Ирон æвзаджы фæлхат кæныны урок 5 къласы.
Грамматикон темæ: «Балц сæйраг уæнгты бæстæмæ».
Хъмыладон тема: «Мадæлон æвзаг мады ад кæны»
Нысантæ: 1. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын æмæ
бафидар кæнын.
2. Фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат,
бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл.
3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр
кæнынмæ.
Урочы фæлгонц: слайдтæ, дзырдуæтты равдыст, фæйнæг.
Урочы эпиграф: Кæд зæххыл диссаг зæгъæн истæмæй ис, уæд уый у дзырд.
Лев Успенский.
Урочы цыд:
- Уæ бон хорз, сывæллæттæ, æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ.
Сывæллæттæ, раттæм-ма кæрæдзийæн салам, нæ зæрдæйы уаг равдисгæйæ: бахудæм нæ уазджытæм, кæрæдзимæ, стæй мæнмæ дæр.
- Ӕвæдза, дуне дзаг у алы диссæгтæй. Ӕмæ уыцы диссæгты ‘хсæн мах нæ хъус нал дарæм æппæты стырдæр диссагмæ – не ‘взагмæ. Адæмы æвзаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм царциаты диссаг. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, зæххы къорийыл цæрæг адæмы æнæ æвзагæй. Ахуыргæндæтæ тынг раджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, æмæ æрмæст æвзаджы фæрцы адæймаг рахицæн цæрæгойты ‘хсæнæй æмæ схызт эволюцийы тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ.
Ӕвзаг у тынг хъæздыг алы фæзындтæй, æмæ нæ фæндид, цæмæй сæ пайда кæнын базонæм, цæмæй не ‘взаг уа аив æмæ раст.
Ӕз уæ абон хонын балцы. Фæнды уæ балцы ацæуын?
Ӕрмæст кæдæм, уый уын нæма хъæр кæнын – хъуамæ йæ уæхæдæг базонат.
Ныртæккæ мæнæ ацы дзырдбыды мах сæххæст кæндзыстæм æмæ нын, чи зоны, уый феххуыс уыдзæн дуар бакæнынæн.
Дзырдбыд «Ссар æмбæхст дзырд»
Рафтыдта сыфтæр. 1сл.
Мæ хæсснаг куы нал фæразон, уæд æй райдайдзынан… 2сл.
Нанайы сæрыл алкæддæр баст вæййы… 3сл.
Цъиутæ алы райсом цы ми фæкæнынц? 4сл.
Уалдзыгон хурмæ уайтагъд атайы 5сл.
Чызг цы ми кæны? 6сл.
Хуыцау сæ ратта адæмæн уынынæн 7сл.
-Тынг раст. Абон нæ урочы темæ у «Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ». (Слайд- дуар) Нæ дуар байгом ис. Базыдтат æй, кæдæм уæ хонын, уый.
-Уæдæ цы хонæм хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ, цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц?
1. Хъуыдыйады мидæг исты фæрстытæн дзуапп цы дзырдтæ к æнæ дзырды кордтæ фæдæттынц, уыдон хонæм хъуыдыйады уæнгтæ.
2. Хъуыдыйады уæнгтæ дих кæнынц дыууæ къордыл: сæйраг æмæ фæрссаг.
- Балцы мах æмбырд кæндзыстæм алы «сусæгдзинæдтæ», кæцытæ нæ нæ дарддæры царды æнæмæнг бахъæудзысты. Ӕрмæст мах хъуамæ уæм кæрæдзиимæ хæлар, сæрæн, къæрцхъус, æмæ нын уæд бирæ бантысдзæн. Балцы кæрон та алчидæр скæндзæн хатдзæг йæ куыстæн.
Уæдæ уал фыццаджыдæр нæ балцы нымæц афыссæм, стæй темæ. (Скъоладзау зæгъы нымæц, къуырийы бон).
Ӕз та билетты кой бакæнон. (Уары сын сыфтæ-билеттæ алыхуызон хæстимæ)
Нæ билеттæ сты нæ къухты, абадтыстæм уæдæ нæ поезды æмæ араст стæм!
(Слайд - поезд)
Мæнæ фыццаг станцæмæ æрбахæццæ стæм.
1æрлæууæн «Сæйраг уæнгты бæстæ»
Æркæсут ма нывмæ, цы уынут нывы, цавæр у нæ фæз?
-Бæлæстæ, лæппу, дон, кæрдæг, мигæтæ Сыв. радыгай)
- Тынг раст дзырдтæй спайда кодтат. Куыд хуыйнынц дзырдтæ: бæлæстæ, лæппу, дон, кæрдæг?
- Уыдон сæйрæттæ сты.
Æркæсут ма ноджы нывмæ, цы ма дзы уынут?
Хур кæсы, дон цæуы, сыфтæ фæбур сты, лæппу кусы.
Уыдон зæгъинæгтæ сты.
Сæмбырд кæнут дзырдтæ, цæмæй дзы хъуыдыйад рауайа.
Нæ мадæлон æвзаг у нæ зæрдæ.
- Куыд кæсын, афтæмæй уе ‘ппæт фаг активон не стут, чи зоны, чидæртæ æфсæрмы дæр кæнынц.
2 æрлæууæн «Сæйрæтты къох»
- Цомут уæртæ уыцы бæлæсты ‘рдæм. Ай та цы ран у цымæ?
- Ӕз æй зонын. Сæйрæтты къохмæ æрбацыдыстæм.
Билетты
Ссарут тексты сæйрæттæ.
Фæззæг.
Фæцис сæрд. Æрдз йæцъæх-цъæхид дарæс аивта. Цъиутæ тæхын райдыдтой хъарм бæстæм. Хъæддаг цæрæгойтæ сæхицæн зымæгмæ холлаг цæттæ кæнынц.
Адæм быдыртæй систой хъæздыг тыллæг. Халсартæ æиæ дыргътæй дзаг сты дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæттæ. Кæритæй лæууынц хъæдындзтæ, цæхæратæ, нурытæ, булчъытæ. Бæлæсты цæнгтæ æрзæбул сты дыргъты уæзæй.
Сæмбырд кæнут дзырдтæ, цæмæй дзы хъуыдыйад рауайа.
Мадæлон æвзаг мады ад кæны.
- Ӕнхъæл дæн, æмæ фæллайын райдыдтат. Ахъазæм-ма уæдæ иучысыл.
(Физминуткæ)
Фыдæнæнтæ
Галиу къух – рахиз къух
Галиу къах – рахиз къах
Ӕз уæлæмæ – мах дæлæмæ
Ӕз фæстæмæ – мах та размæ
Рахизырдæм – галиуырдæм
Цæй æрбадæм – ныр та сыстæм
Цæст æрæхгæн – байгом æй кæн
Цæсгом амбæхс – равдис-ма йæ
Ӕз мæсты дæн – мах та хъæлдзæг!
- Тынг сæрæн стут, уæ цæрæнбон бирæ! Бафæллайын мæ кодтат, уæддæр мын сайын нæ бакуымдтат.
Фæлæ нæ дарддæр цæуын хъæуы. Мæнæ цы æнахуыр ранмæ æрбахæццæ стæм! Æркæсут ма нывмæ, цы дзы уынут?
Бакæсæм-ма нывмæ, цы уынут нывты, цы ми кæны алчидæр?
(Ахуыргæнæг худы) – Кæм стæм, уый бамбæрстат?
О, зæгъинæгты фæзы
3 æрлæууæн «Зæгъинæгты фæз»
БИЛЕТТЫ
Кæронмæ ныффыссут хъуыдыйад, зæгæинæгтæ фысгæйæ.
ÆРРА ФЫЙЙУ
Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
“Агæпп æм кæнон, –
Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл...”
Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –
Гъопп! – зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта...
Лæг ныххæррæгъ и!
Сæмбырд кæнут дзырдтæ, цæмæйдзы хъуыдыйад рауайа.
Мадæлон æвзаг-æвзæгты сæр.
- Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны балцы тыххæй. Табуафси.
- Абон æз базыдтон, куыд тынг æххуыс сты мæнæн ме ‘взаджы синонимтæ, цæмæй уыцы иу æмбарынад алыхуызон дзырдтæй зæгъон.
-Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис антонимтæй хъазт: уыдоны фæрцы нæ бон у алыхуызон ныхмæвæрд æнкъарæнтæ равдисын.
-Ӕз та омонимты цады иучысыл фæтарсттæн:раст сæ куы нæ пайда кæнай, уæд æфсæрмыйы аныгъуылдзынæ.
- Мæнмæ дæр зынгомау фæкастысты омонимтæ, фæлæ синонимтæ, антонимты руаджы бирæ фæхъæздыгдæр кодтон мæ лексикæ.
- Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис физминуткæ: бахъæлдзæг стæм, стæй не уæнгтæ аивæзтам.
-Уæд тынг зын кæмæн уыди нæ балцы рæстæг, чи бафæллади, чи стыхсти æмæ фæтарсти, ахæмтæ ис не ‘хсæн? – Нæй.
Тынг разы уæ дæн абон, хорз бакуыстат иууылдæр, фæлæ æппæты активондæр уыдис (уыдысты) … , æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Хуыздæр дзуæппытæ лæвæрдта(ой)… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Растдæр йæ хъуыдытæ дзырдта(ой …, æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Хъуыдыджын, æххæстæр дзуæппытæ уыдис… æмæ сын (йын) æвæрын фондз(тæ).
Чысыл къуыхцытæ кодта(ой)…, æмæ сын (йын) æвæрын цыппар(тæ).
- Ныр та хæдзармæ куы æрбацæуат, уæд уæ зæрдыл нæ балц æрлæууын кæнут, æмæ уæ мысинæгтæ цыбырæй уæ боныгты-тетрæдты фæбæрæг кæнут.
Стыр бузныг уæ дæн, фæндараст кæнут!
3