Просмотр содержимого документа
«Бирӕ нын цӕрат, нӕ буц хистӕртӕ!»
Бирӕ нын цӕрат, нӕ буц хистӕртӕ!
Хистæр – зондамонæг,
кæстæр- æгъдаухæссæг.
Æмбисæндтæ
- Хистæр-зондамонæг, кæстæр-æгъдаухæссæг.
- Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый
йæхицæн фыдбылыз кæны.
- Хистæрæн йæ фындз асæрф æмæ йæ зондæй бафæрс.
- Хистæры коммæ кæсын хъæуы.
- Хистæрæн йæ ныхæй сой тæдзы,
йæ дзыхæй- мыд.
Æхсаргард æр…ивы Дзанджы къухы.
-Слас дæ кард афицер кæд дæм лæджы туг ис, уæд!
Æмæ та мæстæлгъæд лæджы кады сидт фæци афицерты худæджы бын. Худынц уыдон фæлæ æфсæ…онтæй бирæ, дисмæ кæсæгау, кæсынц зæрондмæ, сæ цæстытæ дзы нал исынц…
Хистæр афицер худынæй куы бафсæст, уæд дзуры:
-О зæронд хæ…æгъ! Æз дыл мæ куыдз срæйын дæр нæ бауа…ынæн, уый дæр дын æгæр кад уаид, фæлæ дæ зæронд стджытæ алас, цалынмæ дæхæдæг дæр нæ бавзалы дæ, уæдмæ.
-Дзуа… ра… мæ сидтæн, кæд хæ…уд нæ дæ, уæд!
-Зæронд æ…айæ зæронд куыдз хуыздæр у, æз мæ кард дæ хуызæттæм нæ ласын зæронд хæрæг.
-Гъе уæздан афицер, хуы дзурын куы зонид, уæ…æр ахæм ныхас зæгъын йæ цæсгом нæ бахъæцид.
Нæй! Ницы та цæуы ам дæр дæ фæндонæй, Дзанг. Ныртæккæ цы загътай афицерæн, ды дæхæдæг ахæм æфхæрд никæмæн ны…арис, фæлæ уæздан кæй схуыдтай, уый та цы бакодта? Сисгæрон бадæн дурыл бады æмæ дыл уырдыгæй æрбату кодта. Гъе, уый дын йæ дзуапп.
- Дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæм ссарын стилистикон синонимтæ:
кæд дæм лæджы туг ис –
сæ цæстытæ дзы нал исынц –
худынæй куы бафсæст –
зæронд хæррæгъ –
цалынмæ дæхæдæг дæр нæ бавзалы дæ-
дæ зæронд стджытæ алас-
хæппуд-
йæ цæсгом нæ бахъæцид-
æфхæрд никæмæн ныббарис-
Бæрæггонд дзырдбæстытæ аив литературон стилы сæвæрут.
- Бын бауай , æмæ уый куы акъæмс кæнæм, уæд уый фæстæ та ма цы кæндзыстæм? (Коцойты А.)
- Тамако сдымдта, æхсызгонæй пъæртт кæны. (Сечъынаты Л.)
- Чызг тынгдæр ныббогъ-богъ ласта. Йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой йæ рустыл. (Цомартаты И.)
- Давæггаг куы æмпъухай, уæд афтæ вæййы.
(Сечъынаты Л.)
- Дзæбæхæй дзы цы ссардта, уыдон рассывта.
- (Цомартаты И.)
- Дзæуджыхъæумæ асхуыста. (Коцойты А.)
Раджы кæддæр Хетæджы къохы бынаты уыди стыр хъæу. Ам цард кадджын куырыхон лæг, йæ ном – Хетæг. Йæ фæрцы хъæу цард фæрныгæй, разы уыд йæ амондæй.
Иу заман хъæумæ æрбабырстой знæгтæ. Хъæуы адæм ныууагътой сæ къонатæ æмæ лидзын райдыдтой. Фæлæ сæ рох нæу сæ хæрзгæнæг зæронд лæг.
- Хетæг, лидзгæ кæн хъæдмæ, науæд сæфыс! – хъæр æм кæнынц адæм. Хетæг рацыд хæдзарæй æмæ дзуры:
- Мæ тых басасти, нымад сты мæ царды бонтæ. Хетæг хъæдмæ нал фæразы, фæлæ хъæд – Хетæгмæ!
Æрцыд йæ дзырд. Хъæд ныннæрыд, йæ иу хай сыстад æмæ æртыхсти Хетæгыл. Уыцы хъæд абон дæр лæууы уыцы бынаты, æмæ йæ адæм хонынц Хетæджы къох.