Ирон æвзаджы урок 5-æм къласы.
Урочы темæ: «Алцæмæн дæр æгъдау ис.»
Грамматикон темæ: «Сидæн»
Урочы хуыз: Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
Урочы нысантæ:
Сидæн тыххæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын
Ныхасы рæзтыл бакусын
Хъомыладон куыст бакæнын
Эпиграф:
Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.( Æмбисонд)
Урочы цыд
Фæйнæгыл таблицæ ахаæм хъуыдыйæдтимæ:
Алцæмæн дæр æгъдау ис. 1) Æмбæлттæ, алцæмæн дæр æгъдау ис.
Цардæн йа хъæздыгмæ ма бабæлл, 2)Цардæн йæ хъæздыгмæ,лæппу, ма бабæлл,
фæлæ йе’гъдаумæ. фæлæ йе’гъдаумæ.
Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис. 3)Дунейыл æгъдауæй хисæр ницы ис,хорз
адæм
Цæмæй хицæн кæнынц дыууæ цæджындзы хъуыдыйæдтæ кæрæдзийæ?
Дзуапп: Дыккаг цæджындзы хъуыдыйæдты ис сидæнтæ.
Цæмæй бæрæг у?
Дзуапп: Дзурæджы ныхас бæрæг адæймагмæ здæхт у хицæнæй.
Кæм лæууы æмæ куыд хицæн кæнæм сидæн дзургæйæ æмæ фысгæйæ?
Дзуапп: 1) Сидæн хъуыдыйады райдайæны куы лæууа, уæд ын йæ фæстæ æвæрæм къæдзыг. 2) Сидæн хъуыдыйады астæу куы лæууа уæд æй дыууæрдыгæй дæр хицæн кæнæм къæдзыгæй. 3)Сидæн хъуыдыйады кæрон куы лæууа, уæд ын йæ разæй æвæрæм къæдзыг.
Хуыдыйадты цæуыл цæуы ныхас? Æгъдауы тыххæй. Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм урочы?
Сидæн хъуыдыйады уæнг вæййы? Сидæн хъуыдыйады уæнг никуы вæййы.
Къордты куыст.
1 къ.
Хуыдыйæдты ссарын сидæнтæ, скæнын сын схемæтæ.
Хорз адæймагæн кад хъæуы, æмбалттæ. Цавæр хъуамæ уа де’мбал Алан?
2 къ.
Æмдзæвгæйы ссарын сидæнтæ, сбæрæг кæнын сæ бынат.
Хистæрæн, кæстæр,куы дæттай æгъдау,
Кæстæр,ничи дæм æрхæсдзæн уæд фау.
Хистæрæн,кæстæр, куы раттай бынат,
Кæстæр,уыдзынæ уæд хорзыл нымад.
Ацы æмдзæвгæйы хъуыды цай мидæг ис?
Ахуыргæнæн чиныгимæ куыст
Фæлтæрæн 129,132
Грамматикон хъазт.
1 хæслæвæрд: ссарын сидæнтæ, сбæрæг кæнын сæ бынат,сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ.
2 хæслæвæрд: чи тагъддæр бавæрдзæн дзырд рифмæмæ гæсгæ.
«Аххытæ æмæ оххытæ» (Цæрукъаты В.)
-Хорз дæхи ныхсадтай Нох?
-Охх!
-Уый мæнæй куы фæцис…(рох)
-Хъусма лæппу уæрмæн дзыхъхъ ыскъах!
-Ахх!
-Риссы та мæнæн мæ…(къах).
-Марадз хъæбул цъиутæн абий кау!
-Уауу!
-Ме уæнгтæ ысты…(уæззау).
-Уæдæ уæртæ бацым бас.
-Цас?
-Ратдзыстут мын ноджы…(кас)?
Цавæр лæппуйы нын равдыста автор йе’мдзæвгæйы?
Дзуапп: æнæгъдау зивæггæнаг.(хъомыладон куыст)
Текстимæ куыст.
Къордтæн текст радтын. (Чи тагъддæр?)
Аху.рдзаутæ хæдзарæй уынгмæ цæут аивæй. Уæ зонгæтыл с.мбæлгæйæ сывæ..æ..æ салам дæттут фы..аг. Сылгоймæгты, зæрæ.ты уæ разæй уадзут автобусмæ. Лæ..утæ уынгты æхси.. кæнын худинаг у. Уæхи дарын зонут уын.ты æрыгон фæлтæр.
Хæслæвæрдтæ: Аив бакæсын текст, сбæрæг кæнын тексты хъуыды, сæргонд ын скæнын, рафыссын цухгонд дамгъæтæ кæм ис, уыцы дзырдтæ, бамбарын кæнын сæ растфыссынад. Ссарын сидæнтæ æмæ сæвæрын хъæугæ æрхæцæн нысæнттæ.
Цæуыл ахуыр кæны ацы тексты хъуыды сывæлæтты?
Хатдзæгтæ
Цы хонæм сидæн?
Цæмæн хъæуы сидæн?
Куыд хицæн кæнын хъæуы сидæн дзургæйæ æмæ фысгæйæ?
Сидæныл дзургæйæ цавæр хъуыдыйæдтæй пайда кодтам?
Сæ хъуыды цæимæ баст у?( æгъдауимæ)
Уæдæ кæд нæ урокæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ æгъдауыл дзырдтам, уæд ма бафæлварæм ацы нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнын сидæнтæй пайдагæнгæйæ чысыл радзырд («Æнæгъдау лæппу.»)
VII.Бæрæггæнæнтæ.Хæдзармæ куыст.
Радзырд кæронмæ ахæццæ кæнын. Раиртæсттæ зонын найзусть.
VIII.Рефлекси.
Урок мæ зæрдæмæ фæцыд…
Урокæй мæхицæн райстон…
Урок мæм фæкаст…