Хъуысы бӕрӕгбоны цагъд.
Рацыдысты 2 амонæджы.
1 амонæг : - Уæ бонтæ хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Æгас нæм цæут æмæ уыл рæсугъд бæрæгбæттæ цæуæд!
2 амонæг :- Добрый день дорогие друзья! Добро пожаловать на наш праздник.
1 амонæг : -Абон нæ республикæйы адæм ирон æвзаджы бæрæгбоныл цин кæнынц.
2 амонæг :- Сегодня вся республика празднует день осетинского языка и литературы.
1 амонæг : -Ирон бæрæгбон та æнæ рæсугъд фæндырдзагъдæй , æнæ аив кафтæй нæ фидауы.
Кафт. Кафынц "Хонгæ" Тӕбуты С.+ Персаты С.
1 амонæг : -Мин аст сæдæ нæуæдз фарæстæм азы зӕрдӕвӕрӕны мӕйы 15 бон фыццаг хатт рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Уымæ гæсгæ дыууæ мин æртыккæгæм азæй фæстæмæ фынддæсæм майы бæрæг кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
2 амонæг:- В 1899 году 15 мая впервые вышел в печати первый сборник стихов Коста Хетагурова « Осетинская лира». С 2003 года 15 мая мы празднуем день осетинского языка и литературы.
1 амонæг:- Алы адæмы хаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у се 'ппæтæй стырдæр хæзна. Ирон адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.
2 амонæг:- Богатство каждого народа заключается в знание языка, самое большое богатство нашего народа в том, что мы сумели сохранить наш язык, несмотря ни на что.
Æмдзæвгæ: "Ирон æвзаг"
Ирон æвзаг-нæ хæзнаты хæзнадæр,
Æвидийгæ, ӕлутонау, йæ тых.
Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,
Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.
*********************************
Ирон æвзаг – мæ уды цины цырагъ у,
Ирон æвзаг – цыкурайы фæрдыг.
Æвзæгтæ зонын зæрдæтæм фæндаг у,
Æнустæм у æнæцудгæ мæсыг.
*******************************
Ирон æвзаг,сæууон хуры ыскаст у,
Мæ авдæнмæ йæ зæлтæ хъуыстон æз.
Мæнæн, мæнæн – ныййарæгау зынаргъ у.
Фыдæлты фарн æнусты сæрты хæсс.
Зарæг " Мадæлон æвзаг". зарынц 1-2 кълӕстӕ.
Мах нырма стæм сабитæ,
Афтæмæй фыссæм.
Ахуыр кæнæм абетæ,
чингуытæ кæсæм.
Цас аргъæуттæ базыдтам,
Цас диссæгтæ,
Раст, цыма, зæрватыккау,
Чиныг у æгас.
Цас уарзæм ирон æвзаг,
уый зæгъæн дæр нæй.
Мады рæвдыд, мады ад
Базыдтам дæуæй.
Бон изæрмæ кадджытæ
Мах фæкæсæм фаг
Зæрдæйæн куыд адджын дæ
Мадæлон æвзаг.
1 амонæг :- Адæмы зонд æмæ зæрдæмæ фæндаг ссарыны тæккæ хуыздæр æмæ растдæр мадзал у уыдонæн се 'взаг базонын. Адæмæн се 'взаг цас тынгдæр базонай, уыйбæрц сын тынгдæр базондзынæ сæ зонд æмæ сæ зæрдæ, - фыста уырыссаг фыссæг К. Д. Ушинский.
2амонæг:- Обращаться с языком кое-как- значит и мыслить кое-как : не точно, приблизительно, - писал русский писатель А.Н.Толстой.
1 амонæг:- Дунейы тæккæ хуыздæр хæрзтæн у сæ хуыздæр мадæлон æвзаг, чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй, гъе уый у йæ адæмæн знаг,- фыста ирон фыссæг Цæгæраты Гиго.
2 амонæг:- Для познания какого ни есть народа старайся прежде изучить его язык, - писал великий ученый Пифагор.
Æмдзæвгæтæ: «Ирон æвзаг».
Ирон æвзаг! Алайнæгты рæсугъд дзырд!
Дæ ратæдзæн цæй рагон у, цæй дард!
Кæй - иу хуыдтой æцæг ирон лæджы фырт,
Гъе уый, дам - иу, æгъдауы сæрыл мард.
Ирон æвзаг! Ды дугæмдзу бæлццон дæ,
Ирон царды цыкурайы фæрдыг.
Ирон адæм сæ фидæны фæдонтæн
Дæу рахондзысты се стырдæр мæсыг.
Цæудзысты азтæ, ивдзысты фæлтæртæ,
Ӕнусты сæрты хиздзæнис æнус,
Фæлæ уæддæр, алайнаг дзырды зæлтæ,
Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.
1 амонæг :- Ирон æвзагыл дзурынмæ кæддæриддæр тырныдтой æндæр адæмы минæвæрттæ дӕр æмæ сын уый сæ кад дæлдæр никуы фæкодта. Сæ рæстæджы уырыссаг стыр ахуыргæндтæ Шёгрен æмæ Миллер иттæг хорз сахуыр кодтой йæ фыццаг грамматикæ. Ныртæккæ ирон æвзаг наукон æгъдауæй ахуыр кæнынц бирæ фæсарæйнаг бæстæты.
2 амонæг:- «Истинная любовь к своей стране немыслима без любви к своему языку»- говорил русский писатель К.Г. Паустовский.
1 амонæг:- Нæ зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо та афтæ фыста: Ахуыргонд адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæны, стæй уæд æндæр адæмы ӕвзæгтæ.
Æмдзæвгæ: «Мадæлон æвзаг»
Сты зондæн уацхæссæг ӕппæт дунейы 'взæгтæ
Нæ дзы зонын хæстæг æви дӕрттаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды - мæ мадæлон æвзаг.
_______________________________________
Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау!
Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!
Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау,-
Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.
Таурæгъ "Хуыцауы зæхх"-
Ис ахæм рагон таурæгъ :
Хуыцауы, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта : Ныр та ахæм бæстæ аразын, мæхæдæг кæм цæрон. Æмæ сфæлдыста Ирыстон. Кавказы хæхты астæу æрбынат кодта Ирыстон. Йæ иу кæрон Арвыкомы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ, бæркадджын быдыртæ, фыдæлты мæсгуытæ, цъæх-цъæхид арвыл хæххон цæргæс, сыгъдæг уæлдæф, æмæ хосгæнæг суӕрттæ, фосы дзуг æмæ хохаг фыййауы уадындзы цагъд.
1 амонæг:- Ацы Хуыцауæй хорзæхгонд зæххыл фæзынди дунемæ ирон адæмы уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къоста.
Æмдзӕвгӕ: «Къоста».
Къоста, ӕнӕмӕлгӕ зӕххон лӕг,
Æнустӕм баззайдзӕн йӕ ном.
Уыди кӕддӕрид кадыл мӕлӕг,
Ныр дӕр – Ирыстоны цӕсгом.
Куыд бирӕ уарзта уый йӕ адӕм,
Ирыстоныл куыд кодта мӕт.
Цы уыдзӕн абон бон, сӕ фидӕн,
Дзӕнӕт дын уа, дзӕнӕт.
Нӕ дын ферох кодта Ирыстон
Дӕ дзырд, дӕ ӕрдхӕрӕн ныхас.
Æмӕ дӕ райгуырӕны ахстон,
Куы сси кувӕндоны бынат.
Æнустӕм цӕр, нӕ цытджын Къоста!
Ирон лӕг цалынмӕ уа ʹгас,
Дӕ номыл кувдзыстӕм Хуыцаумӕ -
Нӕ дӕ ферох кӕндзыстӕм мах!
Æмдзæвгæ Къостайы лæвар.
Чи у, чи нæм кæсы къамæй?!
Чи у уыцы хæрзконд лæг?
Уый, сывæллæттæ Къоста у,
Иры уарзондæр фыссæг.
Уый сымах куыд бирæ уарзта,
Иры сабион фæлтæр!
Уый нын амондау æрхаста
Хорз хæзна – « Ирон фæндыр».
1 амонæг :- Адæмон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ кадджытæ сдзырдтой рæсугъд поэтикон хъæлæсæй Къостайы чиныджы.
2 амонæг:- Народные сказания и легенды ожили и были рассказаны красивым поэтическим языком Коста.
Театралон къорды равдыст «Æрра фыййау».
1 амонæг: -Дунейыл цы æвзæгтæ ис, уыдонæй бирæтæ сæфты къахыл лæуд сты, цæмæй уыдоны 'хсæн ирон æвзаг дæр ма фæуа, уый тыххæй нæ хъæуы Къостайы рæсугъд æвзаг цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Тынг цымыдисаг кæсы бирæ ахуыргæндтæм ирон æвзаг. Суанг ма йæ фæсарæйнаг университетты дæр ахуыр кæнынц.
2 амонæг: -На земле тысячу языков и многие из них на грани исчезновения. Нельзя допустить, чтобы язык Коста оказался в их числе. Во многих других странах осетинский язык, как один из самых древних, вызывает интерес учёных языковедов. И является предметом изучения студентов.
Æмдзæвгæ " Авдæны зарæг"
Сабийæн авдæнмæ мад ӕхсыр дары,
Митбылты худгæ йын "А-ло-лай" зары.
Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,
Мады ныхæстимæ не 'взаг æмбары.
Байрæз мын, байрæз, мæ зæрдæйы уидаг,
Сомбон нæ Ирæн куыд уай ды ысуинаг,
Макуы сив мады ӕвзагыл дæ зæрдæ,
Ничи дын зӕгъдзæн, мæ хур, уæд "æвзæр дæ".
1 амонӕг: Æнæмæнгæй, алы ирон бинонтæ, алы ирон сывæллон дæр хъуамæ зона ирон æвзаг, хъуамæ кæрæдзимæ иронау дзурой. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг, иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййынц куырыхон хистæрты ныхас: йæ мадæлон æвзаг чи ферох кæны, уыцы адæймагæн нæй цæсгом, нæй фидæн.
Ирон лӕг.
Тӕрсын, ирон куы нал дзура иронау,
Куы нал зона йӕ мадӕлон ӕвзаг,
Къостайы 'взагыл хъуамӕ дзурын зона,-
Нӕ разы уӕд ӕдых уыдзӕн ызнаг.
Нӕ ирон фарнӕн ма ссӕуӕд йӕ ахуырст,
Иронау, цӕй, мӕ рухс фӕндтӕ зӕгъон:
Ирон хӕдзарӕн райдзаст уӕд йӕ агъуыст,
Бӕрӕг куыд уа кӕй дзы цӕры ирон.
Ирон дӕ ды? Уӕд дзур, мӕ хур, иронау,
Къостайы 'взаг- ӕрдхӕрӕны ӕвзаг.
Мӕйдар ӕхсӕв ныррухс кӕны уый бонау,
Ирон ӕвзаг ирон фарнӕй у дзаг.
Ирон лӕг хъуамӕ баззайа иронӕй,
Ироны уӕнджы – ныфс ӕмӕ ӕхсар.
Зыдтой ироны рагӕй дӕр нӕртонӕй,
Ирон зӕххыл ыстыр амонд ыссар.
Ирон дӕ ды? Уӕд дзур, мӕ хур, иронау,
Къостайы 'взаг- ӕрдхӕрӕны ӕвзаг.
Мӕйдар ӕхсӕв ныррухс кӕны уый бонау,
Ирон ӕвзаг ирон фарнӕй у дзаг.
2 амонӕг: - Раджыма - раджы цардысты æртæ æфсымæры. Уæд, цуангæнгæйæ, бахаудысты кæлæнгæнджыты зæххытæм.
- Нæ сырдты нын кæй фæцагътат, уый тыххæй уæ æнæ фыдбылызæй нæ ауаддзыстæм. Æфсымæртæй алкæмæн дæр радтой бар равзарын, цы фыдбылыз сæм æнхъæлмæ кæсы, уый. Ома цæстæй, хъусæй, кæнæ ӕвзагæй фæцух уæвын, æмæ афтæмæй йæ хӕдзар чи ссара, уый фервæздзæн йæ фыдбылызæй. Арвыстой сæ алырдæм.
1 амонӕг: Куырм æмæ къуырма бирæ фæтухæн кодтой, фæлæ фæрсгæ-фæрсгæ ссардтой сæ хæдзар.
Куырм йæ цæстæй ракаст, къуырма йæ хъусæй сыхъуыста. Фæлæ чи багомыг, æвзаг кæмæн нал уыд, уый нал æрыздæхт йæ фыдæлты уæзæгмæ.
Мадæлон æвзаг.
Дзур, мæ къона, дзур иронау.
Азтæ атæхдзысты бонау .
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.
Бахъæудзæн дæ гъе уæд сæр.
Базон кафын æмæ зарын,
Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не 'гъдæуттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
Æмдзӕвгӕ: «Алантæ».
Алантæ, алантæ- нæ номдзыд фыдæлтæ,
Дунейы хæзнаты хуыздæрты хуыздæртæ!
Аланты æвзаг у нæ абон, нæ фидæн,
Аланты æвзагæй мах дунемæ сидæм :
Æрцæут нæ гимназмæ, фенут уæ цæстæй,
Нæ хæхтау- æхсарджын йæ æндон цæргæстæ!
Æмдзæвгæ: «Ирон дзырд».
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæйы уарзыс,
Гъе уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс,
Ирон дзырд - нæ Иры цæсгом.
Ирон дзырд, мæ хуртæ, æнусты цæргæс у,
Цæй рагæй йæ агуырдтон æз.
Ирон дзырд, ирон дзырд… уый мады æнгæс у,
Ирон дзырд- Хуыцауы хъæлæс.
Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон!
Рæвдауы нæ ныййарæгау дæ зæхх.
Хъæбулау дыл мæ зарджытæ фæфыстон,
Хъæдабæйыу дæ тыгъд быдыры цъæх.
2 амонӕг: Афтæ фæзæгъынц, æвзаг, дам бинонты 'хсæн гуыры. Сывæллон йæ бинонты ӕхсæн фыццаг ирон ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг ирон зарæг куы сахуыр кæна, зæрдæйæ йæ уæд бауарздзæни, гъе уæд йын уыдзæны МАДÆЛОН.
Зарӕг: «Сабитӕ».
1 амонӕг: Амондджын вæййы уыцы ирон хæдзар, æгъдау æмæ фарн кæм ис. Амондджын вæййы уыцы ирон хæдзары кæстæр йæ сабиты бонты йæ ныййарæг мадæй фыццаг ирон ныхас чи фехъусы.
2 амонæг: Арфæйаг уымæн йæ хæдзар,
Мадæлон æвзагыл кæм дзурынц.
Фидар уæд уымæн йæ бындар,
Ирон æгъдауыл кæм хæцынц.
_____________________________________________
Ирон æвзаг – мæ зæрдæйы,мæ туджы,
Ирон æвзаг мæ базырджын кæны.
Куыд нӕ фæцуда Иры фарн нæ дуджы,
Цæсты гагуыйау хъахъхъæнинаг ды!
Зарӕг : «Ирон лӕджы кадӕн».
1 амонӕг: -Адæймагæн йæхи бæстæ, йæхи къонайæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр нæй. Уый уымæн афтæ у æмæ ам алцыдæр дæхи у - дæхи æвзаг, дæхи æгъдау, дæхи зæхх. Райгуырæн зæхх йæхи уды бæрц чи уарзы, ахæм хорз лæгтæй фидауы цард.
" Фыдыбæстæ"
Дæрдтыл мæ ахæссы мæ зæрдæ,
Кæцæй нæ ракæсын, цы къуымтæй,
Фæлæ дзы не ссарын хуыздæртæ,
Мæ фыд цы бæсты райгуырд, уымæй.
Кæмдæр та зад бæлæстыл дыргътæ
Фæдымсынц хурæфсæст мыддонæй,
Фæлæ та уым дæр нæй рæсугъддæр
Мæ фыды къухтæй сагъд дыргъдонæй.
Зынаргъ у райгуырæн, лæппутæ,
Лæгæн лæг ам у, ам йæ лымæн.
Куы хъæуа, ратдзынæн мæ уд дæр,
Мæ фыд цы бæсты райгуырд, уымæн.
Дæрдтыл мæ ахæссы мæ зæрдæ,
Кæцæй нæ ракæсын, цы къуымтæй,
Фæлæ дзы не ссарын хуыздæртæ,
Мæ фыд цы бæсты райгуырд, уымæй.
Кæмдæр та зад бæлæстыл дыргътæ
Фæдымсынц хурæфсæст мыддонæй,
Фæлæ та уым дæр нæй рæсугъддæр
Мæ фыды къухтæй сагъд дыргъдонæй.
Зынаргъ у райгуырæн, лæппутæ,
Лæгæн лæг ам у, ам йæ лымæн.
Куы хъæуа, ратдзынæн мæ уд дæр,
Мæ фыд цы бæсты райгуырд, уымæн.
Æмдзӕвгӕ: «Фарны артдзӕст».
Фарны артдзӕст у мӕ бӕстӕ:
Ис дзы кад ӕмӕ бӕркад.
Уымӕн йе 'нхъӕлцау бӕлӕсты
Никуы акӕлдзӕни уад.
Уым уӕздандзинад рӕбынӕй
Цыд куыд дӕлӕмӕ рӕдау,
Æмӕ цӕхх ӕмӕ кӕрдзынӕй
Уыд йӕ уазӕгӕн ӕгъдау.
Уым фӕдисы цӕуын рагӕй
Баззад ном ӕмӕ цытӕн,
Уым цырагъ дарын дӕндагӕй
Уыд нысан лӕгӕн.
Уым кӕй бон нӕ уыд уӕд та ма
Иу хатт базарын хъӕрӕй!
Уым тыхмиты раз йӕ хъама
Ничи бамбӕхста тӕссӕй.
Уым чъылдымӕй мард хӕстоны
Уӕлмӕрдтӕм нӕ уагъта мад,
Æмӕ тохы бон нӕртонау
Уыд йӕ иу салдат ӕфсад.
Мах – нӕ фыдӕлтӕй сӕ хъӕстӕ,
Ничи айсдзӕни нӕ рад.
Фарны артдзӕст у нӕ бӕстӕ,
Ис дзы кад ӕмӕ бӕркад.
2 амонӕг: Æвзаг уыимӕ у рӕсугъд ӕмӕ тӕссзонд, гӕлӕбуйы базырау, уардийы сыфау, чызджы ӕфсӕрмау,- нӕй йӕм бавнӕлд, дӕрзӕг ӕвнӕлдӕй хӕлынц йӕ конд ӕмӕ йӕ фидауц, уыдонимӕ та сӕфы йӕ сыгъдӕг мидис.
Уымӕ гӕсгӕ ӕвзаг у хъахъхъӕнинаг, буцӕй даринаг. Кӕсын ӕм хъӕуы цӕстуарзонӕй, узӕлын ӕмӕ йыл аудын хъӕуы ӕдӕрсгӕ, кусын дзы хъӕуы арӕхстгай – уӕлдай ӕвнӕлдӕй ӕрмыдул кӕны.
1 амонӕг: - Нæ абоны бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Фæлæ нæй кæрон ирон аив ныхасæн, ирон æгъдауæн, ирон æфсармæн.
2 амонæг: -Цины бæрæгбæтты æмбæлут.
15