Гом урок 9-ᴂм къласы
Мамсыраты Темырболат-Иры зарᴂггᴂнᴂг
Дзᴂуджыхъᴂуы
30-ᴂм скъолайы
ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ
литературᴂйы
ахуыргᴂнᴂг
Фᴂданты И.В.
Темᴂ: Мамсыраты Темырболат
«Дыууᴂ`мбалы”, «Авдᴂны зард»
Нысан:1Поэты цардвᴂндагыл афᴂлгᴂст.Бакᴂсын ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ,сбᴂрᴂг
кᴂнын сᴂ сᴂйраг хъуыды:Райгуырᴂн бᴂстᴂйᴂ чи фᴂхицᴂн,уыцы
адᴂмы хъысмᴂт ,зᴂрдᴂйы бастдзинад фыдызᴂххимᴂ.
2.Ахуырадон нысан ᴂвᴂрын.
3.Хи хъуыдытᴂ ᴂргом кᴂнын.
4.Скъоладзаутᴂм сᴂвзᴂрын кᴂнын уарзондзинад фыдыуᴂзᴂгмᴂ,
,ныййарᴂг зᴂхмᴂ.
ᴁрмᴂг :Уᴂлᴂмхасᴂн ᴂрмᴂг,компьютерон технологи
Эпиграф
Фыдыбᴂстᴂ уарзын ᴂмᴂ мысын Темырболаты поэзийᴂн йᴂ астᴂумагъз у…
Джусойты Нафи
Зынᴂмбарᴂн дзырдтᴂ
Расты дуг-цᴂуыны рᴂстᴂг
Хъᴂстᴂ-цот,байзᴂддᴂгтᴂ
Залым-тыхгᴂнᴂг
Ахуырг.
Райгуырᴂн бᴂстᴂ мадау адджын у -афтᴂ фᴂзᴂгъынц.Цымᴂ цᴂмᴂ?Цы сᴂ иу кᴂны?Цы ис се`хсᴂн иумᴂйагᴂй?Сымахᴂн та цы у Фыдыбᴂстᴂ?
Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ.
Ахуырг.Поэт Хуыгаты Ахболат та цы зᴂгъы Ирыстоны тыххᴂй?
Скъоладзау кᴂсы ᴂмдзᴂвгᴂ
Мᴂ чысыл Ирыстон,мᴂ райгуырᴂн бᴂстᴂ,
Дᴂуыл у мᴂ хъуыды,мᴂ цин!
Тᴂхуды куы арин дᴂу аккаг ныхᴂстᴂ
Дᴂ номыл мᴂ зарᴂг фыссин.
Дᴂ айнᴂг къᴂдзᴂхтᴂ,цъᴂх-цъᴂхид уᴂлвᴂзтᴂ
Чындздзон чызджы ронау.Сᴂ алыварс -хъᴂд.
Ныззылдысты дардыл ᴂнусон бᴂлᴂстᴂ,
Цъᴂх-цъᴂхид кᴂрдᴂгᴂй сᴂ бын у ᴂхгᴂд.
Мᴂ чысыл Ирыстон,мᴂ мадау дᴂ уарзын
ᴁнᴂ дᴂу мын цард у ᴂнкъард
Кᴂм фᴂнды куы вᴂййын,дᴂуыл у мᴂ зарᴂг,
Дᴂуᴂй хᴂрын алкᴂддᴂр ард.
Хъуысы Илурты Р.зарᴂг «МᴂРайгуырᴂн бᴂстᴂ»
Бакᴂсын фᴂйнᴂгыл эпиграф Фарст.Куыд ᴂй ᴂмбарут?
Ахуырг.Абон нᴂ ныхас цᴂуыл уыдзᴂн?Кᴂй тыххᴂй дзурдзыстᴂм нᴂ урочы?
Скъоладзаутᴂ дзуапп дᴂттынц.Нᴂ ныхас уыдзᴂн Ирыстоны тыххᴂй,Туркмᴂ лидзаг адᴂмы тыххᴂй.Бᴂлвырддᴂр та Мамсыраты Темырболаты цардвᴂндаг ᴂмᴂ сфᴂлдыстады тыххᴂй.
Слайдтᴂ
Ахуырг.Райгуырᴂн бᴂстᴂ зынаргъ кай у, уый алчидᴂр зоны,фᴂлᴂ дзы куы фᴂхицᴂн вᴂййы адᴂймаг,уᴂд ын йе`цᴂг аргъ базоны.Нᴂ адᴂмы царды дᴂр уыд ахᴂм историон цау,ᴂмᴂ ма йᴂ нᴂ зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнᴂм.
Фарст.Кᴂд лыгъдысты ирон адᴂм Туркмᴂ ᴂмᴂ цᴂмᴂн?
Дзуапп.Ирон адᴂмᴂй уᴂды цардарᴂзтимᴂ разы чи нᴂ уыд,уыдон хуыздᴂр цардагурᴂг лыгъдысты Турчы бᴂстᴂм.Уый уыди1865 азы.
Фарст.Чи разᴂнгард кодта?
Дзуапп.Тынгдᴂр ирон адᴂмы разᴂнгард кодтᴂ Куындыхаты Муссᴂ
,уырыссаг ᴂфсады афицер.
Ахуырг.Уый уыди ирон адамы трагеди.Бира зындзинᴂдтᴂ бавзᴂрстой фᴂндагыл,тынг фᴂсмон кодтой сᴂ балцыл,кᴂй ныууагътой сᴂ зᴂхх,сᴂ бᴂстᴂ ᴂмᴂ ацыдысты ног цард,ног амонд агурᴂг.
Скъоладзаутᴂ кᴂсынцТурчы цᴂрᴂг ирон адᴂмы цыбыр мысинᴂгтᴂ
Бакᴂсын ᴂмдзᴂвгᴂ «Мᴂ Иры адᴂммᴂ»
Не `взаг иу,нᴂхᴂдᴂг хицᴂн
Ад нᴂ кᴂны афтᴂмᴂй мᴂ цард.
Ныфс ᴂз февᴂрын мᴂхицᴂн,
Аскъᴂфынц мᴂ раг сᴂнттᴂ уᴂд дард.
Кᴂдᴂм?-мᴂ Кавказмᴂ,нᴂхимᴂ,
Фыдᴂлты Райгуырᴂн зᴂхмᴂ.
Кᴂй никуы федтон ,уыцы Ирмᴂ,
Фᴂуынын уыдᴂттᴂ мᴂ фыны,
Фᴂлᴂ куы `рбабон вᴂййы куы!..
Зᴂхх -иу куы ныттонид мᴂ быны,
Сразы уаин ᴂз бᴂгуы!
Ахуырг.Ирон адᴂмы трагедийᴂ равзᴂрдысты Мамсыраты Темырболаты зарджытᴂ дᴂр,бᴂлвырддᴂр та хъарджытᴂ.
Ахуырг.Йе сфᴂлдыстадмᴂ рахизыны агъоммᴂ цыбыртᴂй ᴂрлᴂууын кᴂнᴂм нᴂ зᴂрдыл йᴂ цард.
Скъоладзаутᴂ кᴂрᴂдзимᴂ дᴂттынц фᴂрстытᴂ
Фарст.Кᴂм райгуырд ᴂмᴂ цавᴂр скъола каст фᴂцис?
Дзуапп Темырболат райгуырд 1845 азы Джызᴂлдоны былыл,Осмᴂны хъᴂуы.1855 азы йа радтой Бетъырбухы кадеты корпусмᴂ ᴂмᴂ рацыд кᴂстᴂр афицерᴂй.Уыцы аз бацыд Чугуевы горᴂты бᴂхджын ᴂфсадмᴂ ᴂмᴂ фᴂслужбᴂ кодта1865 азмᴂ.
Фарст. Цы бар дардта Куындыхаты Муссᴂ Темырболатмᴂ?
Дзуапп.Муссᴂ уыд Темырболатᴂн йа мады`фсымᴂр.Уый аххосᴂй
йᴂ мад ᴂмᴂ дыууᴂ` фсымᴂримᴂ ᴂвᴂндонᴂй алыгъд Туркмᴂ,фᴂлᴂ йын кᴂйдᴂр зᴂххыл цард ад нал скодта.Йᴂ цардᴂй ахицᴂн 1899 азы.
Фарст.Цᴂмᴂн хонᴂм Темырболаты фыццаг профессионалон поэт?
Дзуапп.Кᴂд йᴂ размᴂ фысджытᴂ уыд,зᴂгъᴂм, Колыты Аксо, фыста дины`взагыл,ᴁгъуызаты Иуане,уый та фыста гуырдзиаг ᴂвзагыл,уᴂд Темырболат та фыста сыгъдᴂг ирон ᴂвзагыл,равдыста йе`мдзᴂвгᴂты йᴂ маст,йᴂ зын,кᴂй фᴂхицᴂн Ирыстонᴂй.
Физминуткᴂ
Бакᴂсын ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ «Дыууᴂ `мбалы»ᴂмᴂ «Авдᴂны зард»
Зынᴂмбарᴂн дзырдтᴂ фᴂйнᴂгыл бакᴂсын
«Дыууᴂ`мбалы»
Фᴂрстытᴂ.
1.Цы домы кᴂстᴂр хистᴂрᴂй?
2.Цавᴂр хабᴂрттᴂ радзырдта хистᴂр йᴂ кᴂстᴂрᴂн?
3.Куыд ᴂвдыст цᴂуы дыууᴂ ᴂмбалы зᴂрдᴂйыуаг?
4.Куыд ᴂвдыст цᴂуы уарзондзинад райгуырᴂн бᴂстᴂмᴂ
«Авдᴂны зард»
Фᴂрстытᴂ
1.Мад авдᴂны уᴂлхъус сабийᴂн йᴂ сагъᴂстᴂ куыд дзуры?
2.Цы фᴂдзᴂхсы мад йᴂ хъᴂбулᴂн?
3.Цы у лирикон геройᴂн йᴂ хъыг,йᴂ маст?
Рефлекси
1Цᴂуыл дзырдтам нᴂ урочы?
2.Уᴂ зᴂрдᴂмᴂ арфдᴂр цы райстат?
3.Цы уᴂм фᴂкаст цымыдисагдᴂр?
Ахуырг.Мамсыраты Темырболат уыд стыр ᴂрдзон курдиат ᴂмᴂ зонды хицау,ᴂцᴂг патриот.Уый уыд ирон аив дзырды фыццаг дᴂсны.
Хᴂдз. хᴂс.Кᴂсын аив ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ «Авдᴂны зард»сахуыр кᴂнын зᴂрдывᴂрдᴂй.