Мæ фæлтæрддзинадæй.
Ныхасы рæзтыл куысты хуызтæ.
Залы фæлгонц (плакаттæ):
1. Не ´взаг - нæ хæзна.
2.Куы нал уа не ´взаг,
Нал уыдзыстæм мах дæр.
Нæхи сæфтмæ цæмæн бæллæм, зæгъ-ма?
Фæдисонау цæгъдын дзæнгæрæг Ирыл,
О, бахъахъхъæнæм не ´стырдæр хæзна!
3.Сты зондæн уацхæссæг
Æппæт дунейы ´взæгтæ;
Нæ дзы ´взары хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ,
Æрмæст дæр ды, мæ Мадæлон æвзаг!
Амонæг:
Уæ ном уын фæндыры зæлтæй арæм. Цæут нæм алыбон æгас!
___ Фæндырдзагъд.
___ "Ирон чызджы монолог".
___ Кафт "Хонгæ".
Амонæджы арфæ:
Нæ буц уазджытæ! Алыбон æгас нæм цæут! Абон уæ тæрхонмæ рахастам нæ ерыс. Растзæрдæ æвдисæнтæ йын фæут. Уæ хорзæхæй, нæ ерысгæнджытæ, размæ рацæут. (Рацæуынц дыууæ командæйы: "Хуры тынтæ" æмæ "Иры стъалытæ")
Ныхасы бар дæттæн командæтæн! Табуафси уæхи нын бацамонут.
__ Мах стæм: "Иры стъалытæ".
Нæ девиз у: "Стъалытау цæхæртæ калæм,
Мах нæ тых "тынтимæ"барæм.
__ Нæ ном хуыйны - "Хуры тынтæ".
Нæ девиз у: "Хуры тынтау рухс,
Хуры тынтау хъарм,
Хуры тынтау ирд,
Ракафæм - ма симд!"
(Сæ къухты сæ девизты лозунгтæ бæрзонд систой).
Кафт "Симд".
Амонæг:
Базонгæ уæм нæ жюрийы уæнгтимæ. (Жюрийы чи бады, уыдон радыгай ныымайы).
1. Уæдæ рахизæм нæ фыццаг хæслæвæрдмæ æмæ аргъ скæнæм нæ архайджытæ цы къулы газеттæ бацæттæ кодтой, уыдонæн. Жюрийы уæнгтæ, сымах та уæ хъус æрдарут ацы æмæ нæ дарддæры ерыстæм æмæ сын 5 - баллон системæмæ гæсгæ бæрæггæнæнтæ сæвæрут.
Амонæг:
2. Дыккаг хæслæвæрдæй та сбæрæг кæндзыстæм, ребустæ куыд зонут, уый. Раздæр йæ дзуапп цæттæ кæмæн уа, æмæ йæ рухс тагъддæр кæмæн ссудза, уымæн 1-аг ныхасы бар. Æрбакæсут нывтæм æмæ зæгъут, цавæр ирон хъæуы ном дзы æмбæхст ис. (Раст дзуæппытæ: Хæтæлдон, Бирæгъзæнг, Хидыхъус).
3. Ныртæккæ алы командæйæн дæр ратдзынæн карточкæтæ, кæцыты ис ккъæпхæнтæ. Сымахæн уæ хæс у баххæст кæнын ацы къæпхæнтæ номдартæй иууон нымæцы. (дæтты карточкæтæ).
Амонæг:
4. Цалынмæ жюри æвæры бæрæггæнæнтæ, уæдмæ мах та нæ улæфт суадзæм. (музыкалон паузæ).
Амонæг:
5. Иннæ хæслæвæрдæн та уын ратдзынæн сыгъдæг сыфтæ æмæ дзы дыууæ минутмæ хъуамæ ныффыссат номдартæ дывæргонд æмхъæлæсонтимæ. Уа дзырдтæй иу фонетикон æгъдауæй равзардзыстут.
6. Ныр та сбæрæг кæнæм æмбисæндтæ куыд зонут уый. Алы командайы размæ дæр æвæрд ис иу æмбисонд æмæ йын бамбарын уæнут, уæ хорзæхæй, йæ хъуыды.
а) Чи цы у, уый адæм зонынц.
б) Хонæг дæ куы нæ уа, уæд хæддзуйæ ма цу.
7. Нæ иннæ конкурсæй та уын сбæрæг кæндзыстæм уе ´сфæлдыстадон тыхтæ. Карточкæтыл фыст ис мивдисджытæ. Уæ хæс у, уыцы мивдисджытимæ æрхъуыды кæнын æмæ ныффыссын радзырд сæргондимæ.
а) Сфæнд кæнын, ацæуын, фенын, фæтæрсын, ссарын, хъазын, фембæлын, цин кæнын.
б) Бахæс кæнын, ныффыссын, ахъуыды кæнын, бацархайын, рауайын, сауындзын, раппæлын.
Амонæг:
Ныр та, цалынмæ нæ жюрийы уæнгтæ сæ тæрхон хæссынц сфæлдыстадон конкурсæн, уæдмæ иу гыццыл нæ улæфт суадзæм æмæ бакæсæм сценкæ "Æвзæр ахуырдзау"-мæ. (скъолайы цардæй).
Амонæг:
Уæдæ дарддæр рахизæм нæ конкурстæм.
8. Дыууæрæнхъонты цухгонд цы дзырдтæ æрцыдысты, уыдон сбæрæг кæнын æмæ сæ бамбарын кæнын.
а) Комбайн рæвдз æфсиртæ тоны
Иу гектар дæтты дæс тонны.
б) Уыгæрдæны федтон ахстон
Уым уæрццы лæппынтæ ахстон.
в) Сарæзта цæрæнуат халон,
Цæй, ныр ын æй æз куыд халон.
г) Кæд къæрмæг тъыст ис йæ хъусы,
Гъе уæддæр нæ ныхас хъусы.
Амонæг:
Ныр та рахизæм капитанты конкурстæм. Табуафси, бавзарут уæ грамматикон тыхтæ.
1. Уæ размæ æвæрд ис карточкæтæ дамгъæтимæ. Дамгъæтæй саразут дзырд, баныхасут æй карточкæтыл æмæ йын бамбарын кæнун йæ нысаниуæг.
2. Уæ иннæ хæс та у ахæм. Лæвæрд нысаниуджытæм гæсгæ базонын дзырдтæ æмæ сæ ныффыссын.
а) Уый машинæ бауромы. (светофор)
б) Зымæг уары (мит)
в)Скъолайы райсынц (бæрæггæнæнтæ)
г) Уыдонæй арæзт у нæ ныхас (дзырдтæ)
д) Уый у фæззæджы бæрæгбон (Джеоргуыба)
е) Ирон газет (Рæстдзинад)
ж) Цæрæн бынат амоны (адрес)
з) Фæузæм авдæны (сывæллон).
3. Æмæ фæстаг хæслæвæрд нæ капитантæн. Лæвæрд фæрстытæм лæмбынæг æркæсут æмæ зæгъут, цавæр хъуыдыйады уæнгмæ хауынц, уый. Радзурут ын йæ раиртæст.
Кæм? Кæй?
Кæдæм? Цы?
Кæцæй? Кæмæн?
Кæдмæ? Кæмæй?
Куыд? Цæмæй?
Куыдæй? Кæуыл? Цæуыл?
Цæмæн? Кæимæ? Цæимæ?
Амонæг:
Нæ жюри аргъ кæны капитанты дзуæппытæн. Мах та уал байхъусæм Къостайы æнæмæлгæ поэмæ "Фатимæ"-йæ скъуыддзагмæ.
9. Рахизæм иннæ конкурсмæ. Нывмæ гæсгæ æрхъуыды кæнут цыбыр радзырд сæрмагондимæ. Командæтæн лæвæрд цæуы фæйнæ 3 минутты.
Цалынмæ кусынц нæ ерысгæнджытæ æмæ сын сæ куыстæн аргъгонд цæуы, уæдмæ та бакæсæм сценкæ "Ладимхан æмæ Ларочкæ"-мæ.
10. Ацы хæслæвæрдæй та сбæрæг кæнæм, фразеологон дзырдбæстытæ куыд зонут, уый. Уæ размæ цы фразеологизмтæ ис, уыдонæн зæгъут сæ синонимтæ.
а) Сæ мыды къæм бахаудта (фæхыл сты).
б) Иу хæдон дæр сын уæрæх у (лымæнæй цæрын).
в) Йæ фæрсчытæ йын банымадтой (фæнадтой).
г) Мæ къæхтæ мæ быны нал цыдысты (бафæлладдæн).
д) Авд хохы фæстæ (дард).
е) Зæххы скъуыды ныххауд (фесæфт)
11. Лæвæрд дзырдтæй саразут хъуыдыйæдтæ æмæ сæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
а). Цард, æцæгæлон, мæсыг, æвзаг, нæ, амайын.
б). Адæймаг, æгъдау, бакаст, æвзаг, æддаг, фидауы, йæ, æмæ.
12. Нæ æрвылбоны царды арæх фехъусæм, бирæтæ раст кæй нæ дзурынц сæ мадæлон æвзагыл, уый. Ныртæккæ ахæм куыст бакæндзыстæм: лæвæрд дзырдбæстытæй раст арæзт кæцытæ не ´сты, уыдон базонут.
а) Тæбæгъ ныббызгъуыр (нæу)
б) Тебæ æрттивы
в) Зæгæл ныззылын
г) Фæрæт ныппырх (нæу)
д) Дзул басыгъд
е) Кард ныкъкъуылых (нæу)
ж) Их схид (нæу)
з) Зæлтæ хъуысынц.
13. Базонут, ацы нывты цавæр фразеологон дзырдбæстытæ æмбæхст ис?
Лæвæрд цæуынц нывтæ.
Амонæг:
Ме ´взаг, искуы ды куы амæлай,
Уæд æз дæр мæлдзынæн,
Фæлæ ды куы цæрай,
Уæд æз дæр цæрдзынæн.
Нæ ерыс фæци. "Хуры тынтæ" æмæ "Иры стъалытæ"! Уæ цæрæнбон бирæ. Тынг арф зонындзинæдтæ равдыстат, мадæлон æвзагæн стыр аргъ кæнут æмæ уæ дарддæры цард дæр рæсугъд æмæ амондджын уæд.
Ныр та цалынмæ нæ зынаргъ жюрийы уæнгтæ уынаффæ кæнынц, уæдмæ уал уын нæ буц уазджытæ лæвар кæнæн нæ музыкалон салам.
Кафт "Къартули" æмæ зарæг "Ирыстон", кæцыйы зары скъолайы зарæггæнджыты къорд.
Сбæрæг кæнын уæлахиздзауты командæ.
Кæрон.