СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок осетинского языка в 6 классе на тему "Зонд мӕсыг у. Нымӕцон."

Нажмите, чтобы узнать подробности

Конспект урока осетинского языка в 5 классе по грамматической теме "Имя числительное" и тематической- "Знание -сила"

Просмотр содержимого документа
«Урок осетинского языка в 6 классе на тему "Зонд мӕсыг у. Нымӕцон."»

Урочы хуыз

Ног зонындзинæдтæ раргом кæныны урок.

Дидактическон нысан

Ахуырдзаутæн саразын фадæттæ ног зонындзинæдтæ раргом кæнынæн;

Базонгæ кæнын скъоладзауты сæрмагон ныхасы хæй- нымæцонимæ.

Ахуырадон фæстиуджытæ

- Удгоймаг:

- Метапредметон:

- Регулятивон УАА:

- Коммуникативон УАА:

- Познавательные УАА:

Предметон:

- Арæхсын дзырдты рæнхъы рахицæн кæнын нымæцон;

- Зонын хицæн кæнын бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæ

- Бафидар кæнын зонындзинæдтæ ирон æвзаджы ныхасы хæйттæй.

Сæйраг æмбарынæдтæ

Нымæцон, бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæ.

Фæрæзтæ:

- сæйраг




-уæлæмхасæн


- тетрад

-5-æм къласы ирон æвзаджы чиныг; ?æрмæг къордты кусынæн, презентаци, компьютер, проектор.


4 къонвертты( къонверттыл фыст: номдар, миногон, мивдисæг, иу къонверт та æнæ фыстæй) алы къордæн дæр, карточкæтæ дзырдтимæ, «дуртæ» мæсыг амайынæн.


Тыгъдады организаци

Фронталон куыст, къордты куыст.

Межпредметон бастдзинад

Математикæ, литературæ, истори, географи, музыкæ.



Темӕ: Зонд мӕсыг у. Нымӕцон.

Эпиграф

Номдартӕн сӕ хыгъд ӕвдисын,

Стӕй сӕ рӕнхъӕвӕрд дӕр раст,

Иуварс сӕ мӕхи нӕ исын,

Алкӕддӕр дӕн демӕ баст.

Гаппуаты Хъасболат

Урочы цыд:

I. Мотиваци. (Хæдуагвæрд)

-Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ!

Кӕд абон ӕнкъард бон у, уӕддӕр уӕ зӕрдӕтӕ хъуамӕ цинӕй дзаг уой, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбацыд бирӕ уазджытӕ. Ирон хӕдзармӕ та уазӕг куы ӕрбацӕуы, уӕд ыл хур ракӕсы ӕмӕ фӕзӕгъынц: «Уазӕг- Хуыцауы уазӕг", уымӕ гӕсгӕ азилут нӕ уазджытӕм, уӕ мидбылты сӕм бахудут ӕмӕ сын уӕ сӕртӕй уӕздан акувут!

- Бузныг, сбадут!

II. Урочы темӕйыл куыст.

- Сывӕллӕттӕ, сымах зыдтат уазджытӕ уӕм кӕй уыдзӕн ӕмӕ райсомӕй, ӕвӕццӕгӕн, тынг тагъд кодтат скъоламӕ?!

- Ничи байрӕджы кодта? Ӕмӕ тагъд цӕмӕн кодтат скъоламӕ: тарстыстут, куы байрӕджы кӕнат, уӕд уӕм хӕццысты ӕви цӕмӕн?

- Цӕмӕн нӕ хъӕуы ахуыр кӕнын?

- Бирӕ зонындзинӕдтӕ цы сывӕллонмӕ вӕййынц,уыцы сывӕллон куыд фӕхонынц ?(Зонды къуыбар)

- Абон нӕ урочы темӕйӕн дӕр йӕ иу хай баст уыдзӕн….(Зондимӕ) , уымӕн ӕмӕ зонд у… (СЛАЙД №2). Раст! Зонд мӕсыг у – у нӕ урочы темӕйӕн йӕ иу хай.

- Чи зоны, цы у мӕсыг? Цӕмӕн хъуыд?

- Куыд хъуыды кӕнут, мӕсыг ӕнцон амайӕн уыд? (Мыггаг иумӕйагӕй амадта мӕсыг)

-Абон мах дӕр бафӕзмындзыстӕм нӕ фыдӕлты ӕмӕ самайдзыстӕм 5 къласы мӕсыг. Разы стут? Иууылдӕр?

- Ис нӕм амайӕн ӕрмӕг - дуртӕ. Фӕлӕ цӕмӕй дур амады ныффидар уа, уый тыххӕй йӕ фӕстӕ цы хӕслӕвӕрд фыст ис, уый сӕххӕст кӕнын хъӕуы.

-Уӕ ныфс хӕссут?

-Тынг хорз! Ӕппӕт хӕслӕвӕрдтӕ баххӕст кӕнынӕн уӕм фаг занындзинӕдтӕй нӕй. Математикӕйы куыд вӕййы, «уравнение с двумя неизвестными»: ома, нӕ темаӕйы иу хай базыдтам- «Зонд мӕсыг у», иннӕ та - грамматикон темӕ нӕ. Нӕ хӕс у базонын ног ныхасы хай. Уый тыххӕй нӕ сӕххӕст кӕнын хъӕуы 1-аг хӕслӕвӕрд.

- Уӕдӕ бавналӕм нӕ мӕсыг амайынмӕ, ома хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ:

1-аг хӕслӕвӕрд: Дзырдтӕ ныхасы хӕйттӕм гӕсгӕ къонвертты ныввӕрут. (Раттын 4 алыхуызон къонверты. 3 къонверты дзы афтид.) СЛАЙД №3

- Бакӕсын: номдартӕ(1-аг къорд), миногонтӕ(2-аг къорд), мивдисджытӕ(3-аг къорд). Сбӕлвырд кӕнын дзуӕппытӕ.

- Цавӕр дзырдтӕ уын баззад урс къонвертты? Бакӕсут ма сӕ.( 1-аг къорд)

- Ацы дзырдтӕ хауынц, абон цы ног ныхасы хай базондзыстӕм уымӕ.

- Цы нысан кӕнынц ацы дзырдтӕ? (нымӕц)

- Уӕдӕ куыд хъуыды кӕнут, предметӕн йӕ нымӕц цы ныхасы хай ӕвдисы, уый куыд хуыйны? (нымӕцон)

- Сывӕллӕттӕ, сымах базыдтат нӕ грамматикон темӕ дӕр – Нымӕцон! СЛАЙД №4

- 2-аг къорд, бакӕсут ма, сымахӕн та цавӕр дзырдтӕ баззад урс къонвертты?

-Уыдон дӕр нымӕцонтӕ сты?

Бабӕттут ма сӕ номдартимӕ. Номдарӕн цы ӕвдисынц? (бӕрц)

- Куыд схонӕн ис бӕрц цы нымӕцонтӕ амонынц, уыдон.(бӕрцон)

- 3-аг къорд, бакӕсут ма, сымахӕн та цавӕр дзырдтӕ баззад урс къонвертты?

-Уыдон дӕр предметы нымӕц нысан кӕнынц? Уӕдӕ цы? (рӕнхъӕвӕрд)

- Куыд схонӕн ис предметы рӕнхъӕвӕрд цы нымӕцонтӕ амонынц, уыдон та?

-Сыв-тӕ, чи зӕгъдзӕн раиртӕст?

Фӕйнӕгыл дӕр йӕ бакӕсын.СЛАЙД №5

-Сыв-тӕ, уӕдӕ нӕ грамматикон темӕ дӕр базыдтат. Уый у Нымӕцон. Нӕ хӕслӕвӕрдтӕ дарддӕр дӕр баст уыдзысты ацы ныхасы хаимӕ.

Нӕ мӕсыг амад куы фӕуӕм, уӕд уӕ хӕс уыдзӕн раттын дзуапп ахӕм фарстӕн: «Нымӕцон хорз зонын нӕ царды кӕм бахъӕудзӕн?»

- Ныр та къодтӕ иууылдӕр се хуысы хай бахастой нӕ фыццаг хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ, ӕмӕ сын ис бар мӕсыгӕн бындур сӕвӕрын.

- Нӕ темӕ бӕлвырдгонд ӕрцыд. Фыссӕм абоны нымӕц, къласы куыст.СЛАЙД №6

2-аг хӕслӕвӕрд. Дзырдуатон куыст. СЛАЙД № 7. Нымӕцтӕй саразут нымӕцонтӕ:

  1. Бӕрцон: 2,4,15

  2. Рӕнхъон: 3,12,1

Дыууӕ, цыппар, фынддӕс, ӕртыккӕгӕм, дыууадӕсӕм, фыццаг.

- Иудзинадӕй цы ис ацы дзырдты?

- Уӕ зӕрдыл бадарут сӕ рӕстфыссынад.

- Ацы хӕслӕвӕрд дӕр та сӕххӕст кодтат. Ацамайут мӕсыджы 2-аг рӕнхъ.

3-аг хӕслӕвӕрд. СЛАЙД №8 Ӕмбисонд баххӕст кӕнут нымӕцонтӕй:

  1. Ӕдылы хъӕдмӕ _____ цыды кӕны.

  2. _____ мыдыбындз чыргъӕд нӕ кӕны.

  3. Къодах йӕ ______ цӕфӕй бӕрӕг у.



- Сӕ нысаниуӕг сын бамбарын кӕнут.

- Ацы ӕмбисӕндтӕй нӕ темӕ: «Зонд мӕсыг у»- мӕ кӕцы ӕмбисондтӕй хӕстӕгдӕр лӕууы?

- Амайӕм нӕ мӕсыг.

4-ӕм хӕслӕвӕрд. Базон-базон уый та циу?

Ӕртӕ ӕфсымӕрӕн иу нымӕт худ( фынг)

Уырызмӕгыл фондзӕссӕдз хӕдоны(къабуска)

Иу лӕгӕн дыууадӕс фырты (афӕдз)

Афыссут сӕ уӕ тетрӕдты, бахахх кӕнут нымӕцонтӕ.

III. Релаксаци . Мӕсыг амайын ӕнцон нӕу. Кусджытӕ фӕллайгӕ дӕр бакӕнынц. Иу минут аулӕфӕм. ( Дӕсгӕйтӕй нымад) СЛАЙДТÆ № 9-18

5-ӕм хӕслӕвӕрд. Ныффыссут хъуыдыйӕдтӕ нымӕцонтимӕ кӕцытыл фембӕлӕлӕн ис… историйы, географийы, музыкӕйы.

-Бакӕсут ма сӕ. Ссарут дзы нымӕцонтӕ. Цавӕр нымӕцонтӕ сты?

-Амайӕм мӕсыджы иннӕ рӕнхъ.

6-ӕм хӕслӕвӕрд. СЛАЙД№ 19. Хинӕйдзаг фарста: Ссыгътой 15 мыдадзын цырагъы, фӕстӕмӕ дзы ахуыссын кодтой 10. Цал ма баззад цырагътӕй ӕнӕсыгъд?

Раст дзупп кӕцы къорд радта, уый амайы рӕнхъ.

7-ӕм хӕслӕвӕрд. Базонут цавӕр литературон уацмыстӕй ист сты ацы рӕнхъытӕ:

1. Иу цӕст ма фезмӕлыд,

Иннӕ ныдздзагъыр…

2) - Дзырд кӕддӕриддӕр дзырд сайы,-

Авдӕн исты зӕгъ!

- Авд сӕры уӕйыгыл зайы,

Зондӕй та – къӕдзӕх!

3) Иу бон куы уыдис, уӕд мӕнӕ

Зӕрватыкк йӕ ахстоны раз

Сбадт ,цъыбар-цъыбур куы кӕны.

Ацамайӕм иннӕ рӕнхъ.

8-ӕм хӕслӕвӕрд. Баххӕст кӕнын 395-ӕм ф. Бӕрӕггонд дзырдбӕстытӕ уырыссагау зӕгъут.

Самайын мӕсыджы рӕнхъ.

9-ӕм хӕслӕвӕрд. Бамбарын кӕнут хъуыдыйӕдтӕ.

1) Дисныйы бӕрц срӕзыд.

2) Уылынджы ас йеддӕмӕ нӕу.

3) Дыууӕ мӕрты ма нӕм ис мӕнӕу.

Сывӕллӕттӕ къуылымпы куы кӕной, уӕд ахуыргӕнӕг амоны хъуыдыйадты нысаниуӕг.

Ахуыргӕнӕг авӕры мӕсыджы фӕстаг дур. – Æз дӕр уын ме 'ххуысы хай бакодтон, зӕгъгӕ.

Сывӕллӕттӕ, ӕрбакӕсут ма, цы хъуаг у нӕ мӕсыг? Цӕмӕй бӕрӕг у 5къласы мӕсыг у, уый?

- Нӕ мӕсыг амад фӕцис. Цӕй фӕрцы самадтам нӕ мӕсыг?

- Схонӕн ӕй ис нӕ «зонындзинӕдты мӕсыг» ?

- Мӕсыг амайын куы райдыдтам, уӕд уын загътон, зӕгъгӕ, урочы кӕрон уӕ хӕс уыдзӕн дзуапп раттын ахӕм фарстӕн: Нымӕцонтӕ хорз зонын нӕ царды кӕм бахъаудзӕн?

-Уӕдӕ нымӕцонтӕй нӕхи иуварс айсын нӕ бон у? Эпиграфмӕ рахизын. Бакӕсӕм ма Гаппуты Хъасболат нымӕцоны тыххӕй куыд фыссы:

- Нымӕцон алкӕддӕр у уемӕ баст?

V. Рефлекси.

-Урочы алцыдӕр чи бамбӕрста ӕмӕ урок цымыдисаг кӕмӕ фӕкаст, уыдон сисӕнт- ! иннӕтӕ та -?

-Къуылымпыдзинадтыл никуы амбӕлыдыстут?

VI.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

- Сывӕллӕттӕ, ныр цымӕ нымӕцонтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын бӕрӕггӕнӕнтӕ куыд сӕвӕрин?!

-Цавӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ уарзут арӕхдӕр исын?

- Бакӕсӕм ма Къадзаты Станиславы ӕмдзӕвгӕ «5» ӕмӕ «2».

VII. Хӕдзармӕ куыст .

Ӕрхъуыды кӕнын аргъау, кӕцыйы уыдзӕн цавӕрдӕр зондамынд, спайда кӕнут нымӕцонтӕй. Саразут æмæ йæ ныффыссут чиныджы хуызы. Сфӕлгонц ӕй кӕнут нывтӕй.




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!