СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок в 9 классе "Ныхасы стильта"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по стилистике "Ныхасы стильта" 9 класс.

Просмотр содержимого документа
«Урок в 9 классе "Ныхасы стильта"»

Темæ: Ныхасы стильтæ.



1-аг текст:

Боныхъæд.

Райсомæй уæлдæфы температурæ уыд 12 градусы уазал. Уымæлад 80%. Фæндæгтæ сты бырынцъаг. Сихорæй уæлдæфы температурæ уыдзæн 7-9 гардусы уазал. Ранæй-рæтты уардзæн мит. Хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй.


2-аг текст:

Ахæм ма дзы уазал уа! Уæнгты иннæрдæм хизы. Уымæй тынг бырынцъаг. Фæндæгтыл ацæуæн дæр нæй. Куы фæкæлон, зæгъгæ, кæрты мит дæр нал амарзтон. Гъе уый дын зымæг, гъе!




НЫХАСЫ СТИЛЬТÆ
















3-аг текст.

Х а з б и. …Цы зæгъынц Дæргъæвс?

М æ х æ м æ т. Фехъуыстой хабар. Æгас ком дæр хъыг фæкодтой, чидæртæ сæхи дæр сцæттæ кодтой, фæлæ бакъуылымпы сты, зын сæм фæкаст сæ Рекомы кусæртытæ æнæ куывдæй ныууадзын.

Х а з б и. Ау, уый та куыд? Чи зоны, кæд фæстæдæрмæ сæмгъуыд кодтой?

М æ х æ м æ т. Уымæй мын ницы загътой.

Х а з би. Уæ, æмбал кæмæн нæй, уыцы хуыцау, цæй æлгъыст стæм, цæ! Æвæццæгæн, ирон адæм куы равзæрдысты, уæд сæ хуыцау ралгъыста: «Уæ кæрæдзийы дзырд уын бамбарæн ма уæд, кæрæдзийы макуы бауарзут!»


4. Лæмбынæг бакæсут нæ зындгонд адæмы хъуыдытæ. Цæуыл дзырдтой, цы фæдзæхстой сæ фæстагæттæн?


1). Адæм кæрæдзийы руаджы цæрынц... Хорз адæмæн уæрст ницы ис… (Секъа)

2). Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се 'хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы 'мбарой, уæд. (Брытъиаты Е лбыздыхъо)

3). Цыфæнды бирæ нæм куы уа зæхх, фос, хорз лæгтæ, хъæздыг, тыхджын кусæг адæм, уæддæр мах ног, рæсугъд цард никуы фендзыстæм, кæрæдзи зæрдиагæй цалынмæ нæ бауарзæм, уæдмæ. (Байаты Гаппо)

4). Цæр, кус ахуыр кæн æгъдаумæ гæсгæ, æрмæст дæхи тыххæй нæ, фæлæ иннæты тыххæй дæр… Цардимæ хæцæм ахуырдзинадæй, кусынæй, кæрæдзи уарзынæй. (Тлатты Хох)


5.

Фыццаг хатт ныхасы стильты тыххæй уырыссаг æвзагзонынады йæ хъуыды загъта М.В. Ломоносов. Йæ куысты «Учение о трех штилях» 1755 азы фыста, зæгъгæ, ныхасы æппæт фæзилæнты дæр бæрæг дарынц æртæ «штилы»: бæрзонд штиль (высокий «штиль»), астæуккаг штиль (средний штиль) æмæ ныллæг штиль (низкий «штиль»). Бæрзонд «штилæй» фыст цæуынц одæтæ, æмдзæвгæтæ, астæуккаг «штилæй» – фыстæджытæ, ныллæг «штилæй» фæныхас кæнæм нæ хорз зонгæтæ æмæ хиуæттимæ.

Йæ рæстæджы ацы куысты практикон ахадындзинад уыд тынг бæрзонд, уымæн æмæ æвзаджы фарстатæй бирæтæн сси бындурæвæрæн.

Стыр хæрзты бацыд номдзыд ахуыргонд йæ адæмæн. Истори, литературæ æмæ грамматикæ, географи, хими æмæ физикæ, политикæ æмæ экономикæ – æппæт ацы наукæты дæр ныууагъта арф фæд, аххæссыд сыл йæ курдиат.

М.В. Ломоносов йæ удуæлдай фæллойæ равдыста, Фыдыбæстæйæн куыд лæггад кæнын хъæуы, уый.


6. Бакæсын текст. Зæгъын, цавæр у йæ стилистикон ахуырст?


- Уырдыгæй рацыдтæн. Иу ран сакъадахмæ доны сæрты ис хид арæзт, растæндæр карды комы хуызæн, сакъадахы та айчы хъузджы мидæг бады зæронд лæг.

-Уый та йæ цæргæ-цæрæнбонты уæлæуыл иунæгæй царди - нæ йын æмбал уыди, нæ - хæлар; бæрæгбонæй, къаты бонæй нæ зыдта, уазæг циу, уый. Ныр ам, мæрдты бæсты дæр, иунæгæй йæ бонтæ 'рвиты,- загъта йын Бедуха.

(Нарты кадджытæй)


7.

ÆМБАЛ

Дзырд æмбал арæзт у дыууæ хайæ: æм-бал. Амоны «иумæ».

Дзырды дыккаг хай «бал» ныр дæр ма не 'взаджы ис. Амоны къорд. Зæгъæм, бал-бирæгътæ.

Нæ рагон фыдæлтæ хæстон адæм уыдысты æмæ уыдонмæ «бал» амыдта «хæстон къорд». Сæ разамонæг та хуынди «балон». Иннæтæ уыдысты «æмбæлттæ».

Дзырд «бал»-æй равзæрд ног дзырд «балц». Нæ фыдæлтæм - алантæм -уыди лæджы ном Æмбал.

Ирыстоны ныртæккæ дæр ис мыггаг Æмбалтæ.

(Агънаты Æхсармæ гæсгæ)

8.

Æз фехъуыстон

Æмбисæндтæ, фыдæлтыккон æмбисæндтæ.

Дзырдтой-иу нын, фыс-фосæн, дам, йæ бирæтæ

Æмхуызонæй куы бауасынц, æрызгъæлы

Уæд заз бæлас… Ныххус вæййы уæд заз бæлас.

Хъæбатыр дæ, æндонæхсар, фæлæ-иу зон:

Æхсар æмæ хъару вæййынц кæд дзыллæтæн

Сæ бирæмæ, æмхæц æмæ хæрзифтонгæй

Æвналгæйæ, - нæ фæразы сæ ныхмæ уæд

Тыхджын ызнаг….

(Барахъты Гино)



3