СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Внеклассное мероприятие по осетинскому языку: «Тавы нæ хурау Къостайы æвзаг»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Абон, куыд зонæм, афтæмæй иугонд нациты организации – ООН, кæй хонынц, уый ирон æвзаг бахаста, тагъд чи фесæфдзæн , уыцы æвзæгты хыгъдмæ. Хъыгагæн, æцæгдæр афтæ уыдзæн, нæ ахаст æм куы нæ аивæм, уæд.

Просмотр содержимого документа
«Внеклассное мероприятие по осетинскому языку: «Тавы нæ хурау Къостайы æвзаг»»

Ирон æвзаджы бæрæгбон

«Тавы нæ хурау Къостайы æвзаг»

(æддæкъласон литературон-музыкалон равдыст)

(Залы хъуысы ирон музыкæ)

1 кæсæг дзуры: 2003 азы республикæйы президенты указ «Ирон æвзаджы боны» тыххæй.

Амонæг: - Æвæццæгæн, 13 азы размæ 2003 азы нæ республикæйы уæды президент Дзасохты Алыксандр хуымæтæджы нæ рахаста ирон æвзаджы бæрæгбон аразыны уынаффæ.

Уæд дæр тæссаг бынаты уыд ирон æвзагæн йæ уавæр. Абон, куыд зонæм, афтæмæй иугонд нациты организации – ООН, кæй хонынц, уый ирон æвзаг бахаста, тагъд чи фесæфдзæн , уыцы æвзæгты хыгъдмæ. Хъыгагæн, æцæгдæр афтæ уыдзæн, нæ ахаст æм куы нæ аивæм, уæд. Байхъусæм-ма, йæхæдæг куыд зæгъы, ирон æвзаг, уымæ.

  1. «Ирон æвзаджы сагъæс». Касаты Б.

Амонæг: - Раст кæуы ирон æвзаг , йемæ ма разы у ирон номдзыд поэтессæ Хостыхъоты Зинæ. Уый йæ ныхас здахы, ирон æвзаджы сæфты фыццаджыдæр аххосджын кæй нымайы, уыдонмæ.

  1. «Ирон æвзаг уæйгæнджытæм»

Амонæг: Афтæмæй, мадæлон æвзаг кæддæриддæр æвзæгты сæрыл нымад уыд, уый 19 æнусы дæр загътой бирæ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ. Байхъусæм -ма уырыссаг куырыхонты раныхæстæм.

(3 Дзурæг кæсы А.Чеховы, А.Куприн æмæ К.Паустовскийы ныхæстæ мадæлон æвзагыл)

Амонæг:Афтæ хъуыды кодтой уырыссаг æвзаджы дæснытæ. Ныр та байхъусæм нæхи куырыхонты хъуыдытæм.

(4 Дзурæг кæсы Абайты В., Тахъазты Х. æмæ Айларты И. ныхæстæ)

5. «Ирон дзырд» Хъодзаты Æ.

Амонæг: Æцæг афтæ у, бæрзонд фарнмæ сисы лæджы, æнувыд ыл куы уа, уæд. Хуымæтæджы нæ зæгъы Васо дæр афтæ: мæнæй ахæм лæг мæ мадæлон æвзаг сарæзтæ, уымæн æмæ, кæд цасфæнды æвзæгтæ зыдтон, уæддæр хъуыды кодтон иронау. Æмæ фæрнæйдзаг уымæн дæн!

6. «Цæрæнбонты сидт» Сидахъаты С.

7. Зарæг «Мадæлон æвзаг» Хуыдæлты Э. фонограммæмæ зары скъолайы вокалон къорд.

Амонæг: Ныр та байхъусут, табуафси, районы «Аив дзырды» конкурсы чи архайдта, уыцы аив дзурджытæм. Бацахстой дзы 2 бынат! Байхъусут, ирон зæронд лæг цæмæн æмæ кæмæн уайдзæф кæны, уымæ. Уый дæр у Хостыхъоты З. уацмыстæй.

(8 « Нæ хæхты фарн сæфы чи мæт кæны, ахæм хистæрмæ»)

Амонæг:Уæдæ уын ныртæккæ та фехъусын кæндзынæн иу сюрприз- ныхас. Сымах та хъуамæ базонат ныхасгæнæджы

(9. Туркаг ироны ныхас)

- Чи уæ базыдта ацы иронау дæсны дзурæджы? Тынг раст. Уый Турчы чи цæры, ахæм ироны ныхас уыд. Диссаг уæм нæ фæкаст, уал æнусы кæйдæр зæххыл фæцæр, дзурын, фыссын, ахуыры бар дын ма уæд дæ мадæлон æвзагыл, уæддæр æй фæлтæрæй фæлтæрмæ бахъахъхъæн, æмæ йыл, абон Ирыстоны чи цæры, уыдонæй аивдæр дзур! Мæнмæ гæсгæ, уый къухæмдзæгъды аккаг у!(йæхæдæг амонæг залы бадджытимæ æмдзæгъд саразы)

Амонæг: Абон кæд лæмбынæг хъуыстат, уæд, æвæццæгæн, бамбæрстат, лæгæн йæ хорздзинад йæ мадæлон æвзаг, йæ фыдæлты фарн æмæ намысы кæй ис. Æнæ уыдон хъахъхъæнгæйæ цард размæ нæ цæуы, къухы та æфтгæ ницы кæны. Уымæ гæсгæ сæм хъуамæ уарзон цæстæй кæсæм æмæ сыл аудæм!

(10. Чеджемты Æ, Дзбойты В, æмæ Бызыккаты Земфирæйау)

Амонæг: Хæрзбон, нæ иннæ фембæлдмæ! Фæлæ æмбæлы бæрæгбоны кæрон ирон кафт! (Зæлы фæндыры цагъд, кафджытæ рахызтызты размæ.)








Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!