СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок по осетинской литературе в 8 классе: «Мадӕн, макуы макуы скъах йӕ зӕрдӕ,зон ӕй дӕхӕдӕг дӕр уым ӕвӕрд дӕ» (Гӕбулты Мелитоны уацмыс «Ӕнӕмастӕй цӕр»-мӕ гӕсгӕ).

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

В уроке расскрывается образ матери и о ее роли в жизни человека.

 

Просмотр содержимого документа
«Урок по осетинской литературе в 8 классе: «Мадӕн, макуы макуы скъах йӕ зӕрдӕ,зон ӕй дӕхӕдӕг дӕр уым ӕвӕрд дӕ» (Гӕбулты Мелитоны уацмыс «Ӕнӕмастӕй цӕр»-мӕ гӕсгӕ).»


Муниципальное бюджетное общеобразовательное учреждение

«Средняя общеобразовательная школа №1 им.А.Коцоева с.Гизель»

МО-Пригородный район





Урочы конспект ирон литературӕйӕ 8-ӕм къласы.



«Мадӕн, макуы макуы скъах йӕ зӕрдӕ,зон ӕй дӕхӕдӕг дӕр уым ӕвӕрд дӕ» (Гӕбулты Мелитоны уацмыс «Ӕнӕмастӕй цӕр»-мӕ гӕсгӕ).







































Урочы темӕ: «Мадӕн, макуы макуы скъах йӕ зӕрдӕ,зон ӕй дӕхӕдӕг дӕр уым ӕвӕрд дӕ» (Гӕбулты Мелитоны уацмыс «Ӕнӕмастӕй цӕр»-мӕ гӕсгӕ).

Урочы нысантӕ:

1.Бӕстон базонгӕ уӕвын Мелитоны уацмыс «Ӕнӕмастӕй цӕр»-имӕ.

Базонын дзы ссарын проблемӕтӕ ӕмӕ сыл ӕрдзуырын.

2.Скъоладзауты ӕххӕст ӕмӕ мидисджын дзуаппытыл фӕлтӕрын,аив дзуырыныл ахуыр кӕнын,уацмыс ӕвзарыны арӕхстдзинады райрӕзтыл кусын.

3.Ныййарӕг мадмӕ ӕгӕрон уарзондзинад ӕвзӕрын кӕнын.

Урочы ӕрмӕг:

Техникон фӕрӕзтӕ: компьютер,презентаци

Урочы эпигрӕф:

«Мад цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнинаг»

Урочы цыд:

1.Бацаттӕгӕнӕн рӕстӕг.

-Уӕ бон хорз,мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ.

Абон нӕ урок ӕрвылбоны хуызӕн нӕ уыдзӕн,уымӕн ӕмӕ нӕм ӕрбамбӕлдысты алы ирон хӕдзар буц ӕмӕ кадджын кӕмӕй у,ахӕм адӕм-уазджытӕ.

Видео-ӕртӕ кӕрдзыны.

Скъоладзау: -Уазӕг-Хуыцауы уазӕг. Коцойты Арсены номыл Джызӕлы 1-ӕм скъола уӕ зӕрдӕбынӕй ӕрбахуыдта йӕ фӕрнджын артдзӕстмӕ.

Ахуыргӕнӕг: -Нӕ зынаргъ уазджытӕ,мӕн уырны, нӕ абоны фембӕлд не `ппӕтӕн дӕр кӕй ӕрхӕсдзӕн уӕлдай рогдзинад,уымӕн ӕмӕ уазӕг ирон хӕдзарӕн уыд йӕ дарддӕры рухс цард.

-Сывӕллӕттӕ,ацы фӕлмӕн баузӕлд нӕ уазджытыл уын кӕй ӕрлӕууын кодта уӕ зӕрдыл?

Скъоладзау: -Мады

Ахуыргӕнӕг:- Цӕмӕн?

Скъоладзау: -Уымӕн ӕмӕ мад у-узӕлӕг,фӕлмӕнтӕ дзураг,рӕвдауӕг, хъомылгӕнӕг, раст фӕндагыл ӕвӕрӕг,царддӕттӕг.

Ахуыргӕнӕг: -Абон мӕн фӕнды нӕ урок райдайын таурӕгъӕй «Мады зӕрдӕ»

Уӕдӕ ,лӕмбынӕг байхъуыстат таурӕгъмӕ ӕмӕ ма мын дзуапп раттут мӕ фарстытӕн

1.Цӕуыл дзурӕг у таурӕгъ?

Скъоладзау: -Таурӕгъы дзырд цӕуы мады ӕгӕрон уарзондзинад хъӕбулмӕ. Цыфӕнды хуызӕн куы уа йӕ хъӕбул, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ кӕй кӕны рисгӕ.

2.Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны таурӕгъ?

Скъоладзау: -Таурӕгъ нӕ ахуыр кӕны мады тынг уарзын кӕй хъӕуы ӕмӕ ахӕм ӕдылы хъуыддаг кӕй нӕ хъӕуы кӕнын.

3. Чызг лӕппуйӕ хынджылӕг кодта, ӕви ӕцӕг ныхӕстӕ уыдысты?

Скъоладзау: -Чызг ӕй къахгӕ кодта.

4. Цы `рцыд фӕндагыл лӕппуйыл?

Скъоладзау: -Куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ къах скъуырдта, ӕмӕ йӕм мады зӕрдӕ сдзырдта:

«-Дӕ къах тынг ныццавтай,мӕ хъӕбул?»

5.Цы уавӕры фӕци лӕппу?

Скъоладзау: -Лӕппу фӕсмонгонд фӕци,фӕлӕ ма цы бакодтаид ӕмӕ йӕхи рындзӕй аппӕрста.

6.Цавӕр хатдзӕгтӕ уӕ бон у скӕнын?

Скъоладзау: -Ахӕм лӕппутӕ къаддӕр куыд уа зӕххы цъарыл, ӕмбаргӕ йӕ бакодта йӕ рӕдыд,фӕлӕ уӕддӕр раст нӕ бакодта, уымӕн ӕмӕ мад у хъӕбулы схӕссӕг.

Ахуыргӕнӕг: -Чызджы тыххӕй мады ивӕн ис?

Скъоладзау: -Мадӕй зынаргъдӕр хъуамӕ мачи уа. Мад хъуамӕ уа буц. Цавӕр фӕнды чызджы тыххӕй дӕр мады зӕрдӕ фӕриссын гӕнӕн нӕй. Уый у ныййарӕг.

Ахуыргӕнӕг: -Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм? Нӕ урок кӕимӕ баст уыдзӕн?

Скъоладзау: -Мады сурӕтимӕ. Нӕ урочы дзурдзыстӕм ныййарӕг мады сурӕтыл.

Ахуыргӕнӕг: - Растдӕр зӕгъгӕйӕ та нӕ урок баст уыдзӕ мады фӕлгонцимӕ.

Ӕмӕ нӕ урочы темӕ дӕр у ахӕм: «Мадӕн, макуы макуы скъах йӕ зӕрдӕ,зон ӕй дӕхӕдӕг дӕр уым ӕвӕрд дӕ»

Ахуыргӕнӕг дзуры мады тыххӕй йӕ хъуыдытӕ.

Сывӕллӕттӕ,хӕдзармӕ уын лӕвӕрд уыд бакӕсын хибарӕй Гӕбулты Мелитоны радзырд «Ӕнӕмастӕй цӕр» . Базонгӕ уӕвын йӕ сӕйраг архайджытимӕ.

Скӕнын нывтӕ мады фӕлгонц ӕвдыст кӕм цӕуы ахӕмтӕ.

Ӕрхъуыды кӕнын ӕмбисӕндтӕ мады тыххӕй.

Ӕмӕ кӕй бон у,уый ныффыссӕд ӕмдзӕвгӕ мады тыххӕй.

Скъоладзаутӕ ӕвзарынц се `сконд нывтӕ,дзурынц ӕмбисӕндтӕ,иу скъоладзау радзырдта ӕмдзӕвгӕ мады тыххӕй.Текст ӕвзарыны размӕ скӕнӕм дзырдуатон куыст.

Дзырдуатон куыст:

Зӕрдӕдарӕн-ныфс,зӕрдӕлӕууӕн

Титыччы фӕрдыг-цавӕрдӕр рӕсугъд ӕмӕ зынаргъ фӕрдыг

Ӕнӕхайыр-пайда чи нӕу, ахӕм исты

Лектор-уӕлдӕр скъолайы ахуыргӕнӕг.

Нӕ куыст арӕзт уыдзӕн ахӕм уагыл.

Адих уыдзыстӕм ӕртӕ къордыл ӕмӕ къордгай кусдзыстӕм.Уыцы куыстмӕ рахизыны размӕ мӕ фӕнды базонын,куыд бамбӕрстат уацмыс,уый.

Ахуыргӕнӕг:

1.Сывӕллӕттӕ ,цымӕ уацмысӕн йӕ сюжет цӕй мидӕг ис?

Скъоладзау: -Ӕвдыст дзы цӕуы идӕдз сылгоймаджы сурӕт.

2.Идӕдз та кӕй фӕхонынц? Ӕрхӕссут ма идӕдзӕн йӕ синонимтӕ.

Скъоладзау: -Ӕнӕлӕг ус, сидзӕргӕс, иунӕгӕй чи баззад йӕ цотимӕ, ахӕм.

3.Чи сты уацмысы сӕйраг архайджытӕ?

Скъоладзау: -Сӕйраг архайджытӕ сты: Заремӕ,Мустӕг,Ацырухст,Жорикк.

4.Цымӕ сӕ чи кӕмӕн куыд бавӕййы?

Скъоладзау: -Заремӕ Мустӕджы мад

Ацырухс Мустӕджы бинойнаг

Жорикк сӕ хъӕбул.

5.Цӕмӕн ацыдысты Заремӕйӕн йӕ бинонтӕ?

6.Куы ацыдысты, уӕд Заремӕ йӕ маст равдыста, ӕви нӕ?

7.Куыд загъта сӕ ацыды тыххӕй та?

8.Заремӕ йӕ чындзы ӕвзӕрдзинӕдтӕ адӕмӕн дзырдта, ӕви сӕ ӕмбӕхсгӕ кодта?

Скъоладзау: -Кӕстӕры хъӕндзинӕдтӕ хурмӕ нӕ хаста.

9.Кӕцы бынӕттӕ уын уӕ зӕрдӕ тынгдӕр фӕцагайдтой тексты?

-Ацырухс йе `фсинмӕ ӕвзӕр цӕстӕй каст.

-Мустӕг нӕ бауайдзӕф кодта йӕ лӕппуйӕн.

-Заремӕ идӕдзӕй кӕй баззад, уый.

-Жорикк кӕй нӕ уарзта йӕ нанайы.

Ахуыргӕнӕг: -Ныр та къордгай абадӕм ӕмӕ ӕрдӕбон куыд загътам, афтӕ кӕнӕм нӕ куыст.

Уӕдӕ, загътам Заремӕ уыд идӕдз.

Фарст: Цӕмӕн баззад Заремӕ идӕдзӕй?

Цавӕр аххоссӕгтӕ уыд уымӕн?

Скъоладзау: -Йӕ бинойнаг Зураб хӕстӕй сыздӕхт цӕфтӕй.

Хӕс: Алы къорд дӕр агуры тексты проблемӕ.

Чиныгимӕ куыст.

Скъоладзау: Радзырды райдайӕны ис ахсджиаг проблемӕ. Уый у Фыдыбӕстӕйы хӕсты проблемӕ. Схонӕн ӕй ис : «Фыдыбӕстӕйы аххоссӕгтӕ.»

Дыккаг проблемӕ ссардта иннӕ къорд: «Жорикк нӕ уарзы йӕ нанайы»

Ӕртыккаг проблемӕ раргом кодта иннӕ къорд: «Ацырухс ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы йе`фсинмӕ.»

Ахуыргӕнӕг: Алчи дӕр уӕ йӕ проблемӕ ссарӕд чиныджы.

Скъоладзаутӕ кӕсынц проблемӕтӕ чиныгӕй.

Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, мӕн нӕ бауырндзӕн, фыццаг проблемӕ цы темӕйыл у, ома, хӕсты тыххӕй, уымӕй сымах хӕдзӕрттӕ хайджын нӕ фесты, уый. Ӕз зӕгъынмӕ хъавын, зӕгъгӕ, сымахӕй дӕр чидӕр уӕ хистӕртӕй уыд хӕсты.

Сколадзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ, сӕ дадатӕ сын хӕсты тыххӕй цы дзырдтой, уыдон.

1-аг къордӕн ма хӕс уыди ссарын тексты рӕвдауӕн ныхӕстӕ.

Скъоладзаутӕ кӕсынц рӕвдауӕн ныхӕстӕ ӕмӕ кӕнынц пробдемӕйы мидисмӕ гӕсгӕ хатдзӕгтӕ.

2-аг къорд ӕвзары йӕ проблемӕ.

Скъоладзау: -Махмӕ гӕсгӕ ацы проблемӕ у тынг ахсджиаг.

Скъоладзаутӕ кӕсынц проблемӕйы хъуыды кӕм ӕвдыст цӕуы чиныджы,уыцы бынат.

Ахуыргӕнӕг: -Раст уӕм кӕсы Жориччы хъуыддаг?

Скъоладзау: - Нӕ кӕсы.

Ахуыргӕнӕг: -Кӕй аххосӕй афтӕ дары йӕхи Жорикк?

Скъоладзау: Йӕ мады. Мад хорз цӕстӕй куы кастаид Заремӕмӕ,уӕд Жорикк дӕр ахӕм ныхӕстӕ нӕ кодтаид

Ахуыргӕнӕг: Ӕмӕ цавӕр ныхӕстӕ кодта? Бакӕсут ма сӕ чиныгӕй.



Ахуыргӕнӕг: - Цавӕр хатдзӕгмӕ уӕ бон у ӕрцӕуын?

Скъоладзау: -Сырд дӕр ма ӕмбары,мады рӕвдыд.

2-аг къордӕн ма хӕс уыди ссарын тексты абарстытӕ.

Скъоладзаутӕ кӕсынц абарстытӕ.

3-аг къорд ӕвзары сӕ проблемӕ.

Кӕсынц проблемӕйы хъуыды чиныгӕй.

Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

3-аг къордӕн ма хӕс уыди мады тыххӕй ӕмбисӕндтӕ ӕрхъуыды кӕнын.

Скъоладзаутӕ дзурынц ӕмбисӕндтӕ.

Хӕс: Дзырд мадӕн ссарын йӕ этимологи.

Мад у рагон индоевропӕйаг дзырд.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ, фестӕм ӕвзӕрст нӕ проблемӕтӕ ӕмӕ ма зӕгъут цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдыстут? Нӕ урочы цӕуыл дзырдтам?

Скъоладзау: Нӕ урочы дзырдтам мады сурӕтыл.

Ахуыргӕнӕг: Сымах та цы цӕстӕй кӕсут уӕ ныййарджытӕм?

Скъоладзау: Мах сын стыр аргъ кӕнӕм.

-Мады хъӕуы ӕгӕрон уарзондзинадӕй уарзын.

-Мадӕй зынаргъдӕр нӕй.

-Алы буц митӕ кӕнын хъӕуы мадӕн.

-Мад у хъӕбулӕн йӕ зӕд.

Ахуыргӕнӕг: Нӕй ахӕм ныййарджытӕ , кӕцытӕ вӕййынц зӕрӕдты хӕдзары?

Скъоладзау: Ахӕмтӕ дӕр вӕййы. Уыдон вӕййынц сӕ цоты аххосӕй уыцы бынӕтты.

Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕн схуыдта Мелитон йӕ уацмыс «Ӕеӕмастӕй цӕр»?

Ссарут ма чиныджы уыцы хъуыды.

Скъоладзау: Кӕд йӕ кӕстӕртӕй рӕвдыд нӕ уыд, уӕддӕр сын йӕ зӕрдӕ загъта ӕнӕмасты цард.

Хӕдзармӕ куыст: Ныффыссын нывӕцӕн мады тыххӕй.




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!