Урочы темæ: «Хур адæмæн иумæйаг у» (Дзанайты Иваны поэмæ «Бадилон симд»-мӕ гӕсгӕ)
Урочы нысантæ: 1. Равзарын уацмысы сæйраг фæрстытæ.
2. Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Ахуырдзаутæм хъомыл кæнын адæймагæн аргъ кæныны миниуджытæ.
Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг,проектон видеотæ , нывтæ,карточкæтæ хæстимæ.
Техникон фæрæзтæ: компьютер, пультытæ
Эпиграф: Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары! (æмб.)
Урочы цыд:
Мотивацион уавæр саразыныл куыст.
Ахуыргæнæг.Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Абон махмæ ис уазджытæ æмæ сын «уæ бон хорз» зæгъæм.
Ах.Нæ урок райдайдзыстæм кинонывы фрагментӕй (Саразын фрагментыл куыст)
Скъ (кæсынц скъуыдзагмæ)
Ах. Кинонывæй цы скъуыддзагмæ бакастыстæм уым кæй ӕмӕ цы федтат? федтат?
- Нӕ фыдӕлты цардӕй хицӕн цау
Скъ.(хъæздгуытæ фынджы уæлхъус бадынц.
Ах.Цæмæй бæрæг у хъæздгуытæ, æлдæрттæ сты уый?
Скъ .Иуæй сæхæдæг зæгъынц,иннæмæй та сæ бакастæй бæрæг у.
Ах. Цы бафиппайдтат сæ æддагбакасты
Скъ. (хъæздыг дарæс, цъухъатæ,хъаматæ,сæрыстыр цæстынгас, æппалынц сæ исбонæй).
Цал ныхмӕвӕрд къордыл адих кӕниккат архайджыты
-Дзуапп ----------------------------------------------------------
Исчи уӕ зоны, киноныв цы хуыйны, уый
-Дзуапп -------------------------------------
Ах. Куыд уæм кæсы ,ацы скъуыддзагæй цымæ цæмæ райдыдтам
Скъ. Мӕнмӕ афтӕ фӕкаст, цыма кинонывы цы дуг ӕвдыст ӕрцыди,уыцы ӕхсӕнадон къордты кой кӕндзыстӕм нӕ урочы
РАДЗУР Таурӕгъ_ Æртæ æфсымæры.
Тугъан, Хъубады æмæ Абысал уыдысты æфсымæртæ. Бирæ фæцардысты æмæ уарын æрымысыдысты.
Уыдис сын уаринаг сызгъæрин кард, сызгъæрин тын æмæ сызгъæрин пурти. Байуæрстой, æмæ тын фæцис Абысалы , кард фæцис Хъуыбадыйы, пурти- Тугъаны.
Тугъан кæстæр уыди. Æркæнæггаг лæг сын уыди Цъæхил, æмæ йæ Тугъанæн балæвар кодтой.
Афтæмæй тын куыд даргъ уыди, афтæ Абысалы мыггаг дæр адаргъ æмæ бæстæ бацахста.
Хъуыбадыйы кард фæцис, æмæ æхсар уый мыггагы баззад.
Пурти та Тугъаны фæцис, æмæ кад уый мыггагæн баззад.
А-Г: Раст зӕгъыс. Дзанайты Иван нын сӕ йӕ поэмæ «Бадилон симд»-ы равдыста
Ах. Нæ урочы эпиграфæн райстам æмбисонд «Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары! » (æмб.)
Æмæ нæ уацмысимæ куыд баст у,уый сбæрæг кæндзыстæм урочы кæрон.
Ныр рахизӕм уацмысы анализмӕ. Адих уӕ кодтон къордыл, акӕмӕн дӕр уыдзӕн хицӕн хӕстӕ
Хӕдзармӕ хицӕн скъоладзаутӕн уыди сӕрмагонд хӕслӕвӕрдтӕ лӕвӕрд, ӕмӕ нын абон ӕххуыс кӕндзысты.
КЪЛАС адих кӕн къордтыл, акӕцы къордӕн дӕр хӕслӕвӕрдтӕ ратт текстмӕ гӕсгӕ (1 къорд тексты Бадилатӕм цы хауы, уыцы бынӕттӕ агурынц ӕмӕ сын анализ кӕнынц, 2-аг къорд- мӕгуырты ӕмӕ та сӕ хъуыдытӕ, 3- аг- уацмысы ӕвзаг, 4- ӕм – Симд……….
Ӕмӕ фӕстагмӕ фарст- Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ нын чи ракодта? Нигеры тыххӕй та 5-ӕм –къорд радзурдзӕн ) Къордтӕ можно и по два ученика
Ответы дополняют те, у кого инд. Задания были. Скажем: в тексте проанализировали Бадилата, а один доп. И рассказывает о них и т. Д
1.Къорды фарстатæ:
«Махæн мæ хæс уыд базонын, чи уыдысты Бадилатæ, цавар мыггæгтæ сæм хаудысты. Чингуытæ цы æрмæг уыдис ,уымæй уæлдай ма мæн бафæндыд нæ хъæуы хистæртæй искæй бафæрсын. Æз интервью райстон хъæуы хистæр лæг Цагъаты Измаилæй æмæ мæ фæнды цæмæй йæм сымах дæр бакæсат (Компьютерæй æвдыст цæуынц видео)
Нæ хъæуы ис, æппæтæн зынгонд чи у ,ахæм музей æмæ ,кæй зæгъын æ хъæуы, йæ разамонæгимæ аныхас кодтон ацы фарсты фæдыл (видео)
Ах. Уæдæ ма скæнæм хатдзæг,чи уыдысты Бадилатæ. Цæвæр мыггæгтæ сæм хауынц?)
- Цæй фæдыл скодта куывд Афай? Ссарут ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Уыцы куывды æрмæстдæр йæ циндзинад æвдисы?
Скъ.(Йæ цин, йæ хъæздыгдзинад, йæ уæздандзинад.)
- Кæй æрхуыдта йæ куывдмæ?
Скъ (Йе мгæртты хъалты, афтæ схъал æмæ Нартæй йæхи уæлдæр æнхъæлын райдыдта).
-Уæздандзинадæй исты ис Афаймæ?
Скъ. Нæй йæм æцæг уæздандзинад.
Нæртон лæг йæ куывдмæ хуыдта æппæт нарты: мæгуырæй хъæздыгæй. Ахуыргæнæг:Тексты ссарут ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Куывды бадилаты куыд æвдыст цæуынц?
(Цæхæртæ калы сæ уæлæдарæс, сæ цæсгæмттæ ирд, хъал).
(Бадынц фысымтæ æмæ уæздæттæ дзаг фынгыл, уадзынц гаджидæуттæ.
- Бадилаты хистæрæй цы зæгъы поэт? Ссарын ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Æцæг уæзданы миниуджытæ кæмæ ис уазджытæй? (Тугъанты Амырханмæ). ? Ссарын ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Куыдæй разынд хъазтмæ Инал?
(Йæ конд, йæ бакаст, йæ митæ, æвдмсынц, хъал, зынæрвæсон лæппуйы æууæлтæ).
- Куыд равдыста йæхи хъал Залихан кафты мидæг? Ссарын ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
- Куыд равдыста йæхи Инал?
- Цы æбуалгъ ми бакодтой бадилаты «уæздан» фæсивæд?
2.Къорды фарстатæ:
- Мæгуыр фæсивæд цы бынат ахсынц поэмæйы?
(Уæззау куыст ис уыдоны æккойы). Ссарын ацы бынат æмæ йæ бакæсут.
-Фацбай та цавæр у?
У зæрдæхæлар, куыстуарзон, сабыр, цæхæрцæст. Куывды рогуæнгæй лæггад кæны,бафæллад.
Фæлæ фæндыры цагъдмæ йæ фæллад айрох æмæ бадилаты симдмæ, хъазтмæ рахызт).
Цавæр кафтытæ кодтой Хъубадты фæссивæд?
- Цы ми бакодта сæрыстыр Фацбай?
Хъуыбадты хъал фæссивæд кафыдысты симд.
Æз та баццæттæ кодтон проектон куыст ирон кафт «Симд»-ы тыххæй (видео) .Хистæртæм байхъуыстон æмæ, чингуыты æрмæгимæ базонгæйæ ,мæхицæн скодтон ахæм хатдзæг.
Симд у…….
Нæ адæмы рæсугъд удыхъæд æвдисæг кæй у, ууыл дзурынц алы адæмы хæттытæ дæр (показ слайда)
«Æрмæст кафт «Симдмæ» гæсгæйæ дæр зæгъæн ис ,цы адæмы хатты у, уымæн кæй ис диссаджы бæрзонд культурæ».
Серж Лифары , зындгонд французаг балетмейстор.
« Ирон адæммæ «Симд»-æй фæстæмæ кафт куы нæ уыдаид, уæддæр уыдаиккой зындгонд наци. (Кæсæг- Балхъары адæмон поэт Кайсин Кулиев)
« Симд» у æвæджиауы кафт. Зæххы цъарыл иунæг кафтæн дæр нæй абарæн йемæ. Æгас цæуæд «Симд»- кафт, кæцы нысан кæны лæгдзинад, ныфс æмæ уды рæсугъддзинад. Æгас цæуæд ахæм адæмы хатт, æгас цæуæд ахæм аивад! (Гуырдзиаг режиссер Дмитрий Алексидзе.
- Цы ми бакодта сæрыстыр Фацбай?
3.Къорды фарстатæ:
Абарст: Зилахар – нæртон адæмы удварнон бынат æмæ Сылтаныхъы фæтæнтæ-бæркад.
Фацбай у цардбæллон. Уыцы миниуæг ын поэт æвдисы
Аллегорион нывы хуызы: рæсугъд дидинæг, сыфтæфтауæг бæлас. Æмбисонд у сауцъиуы зарæг: Уый зары цардæн, хурæн.
хæссæг быдыртæ.
- Ныхмæвæрд сты поэмæйы æрдзы нывтæ. Радзурут ма поэмæйы райдианы æмæ кæроны æрдзы нывтæ куыд æвдыст цæуынц?
Райдианы – Уалдзыгон райсом! Уалдзыгон рæсугъд бон. Сыгъдæг арв, цъæх.
Тæмæнтæ калы хъæу! Бæлæстæ дидинæг калынц.
Кæроны- Фæхъуынтъыз арвæн Йæ кæрон дардыл. Ыссыд йæ нæрын, Æртæхтæ хауы: ….
Æмбисæндтæ:
Мæгуыры цухъхъа хъæздыгæн цыбыр у.
Мæгуыры зæрдæ –фынтæй хъал
Нæл гæдыйы цард кæны
Хатдзæгтæ:
Ахуыргæнæг: Уæдæ поэмæйы цавæр ныхмæвæрд хъайтартæ ис?
(Æвæрццæг-Фацбай, æппæрццæг-Инал.
Инал: йæ мадæн иунæг, йæ фыд æлдар, буцхаст, хъал, хирвæссон, дурзæрдæ.
Фацбай: йæ мадæн иунæг, йæ фыд æххуырст, фыргуыстæй мард, бæрзонд, фæтæнуæхск, цардбæллон).
( ӕрмӕг куд бамбӕрстой, уый сбӕрӕг кӕнын, хатдзӕгтӕ скӕнын (В идеале каждая группа высказывает свое отношение и к одним и к другим), бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын)
Ах. Фæнды ма мæ уæ зонындзинæдтæ фæбæлвырддæр кæнын, райсæм нæ пультытæ æмæ бакусæм.
«Бæмбæг у йе'взаг. Сындз та йæ зæрдæ» Кæй тыххæй цæуы ныхас:
А) Фацбайы æ)Иналы б) Сафары
2) Æрцагъта дардæй
Иналы буц хо-
Фæлурс……
А) Фатимæ æ)Залихан б) Хадизæт
Кæй кой цæуы ацы рæнхъыты?
Йæ худ бæрзонддæр:
Куы систа ныхыл,
Кæнынц сырх æрттывд
Цæстæй ,уæд русæй.
А) Инал æ)Тазе б)Фацбай
Ах. Уадæ ма иу хатт нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм нæ архайджытæ.
Скъ. (Афай, Сафар, Инал, Залихан, Фацбай, Тазе, Хъанцау, )
Ах.Куыд сæ адих кæнæн ис?
Скъ (Ацы хъайтарты радих кæнæн ис дыууæ къордыл æппæрццæгтыл æмæ æвæрццæг)
Къордтыл куыст.
1)Къорд фыссынц æппæрццæг хъайтар Иналы тыххæй(пирамидæйæ)
1) Сæйраг хъайтары ном Инал
2.Хъайтары характер æвдисæг дзырдтæ Тызмæг,хиуарзон.
3.Кывды архайд æвдисæг æртæ дзырдæй (Тарфмæ бахызт куывд)
4.Цыппар дзырдæй зæгъын цы æрцыд уацмысы. (Инал йæ маст райста)
5. Фондз дзырдæй ныфыссын фыццаг цау (Хъуыбадтæм абон уыдзæн ыстыр куывд.
6.Æхсæз дзырдæй равдисын дыккаг цау (Фацбай æфсæрмæй сурхид акалд, ысуагъта чызджы.
7. Авд дзырдæй райхалын хистæрты кувд (Хуыцауы хорзæх, паддзахы хорзæх, Цæй, уæд Иналы.
Æвæрццæг хъайтар Фацбайы тыххæй. (Спайда кæндзыстæм акростихæй)
Ф- фæразонӕй , уӕнгрогӕй
А- алы куыстмæ арæхсы.
Ц- цæрдӕг лæппу йӕ хъаруйӕ
Б- бирӕ кӕны ӕгъдӕуттӕ.
А- алкӕмӕн йӕ хъӕуы.
Й- йӕ хорзы кой куы айхъуыст
Урочы хатдзæгтæ:
Ах. Байхъуыстам кæрæдзимæ æмæ скæнæм хатдзæг.
Дыууæ къорды минивæрттæй уæ зæрдæмæ тынгдæр чи фæцыд?
Скъ. (Мæ зæрдæмæ фæцыд Фацбай,…….. )
Ах. Цæмæн?
Скъ.(Уымæн æмæ уыд…)
Хатдзæг Ах. Нæ эпигрæфмæ ма æркæсæм уæдæ, Хъал цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ бары!
Куыд æй бабæтдзыстæм, цы уацмысыл ныхас кодтам уыимæ.
Скъ.( )….
Кæронбæттæн (рефлекси)
Бæрæггæнæнтæ.
Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны урочы тыххæй. Табуафси,баххæст кæнут таблицæ
1 | Сеппæтæй ахсджиагдæрæн цы райстон мæхицæн урокæй. | |
2 | Цавæр зонындзинæдтæй спайда кæндзынæн мæ царды. | |
3 | Цавæр хъуыдытæ æмæ фæрстытæ мæм сæвзæрди уырочы бадгæйæ | |