СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Урок по осетинской литературе в 8 классе:Балладæ "Авд цухъхъайы"

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Задачей данного урока является раскрытие образа матери в этой балладе.

Просмотр содержимого документа
«"Урок по осетинской литературе в 8 классе:Балладæ "Авд цухъхъайы"»

Муниципальное бюджетное общеобразовательное учреждение

«Средняя общеобразовательная школа №1 им.А.Коцоева с.Гизель»

МО-Пригородный район



Урочы конспект ирон литературӕйӕ 8-ӕм къласы:





Хӕсты азар ӕмӕ адӕмы хъысмӕт. Мады фӕлгонц балладӕ «Авд цухъхъайы».



Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг: Коцойты А.М.

Темӕ: Хӕсты азар ӕмӕ адӕмы хъысмӕт. Мады фӕлгонц балладӕ: «Авд цухъхъайы».

Нысан: Лирикон уацмыс-балладӕйы миниуджыты фӕрцы поэт хъайтары мидуавӕр куыд ӕвдисы,уый ӕргом кӕныныл ахуыр кӕнын.

Цымыдисдзинад гуырын кӕнын,хъӕбатырты йӕ уацмысты ӕнусон чи кӕны,уыцы адӕймӕгтӕм.

Кӕстӕр фӕлтӕрмӕ аргъ кӕнын ӕмӕ сӕрыстырдзинад рӕзын кӕнын нӕ хъӕбатыр хӕстонтӕм.



Урочы фӕлгонц:Интерактивон фӕйнӕг,презентаци «Иры ӕнӕмӕлгӕ хъӕбултӕ».



Урочы цыд:

Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ (мотиваци).

  1. Балладӕ «Авд цухъхъа»-йӕ хицӕн бынӕттӕ кӕсын.

  2. Фарстатӕ,хӕслӕвӕрдтӕ.



-Цавӕр фӕлгонц у мад балладӕйы , реалон ӕви символикон,ома иунӕг Гӕздӕнты ӕфсымӕрты мад уыд ахӕм трагикон уавӕры.



Ахуыргӕнӕг: Сымахӕн уыд хӕслӕвӕрд,базонын, ирон адӕмӕй уӕлдай, искӕцы адӕмыхаттӕй, ахӕм стыр ӕфхӕрд исчи баййӕфта.



(Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ).



-Куыд равдыста Грис ныййарӕг мады уӕззау уавӕр, цавӕр дзырдтӕ ссардта уыцы уавӕр равдисынмӕ?



Гӕздӕнты хӕдзарыл ӕрцыд стыр ӕвирхъау цау. Ацу ӕмӕ мауал ӕрцуйы фӕндагыл араст сты авд гуыппырсары ӕмӕ сӕ иу дӕр нал сӕмбӕлд йӕ фыды уӕзӕгыл. Поэт спайда кодта ныййарӕг мады уӕззау уавӕр ӕвдисынӕн бӕлвырд ирд дзырдтӕ: «баззад афтидӕй сӕ мад», «ингӕнтӕ дӕр афтид,цухъхъаты дӕр удтӕ нӕй», «цухъхъатимӕ дзуры», «Цухъхъа ризгӕ къухты змӕлы», «ӕрхӕндӕгӕй дзыназы», «уый ран де `знаг дӕр фӕуӕд!»



-Мады ӕгӕрон уарзондзинад йӕ хъӕбултӕм раргом кӕнынӕн цавӕр дзырдтӕй спайда кодта Грис?



Мад йӕ фырттимӕ дзургӕйӕ алкӕмӕн дӕр ссары бӕлвырд ӕмӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ: «мӕ рогбазыр цӕргӕстӕ», «уӕ,мӕ фыццаг хур», «мады ӕнхъӕлцау», «ды хъуытъаз хъӕлӕс», «чиныгуарз Махар», «мӕ дыууӕ фаззон хуры», «мӕ уарзондӕр Хасан».



-Цӕуыл дзурӕг сты ацы рӕнхъытӕ:

Фӕлӕ мады зӕрдӕ бары,

Цоты раз ӕдых у мад…

Мады фӕллой уын хӕлар уӕд,

Рухс дзӕнӕт та уын-бынат…

Мад йӕ фыртты уарзы ӕгӕрон уарзтӕй. Суанг ма сын сӕ мӕлӕт дӕр «хатыр» кӕны.



- Цы цӕстӕй кӕсынц ӕфсымӕртӕ сӕхӕдӕг сӕ мадмӕ?



Уыдон сӕ ныййарӕгыл сты ӕнувыд. Сӕ ныхас у мадимӕ фӕлмӕн.





«Мӕ хӕстӕфхӕрд ныййарӕг…

Мӕнӕй фӕдӕ ӕдарӕг…»



«О, нӕ мад,ӕрхуымӕй ма кӕс,

А уынгӕгбон фидар лӕуу,

Асур цӕсгомӕй дӕ сагъӕс»,

-дзуры лӕгъстӕгӕнӕгау йӕ мадмӕ Хаджысмел.



-Цы равдыста Грис йӕ балладӕйы?



Балладӕ арӕзт у ныййарӕг мад ӕмӕ йӕ авд зынгхуыст хъӕбулы диалогӕй.



Ахуыргӕнӕг: Гӕздӕнты авд зынгхуыст ӕфсымӕры фӕлгонцтӕ Плиты Грис равдыста аив дзырды фӕрцы, цухъхъаты уд бауадзыны хуызы.



-Чи у уӕдӕ, Куырттаты комы фӕзилӕны абон цы цыртдзӕвӕн лӕууы, уый саразӕг?



Скульптор Санахъоты Сергей ӕфсымӕрты ном сӕнусон кодта хърихъуппыты хуызы.



Ӕвдыст цӕуы цыртдзӕвӕн.

Хъуысы Р. Гамзатовы зарӕг «Журавли».



Сау айнӕджы сӕрмӕ хърихъуппытӕ се `ндон базыртӕ базмӕлын кодтой, сындӕггай сӕ фӕйнӕрдӕм айстой ӕмӕ сӕхи бӕрзонд систой цъӕх арвы тыгъдадмӕ.

Афтӕ кӕсы адӕймагмӕ, цыма ныртӕккӕ сӕхи къӕдзӕхӕй атондзысты… Сӕ фӕстӕ ӕнкъардӕй нымдзаст саударӕг ныййарӕг мад.

Иу, дыууӕ, ӕртӕ…фондз…авд.



Ахуыргӕнӕг: Раст нӕ уыдзӕн, абон нӕ зынгхуыст хӕстонтыл дзургӕйӕ куы нӕ ссарӕм Доййаты Давиды ном,уӕд.



Скъоладзаутӕ дзурынц Доййаты Тебойы фырт Давиды хӕстон фӕндаг ӕмӕ йе `сгуыхтытыл:



Давид райгуырд 1912 азы Джызӕлы. 1941-ӕм азы ацыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ, суанг 1943 азмӕ. Давид уыд снайпер, знаджы салдаттӕй ӕмӕ офицертӕй амардта 226, уыдонимӕ 3 та снайпертӕ. Хорзӕхгонд ӕрцыд: Ленины орденӕй, Фыдыбӕстӕйы хӕсты 2-ӕм къӕпхӕны медаль, Сырх Стъалыйы медалӕй. Керчы 8-ӕм скъола хӕссы не `мзӕххоны ном.



Ӕвдыст цӕуы презентаци «Иры ӕнӕмӕлгӕ хъӕбултӕ». Хъуысы Доййаты Давиды зарӕг.

















Кӕронбӕттӕны скъоладзаутӕй иу кӕсы Грисы ӕмдзӕвгӕ «Мад»- ӕй съуыддзаг:



…Ӕмӕ сыстади дунейыл мад,

Къухтыл систа йӕ иунӕг бындары,

Зилы, агуры бӕстыл рӕстад,

Хӕстӕндзарӕгӕн йе стыр маст хъары:



«Ма та , ма та суадз дунейыл хӕст!»

Мадӕн рустыл йӕ цӕстысыг уайы…

Дзуапп нӕ рардӕуыд мадӕн, ӕрмӕст

Хӕстӕндзарӕг сыгъзӕрин нымайы…

Сиды идӕдз ныр уырдӕм, кӕм ис

Сабыр адӕмӕн фарны уӕлахиз:

«Мад дӕ фӕдзӕхст, Советон Цӕдис,

Сидзӕр-де уазӕг , хӕстӕй сӕ бахиз!»



Хӕст лӕгмар у, цард та дзы-ӕнуд,

Тугӕмхӕццӕ уӕнтыл уайы сурхид…

Адӕм, цӕнгтӕ бафистӕг кӕнут,

Ӕмӕ хӕстӕн бахӕцӕм йӕ хурхыл!



Хӕдзармӕ куыст : Балладӕ «Авд цухъхъайӕ» скъуыддзаг зӕрдывӕрдӕй сахуыр кӕнын, ӕмбисӕндтӕ Райгуырӕн бӕстӕ, адӕймаджы кад, намыс ӕмӕ сӕрыстырдзинады тыххӕй.