕ нӕзымӕ. Уыдон сӕ цъӕх фӕлысты баззадысты.

Уый фӕстӕ фӕззӕг арастис быдырмӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕм. Бафснайдта быдыры сыгъзӕрин ӕфсирты.

Сафтид сты быдыртӕ ӕмӕ уыгӕрдӕнтӕ. Хъарм бӕстӕм тӕхынц хърихъуппытӕ, хъӕддаг бабызтӕ ӕмӕ аццытӕ. Сырдтӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц зымӕгмӕ.

Тагъд кӕны фӕззӕг. Ног ӕмӕ ног ахорӕнтӕ ары йӕ диссаджы нывтӕн. Фӕлурс мигътӕй ӕхгӕны арвы цӕсгом. Къӕвдайы донӕй ӕхсы бӕлӕсты хъулон – мулон сыфтӕрты. Тагъд зымӕг дӕр райдайдзӕн ныв кӕнын йӕ фенддаджы нывтӕ.


- Цавӕр афоны тыххӕй бакастыстут?

- Цавӕр у йӕ сӕйраг хъуыды?

- Цавӕр у текст йӕ хуызмӕ гӕсгӕ? Цӕмӕй бӕрӕг у? Куыд арӕзт у ӕрфыст?

- Тексты ссарут хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ.

- Текстӕй рафыссын миногонтӕ.

- Бацамонут дзырдбаст «фендджы нывтӕ»-йы нысаниуӕг.

- Ратӕлмац кӕнут уырыссаг ӕвзагмӕ дзырдтӕ: наз, хърихъупп, ацц. (Ель, журавль, селезень).

- Ставддӕрӕй фыст дзырдӕ баивут синонимтӕй. (Иууылдӕр, фӕлыст, арастис).

- Сырхӕй фыст дзырдтӕн зӕгъут сӕ антонимтӕ. (Рӕсугъддӕр, тагъд, ног, фӕлурс).

5. Хӕслӕвӕрд. Бакӕсут ӕмбисӕндтӕ. Бацамонут сын сӕ хъуыды.

«Уалдзӕг цы байтауай, уый фӕззӕджы ӕркӕрддзынӕ».

« Уалдзӕг рӕсугъд у , фӕззӕг та – хъӕздыг».

« Фӕззӕгӕй зӕрдӕ буц у».

« Фӕззӕг царды къӕбиц у».

5. Дзырдуатон куыст бакӕнын.

Фӕззӕг : рагвӕззӕг, ӕрӕгвӕззӕг, сыгъзӕрин фӕззӕг, дзаджджын фӕззӕг. (Бамбарын кӕнын дзырдты растфыссынад).

Фӕззыгон бон: диссаджы, рӕсугъд, ӕнкъард, райдзаст а.д.

Уӕлдӕф: рог, сыгъдӕг, хъарм а.д.

Хур: фӕлмӕн тынтӕ, хъарм, фӕззыгон а.д.

Арв: цъӕх, сыгъдӕг, тар а.д.

Бӕлӕстӕ: бур худы, бур хӕдоны – тӕгӕр, гӕды бӕлас сырх къабайы, бӕрз – урс дарӕсы.

Сыфтӕ: сыбар – сыбур, хъулон – мулон а.д.

6. Эпиграфтӕ бакӕсын:


Æхсæлы ызгъæлы, Нал у сӕрд йӕ сӕрӕн -
Лæджирттæг фæбур… Бурниз ыл фӕзынд.
Мигъ бады цæгаты, — Фӕззӕджы къӕсӕрыл
Нæ йæ тавы хур… Зӕрдӕйӕн фӕзын.

Къоста (Къадзаты С.)



Уж небо осенью дышало, Листья в поле пожелтели,

Уж реже солнышко блистало. И кружатся, и летят…

А.С.Пушкин М.Ю. Лермонтов


7. Пъланыл бакусын.


1. Фӕззӕджы портрет.

2. Фӕззыгон ивддзинӕдтӕ, хуызтӕ, тӕфтӕ, .

3. Цавӕр у уӕлдӕф?

4. Цӕмӕн уарзын фӕззӕг?


III.Хатдзӕгтӕ.

1. Беседӕ:

- Цы базыдтат ногӕй урочы?

- Уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыдис ? (нӕ фӕцыдис)

- Цавӕр цӕстӕй кӕсын хъӕуы ӕрдзмӕ?

2. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. Ахуырдзаутӕн арфӕ ракӕнын.


IV. Хӕдзармӕ куыст.

Лӕвӕрд пъланыл ӕмӕ ӕрмӕгыл ӕнцой кӕнгӕйӕ ныффыссут сочинени: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ».


































Муниципалон бюджетон ахуырадон кусӕндон

«Коцойты А. номыл Джызӕлы №1-ӕм астӕуккаг скъола».

Горӕтгӕрон район.






Урочы темӕ: «Фӕззӕджы ахорӕнтӕ»


6 кълас.












Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Башираты Ларисӕ.