Ирон ǣвзаг
Темæ: «Фæззæг». Ныхасы рёзтыл куыст.
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ « Фёззёг» ахуыр кæнын.
Нысантæ:
1.Ныхасы рёзтыл кусын
2. Сабиты дарддæр зонгæ кæнын Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ;
Цыбыр цаутæ йæ биографийæ.
3.Ахуыр кæнын æмдзæвгæ «Фæззæг», фæрстытæн дзуапп дæттын æмдзæвгæйы текстмæ гæсгæ.
4.Архайын, цæмæй сабитæ хъуыды кæнын зоной;бæрæг дзырдтимæ хъуыдыйæдтæ аразой.
5. Хъомыл кæнын сабитæм поэзимæ уарзондзинад.
Рагагъоммæйы куыст: Сабитæн бакæсын Къостайы биографийæ хицæн цауты
тыххæй: йæ сабийы бонтæ куыд æрвыста; презентацимё бакёсын;
базонгæ кæнын сабиты, Къоста афæдзы афонтыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста ,уыдонимæ,
Къостайы фæззыгон æрдзы нывтимæ .
Ахуыры нывæст:
I.Бацёттёгёнён рёстёг:
-Сывёллёттё, кёрёдзимё бакастыстут, бахудтыстут ёмё сбадтыстём.
2.Байхъусут ёмдзёвгёмё ёмё зёгъут, цавёр афёдзы афоны тыххёй у.
-. Мæргътæн махау нæй хæдзар
Æмæ хъарм бæстæм тæхынц.
Адæм бафснайдтой тыллæг,
Ома ралæууыд… (фæззæг.)
– Куыд уæм кæсы, цавæр афæдзы афон нæм æрбалæууыд?
(Фæззæг. Ралæууыд фæззæг.)
-. Цæмæн тæхынц мæргътæ хъарм бæстæмæ? Фæззæгæн йæ кæцы мæйы цаутæ æвдыст
цæуынц базон-базоны?
1 саби: Кæфты мæйы цъиутæ сæхи цæттæ кæнынц дард балцы.
2 саби: Бонæй-бон уазалдæр кæны, лыстæг цæрæгойтæсæхи бамбæхстой.
Цъиутæй бирæтæ цуан кæнынц æрмæст лыстæг цæрæгойтыл.
Ахуыргæнæг хъусы сабитæм æмæ хатдзæгтæ кæны, стæй сабитæй домы, цæмæй, стъолыл цы нывтæ ис, уыдонæй хъæугæ афæдзы афоны нывтæ амонæн фæйнæгыл бафидар кæной. Сæ равзæрст нывтыл дзурынц .
-. Фæззæг дзæгъæлы нæ хонынц бæркадджын, сыгъзæрин, рæдау. Фæззæджы нæ хуымтæ фестынц сой æмæ бæркад. Ноджы ма фæззæг бæркадджын у нæ куырыхон, номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы лæвæрттæй.
Куыд зонут, афтæмæй Къоста райгуырди фæззæджы. Цы лæвæрттæ нын ныууагъта, уыдонимæ уæ зонгæ кæнæм мах. Цалдæр азы фæстæ та уæхæдæг кæсдзыстут Къостайы æмдзæвгæтæ. Абон та уын цыбыр биографион цау бакæсдзынæн Къостайы тыххæй ёмё бакёсут презентацимё , цæмæй хуыздæр æмбарат ацы хуымæтæг, фæлæ æнæмæлгæ ирон лæджы хъуыдытæ:
«Йæ фæнд нæ аивта». Цгъойты Хазби. (Цыбырæй Къостайы царды хабæрттæй).
Чиныг «Фыдæлты «мæсыг». Цгъойты Хазби.
…Къоста нæ уарзта, ирон ахуыргонд адæмæй паддзахы хицауады фарс чи хæцыд, уыдоны. Рагæй дæр инæлар Хораны-фыртимæ нæ фидыдтой. Фыццаг хатт куы фембæлдысты, уæд Къостайыл уыд хуымæтæг уæлæдарæс. Хораны-фырт ын йæ къух райсын йæ сæрмæ не ’рхаста, ома мæгуыр, гæвзыкк лæгмæ мæ къух куыд раттон. Дыккаг фембæлды Къоста уыд хæрзарæзт. Инæлар æм йæ къух куы æрбадаргъ кодта, уæд æм Къоста бадардтайæ цухъхъайы фæдджи.
Хораны-фырт джихауæй аззад.
– Айс æй, айс, ды салам дæттыс мæнæн нæ, фæлæ мæ уæлæдарæсæн, – уыд Къостайы æлхыскъ ныхас…
. Ныр та байхъсут Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæмæ.
Æмдзæвгæ ахуыр кæндзыстæм наизусть.
Фæззæг
Æхсæлы ызгъæлы, Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, –Нæ йæ тавы хур…
Æркарстам, æрластам, Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы, Чи ’лвыны йæ фос…
Хор – бирæ, фос – бирæ Хуыцауы фæрцы..
Нæ хæхбæсты бæркад, Цы диссаг дæ, цы!..
- Уæ зæрдæмæ фæцыди, сабитæ?
Чи ныффыста æмдзæвгæ? Цавæр афæдзы афоныл фыст у?
Æмдзæвгæ цавæр у? Æнкъард, хъæлдзæг? Кæд æнкъард у, уæд цæмæн?
С. Æмдзæвгæ у æнкъард. Фæззæджы æрдз йæхи зымæгмæ цæттæ кæны; бонтæ фæуазал вæййынц, арæхдæр уары къæвдатæ; мæргъты хъæлдзæг зард нал хъуысы; сё фылдёр атахтысты хъарм бёстём;дон ныссабыр ; бёлёстён сё сыфтё згъёлынц.
-. Адæм цавæр куыстытæ фæкæнынц фæззæг?
С. Æмбырд кæнынц тыллæг, æрласынц сæ хортæ; æлвынынц сæ фысты. Æфснайынц сæ бæркад.
-. Къоста ацы æмдзæвгæ цы рæстæг ныффыста, уыцы рæстæг дæр адæмæн сæ къæбицтæ тыллæгæй седзаг уыдысты? Чи уæ куыд хъуыды кæны, сабитæ?
(Сабитæ сæ хъуыдытæ дзурынц, ахуыргæнæг сын сæ ныхас æххæст кæны дæнцæгтæй.)
- Сабитæ, иу хатт ма уын аив кæсын æмдзæвгæйы ныхæстæ, сымах уæхинымæр архайут мæ фæстæ æмдзæв-гæйы рæнхъытæ дзурыныл, цæмæй сæ тагъддæр бахъуыды кæнат.
(Ахуыргæнæг æртыккаг хатт кæсы, сабитæ йæ фæстæдзурынц рæнхъгай.)
Хъазт «Сыфтæртæ» (зонгæ у сабитæн).
-. Сабитæ, цавæр дзырдбæстытæ ис радзурæн дзырд «фæззыгон»-имæ?
1 саби. Фæззыгон хурбон.
2 саби. Фæззыгон къæвдатæ.
3 саби. Фæззыгон дарæс.
4 саби. Фæззыгон куыстытæ.
- Ацы дзырдбæстытимæ аразæм хъуыдыйæдтæ: Зæгъæм:
Иу фæззыгон хурбон Зæлинæ йæ фыдимæ ацыди быдырмæ.
С. Фæззыгон къæвдатæ хæссынц уазал.
Нæ сæрдыгон дарæс ивæм фæззыгон дарæсæй.
Адæм фесты сæ фæззыгон куыстытæ æмæ куывдтæ кæнынц, æ. а. д.
Ахуыргæнæг сабиты дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæн аргъ кæны æмæ æппæлы сабитæй.
-. Нæ ахуыры кæронбæттæны байхъусут базон-базонтæм.
1. Зæххæн – сой, арвæн – йæ цæссыг. (Къæвда.)
2. Цъылын нæу, афтæмæй уынгтæ мæрзы. (Дымгæ.)
3. Бæлæстæ зæхмæ сыгъзæрин сомтæ калынц.(Сыфтæ.)
Кёронбёттён:
- Цы базыдтат абон ногёй.
-Тынгдёр уё зёрдёмё цы фёцыди?
-Зын дёр уём цы фёкаст?
Тынг хорз, сабитæ. Хæрзбон.
Муниципальное казённое общеобразовательное учреждение
средняя общеобразовательная школа с. Црау
Алагирского района РСО-Алания

