СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Внеклассное мероприятие "Вгостях у зимы"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

К данному внеклассному мероприятию разработана одноимённая презентация.

`Рцæуы та нæм уæлæ

Цъитиджын хæхтыл

Урсзачье фæстæмæ

Урс къуылых бæхыл.

 

Просмотр содержимого документа
«Внеклассное мероприятие "Вгостях у зимы"»

Уазæгуаты зымæгмæ.



Сценкæ «Сабитæ æмæ зымæг.


Сабитæ:


`Рцæуы та нæм уæлæ

Цъитиджын хæхтыл

Урсзачье фæстæмæ

Урс къуылых бæхыл.


Зымæг:


Багъæцут та, багъæц,

Бахæццæ уæм уон

Фаг кæуыл нæй дарæс,

Уымæн – сар йæ бон!


Сабитæ:


Рауай, рауай, ма тæрс, -

Ницы у дæ хъызт, -

Хъарм, фæлмæн – дæ дарæс,

Алчидæр – фæлыст.


Зымæг:


Хорз уæдæ, æз рындзтыл

`Рæвæрдтон мæ мигъ,

Кæддæра уæ фындзтыл

Цас æрзаид их.


Сабитæ:


Мигъæй мах нæ тæрсæм, -

Ма нæм дзы æвзид,

Фæлæ дын фæдзæхсæм:

Рахæсс тагъддæр мит!

Бамæрз къултыл, фæзтыл

Ды дæ кæрц нæуæг

Æмæ та дæ фæрстыл

Мах бырæм цæрдæг.

Зымæг:


Уæдæ ма фæлæуут, -

`Рæвæрон хъæпæн,

Мауал мæ æнхъæлут

Пакъуыйау фæлмæн.


Сабитæ:


Ма кæ, ма, мæстыгæр,

Ма нæм хъав æгæр

Уар цæйбæрцфæндыдæр,

Махæн уый – хуыздæр.


Зымæг:


Хъазут та, хæлар уын

Уæд мæ мит. Тырнут!

Æз сымахæн уарын,

Æмæ йыл бырут.





Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Æгас нæм цæут нæ буц хистæртæ. Абон мах иумæ æрдзурдзыстæм диссагдæр æмæ рæсугъддæр афæдзы афоныл. Цымæ кæцы афон уыдзæн? Базонут ма йæ!



1 ахуырдзау.


Хъызт зымæг, тыхст зымæг –

Нæ катай, нæ мæт!

Йæ бонтæ – фыдбонтæ,

Йæ бахсæв – мæлæт.

Нæ хъæутæ – лæгæттæ,

Нæ фезмæлд – зæйуат.

Фыдæлтæй нын баззад

Зæйы сæфтæн рад.

Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,

Æнæхай куыстæй,

Хуыцаумæ дзыназынц

Æстонгæй, сыдæй...


Амонæг: Сывæллæттæ, базыдтат чи нæм æрбацæудзæн нæ бæрæгбонмæ?

Ахуыргæнæг: Мæ чысыл хуртæ, кæцы æрдзы фæзындтæй бæрæг вæййы, зымæг нæм æрцæуы, уый? (фыццаг мит, митын гæлæбутæ, фæуазал вæййы, бон фæцыбыр вæййы….).

Сценæйыл сывæллæтты къорд, зарынц æмæ кафынц «Митын гæлæбутæ».

Митгæлæбу.


Уыд зымæг –

Фæцыбыр бон,

Къанæутты

Ныссалди дон.

Урс кæрц байтыгъта

Нæ фæзты.

Урс бæмбæгæй

Байдзаг бæстæ.

Арвыл

Митгæлæбу хъазы,

Дымгæимæ

Симды бацыд.

Æз кæсын

Йæ фæзындмæ

Æнхъæлмæ,

Уæлæ и, -

Æртахт мæ сæрмæ,

Къухæй йæм

Фæсидтæн æз:

«М` арм дын уæд

Хуыссæнуат, къæс».

Митгæлæбу

Сидтмæ `ртахти,

М` армыл абадт

Æмæ `ртади…



Амонæг: Сабитæ, цæй ма радзурæм зымæгмæ!


Сабитæ: - Зымæг!, Зымæг!, Зымæг!


Зымæг: Мæнæ та уæм æрбацыдтæн уæзæгуаты. Фæлæ иунæгæй нæ дæн . Адон сты мæ фырттæ. Базонут ма сæ чи сты.


Цыппурсы мæй: Декабрь:

Сабитæ, зымæг мæнæй райдайы , афæдз та мæныл фæвæййы. (Цыппурсы мæй). Адæм мæ афтæ дзурынц, цыппурсы мæй – афæдзы къуыри.



Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ цæмæй хъæлдзæг кæны цыппурс? ( ног аз, заз бæлас, фыццаг мит).

Зымæг: Цыппурсæн ма ис æфсымæртæ дæр. Базонут ма чи у йæ дыккаг æфсымæр?. Азæн йæ райдайæн, зымæгæн йæ æмбис.( Тъæнджы мæй-январь.). Исын алыхуызон нæмттæ: тъæнджы мæй афæдзы фындз, тымыгъдæр мæй.

Ахуыргæнæг: Цы нын æрхæссы ацы мæй та? ( Бирæ мит, уазал бонтæ, митын дада, улæфты бонтæ.).


Зымæг: Æртыккаг лæппу, кæд хивæнд у, уæддæр у хæларзæрдæ, цыбырдæр йе` фсымæртæй. Чи у уæдæ? Æртхъирæны мæй – февраль. Ацы лæппуйы мын хонынц мæ къæдзил. Зымæг - фæвæййы, уалдзæджы нæм æрбахоны.


Амонæг:: Йæхицæй нын раппæлдзæнис `фсымæрты кæстæр.

Ахуыргæнæг: Цы зæгъдзыстут мæ хуртæ ацы мæйæ та? (мит тынг нал фæуары, бон фæдаргъ вæййы).

Зымæг: Уынут, сывæллæттæ, æмхуызонæй æртæ фырты дæр кусынц мæнæн. Акæсут ма куыд рæсугъд у бæстæ, хурмæ куыд æрттивы æрдз. Мæ зæрдæ куыд рухс кæны мæ куыстæй.

Амонæг: Сабитæ, зымæг йæхицæй æппæлы, тынг рæсугъд дæн, зæгъгæ. Фæлæ ма акæсут рудзынгæй, нæ алыварс мит, хур нæ кæсы, бон хъуынтъыз. Изæры та уазалæй бæстæ къæс – къæс кæны. Чи зоны æмæ ахæм хорз афон дæр нæу?!









Сценкæ. «Зымæг хорз у æви нæу»?


Чызг – Данæ: (капризно топает ногой):

Зæхх та байдзаг кодта мит

Куы фесæфис æнусмæ

Æз, зымæг тынг нæ уарзын

Уазалæн дæр нæ фæразын.


Лæппу – Георгий:

Цытæ дзурыс?!

Зымæгон æмбæлтты къордимæ

Мах хъаздзыстæм хоккейæ

Искуы хъазыдтæ?, зæгъ-ма


Чызг – Данæ:


Æрра дæ?, æви цы?

Æз æмæ хоккей?

Æз уарзын дидинджытæ, цъиутæ, гæлæбутæ

æз кафын уарзын

Ды та! Хоккей, хоккей.


Дыккаг чызг- Дианæ:


Мит рауарыди раджы

Урс – урсид у бæстæ

Акæсут ма рудзгуытæй,

Куыд æрттивынц бæлæстæ.


Чызг – Данæ:


- Дис кæнын дæуыл дæр!,

Зымæг, зымæг уарзыс ды дæр?!


Дыккаг чызг- Дианæ:


- Уæдæ, тынг!


Чызг – Данæ:

- Æмæ уазал та?


Дыккаг чызг- Дианæ:


Тас æппындæр уымæй нæу

Ис мыл мæнæ палто æмæ хъуырбæттæн.


Лæппу – Георгий:

Афтæ,гъе!

Раст дæн уæдæ æз

Зымæгон ис цæрæн.


Чызг – Данæ:

Бакæсут ма сæм мæнæ

Зымæджы – мит, уазал æмæ хъызт

Бæстæ их. Æрмæстдæр хæдзары бад æмæ æнкъард кæн,

Нæ, нæ уарзын зымæг æз. (ацыди).


Лæппу –Георгий:


Хорз у æмæ ацыд!

Куыд хъуамæ ма уарзай зымæг?

Къахдзоныгътыл быр

Митæй хъаз.


Дыккаг чызг- Дианæ:

Уæдæ, уæдæ. Цас хъæлдзæг æрхæссы махæн ног аз. Цæмæй зымæг уарзат сывæллæттæ, уый тыххæй хъуамæ хъæлдзæгæй æрвитат алы бон дæр.


Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, сымах та куыд хъуыды кæнут, ацы сабитæй растдæр чи у? (алкæцы афон дæр йæ рæстæджы хорз у).

Амонæг: Рагæй æрæгмæ дæр ирон адæм кæнынц зымæджы бæрæгбæттæ. Уыдонæй иу у Доныскъæфæн – Крещение, зæгъгæ. Нæ уазæгæн Георгий бацæттæ кодта проектон куыст «Крещение на Руси , зæгъгæ. (презентаци)


Ахуыргæнæг: Ныр та æрхъуыды кæнæм ирон адæм Доныскъæфæн , куыд æрвыстой.

Сценкæ «Доныскъæфæн»

Чызг- Аланæ: Ори – рæ, ори – рæ. Райсом Доныскъæфæн, райсом Доныскъæфæн. Ацы хатт та æз фæраздæр уыдзынæн донмæ.

Чызг – Дианæ: Цæуыл цин кæныс, цы `рцыди? Цы фехъуыстай?

Чызг- Аланæ: Райсом стыр бæрæгбон уыдзæн.

Райсом Доныскъæфæн у.

Чызг – Дианæ: Доныскъæфæн та цы у?

Чызг - Аланæ: Диссæгтæ хъусын. Нæ йæ зоныс цы у?

Чызг – Дианæ: Никуы йæ фехъуыстон.

Чызг - Аланæ: Ау, мад дын нæй?, нана дын нæй?

Чызг – Дианæ: Мад мын ис, фæлæ йæ уый дæр нæ зоны. Нана та мын нæй. Дæ хорзæхæй, ды ма мын æй бацамон.

Чызг - Аланæ: Кæс ма йæм кæс, æмæ цæмæй мæ разæй фæуай. Нæ, ницы дын зæгъдзынæн æз. Дæхæдæг æй базон.

Сыхаг ус: Цы кæныс мæ чысыл хур? Цæуыл æнкъард дæ? Цы кодтай?

Чызг – Дианæ: Райсом Доныскъæфæн уыдзæн, æмæ йæ æз зонгæ дæр нæ кæнын, цы у, уый. Ды йæ нæ зоныс, радзур ма мын æй.

Сыхаг ус: Уæдæ мæм æрбайхъус мæ хур. Аразынц æй чырыстон бæрæгбон Крещение Хрестовоимæ иу рæстæг. Уыцы бон – иу райсом тынг раджы хæдзары кæстæр чызг ацыдис дон хæссынмæ. Йемæ иу ахаста дедатæ æмæ сойы къæртт. Доны зæдтæм иу скуывта æмæ иу дзы ныппæрста дедатæн сæ сæртæ æмæ сойы къæртт. Æмæ иу стæй афтæ хъуыды кодтой, ома бинонтæ афæдзы дæргъы ницы хъуаг уыдзысты. Чызг иу фæстæмæ æрбаздæхт донимæ, бинонты иу райхъал кодта афтæ дзургæйæ: « Сыстут, æрбахастон уын мыдау адджын æмæ сойджын дон». Бинонтæ иу иууылдæр сыстадысты, донæй иу сæхи ныхсадтой. Уыцы дон уыди æппæты хуыздæр, кувинагау сыгъдæг. Уый уыди удтæ сыгъдæггæнæг, æппæт хорзæхтæй хайджынгæнæг. Гъе, уымæ гæсгæ алы хæдзар дæр тырныдта, цæмæй уыцы нуазинагæй рæвдздæр æрбахæссой. Æмæ бæрæгбон дæр Доныскъæфæн, уымæн схуыдтой.

Чызг – Дианæ: Уæдæ æз хъуамæ райсом раджы фестон, цæмæй Аланæйæ дæр фæраздæр уон.

Чызг - Аланæ: Фæраздæр дæ?! Куыд? Афтæ куы дзырдтай нæ зонын «Доныскъæфæн» цы у?

Чызг – Дианæ: Хорз адæм бирæ ис. Стæй дæ куы бафæнда, уæд алцы дæр базондзынæ.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, базыдтат цы у «Доныскъæфæн». Фæцыд уæ зæрдæмæ?

Зымæг: Мæ зæрдæ дæр уæ тынг барухс. Стыр бузныг, уын, мæ хуртæ. Фæлæ ма уæ æз хъуамæ афæлварон цыргъзонд ныхæстæй. Æрбахастон уын уыци – уыцитæ. Иумæ ма сæ базонæм. ( кæцы къорд базондзæн фылдæр уыци – уыцитæ).



Уыци – уыцитæ:

Урс у сæкæрау, фæлæ адджын нæу,

Фæлмæн бæмбæгау, фæлæ хъарм нæу.

(мит)

Æнæ фæрæтæй хид аразы.

(зымæг)

Тæхгæйæ дæр нæ дзуры,

Куы `рбады – уæддæр,

Уалдзæджы та цæугæ дон фесты.

(мит)
Æнæ къухтæй ныв кæны,

Æнæ дæндæгтæй хæцы.
(хъызт)

Сæрдæй, зымæгæй иухуызон дарæсы.

(заз бæлас)

Хур ма зæхх æртавы цъус,

Митæй дары быдыр урс.
Уазал дымгæ у тызмæг,

Уый та нæм æрцыд…

(зымæг)

Арвæй нæм æртахт гæлæбу,

Уазал, урс – урсид гæлæбу!

М` армыл абадтис гæлæбу,

Уазал, урс – урсид гæлæбу,

Атадис, æрбайсæфт уайтагъд

Уазал, урс – урсид гæлæбу,

Иу цæстысыг мын фæуагъта

М` армыл урс – урсид гæлæбу

(миты тъыфыл)

Йæ уынд у рæсугъд,

Бæмбæгау – пух.

Æрмæст дзы уазал

Фæкæны къух.

(мит)

Зымæг: Тынг хорз., иууылдæр хорз бакуыстат. Цавæр æмдзæвгæтæ ма зонут зымæгыл?

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, –

Лæджы æмбæрц æруары мит;

Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;

Их доныл саразы йæ хид.

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы...

Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!

Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, –

Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд? (Къоста)



Хур ма зæхх æртавы цъус.

Быдыр митæй дары урс.

Уазал дымгæ у тызмæг,

Уый та нæм æрцыд зымæг.

(Даурæ)
Мит ныууарыд, дон ныйих

Къахдзоныгътыл хъазгæ

Рацыдыстæм иууыл сых

Обауы хæдразмæ

Чи къæлæттыл, чи хъæдыл

Къуыбырæй æртæхы,

Иутæ иннæты фæдыл,

Чи та нæ фæлдæхы.

Зымæг: Куыд тынг фæцыдыстут мæ зæрдæмæ. Фæлæ ма афтæ фехъуыстон æмæ ма мын цыдæр лæвæрттæ бацæттæ кодтат.

Сывæллæттæ: Мах дын де`рбацыдмæ скодтам нывтæ. Æмæ нæ тынг фæнды, цæмæй дын сæ равдисæм. (Сывæллæттæ æвдисынц сæ нывтæ, æмæ дзурынц цы сныв кодтой, уый.)

Зымæг: Стыр бузныг уын мæ чысыл хуртæ. Мæ зæрдæ мын цин æмæ уарзондзинадæй байдзаг кодтат. Мæ бæсты уын Иунæг Стыр Хуыцау раарфæ кæнæт. Зымæгыл алы хатт дæр афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæгæй æмбæлут. Нæ иннæ фембæлдмæ мæ чысыл сабитæ.

-Хуыцау, табу Дӕхицӕн!

Оммен, Хуыцау!

-Хуыцау мӕнӕ ацы кувӕг адӕм

Дӕ фӕдзӕхст!

Оммен, Хуыцау!

-Куыд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Дӕм кувӕм,

Афтӕ сыгъдӕг ӕмӕ нын раст цард ратт!

Оммен Хуыцау!

-Ахӕм хъару нын ратт, ӕмӕ ныл знаг

Куыд никуы фӕуӕлахиз уа!

Оммен хуыцау!

-Ӕнӕниз, хъӕлдзӕг, амондджын куыд уӕм!

Оммен Хуыцау!

-Фӕсивӕд рӕствӕндаг куыд уой!

Оммен Хуыцау!

-Фыдбылызӕй хызт цы уӕм, нӕ кӕстӕртӕн сабыр, рӕсугъд фидӕн цы уа!

Оммен Хуыцау!

- Барст дын фӕуӕнт не` ртӕ чъирийы

Оммен Хуыцау!



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!