Урочы темæ. Æфсоны фадат.
Урочы нысан: 1. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн æфсоны фадат.
2. Гуырын кæнын скъоладзаутæм уарзондзинад ирон æгъдæуттæм.
3. Ныхасы рæзтыл бакусын.
Цæстуынгæ æрмæг: компьютер, текст.
Урочы цыд
I. Организацион хай. II.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнæм.
Дзырдуатон диктант.
Номдар, фæсæвæрд, миногон, нымæцон, бæттæг, разæвæрд, сæйрат, мивдисæг, зæгъинаг, номивæг, бæрæггæнæг, хайыг, æххæстгæнæн, фадатон дзырд.
Хъуыдыйад равзар хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
Ме мбал хорз ленк кæны доны.
Уæдæ ма нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм æгъдау, æмæ æфсармыл дæр.
-Куыд æмбарут дзырд «æгъдау»?
Æгъдау – традици кæй сфидар кодта, ахæм индивиды кæнæ æгас этносы æнæмæнг хи дарыны æгъдау бæрæг царды уавæрты.
Æмбисонд «Адæймаг йе гъдауæй …» йы кæцы æвæрын хъæуы?
Лæууы хъахъхъæны
Кæсы фидауы
Амоны зæгъы
Ӕмбисæндтæ баххæст кæнут
Уæздандзинад адæймагæн… (йæ туджы ис).
Лæг йе ′гъдауæй… (лæг у).
Æгъдау кæм нæ уа,уым… (фæтк нæй).
Кæстæр хистæры кæм нал зона,… ( уым цард нæй).
Номдар «фыдæлты» морфологон æвзæрст ракæн.
Сæрыстыр адæймаг йæ фыдæлты кадджын æгъдæуттæ нæ рох кæны.
Фыдæлты – номдар, йæ райд формæ – фыд, иумæйæг номд., бир. н., г. х., хъуыдыйады мидæг у бæрæггæнæн.)
Ахуыргæнæг. Цавæр нысаниуæг ма ис дзырд «фыдæн».
фыд – дзидза
фыд – бæллæх
(ацы дзырдтæ сты омонимтæ)
Хъуыдыйады сæрмагонд уæнгтæм цы хауы?
Хъуыдыйады фæрсаг уæнгтам та?
Фадатон дзырдтæ цавæртæ вæййынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ?
(афоны фадат, бынаты фадат, архайды хуызы фадат, æфсоны фадат, нысаны фадат). Фадатон дзырдтæ фембарын кæнынц зæгъинаджы æмæ баст вæййынц йемæ æфтыдады руаджы.
III. Ног æрмæг
Барæй дæм лæмæгъ лæууыдтæн…(цæмæн?)
Лæппутæ кæрæдзимæ гæсгæ хуыздæр ахуыр кæнын райдыдтой. (цæй тыххæй?).
Ӕфсоны фадат æвдисы, архайд цæмæн, цы фсонæй цæуы, уый æмæ дзуапп дæтты ахæм фæрстытæн: цæмæн? цæй тыххæй? цæмæй? (дарддæр чиныджы кæсынц æрмæг).
-103 фæл. (фыс., æвзар.)
Тестытимæ куыст.
Фразеологион дзырдбаст у
Афтид голлаг хъил нæ лæууы
Æдых адæймаджы бон бирæ нæу
Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты
Зæрдæ йæхи къултыл хоста
Дзырдты къордтæй дзырдбаст у
Дыууын фондз.
Фыд æмæ фырт
Мах фыссæм (æмбаст)
Ахуыр кæнын.
Æмхæццæйæ лæвæрд хъуыдыйæдтæй сараз æмхæст текст
1.Гæды йæ лæппынтæн фæтарст.
2.Иухатт уасæг рудзынгмæ сгæпп кодта.
3.Ӕфсин æрбазгъордта.
4.Гæды йæ лæппынтимæ цæры хæдзары къуымы.
5.Уасæджы æддæмæ асырдта.
Бацамон, æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрд цы хъуыдыйады не сты, уый.
1.Ӕфснайд кæрты бæласы бын бады зæронд лæг, æмæ амайы йæ лæдзæг.
2.Ӕхсад дзаумæттæ ауыгъд уыдысты телыл, æмæ сæ изæры уддзæф змæлын кодта.
Цавæр фадатон дзырдтæ ис хъуыдыйæдты?
1. Цуаны фæрцы æххормаг нæ уыдысты хъæдгæсы бинонтæ.
2. Къухы аууонæй акаст уæд иуæрдæм, уæд иннæрдæм.
æфсоны фадат афоны фадат
нысаны фадат бынаты фадат
Кæцы хъуыдыйады ис афоны фадатон дзырд?
1. Уалынджы та хъæдгæс йæхæдæг дæр амард. (афон.)
2. Хо æмæ æфсымæр баззадысты фыдыусимæ.
Ныхасы рæзтыл куыст
Терк.
Уæрæсейæн æнæ Волгæйæ, Украинæйæн æнæ Днепрæй цæстытыл ауайынгæнæн куыд нæй, афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй.
Терк йæ цыд райдайы Дайраны комæй, Зилгæ хохæй. Йæ гуырæнтæ сты æртæ мин метры бæрзæндæн, Зилгæ хохы цъититы, Гуырдзыстоны зæххыл.
Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй. Куыд дæлæмæ Терчы донмæ кæлынц къаннæгдæр хохаг цæугæдæттæ. Æрджынарæджы Теркимæ сæ цыд баиу кæнынц Æрыдоны дон, Фыййаджыдон, Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон.
Терк, куыд дарддæр, афтæ парахатдæрæй кæлы цыппар республикæйы – Цæгат Ирыстон – Аланийы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны зæххытыл. Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы Хъаспийы денджызмæ.
Терк цардыхос у йæ фæйнæфарс æнæнымæц бирæ хъæутæн æмæ горæттæн. Донæй æфсады хуымзæххыты сæдæгай мин гектартæ
Фæлæ Терк абон йæхæдæг у æххуысхъуаг. Теркмæ æмæ йæ къабæзтæм бирæ чъизитæ калынц алыхуызон заводтæ. Цæугæдон кæны змæстдæр æмæ чъизидæр.
Фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ:
1). Кæцæй райдайы Терк йæ цыд?
2). Цавæр республикæтыл кæлы ацы цæугæдон? Дзуапп дæтгæйæ спайда кæнут Цæгат Кавказы картæйæ.
3). Цы пайда у Терк адæмæн?
4). Цæмæн хъæуы Терк хъахъхъæнын?
5.) Лæвæрд дзырдтæм ссарут синонимтæ. Зæгъут, цавæр ныхасы хæйттæ сты.
Къаннæгдæр, кæлы, æнæнымæц, фæкъаддæр
6) Текстæй рафыссут, Терчы доны цыд чи ’вдисы, ахæм мивдисджытæ. Зæгъут, куыд ивы цæугæдоны цыд йæ райдайæнæй йæ кæронмæ.
7)Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ:
цæугæдоны был, цъæх арв, цалдæр лæппуйы.
8).Хъуыдыйад равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ .
Гуылфгæнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй.
Хæдзармæ куыст
бацæттæ кæнын чысыл радзырд ахæм темæйыл:
«Терчы был сæрдыгон».
Пълан:
Сæрдыгон бон.
Терчы дон.
Адæм æрбацыдысты Терчы былмæ.
Алчи йæ фæллад уадзы.
Куыд хорз у сæрдыгон Терчы был!
по осетинскому языку в 8 классе
Тема: Æфсоны фадат.
Учитель осетинского языка и литературы
Кокаева Х.З.
МБОУ «СОШ п.Алханчурт» 2013-2014 уч. г.
Терк.
Уæрæ…ейæн æнæ Волгæйæ, Украинæйæн æнæ Днепрæй цæстытыл ауайын…æнæн куыд нæй, афтæ Кавказ дæр нæ фидауы æнæ Теркæй.
Терк йæ цыд райдайы Дайраны комæй, Зилгæ хохæй. Йæ гуырæнтæ сты æртæ мин метры бæрзæндæн, Зилгæ хохы цъититы, Гуырдзыстоны зæххыл.
Гуылф…æнгæ æмæ абухгæ ралæбуры Терк Дайраны комæй. Куыд дæлæмæ Терчы донмæ кæлынц къан…æгдæр хохаг цæугæдæттæ. Æрджынарæджы Теркимæ сæ цыд баиу кæнынц Æрыдоны дон, Фыййаджыдон, Джызæлдон, Камбилеевкæйы дон æмæ Урсдон.
Терк, куыд дарддæр, афтæ параха…дæрæй кæлы цыппар республикæйы – Цæгат Ирыстон – Аланийы, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны æмæ Дагестаны зæххытыл. Терчы доны дæргъæн у 623 км, кæлы Хъаспийы денджызмæ.
Терк цардыхос у йæ фæйнæ…арс æнæнымæц бирæ хъæутæн æмæ горæт…æн. Донæй æфсады хуымзæххыты сæдæгай мин гектартæ.
Фæлæ Терк абон йæхæдæг у æххуысхъуаг. Теркмæ æмæ йæ къабæ…тæм бирæ чъизитæ калынц алыхуызон заводтæ. Цæугæдон кæны змæстдæр æмæ чъизидæр.