ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ
«АЛАНСКАЯ ГИМНАЗИЯ»
«Хъæбатыртæн æнусмæ кад кæнын»
Хъомылгæнæг: Гуыриаты А.А.
НЫСАНТÆ:
- сабитæн радзурын цыппурсы мæйы 9 бон цы стыр бæрæгбоныл сæмбæлынц æппæт Уæрæсæйы адæмтæ уый;
- базонгæ сæ кæнын Иры хъæбатыр адæмтимæ;
- скъоладзауты зæрдæтыæ гуырын кæнын лæгдзинад, хъæбатырдзинад. Райгуырæн бæстæм уарзондзинад.
АРХАЙÆН ФÆРÆЗТÆ: компьютер, проектор, экран, хæстон адæмты къамтæ æмæ нывтæ.
Мероприятийы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Уæ бон хорз сывæллæттæ! Абон мах къласы сахаты дзурдзыстæм нæ царды вазагджын адæмы тыххæй. Ц æмæй базонат ныхас кæй тыххæй цæудзæн, лæмбынæг байхъусут ацы ныхæстæм:
Иры зæххыл алы заманты дæр бирæ уыд номдзыд лæппутæ. Уыцы номзыд адæм сæ фарн мæрдтæм семæ нæ ахастой, уыдон сæ фарн уæлæуыл ныууагътой сæ кæстæртæн. Уыдон алы дард бæстæты сæ хъару æмæ се` хсарæй базонын кодтой сæхи дæр æмæ сæ уарзон Ирыстоны дæр.
- Чи бамбæрста, цавæр адæмы тыххæй ныхас цæудзæн?
- Мах нæ сахат абон бал
вар кæндзыстæм се ‘ппæты æрыгондæр бæрæгбæттæй иуæн, «Хæстон хъæбатырты бон», бæрæг та йæ фæкæнынц цыппурсы мæйы 9 бон. Фыдыбæстæйы хъайтарты бæрæгбонæн йæ уидæгтæ сты дард 18-æнусимæ баст. 1769 азы 9-æм декабры паддзах Екатерина II снысан кодта ног хорзæх — Уаз Георгийы майдан. Ацы майданæй хорзæхджын цыдысты æрмæстдæр хæстон архæйдтыты уæлдай хъайтардзинад чи равдыстаид, уыдон.
Æмдзœвгœ нын бакœсдзæн: Гæззаты Михаил
- Сывæллæттæ мæммæ ис ахæм фарст: цымæ цавæр адæймаджы схонæн ис хъæбатыр? Фæйнæгыл алыхуызон дамгъæтæ, уæ хæс, смах хъуамæ сымбырд кæнат хъæбатыр адæймаджы миниуджытæ. ( ХЪ, Æ. Н, З, Т).
( хъаруджын, æхсарджын, ныфсджын, зондджын, зæрдæхæлар, тыхджын).
II. Кавказыл тох
- Сывæллæттæ, зæгъут ма 1941 азы, цавæр æвзæр цау æрцыд? (Фыдыбæстæйы Стыр хæст Германы фашистты ныхмæ). Тынг раст!
- Чи йæ зоны фашисттæ чи уыдысты æмæ чи уыд сæ сæргълæууæг?
- Уыцы азты нæ бæстæ Уæрæсе нæ хуындис, фæлæ СССР, уымæ хаудысты уырыссæгтæ, казахагтæ, белорусагтæ, гуырдзыйæгтæ æмæ æнд.
Хæст дæр райдыдтой уый тыххæй, цæмæй зæххыл уыдон йеддæмæ мачиуал уа. Гитлеры уæлдай тынг фæндыдис, цæмæй Кавказы территори ныппырх кæна æмæ йæ йæхи 'рдыгæй фæкæна.Уый тыххæй æмæ Кавказы уыдис тынг бирæ нефт, газ æмæ марганцевый руда кæй хонынц, ахæм.
- Кавказыл хæст райдыдта 25 июлы 1942 азы æмæ цыдис суанг 9 октябрмæ 1943 азмæ. Сæрды 1942 азы немыцаг æфсад рахызт Цæгат Кавказмæ æмæ райдыдта йæ пълан æххæст кæнын - хæстон операци Кавказы байсынмæ. Фыццаг сæ бырст уыдис æнтыстджын. 27 сентябры немыц бацахстой Элхотт, сæ нысан уыдис - Орджоникидзе, ныры Дзæуджыхъæу. Фæлæ сæ пълæнттæ не сæххæст сты, кæд бирæ хуыздæр цæттæ уыдысты хæстмæ, уæддæр сын нæ бантыст рахизын Эльхотты сæрты.
(Презентацийы равдыст "Эльхотовские ворота").
- Куыд мæм кæсы афтæ Ирыстоны иу хæдзар дæр нæй ахæм, кæцыйæ нæ ацыдысты хæстмæ. Ирыстонæй хæсты быдырмæ ацыд æстай цыппар мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй цыппор æхсæз мины нал æрыздæхт сæ бинонтæм.
Ирыстон тынг хъœздыг у хъœбатыр лœгтœй. Фыдыуœзœг хъахъхъœнгœйœ ирон лœг фœстœмœ никуы каст, худинаг йœ сœрмœ никуы хаста. Алы адæймагæн дæр зынаргъ сты йæ бинонтæ, йæ мад, йæ цард, фæлæ знаг ныййарæг зæхмæ куы æрбалæбуры, уæд адæймаджы æрбайрох вæййы йæ цард æмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй тохы бацæуы. Никуы ферох уыдзысты нæ бæстæйы адæм хæсты быдыры цы сгуыхтытæ равдыстой, зæххы къори фашизмæй куыд фервæзын кодтой,уыдæттæ. Мах сæ стæм сæрыстыр.
- Ирыстоны ис 450 цыртдзæвæны æмæ зæрдылдарæн бынæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст. Æвæрд сты хæст кæм цыди, уыцы бынæтты.
III. Сывæллæттæ смахæй исти зонгæ у хъæбатырты нæмттимæ? Уæдæ мах абон сæвæрдтам ноджы иу хæс: хуыздæр базонын нæ Ирыстоны хъæбатырты нæмттæ, кæд алкæй нæ, уæддæр дзы хъуамæ цалдæры зонат!
Фыццаджыдæр базонгæ уыдзыстæм ирон адæм буц æмæ сæрыстыр кæмæй сты уыцы инæлар Плиты Иссæйимæ. Хонæм фæйнæгмæ Плиты Тимуры, бацæттæ нын кодта чысыл доклад. – Табуафси..
Дарддæр, сабитæ ракæсут фæйнæгмæ.
Инæлар Мамсыраты Хаджумар. Йæ риуыл цæхæртæ калдта Сыгъзæрин стъалы. Уый уыд номдзыд сгарæг (разведчик). Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг ничи зыдта, хуыдтой йæ булкъон Ксанти.
Доййаты Давиды тыххæй нын бацæттæ кодта Бекъойты Георгий. Табуафси, рацу размæ.
Дауыраты Илитæ фыццаг чызг – тæхæгима нæ базонгæ кæндзæн Мæрзаты Анастасийæ.
Петр Барбашов - уыдис уырыссаг лæппу, фæлæ йæ цард радта Ирыстоны зæххыл, Ирыстоны сæрибарыл. Кожиты Алинæйы уын цыбырæй радзурдзæн Барбашовы хъæбатырдзинады тыххæй.
- Фæлæ ма Барбашовы хуызæн хъайтар уыдис ирон лæппу дæр, уый дæр йæ буарæй сæхгæдта знæгты амбразурæ- уый уыди лейтенант командир взвода стрелковой девизии- Дзотты Лазар.Уый та йæ цард радта горæт Воронежы сæрибарыл. Куы йæ ссардтой, уæд йæ дзыппы уыдис гыццыл гæххæтты гæбазыл фыстæг: "Моему Народу". Уый ууыл дзурæг у æмæ хæсты заманы хъайтар адæмæн уæлдай уыди, кæд сæ райгуырæн горæты хæсты быдыры нæ хæцыдысты, уæддæр хæцыдысты сæ райгуырæн бæстæйыл.
Ирыстоны нæм ис ветерантæ, хæстон хъæбатыртæ, иуимæ мах ныртæккæ базонгæ уыдызстæм, уый у : Цæрикъаты Мæхæмæт.
Мæхæмæт у Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран, цæуы йыл нæуæдз цыппар азы. Хæцыд танчы ныхмæ дивизионы, уыд автоматæй æхсæг.
43 азы тохы рæстæг уæззау цæф фæцис. Уымæ гæсгæ йын дарддæр Фыдыбæстæйы сæраппонд знагимæ хæцыны фадат нал уыд.
Фыдыбæстæйæн цы лæггад бакодта, уый рохгонд нæ уыд, хорзæхгонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дыууæ орденæй, «Кавказы хъахъхъæныны» æмæ «Германийыл фæуæлахизы» майдантæй.
IV. Кæрон:
Сывæллæттæ мæн фæнды цæмæй ма рох кæнæм, не ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ, цæмæй уæ бон суа, не ʻхсæн чи ис, уыдоны уарзын! Мах хæсджын стæм, цæмæй зонæм æмæ уарзæм нæ истори, уымæн æмæ уый у нæ райгуырæн бæстæйы истори!
Æмдзœвгœ нын бакœсдзысты: Мæрзаты Анастасийæ, Гагойты Кристинæ æмæ Мæхъиты Дзерассæ, «Мад дзуры къамимæ».
V.Рефлекси: Нынныв кæнын хъайтары, ома сывæллæтты цæстытæм гæсгæ цавæр хъуамæ уа.